Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5. Зӕхх сафынц

5. Зӕхх сафынц

5. Зӕхх сафынц

«Зӕхх чи сафы, уыдоны [Хуыцау] фесафдзӕн» (РАРГОМАД 11:18).

● Пирри цӕры Нигерийы, Кпоры хъӕуы ӕмӕ кӕны пальмӕйы сӕны куыст. Фӕлӕ, Нигеры цӕугӕдон денджызмӕ кӕм бакӕлы, уыцы ран бирӕ нефт кӕй акалд, уый тыххӕй йӕ куыст ныкъкъуылымпы. «Нефтӕй нӕ цӕугӕдӕттӕ чъизи кӕнынц, кӕсӕгтӕ дзы цагъды кӕнынц, нӕ буар дзы скъуыдтӕ кӕны,– дзуры Пирри. – Куыст мын нал ис, ӕмӕ цӕмӕй цӕрон, уый нӕ зонын».

ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй алы аз дӕр океантӕм акалынц 6,5 милуан тоннӕйы бырон. Уыцы быронӕн йӕ 50 проценты у пластик, ӕмӕ цалынмӕ нӕ бамбийа, уӕдмӕ дӕтты сӕдӕгай азтӕ ленк кӕндзӕн. Адӕм зӕхх цы сафынц, уымӕй уӕлдай ма ӕрдзы хъӕздыгдзинӕдтыл дӕр нӕ ауӕрдынц. Иртасӕнтӕм гӕсгӕ, адӕм зӕххӕй иу азмӕ цы сисынц, уый цӕмӕй фӕстӕмӕ баххӕст уа, уый тыххӕй хъӕуы иу аз ӕмӕ фондз мӕйы. Иу австралиаг газеты фыст уыд: «Адӕмӕн сӕ нымӕц афтӕ куы фылдӕр кӕна ӕмӕ ӕрдзы хъӕздыгдзинӕдтӕ афтӕ куы хардз кӕной, уӕд ма нӕ 2035 азмӕ ноджыдӕр иу Зӕхх бахъӕудзӕн» («Sydney Morning Herald»).

БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Ныртӕккӕйы адӕм ахуыргонд сты, сӕ бон у цыфӕнды зын хъуыддаг дӕр аскъуыддзаг кӕнын. Ӕмӕ ацы уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн дӕр исты ӕрымысдзысты ӕмӕ зӕхх сафын нӕ бауадздзысты.

ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Бирӕ адӕм ӕмӕ бирӕ организацитӕ фӕдисы хъӕр кӕнынц, зӕхх сӕфы, зӕгъгӕ, ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынц, цӕмӕй йӕ бахъахъхъӕной. Фӕлӕ адӕм дарддӕр дӕр зӕхх чъизи кӕнынц ӕмӕ йӕ сафынц.

ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Цалынмӕ зӕхх бынтондӕр нӕ фесӕфт, уӕдмӕ Хуыцауы нӕ хъӕуы исты бакӕнын ӕмӕ афтӕмӕй, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕнын?

Уӕлдӕр цы фондз хабары тыххӕй цыди дзырд, уыдонӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис, фӕстаг бонты хорзӕй дӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн. Ӕркӕсӕм ӕхсӕзӕм хабармӕ.

[Хицӕнгонд текст 8 фарсыл]

«Раздӕр мӕхицӕн дзӕнӕты цӕхӕрадоны цардтӕн, ныр та раст цыма химикаттӕй хъӕстӕ цъымарайы цӕрын, афтӕ мӕм кӕсы» (АИШ-Ы МЕКСИКӔЙЫ ДОНБАКӔЛӔНЫ БЫЛЫЛ ЦӔРӔГ СЫЛГОЙМАГ ЭРИН ТАМБЕР, 2010 АЗЫ УЫЦЫ ДОНБАКӔЛӔНЫ НЕФТ КӔЙ АКАЛД, УЫЙ ТЫХХӔЙ).

[Рамкӕ 8 фарсыл]

Хуыцау исты аххосджын у?

Абон цы ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕуы, уыдон Библийы рагацау фыст кӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты Хуыцау у аххосджын? Хуыцау нын ӕвзарын кӕны хъизӕмӕрттӕ? Ацы фарстатӕн дын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзысты.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 8 фарсыл]

U.S. Coast Guard photo