Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы?

Хуыцау сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы?

«Тӕригъӕд райдыдта сылгоймагӕй, ӕмӕ кӕй мӕлӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уымӕй уӕм бузныг» (СИРАХЫ ФЫРТ ЙЕСОЙЫ ЗОНДЫ ЧИНЫГ. НӔ ЭРӔЙЫ РАЗМӔ ДЫККАГ ӔНУС).

«Хӕйрӕг дунемӕ дӕу уылты ӕрбацыд, фыццаг ды бахордтай, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй, фыццаг ды ахызтӕ Хуыцауы закъоны сӕрты... Ды хорзӕй ницыуал ныууагътай, Хуыцау йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй скодта, уыцы адӕймаджы» (ТЕРТУЛЛИАН. СЫЛГОЙМАДЖЫ ДЗАУМӔТТЫ ТЫХХӔЙ. НӔ ЭРӔЙЫ ДЫККАГ ӔНУС).

АЦЫ ныхӕстӕ Библийӕ ист не сты, фӕлӕ ӕнусты дӕргъы бирӕтӕн ӕфсон уыдысты, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн мацы бартӕ лӕвӕрдтаиккой. Суанг ма абон дӕр экстремисттӕ дины чингуытӕй фӕпайда кӕнынц, цӕмӕй ахӕм закъон фидаргонд ӕрцӕуа, ӕмӕ сылгоймӕгтыл сӕ бар цӕуа, уымӕн ӕмӕ сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ уыдон сты аххосджын адӕмы фыдбылызты. Цымӕ Хуыцау сылгоймӕгты уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ нӕлгоймӕгтӕ мацӕуыл нымайой ӕмӕ сӕ ӕфхӕрой? Библийы уый фӕдыл цы фыст ис? Цӕй, ӕмӕ ацы фарстатыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

Хуыцау сылгоймаджы ӕцӕгдӕр ралгъыста?

Хуыцау сылгоймаджы нӕ ралгъыста, фӕлӕ, «Хӕйрӕг... чи хуыйны... уыцы рагон калмы» (Раргомад 12:9; Райдиан 3:14). Афтӕ кӕй загъта, Адам йӕ усы «хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадздзӕн», зӕгъгӕ, уымӕй йӕ уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ нӕлгоймагӕн уый бар ис, цӕмӕй сылгоймаджы ӕфхӕра (Райдиан 3:16). Уыцы ныхӕстӕй Хуыцау бамбарын кодта, фыццаг лӕг ӕмӕ ус йӕ коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уый сӕ цы ӕвзӕр уавӕрмӕ ӕркӕндзӕн, уый.

Уӕдӕ, сылгоймӕгты кӕй ӕфхӕрынц, уый Хуыцауы фӕндон нӕу. Хабар афтӕ у, адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уый тыххӕй. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕлгоймаг хъуамӕ сылгоймаджы ӕфхӕра, цӕмӕй, адӕймаг сылгоймаджы аххосӕй кӕй сси тӕригъӕдджын, уый йын хатыргонд ӕрцӕуа. Фӕлӕ Библийы ахӕмӕй ницы ис фыст (Ромӕгтӕм 5:12).

Хуыцау сылгоймаджы нӕлгоймагӕй дӕлдӕр сӕвӕрдта?

Нӕ. Райдианы 1:27 стихы фыст ис: «Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, сфӕлдыста йӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ. Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй». Уӕдӕ ӕппӕты райдианы Хуыцау нӕлгоймаджы дӕр ӕмӕ сылгоймаджы дӕр афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бон уыдаид, Хуыцаумӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон ӕвдисын. Ӕмӕ кӕд Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ буӕрттӕ ӕмхуызон нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ зондахаст дӕр цӕмӕйдӕрты хицӕн кодта, уӕддӕр сын се Сфӕлдисӕг Хуыцау иу хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр ӕмхуызон бартӕ радта (Райдиан 1:28–31).

Хуыцау куы сфӕнд кодта, цӕмӕй Евӕйы сфӕлдыстаид, уӕд загъта: «Скӕнон ын [Адамӕн], йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг» (Райдиан 2:18). Цымӕ дзырд «ӕххуысгӕнӕг» уый нысан кӕны, ӕмӕ сылгоймагӕн нӕлгоймагӕй къаддӕр кад уыд? Нӕ. Зӕгъӕм, кӕд хирург ӕмӕ анестезиологыл алыхуызон хӕстӕ ис, уӕддӕр ӕнӕ кӕрӕдзи ӕххуысӕй сӕ бон операци скӕнын нӕ бауыдзӕн. Ӕмӕ кӕд операци хирург фӕкӕны, уӕд, цымӕ, хирург анестезиологӕй кадджындӕр хъуамӕ уа? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Афтӕ Хуыцау дӕр нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы сфӕлдыста кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынӕн, кӕрӕдзиимӕ ерыс кӕнынӕн нӕ, фӕлӕ (Райдиан 2:24).

Хуыцау сылгоймӕгтыл кӕй тыхсы, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

Ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын нӕлгоймӕгтӕ сӕхи куыд дардзысты, уый зонгӕйӕ Хуыцау сылгоймӕгты бартӕ бахъахъхъӕныныл батыхст. Моисейы Закъоны тыххӕй, нӕ эрӕйы размӕ 16 ӕнусы фидаргонд чи ӕрцыд, уыцы закъоны тыххӕй, фыссӕг Лорӕ Эран йӕ чиныджы ныффыста: «Закъоны сылгоймаджы кой кӕм ис, уым фылдӕр хатт дзырд фӕцӕуы йӕ бартӕ бахъахъхъӕныныл» (The Bible in the Feminine Gender).

Зӕгъӕм, Закъоны фыст ис, фыд ӕмӕ мады нымайын кӕй хъӕуы (Рацыд 20:12; 21:15, 17). Стӕй ма дзы фыст ис, цӕмӕй сывӕрджын сылгоймагӕн мачи мацы зиан ракодтаид (Рацыд 21:22). Хуыцау сылгоймӕгты тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон тынг хицӕн кӕнынц, бирӕ бӕстӕты сылгоймӕгтӕн закъонмӕ гӕсгӕ цы бартӕ ис, уыдонӕй. Фӕлӕ Хуыцау сылгоймӕгтыл кӕй тыхсы, уый бӕрӕг у ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр.

Хуыцау сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый базонӕн кӕмӕй ис, уыцы закъон

Хуыцау израилӕгтӕн – сылгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн дӕр – цы закъон радта, уый сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй ӕнӕниз уыдаиккой, хӕрзӕгъдау цард кодтаиккой ӕмӕ Хуыцауимӕ ӕнгом уыдаиккой. Цалынмӕ израилӕгтӕ Хуыцаумӕ хъуыстой ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кодтой, уӕдмӕ уыдысты, «зӕххыл цы адӕмтӕ уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй бӕрзонддӕр» (Дыккаг закъон 28:1, 2). Сылгоймагӕн та уыцы закъонмӕ гӕсгӕ цавӕр бартӕ уыд? Ацы фарстамӕ-ма лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.

1. Сӕрибардзинад. Раджы заманты-иу иннӕ адӕмты сылгоймӕгтӕй уӕлдай израилаг сылгоймӕгтӕн цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ сӕ бон уыд сӕрибарӕй кӕнын. Кӕд нӕлгоймаг бинонты хистӕр уыд, уӕддӕр йӕ усыл ӕууӕндыд, ӕмӕ-иу сылгоймагӕн йӕ бон уыд, цӕмӕй, зӕгъӕм, «зӕхх ссардтаид ӕмӕ йӕ балхӕдтаид» ӕмӕ дзы «скодтаид сӕнӕфсирдон». Стӕй кӕд ӕлвисын ӕмӕ уафын зыдта, уӕд-иу уымӕй йӕ бон уыд ӕхца кусын (Ӕмбисӕндтӕ 31:11, 16–19). Уӕдӕ, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сылгоймагӕн уыд кад ӕмӕ йын уыд йӕхи бартӕ.

Уымӕй уӕлдай ма рагон Израилы сылгоймӕгтӕн сӕ бон уыд, цӕмӕй Хуыцаумӕ сӕрибарӕй куывтаиккой, ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кодтой. Библийы фыст ис, иу сылгоймаг, Аннӕ, цы йӕ тыхсын кодта, уый тыххӕй Хуыцаумӕ кӕй куывта ӕмӕ йын сомыйы дзырд кӕй радта (1 Самуилы 1:11, 24–28). Иу сунемаг сылгоймаг та-иу сабаты пехуымпар Елисеймӕ ӕрбацыд, цӕмӕй-иу йемӕ аныхас кодтаид (2 Паддзӕхты 4:22–25). Иуӕй-иу сылгоймӕгты, зӕгъӕм, Деворӕйы ӕмӕ Олдамӕйы, Хуыцау равзӕрста, цӕмӕй-иу адӕмӕн йӕ фӕндтӕ хъусын кодтаиккой. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ-иу дзырддзӕугӕ нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сауджынтӕй дӕр иуӕй-иутӕ уыдонӕй агуырдтой уынаффӕ (Тӕрхонгӕнджыты 4:4–8; 2 Паддзӕхты 22:14–16, 20).

2. Сылгоймӕгтӕн сӕ бон уыд ахуыр кӕнын. Моисейы закъонимӕ баст бадзырд конд уыд сылгоймӕгтимӕ дӕр. Ӕмӕ-иу закъон куы кастысты, уӕд-иу уыдон дӕр ӕрбацыдысты, цӕмӕй-иу байхъуыстаиккой, ӕмӕ афтӕмӕй ахуыр кодтаиккой (Дыккаг закъон 31:12; Нееми 8:2, 8). Сылгоймӕгты ма-иу ахуыр кодтой, цӕмӕй Хуыцауӕн кувыны хъуыддӕгты кӕцыдӕрты сӕ бон архайын уыдаид. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ дзы «лӕггад кодтой» цатыры, иннӕтӕ та нӕлгоймӕгтимӕ Йегъовӕйы кадӕн зарджытӕ зарыдысты (Рацыд 38:8; 1 Азфыстыты 25:5, 6).

Рагон Израилы сылгоймӕгтӕн сӕ бон уыд ӕхца кусын

Сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ цыдӕр хъуыддӕгтӕ афтӕ хорз зыдтой ӕмӕ афтӕ арӕхстджын уыдысты, ӕмӕ сӕ бон уыд ӕхца кусын (Ӕмбисӕндтӕ 31:24). Кӕд уыцы заман иннӕ адӕмтӕм ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу фыртты ӕрмӕстдӕр фыд ахуыр кодта, уӕд израилӕгтӕм та мад дӕр ахуыр кодта йӕ лӕппуты, цалынмӕ-иу нӕ сыстыр сты, уӕдмӕ (Ӕмбисӕндтӕ 31:1). Уӕдӕ, рагон Израилы сылгоймӕгтӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕм ахуырдзинад нӕ уыд.

3. Аргъ сын кодтой ӕмӕ сӕ нымадтой. Хуыцау израилӕгтӕн цы Дӕс фӕдзӕхсты радта, уыдонӕй иу у ахӕм: «Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» (Рацыд 20:12). Зондджын паддзах Соломон та загъта: «Мӕ хъӕбул, хъус дӕ фыды зондамындмӕ ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 1:8).

Закъоны уыд бӕлвырд амындтӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ сӕхи сӕ кӕрӕдзиимӕ куыд хъуамӕ дардтаиккой, уый фӕдыл. Уыцы амындтӕй бӕрӕг уыд, нӕлгоймӕгтӕ сылгоймӕгтӕн кӕй хъуамӕ аргъ кодтаиккой (Левит 18:6, 9; Дыккаг закъон 22:25, 26). Уымӕй уӕлдай, хорз лӕг хъуамӕ ӕмбӕрстаид, йӕ ус йӕхицӕй лӕмӕгъдӕр кӕй у, стӕй, сылгоймаг куыд конд у, уымӕй дӕр нӕлгоймагӕй кӕй хицӕн кӕны (Левит 18:19).

4. Сӕ бартӕ сын хъахъхъӕдта. Йегъовӕ Библийы йӕхи хоны «сидзӕрты фыд ӕмӕ идӕдзты тӕрхонгӕнӕг». Ӕндӕр ныхӕстӕй, Йегъовӕ хъахъхъӕдта сидзӕрты ӕмӕ идӕдз сылгоймӕгты бартӕ (Псалом 68:5; Дыккаг закъон 10:17, 18). Иухатт иу пехуымпары идӕдз усӕй чидӕр йӕ хӕсӕй фылдӕр куы ’рдомдта, уӕд ын Йегъовӕ баххуыс кодта, цӕмӕй ӕххормагӕй дӕр ма амардаид ӕмӕ йӕ кад дӕр дӕлӕмӕ ма ’рхаудаид (2 Паддзӕхты 4:1–7).

Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы нӕма бацыдысты, уӕд иу бинонты хистӕр, Салпаад, амард, фырт ын нӕ баззад, афтӕмӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фондз чызджы Моисеймӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй уыдонӕн дӕр Зӕрдӕвӕрд зӕххы «бынтӕ» радтаиккой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ радта, цы куырдтой, уымӕй фылдӕр. Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ратт [сын] бынтӕ сӕ фыды ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ афтӕ бакӕн, сӕ фыды бынтӕ уыдонӕн лӕвӕрд куыд ӕрцӕуой». Уӕдӕй фӕстӕмӕ Израилы сылгоймӕгтӕн дӕр уыд бар, цӕмӕй-иу сӕ фыдӕлты бынтӕ уыдонӕн баззадаиккой, стӕй-иу сӕ сӕ цотӕн ныууагътаиккой (Нымӕцтӕ 27:1–8).

Хуыцау сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый сзыгъуыммӕ кодтой

Моисейы закъон домдта, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн кад кодтаиккой ӕмӕ сын сӕ бартӕн аргъ кодтаиккой. Фӕлӕ н. э. размӕ 4-ӕм ӕнусӕй фӕстӕмӕ грекъаг культурӕ дзуттаг диныл ӕндавын райдыдта. Грекъӕгтӕ та сылгоймаджы адӕймагыл дӕр нӕ нымадтой. (Кӕс рамкӕ «Сылгоймӕгтӕн сӕ бартӕ кӕй ссӕстой, уый рагон къухфыстытӕй куыд зыны?».)

Зӕгъӕм, грекъаг поэт Гесиод (н. э. размӕ 8-ӕм ӕнус) ӕппӕт бӕллӕхты дӕр аххосджын кодта сылгоймӕгты. Йӕ къухфысты, «Теогония», зӕгъгӕ, сылгоймӕгты схуыдта «бӕллӕхы мыггаг» ӕмӕ загъта: «Нӕлгоймӕгты ӕнамондӕн, ацы сылгоймӕгтӕ цӕрынц не ’хсӕн». Н. э. размӕ 2-аг ӕнусы райдианмӕ дзуттӕгты дины уыцы хъуыды арф ныффидар. Н. э. 2-аг ӕнусы фыссын кӕй райдыдтой, уыцы Талмуды, ома дзуттӕгты дины хабӕрттӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы чиныджы, нӕлгоймӕгты фӕдзӕхстой: «Сылгоймагимӕ бирӕ ма дзур, кӕннод дӕхи фӕчъизи кӕндзынӕ».

Ӕнусты дӕргъы сылгоймӕгтӕм ахӕм цӕстӕй кӕй кастысты, уымӕ гӕсгӕ сын дзуттӕгты ’хсӕн дӕр кад нал уыд. Чырысти зӕхмӕ куы ’рцыд, уыцы рӕстӕг сылгоймӕгтӕн кувӕндоны ӕрмӕстдӕр сылгоймӕгты кӕртмӕ уыд бар цӕуын. Дины хъуыддӕгтыл ахуыр кодтой ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгты. Ӕмбырдгӕнӕнты-иу сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, хицӕнтӕй бадтысты. Талмуды фыст сты дзуттаг дины разамонджытӕй иуы ныхӕстӕ: «Йӕ чызгӕн Торӕ [Закъон] чи амоны, уый йӕ ӕвзӕрыл ахуыр кӕны». Дины разамонджытӕ, Хуыцау сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый кӕй сзыгъуыммӕ кодтой, уымӕ гӕсгӕ нӕлгоймӕгтӕ сылгоймӕгтӕн ӕппындӕр нал аргъ кодтой.

Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд уыдта, дзуттӕгтӕ сылгоймӕгтӕн кӕй нӕ аргъ кодтой ӕмӕ сӕм уый фыдӕлты ӕгъдауыл нымад кӕй уыд (Матфейы 15:6, 9; 26:7–11). Цымӕ уый Чырыстийыл дӕр фӕзынд? Сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй нӕ бон цы у базонын? Цымӕ, Чырысти цы дзырдта, уый фӕрцы адӕм сылгоймӕгтӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой? Ацы фарстатыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.