Дыккаг закъон 10:1—22

10  Уыцы рӕстӕг мын Йегъовӕ загъта: „Райс дыууӕ дуры ӕмӕ сӕ слӕгъз кӕн, фыццаг дыууӕ къӕйдуры хуызӕн куыд уой, афтӕ+, ӕмӕ мӕм хохмӕ ссу. Стӕй-иу сараз хъӕдын чырын*+ дӕр.  Къӕйдуртыл ӕз ныффысдзынӕн, кӕй ныппырх кодтай, уыцы къӕйдуртыл цы ныхӕстӕ уыди фыст, уыдон. Ӕмӕ-иу сӕ стӕй бадзырды чырыны сӕвӕр“.  Гъемӕ ӕз дӕр акъацийӕ чырын сарӕзтон. Слӕгъз кодтон дыууӕ дуры – уыдысты фыццаг къӕйдурты хуызӕн+, ӕмӕ хохмӕ ссыдтӕн, мемӕ ахастон уыцы дыууӕ къӕйдуры дӕр.  Ӕмӕ Хуыцау къӕйдуртыл ныффыста, фыццӕгтыл фыст чи уыди, уыцы ныхӕстӕ+ – Дӕс дзырды*+, уе ’ппӕт дӕр хохы раз куы ӕрӕмбырд стут+, уыцы бон уын Йегъовӕ хохыл арты астӕуӕй+ кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. Уый фӕстӕ Йегъовӕ къӕйдуртӕ мӕнмӕ радта.  Ӕмӕ хохӕй куы ӕрхызтӕн+, уӕд къӕйдуртӕ сӕвӕрдтон, кӕй сарӕзтон, уыцы чырыны, цӕмӕй уым уой, Йегъовӕ мын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.  Израилы фырттӕ Беероф-Бене-Иаканӕй+ ацыдысты Мозермӕ. Уым Аарон амард, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой+. Ӕмӕ йӕ бӕсты сауджын сси йӕ фырт Елеазар+.  Уырдыгӕй ацыдысты Гудгодмӕ, Гудгодӕй та – Иотвафӕмӕ+, йӕ дӕлвӕзты дон кӕмӕн кӕлы, уыцы зӕхмӕ.  Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ рахицӕн кодта Левийы+ мыггаг, цӕмӕй Йегъовӕйы бадзырды чырын хӕссой+, Йегъовӕйы раз лӕууой ӕмӕ йын лӕггад кӕной+, стӕй йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной, ӕмӕ афтӕ у абоны онг дӕр+.  Левийы мыггагӕн уый тыххӕй нӕй хай ӕмӕ бынтӕ+ йе ’фсымӕртимӕ. Йегъовӕ у сӕ бынтӕ, уӕ Хуыцау Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 10  Ӕмӕ та хохыл раздӕрау фӕдӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+, ӕмӕ та мӕм Йегъовӕ ацы хатт дӕр байхъуыста+. Йегъовӕйы нӕ бафӕндыд уӕ фесафын+. 11  Уый фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: „Адӕмӕн сӕ разӕй ацу, цӕмӕй, сӕ фыдӕлтӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуой ӕмӕ йӕ бацахсой“+. 12  О Израил, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?+ Цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай+, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын цӕуай+, уарзай+ йӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнай+, 13  ӕххӕст кӕнай Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ+, ӕз дын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдон, цӕмӕй дын уа хорз – ӕндӕр ма дӕм истӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?+ 14  Мӕнӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы сты уӕлӕрвтӕ+, суанг арвы кӕрӕттӕ дӕр, зӕхх+ ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон. 15  Йегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр дӕ фыдӕлтӕ систы зынаргъ, уыдоны бауарзта, ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгты+, ома сымах, равзӕрста ӕппӕт адӕмты ’хсӕнӕй, ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. 16  Уӕдӕ уӕ зӕрдӕтӕн сунӕт скӕнут+ ӕмӕ хивӕнд мауал ут*+. 17  Уӕ Хуыцау Йегъовӕ у хуыцӕутты Хуыцау+ ӕмӕ хицӕутты Хицау+, адӕймагыл тас чи ’фтауы+, уыцы стыр ӕмӕ хъомысджын Хуыцау. Уый хъулон никӕй кӕны+ ӕмӕ гӕртам нӕ исы+, 18  рӕстӕй тӕрхон кӕны сидзӕрӕн* ӕмӕ идӕдзӕн+, уарзы ӕрцӕуӕггаджы+ ӕмӕ йын дӕтты дзул ӕмӕ уӕлӕдарӕс. 19  Ӕмӕ сымах дӕр хъуамӕ уарзат ӕрцӕуӕггаджы+, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Египеты зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут+. 20  Хъуамӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай+, хъуамӕ уымӕн лӕггад кӕнай+, хъуамӕ ууыл уай ӕнувыд*+ ӕмӕ уый номӕй сомы кӕнай+. 21  Уый хъуамӕ кадджын кӕнай+, уый у дӕ Хуыцау. Уый дӕу тыххӕй сарӕзта стыр ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сӕ ды дӕхи цӕстӕй федтай+. 22  Дӕ фыдӕлтӕ Египетмӕ куы ’рцыдысты+, уӕд ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай уды, фӕлӕ уӕ Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, сбирӕ кодта ӕмӕ уын ныр, арвыл цы стъалытӕ ис, уыдонау нымӕц дӕр нӕй+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «асыкк». Кӕс Рц 16:34, фип.
Ома дӕс амынды, кӕнӕ Дӕс фӕдзӕхсты.
Комк. «уӕ бӕрзӕй мауал хъӕбӕр кӕнут».
Комк. «ӕнӕ фыдӕй чи баззад, ахӕм лӕппуйӕн».
Комк. «ууыл баныхӕсай».