Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Хуыцау ӕцӕгдӕр Троицӕ у?

Хуыцау ӕцӕгдӕр Троицӕ у?

▪ Троицӕ цы у, уый ӕмбарын кӕнынц алыхуызӕтты, зӕгъӕм, афтӕ: «Ис ӕртӕ Хуыцауы (Фыд, Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уд). Куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй ӕртӕ дӕр сты ӕнусон, ӕппӕтхъомысджын, иу дзы иннӕмӕй уӕлдӕр кӕнӕ дӕлдӕр нӕ лӕууы, алкӕцыдӕр дзы у Хуыцау, фӕлӕ иууылдӕр иумӕ сты иу Хуыцау».

Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцау Троицӕ кӕй у, уый бӕрӕг у Матфейы 28:19 стихӕй. Ацы стих Библийы тӕлмацтӕй иуы у афтӕ: «Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты скӕнут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номыл» (Ног Фӕдзӕхст, 2004). Ӕцӕгдӕр, ацы стихы ис Хуыцау, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды (кӕнӕ тыхы) кой. Фӕлӕ ӕртӕйӕ иумӕ иу Хуыцау кӕй сты, уый тыххӕй дзы ницы фыст ис. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн, дзуттӕгтӕн, загъта, цӕмӕй адӕмы ахуыр кодтаиккой ӕмӕ сын донаргъуыд лӕвӕрдтаиккой Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл. Цымӕ уыцы рӕстӕг дзуттаг адӕм цӕуыл ӕууӕндыдысты?

Хуыцау Израилы адӕмӕн Закъон (уыцы Закъон у Библийы хай) куы радта, уӕд сын бафӕдзӕхста: «Мӕн йеддӕмӕ [уын] ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд» (Дыккаг закъон 5:7). Цымӕ ацы стихы цал хуыцауы кой ис? Дыккаг закъоны 6:4 стихы бӕлвырдӕй фыст ис: «Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕ у иунӕг Йегъовӕ». Ам афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ ӕртӕ хуыцауы иу хуыцау сты. Хуыцау ацы закъон дзуттӕгтӕн куы радта, уый хӕдразмӕ сӕ ссӕрибар кодта Египетӕй. Уым адӕм куывтой ӕртыгай хуыцӕуттӕн, зӕгъӕм, Осирис, Исидӕ ӕмӕ Горӕн (ныв галиуырдыгӕй). Уӕдӕ дзуттӕгтӕн дзӕгъӕлы не ’рцыд загъд, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр иунӕг Хуыцауӕн куывтаиккой. Цымӕ сын уыцы фӕдзӕхст бамбарын афтӕ ахсджиаг уыди? Дзуттаг дины разамонджытӕй иу, Йозеф Герц, фыста, зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕ иунӕг Хуыцауӕн кувын куы райдыдтой, уӕд райдыдта тох бирӕ хуыцӕуттӕн кувыны ӕгъдауимӕ. Шемӕмӕ гӕсгӕ, чырыстӕттӕ Хуыцауы троицӕ кӕй хонынц, уый раст нӕу, уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у *.

Чырысти йӕхӕдӕг дӕр дзуттаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уый дӕр ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кодтаид. Донаргъуыды фӕстӕ йӕ Хӕйрӕг куы фӕлвӕрдта, уӕд ын загъта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан! Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“» (Матфейы 4:10; Дыккаг закъон 6:13). Ацы хабарӕй, ӕппынкъаддӕр, дыууӕ хъуыддаджы ис базонӕн. Фыццаг: Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй Чырысти Йегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ ӕндӕр кӕмӕндӕр бакуывтаид. Ӕмӕ кӕд Чырысти йӕхӕдӕг, Троицӕйы цы ӕртӕ хуыцауы ис, уыдонӕй иу уыд, уӕд йӕхӕдӕг йӕхицӕн куыд хъуамӕ бакуывтаид? Дыккаг: Чырысти афтӕ кӕй загъта, «ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн», зӕгъгӕ, уымӕй хорз зыны, кувын уымӕн кӕй нӕ хъӕуы.

Адӕм Хуыцауы хуыздӕр куы базонынц ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куы бафӕнды, уӕд донаргъуыд райсынц «Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл» (Матфейы 28:19). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕмбарынц, Йегъовӕ Сфӕлдисӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ сӕ йӕ коммӕ кӕсын кӕй фӕнды, стӕй ӕмбарынц, Йегъовӕйы фӕндты Чырыстийӕн цы бынат ис, уый (Псалом 83:18; Матфейы 28:18). Уымӕй уӕлдай ма базонынц, Хуыцауӕн йӕ сыгъдӕг тых цы у ӕмӕ куыд архайы, уый дӕр (Райдиан 1:2; Галатӕгтӕм 5:22, 23; 2 Петры 1:21).

Троицӕ цы у, уый ӕнусты дӕргъы ӕмӕ суанг абоны онг дӕр бирӕтӕ кӕронмӕ не ’мбарынц. Чырысти та йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта, кӕй ис «иунӕг ӕцӕг Хуыцау» ӕмӕ сын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базыдтаиккой (Иоанны 17:3).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Хуыцау иу кӕй у, уыцы хъуыды ирдӕй зыны Шемӕйы. Шемӕ у, дзуттаг ӕмбырдгӕнӕнты алы бон дӕр кӕй фӕкӕсынц, уыцы куывд; арӕзт у Дыккаг закъон 6:4 стихыл.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 23 фарсыл]

Musée du Louvre, Paris