Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6. Хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр

6. Хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр

6. Хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр

«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (МАТФЕЙЫ 24:14).

● Вайатейӕ цӕры Сабыр океаны дард сакъадӕхтӕй иуыл, Туамотуйы архипелагыл. Ацы архипелагмӕ хауы 80 гыццыл сакъадахы бӕрц ӕмӕ ахсынц 802 900 квадратон километрӕй фылдӕр, афтӕмӕй дзы цӕрджытӕ та иу-16 000 йеддӕмӕ нӕй. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уырдӕм дӕр бахӕццӕ сты ӕмӕ Вайатейӕимӕ ӕмӕ йӕ сыхӕгтимӕ ныхас кодтой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмӕн дӕр фехъусын кӕнын, кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр.

ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? Абон хорз хабар хъуыстгонд цӕуы зӕххы алы къуымты дӕр, 236 бӕстӕйы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрмӕст 2010 азы хорз хабар хъусын кодтой 1,6 миллиард сахатӕй фылдӕр. Рӕстӕмбис нымадӕй Ӕвдисӕнтӕй алчидӕр алы бон дӕр хъусын кодта 30 минуты. Фӕстаг дӕс азы Библи ӕмбарынгӕнӕн чингуытӕ, журналтӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ трактаттӕ ныммыхуыр кодтой ӕмӕ апарахат кодтой 20 миллиардӕй фылдӕр.

БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Библийы цы фыст ис, уый рагӕй фӕстӕмӕ, мингай азты дӕргъы хъусын кӕнынц.

ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Раст у, бирӕтӕ-иу Библийӕ цыдӕртӕ хъусын кодтой. Фӕлӕ-иу сын уый бирӕ нӕ ахаста, стӕй-иу хъусын кодтой кӕмдӕр иу ран. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та уыцы хъуыддаг афтӕ спълан кодтой, ӕмӕ хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл дӕр милуангай адӕмӕн. Стӕй уыцы хъуыддаг нӕ ныууагътой, кӕд-иу ӕппӕты хъомысджындӕр ӕмӕ ӕгъатырдӕр хицӕутты къухӕй карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр * (Марчы 13:13). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы куыст ӕхцайыл нӕ кӕнынц, фӕлӕ уыцы хъуыддагӕн сӕ рӕстӕг барвӕндӕй дӕттынц. Стӕй сӕ литературӕ дӕр уӕй нӕ кӕнынц. Уыцы куыст ӕнӕхъӕнӕй дӕр цӕуы мысайнӕгты фӕрцы.

ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» ӕгас дунейы дӕр хъуыстгонд нӕ цӕуы? Цымӕ ацы ныхӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ тагъд хуыздӕр цард уыдзӕн?

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис документалон видеофильмтӕй «Верные в испытании», «Лиловые треугольники» ӕмӕ «Мужество Свидетелей Иеговы перед лицом нацизма». Ацы видеофильмтӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]

«Цалынмӕ Йегъовӕ рӕстӕг дӕтты, уӕдмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕндзыстӕм, цӕмӕй йӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнӕм» («ЕЖЕГОДНИК СВИДЕТЕЛЕЙ ИЕГОВЫ», 2010 АЗ).