Йӕ бон кӕмӕн у пехуымпарӕдтӕ ӕмбарын кӕнын?
Македойнаг Алыксандры рӕстӕджы Гордийы ӕлхынцъ (Гордиев узел) уыди диссагӕн дзуринаг хабар. Таурӕгъмӕ гӕсгӕ уыцы ӕлхынцъ чи райхӕлдтаид, уый уыдаид тынг зондджын адӕймаг ӕмӕ йӕ къухы стыр уӕлахизтӕ бафтыдаид *. Куыд дзурынц, афтӕмӕй Алыксандр уыцы ӕлхынцъ райхӕлдта: хъамайы иу цӕфӕй йӕ алыг кодта.
РАГӔЙ фӕстӕмӕ дӕр ахӕм зондджын лӕгтӕ ӕрмӕст зынхалӕн бӕстытӕ нӕ хӕлдтой, фӕлӕ ма-иу ӕмбарын кодтой зын базон-базонтӕ, пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ ма-иу суанг фидӕны хабӕртты кой дӕр кодтой.
Фӕлӕ-иу сын фылдӕр хатт ахӕм цыдӕртӕ халын зын уыди. Зӕгъӕм, паддзах Валтасар йӕ галуаны стыр куывд куы скодта, уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы къулыл цы фыст фӕзынд, уый Вавилоны зондджын лӕгтӕн сӕ бон не сси райхалын. Уыцы фыст райхӕлдта ӕрмӕстдӕр зӕронд пехуымпар Данел. Данел лӕггад кодта Йегъовӕ Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ иууылдӕр зыдтой «ӕлхынцъытӕ халӕгӕй» (Данел 5:12). Уыцы пехуымпарад – Вавилоны паддзахад пырх кӕй ӕрцӕудзӕн, уый – сӕххӕст тӕккӕ уыцы ӕхсӕв! (Данел 5:1, 4–8, 25–30).
Цы у пехуымпарад?
Пехуымпарад у, фидӕны чи ӕрцӕудзӕн, ахӕм хабӕрттӕ бирӕ раздӕр ӕргом кӕнын. Ӕцӕг пехуымпарад у, Хуыцау йӕ фӕндоны тыххӕй ӕргом цы ныффыссын кодта йе та цы загъта, уый. Библийы ис пехуымпарӕдтӕ, Мессийӕ кӕд фӕзындзӕн ӕмӕ йӕ куыд базонӕн уыдзӕн, уый тыххӕй, стӕй, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг», уый тыххӕй дӕр. Ис ма дзы фыст Хуыцауы тӕрхӕтты тыххӕй дӕр (Матфейы 24:3; Данел 9:25).
Абоны «зондджын лӕгтӕ» – ахуыргӕндтӕ, экономисттӕ, дохтыртӕ, политиктӕ, экологтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ – архайынц, фидӕны цы уыдзӕн, уый сбӕрӕг кӕныныл. Кӕд сын сӕ ныхӕстӕ газеттӕ ӕмӕ телеуынынад ныддиссаг кӕнынц ӕмӕ сыл бирӕтӕ баууӕндынц, уӕддӕр уыдон ӕцӕг пехуымпарӕдтӕ нӕ вӕййынц, фӕлӕ адӕймаджы хъуыдытӕ. Уыимӕ ма, иутӕ цы фӕзӕгъынц, ууыл иннӕтӕ не сразы вӕййынц ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕндӕр цыдӕртӕ дзурын райдайынц. Фидӕны тыххӕй истытӕ дзурын тынг тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ, райсом цы уыдзӕн, уый ничи зоны.
Ӕцӕг пехуымпарӕдтӕ кӕмӕй сты
Уӕдӕ ӕцӕг пехуымпарӕдтӕ кӕмӕй сты? Чи сӕ халы? Апостол Петр ныффыста: «Фыстады иу пехуымпар-ныхас дӕр кӕйдӕр хъуыдытӕм гӕсгӕ... нӕу» (2 Петры 1:20). «Кӕйдӕр хъуыдытӕм гӕсгӕ»-йӕ цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «хатдзӕг скӕнын, бамбарын кӕнын», ома «баст цы у, уый суӕгъд кӕнын йе та сыхалын». Ӕндӕр тӕлмацы та Петры ныхӕстӕ сты афтӕ: «Сыгъдӕг Фысты пехуымпар ныхӕстӕй иуӕн дӕр адӕймаджы хъаруйӕ райхалӕн нӕй» (Ног Фӕдзӕхст, 2004).
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн ахӕм ныв: матрос ставд бӕндӕн дӕсны ӕлхынцъ кӕны. Ӕнӕуи адӕймаг бӕндӕны ӕлхынцъытӕм кӕсы, фӕлӕ сӕ куыд райхала, уымӕн ницы зоны. Раст афтӕ адӕм дӕр уынынц, стыр бӕллӕхтӕм чи кӕны, уыцы хабӕрттӕ, фӕлӕ бӕлвырдӕй нӕ зонынц, уыдӕттӕ куыд аскъуыддзаг уыдзысты кӕнӕ цӕуыл фӕуыдзысты, уый.
Рагзаманты Данелы хуызӕн пехуымпартӕ, сӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цыди, уыдон сӕхӕдӕг нӕ иртӕстой ӕмӕ нӕ архайдтой фидӕны зынӕмбарӕн хабӕрттӕ сӕхи зондӕй халын. Афтӕ куы кодтаиккой, уӕд дзырдтаиккой, сӕхӕдӕг цы ӕмбӕрстой, ӕрмӕстдӕр уый. Уыцы пехуымпарад уыдаид ӕнӕххӕст адӕймаджы хъуыдыйыл арӕзт. Петр та загъта: «Пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» («Фынтӕхалӕг» у Хуыцау
Иу-3 700 азы размӕ Египеты дыууӕ лӕджы бакодтой ахӕстоны. Сӕ дыууӕ дӕр федтой ӕнахуыр фынтӕ. Сӕ бӕстӕйы зондджын лӕгтӕм сӕ бон бацӕуын кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ сӕ фынтӕ радзырдтой, семӕ ахӕстоны чи бадти, уымӕн, Иосифӕн. Уыдон ын загътой: «Мах федтам фынтӕ, чи нын сӕ райхала, уый та нӕй». Иосиф уыди Хуыцауы лӕггадгӕнӕг ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй ма фефсӕрмы уыдаиккой, ӕмӕ йын сӕ фынтӕ радзырдтаиккой. Уый сын афтӕ бакодта: «Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви?» (Райдиан 40:8). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцауӕн у йӕ бон пехуымпарӕдтӕ халын, фӕлтӕрдджын матрос куырмӕлхынцъ бӕстытӕ куыд райхалы, растдӕр афтӕ. Пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр Хуыцауӕй цӕуынц ӕмӕ сӕ ӕрмӕстдӕр уый райхалы йӕ рӕстӕджы. Уӕдӕ сӕ цӕмӕй бамбарӕм, уый тыххӕй хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс. Уымӕ гӕсгӕ Иосиф дӕр уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакодта.
Хуыцау «фынтӕхалӕг» цы хуызы у? Уый бӕрӕг у бирӕ хъуыддӕгтӕй. Библийы иуӕй-иу пехуымпарӕдтимӕ фыст ӕрцыд, куыд сӕххӕст сты, уый дӕр. Ахӕм пехуымпарӕдтӕ сты ӕнцон райхалӕн, мӕнӕ матрос иуӕй-иу ӕлхынцъытӕ куыд ӕнцонтӕй райхалы, афтӕ (Райдиан 18:14; 21:2).
Иннӕ пехуымпарӕдтӕ та бамбарӕн ӕмӕ райхалӕн ис сӕ контекстмӕ гӕсгӕ. Пехуымпар Данел цӕстылуайӕны федта, «йӕ дыууӕ цӕсты астӕу... стыр сыкъа» кӕмӕн уыди, ахӕм «хъуынджын цӕу» зӕххыл «дыууӕ сыкъаджын фыры» куыд ӕрфӕлдӕхта, уый. Контекстӕй бӕрӕг у, дыууӕ сыкъаджын фыр кӕй ӕвдыста «Миди ӕмӕ Персы паддзӕхты», цӕу та – «Грецийы паддзахы» (Данел 8:3–8, 20–22). 200 азӕй фылдӕры фӕстӕ «стыр сыкъа», Македойнаг Алыксандр, райдыдта Персы паддзахадыл уӕлахиз кӕнын. Дзуттаг историк Иосиф Флавийы ныхӕстӕм гӕсгӕ Алыксандр Иерусалимы цур куы уыди, уӕд ын ацы пехуымпарад равдыстой ӕмӕ йӕ бауырныдта, уымӕ кӕй хаудта, уый.
Хуыцау ма «фынтӕхалӕг» у ӕндӕр хуызы дӕр. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы Иосиф, Йегъовӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, уыцы дыууӕ ахст лӕджы ӕнахуыр фынтӕ бамбӕрста (Райдиан 41:38). Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цавӕрдӕр пехуымпарад куы нӕ фембарынц, уӕд Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых фӕкурынц ӕмӕ стӕй лӕмбынӕг фӕиртасынц Фыстад. Хуыцау сын баххуыс кӕны ссарын, пехуымпарад чи ӕмбарын кӕны, ахӕм стихтӕ. Пехуымпарад цы нысан кӕны, уый адӕм сӕхи зондӕй нӕ бамбарынц, фӕлӕ Хуыцауы фӕрцы. Пехуымпарады нысаниуӕг сын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ йӕ Ныхасы фӕрцы райхалы. Пехуымпарӕдтӕн сӕ хъуыды райхалынц адӕм нӕ, фӕлӕ Библи йӕхӕдӕг (Хъуыддӕгтӕ 15:12–21).
Хуыцау ма «фынтӕхалӕг» уыцы хуызы у, ӕмӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕны, цавӕрдӕр пехуымпарад зӕххыл йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕд бамбардзысты, уый. Пехуымпарад бамбарынц, йӕ сӕххӕсты размӕ, куы феххӕст кӕны йе та куы сӕххӕст вӕййы, уӕд. Пехуымпарӕдтӕ Хуыцауӕй кӕй цӕуынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ халгӕ дӕр ракӕны йӕхӕдӕг сӕ афоныл – йӕхӕдӕг цы рӕстӕг снысан кӕны, уӕд.
Иосиф ӕмӕ дыууӕ ахст лӕджы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй сын Иосиф сӕ фынтӕ райхӕлдта, куы сӕххӕст сты, уымӕй ӕртӕ боны раздӕр (Райдиан 40:13, 19). Фӕстӕдӕр Иосиф хъомысджын фараоны раз куы ӕрлӕууыд, цӕмӕй йын йӕ фынтӕ райхӕлдтаид, уӕд уыцы афон хъуамӕ райдыдтаиккой авд бӕркадджын азы. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Иосиф фараоны фынтӕ райхӕлдта ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ ӕрцыд арӕзт, цӕмӕй уыцы тыллӕгджын азты хор ӕмбырд кодтаиккой (Райдиан 41:29, 39, 40).
Иннӕ пехуымпарӕдтӕ та Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕронмӕ бамбарынц, куы сӕххӕст вӕййынц, уый фӕстӕ. Йесо Чырыстийыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон фыст ӕрцыдысты йӕ райгуырдӕй цалдӕр сӕдӕгай азты размӕ, фӕлӕ куыд сӕххӕст сты, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕронмӕ бамбӕрстой Йесойы райгасы фӕстӕ (Псалом 22:18; 34:20; Иоанны 19:24, 36). Данелы 12:4 гӕсгӕ иуӕй-иу пехуымпарӕдтыл мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд «кӕроны рӕстӕджы онг», «раст зонындзинӕдтӕ [куы] сбирӕ уыдзысты», уӕдмӕ. Уыцы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый абон нӕхи цӕстӕй уынӕм *.
Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ ды
Иосиф ӕмӕ-иу Данел ӕрлӕууыдысты паддзӕхты раз, ӕмӕ-иу сын фехъусын кодтой, адӕмтыл ӕмӕ паддзахӕдтыл чи бандӕвта, ахӕм пехуымпарӕдтӕ. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр уыдысты Йегъовӕйы минӕвӕрттӕ, ӕмӕ-иу сӕм чи байхъуыста, уыдонӕн-иу, пехуымпарӕдтӕ кӕмӕй цӕуынц, уыцы Хуыцау раарфӕ кодта.
Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейыл дӕр хъусын кӕнынц пехуымпарад – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Адӕмӕн дзурынц Йесойы пехуымпарад, зӕгъгӕ, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ», уый нӕ рӕстӕджы кӕй ӕххӕст кӕны (Матфейы 24:3, 14). Зоныс ӕй, цавӕр пехуымпарад у ӕмӕ дӕумӕ куыд хауы? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр бамбарай ӕмӕ дын пайда ӕрхӕсса.
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 2 абз. Рагон грекъаг таурӕгъмӕ гӕсгӕ Фригийы сӕйраг горӕт Гордийы лӕууыд, бындур ын чи сӕвӕрдта, уыцы Гордийы уӕрдон ӕмӕ цӕджындзмӕ куырмӕлхынцъ баст уыди. Чи йӕ райхӕлдтаид, уыцы адӕймаг ӕгас Ази дӕр бацахстаид.
[Ныв 12, 13 фарсыл]
Иосиф ӕмӕ Данел пехуымпарӕдтӕ ӕмбарын кодтой Хуыцауы ӕххуысӕй