Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цымӕ дӕ Хуыцау уарзы?

Цымӕ дӕ Хуыцау уарзы?

КУЫД хъуыды кӕныс, адӕм дӕ уарзынц? Ӕви дӕм иуӕй-иу хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуыс? Абон адӕмӕн рӕстӕг ӕппындӕр кӕй ницӕмӕн фаг кӕны ӕмӕ алчидӕр ӕрмӕст йӕхи мӕт кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, афтӕ нӕм кӕй фӕкӕсы, зӕгъгӕ, чи стӕм, цӕмӕй ныл исчи хъуыды кӕна. Библийы дӕр нӕ рӕстӕджыты тыххӕй фыст ӕрцыд, алчидӕр ӕрмӕст йӕхи мӕт кӕй кӕндзӕн ӕмӕ сӕм уый тыххӕй иннӕтӕ нымады дӕр кӕй нӕ уыдзысты (2 Тимофеймӕ 3:1, 2).

Цасфӕнды ныл ма цӕуа, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уӕм ӕмӕ цыфӕнды ӕвзагыл ма дзурӕм, уӕддӕр нӕ алкӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй искӕй уарзӕм ӕмӕ нын нӕхи дӕр уарзой. Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, адӕймагӕн йӕ нервыты системӕ афтӕ диссаджы конд у, ӕмӕ йӕ бон у ӕмбарын, иннӕтӕ йӕ кӕй уарзынц ӕмӕ йӕ сӕ зӕрдӕйы хъармӕй кӕй тавынц, уый. Не Сфӕлдисӕг Йегъовӕ иннӕтӕй хуыздӕр зоны, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ уарзой ӕмӕ нын аргъ кӕной. Цы ахъуыды кӕнис, Хуыцау дын куы зӕгъид, стыр аргъ дын кӕнын, зӕгъгӕ? Уымӕй ӕхсызгондӕр ма цы хъуамӕ уаид! Цымӕ Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕны? Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы адӕймагыл дӕр тыхсы? Кӕд о, уӕд цымӕ адӕймагӕн цӕй тыххӕй фӕаргъ кӕны ӕмӕ йӕ цӕй тыххӕй фӕуарзы?

Йегъовӕ дӕ уарзы

Иу-3 000 азы размӕ псаломфыссӕг ӕхсӕвыгон стъалытӕм каст, ӕмӕ йӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Дызӕрдыг дӕр нӕ кодта, утӕппӕтт стъалытӕ чи сфӕлдыста, уый кады аккаг кӕй у, ууыл. Йегъовӕимӕ абаргӕйӕ адӕймаг кӕй ницы у, фӕлӕ йын уӕддӕр кӕй аргъ кӕны, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ загъта: «Куы фӕкӕсын арвмӕ, дӕ къухты фыдӕбонмӕ, де сконд мӕймӕ ӕмӕ стъалытӕм, уӕд цы у зӕххон адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды хъуыды кӕнай? Ӕмӕ цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл ды тыхсай?» (Псалом 8:3, 4). Чи зоны, бирӕтӕм афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ Дунесфӕлдисӕг Хуыцау ӕгӕр дард у кӕнӕ йын ӕгӕр бирӕ хъуыддӕгтӕ ис, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕймагыл хъуыды кӕна. Фӕлӕ псаломфыссӕг зыдта: кӕд адӕймаг Хуыцауимӕ абаргӕйӕ тынг гыццыл у ӕмӕ йӕ цард дӕр цыбыр у, уӕддӕр ын Хуыцау аргъ кӕны.

Ӕндӕр псаломфыссӕг та загъта: «Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн циндзинад хӕссынц, чи дзы тӕрсы, уыдон, йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, уыцы адӕм» (Псалом 147:11). Ацы дыууӕ псаломы цы хъуыдытӕ ис, уыдон тынг хъарынц адӕймаджы зӕрдӕмӕ. Йегъовӕ, кӕд бӕрзонд бынаты бады, уӕддӕр адӕмы ӕрмӕст зонгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ сыл тыхсы ӕмӕ сӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕны.

Хабар афтӕ кӕй у, уый ма бӕрӕг у, нӕ рӕстӕджы цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕй. Пехуымпар Аггейы уылты Йегъовӕ загъта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн ӕгас дунейы дӕр. Ӕмӕ уый фӕрцы цы бантысдзӕн? Дӕ хъус-ма ӕрдар, уый тыххӕй пехуымпар Аггей цы загъта: «Ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ ацы хӕдзармӕ ӕрцӕудзысты, ӕмӕ ӕз ацы хӕдзар кадӕй байдзаг кӕндзынӕн» (Аггей 2:7).

Хуыцау ӕппӕт адӕмтӕй дӕр кӕй ӕмбырд кӕны, уыцы «зынаргъ хӕзнатӕ» цы сты? Уыдон ӕнӕуи хъӕздыгдзинӕдтӕ не сты (Аггей 2:8). Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн циндзинад ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин нӕ хӕссынц. Циндзинад ын хӕссынц, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын уый тыххӕй чи лӕггад кӕны, уыцы адӕм, кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Уыцы «зынаргъ хӕзнатӕ» Хуыцауӕн кад хӕссынц, ӕмӕ сын уый дӕр стыр аргъ кӕны, сӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр кӕй дарынц ӕмӕ йын зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Ды дӕр уыцы адӕмы ’хсӕн дӕ?

Чи зоны, бирӕты уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕм Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауӕн зынаргъ кӕй сты. Фӕлӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, ӕмӕ нӕ уыцы хъуыды разӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцауы хуыздӕр базонӕм (Исай 55:6; Иаковы 4:8).

«Ды Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ»

Ацӕргӕ пехуымпар Данел иу изӕр федта стыр диссаг. Куы куывта, уӕд ӕвиппайды йӕ разы чидӕр февзӕрд. Уый уыди Гавриил. Данел ма йӕ уымӕй размӕ дӕр федта ӕмӕ базыдта, Йегъовӕйы зӕд кӕй уыд. Гавриил ын бамбарын кодта, цӕй тыххӕй йӕм ӕрбацыд, уый: «Данел, ӕз дӕм ӕрбацыдтӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕнон, ӕмӕ алцыдӕр арфдӕр уынай ӕмӕ хуыздӕр ӕмбарай... уымӕн ӕмӕ ды Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ» (Данел 9:21–23).

Ӕндӕр хатт дӕр Йегъовӕйы зӕдтӕй иу Данелмӕ сдзырдта: «О Данел, Хуыцауӕн тынг зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг!» Ӕмӕ йӕ стӕй бафидар кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ма тӕрс, Хуыцауӕн тынг зынаргъ чи у, уыцы адӕймаг. Фарнӕй хайджын у» (Данел 10:11, 19). Зӕдтӕ Данелы ӕртӕ хатты схуыдтой, «тынг зынаргъ», зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕ ма ис афтӕ бамбарӕн дӕр: «тынг кӕй уарзы», «стыр аргъ кӕмӕн кӕны», суанг ма «ӕппӕты тынгдӕр кӕй уарзы, ахӕм адӕймаг» дӕр.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Данел уый размӕ дӕр тынг ӕнгом уыд Хуыцауимӕ ӕмӕ йӕ хорз ӕмбӕрста, йӕ иузӕрдион лӕггадӕй йын райгонд кӕй у. Фӕлӕ йын куыд ӕхсызгон уыдаид зӕдтӕй фехъусын, Хуыцау ӕй тынг кӕй уарзы, уый! Уӕдӕ диссаг нӕу, Данел афтӕ кӕй загъта, бафидар мӕ кодтай, зӕгъгӕ (Данел 10:19).

Йегъовӕ йӕ иузӕрдион пехуымпары куыд тынг уарзта, уый тыххӕй Библийы фыст ӕрцыд нӕ пайдайӕн (Ромӕгтӕм 15:4). Ацы хабарыл хъуыды кӕнгӕйӕ хуыздӕр бамбардзыстӕм, нӕ уӕларвон Фыдӕн адӕймаг зынаргъ цӕмӕн вӕййы, уый.

Хуыцауы Ныхас ӕппынӕдзух ахуыр кӕн

Данел лӕмбынӕг иртӕста Хуыцауы Ныхас. Уый зонӕм Данелӕн йӕхи ныхӕстӕй: «Ӕз... чингуытӕм гӕсгӕ сбӕрӕг кодтон... Иерусалим ӕдзӕрӕгӕй цал азы хъуамӕ лӕууа, уый» (Данел 9:2). Цы чингуытӕ йӕм уыд, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Моисейы, Давиды, Соломоны, Исайы, Йеремийы, Йезекилы ӕмӕ ӕндӕр пехуымпарты фыст чингуытӕ. Нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын: Данелӕн йӕ алыварс дуне тыхтӕттӕ, афтӕмӕй бады ӕмӕ лӕмбынӕг кӕсы, Иерусалимы ногӕй ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй кувдзысты, уый тыххӕй пехуымпартӕ цы фыстой, уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ бары. Цӕмӕй йӕ мачи хъыгдардтаид, уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, бадт йӕ уӕллаг уаты. Дызӕрдыггаг нӕу, Данел арф кӕй хъуыды кодта, пехуымпартӕ цы ныффыстой, ууыл. Цыдӕр бӕлвырд фарстатӕ-иу лӕмбынӕг кӕй иртӕста, уый йын йӕ уырнындзинад фидар кодта ӕмӕ уый фӕрцы ӕнгомдӕр кодта Йегъовӕимӕ.

Данел Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг кӕй ахуыр кодта, уый йын хуыздӕрырдӕм ивта йӕ удыхъӕд ӕмӕ тынг фӕзынд йӕ цардыл. Гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ кӕй зыдта, уый фӕрцы йӕ бон баци, хӕринаджы тыххӕй Закъоны цы фыст уыди, уый сӕххӕст кӕнын (Данел 1:8). Фӕстӕдӕр та Хуыцауы ныхӕстӕ хъӕбатырӕй хъусын кодта Вавилоны паддзӕхтӕн (Ӕмбисӕндтӕ 29:25; Данел 4:19–25; 5:22–28). Алы хъуыддаг дӕр бӕстон кӕй арӕзта, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ ӕууӕнкджын кӕй уыди, уый иууылдӕр хорз зыдтой (Данел 6:4). Ӕппӕты диссагдӕр та уый уыд, ӕмӕ Данел йӕ уд бахъахъхъӕныны тыххӕй Хуыцауы закъоны сӕрты кӕй нӕ ахызт, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр йе Сфӕлдисӕгыл кӕй дардта (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6; Данел 6:23). Уӕдӕ диссаг нӕу, Хуыцауӕн «тынг зынаргъ» кӕй уыди!

Махӕн Данелимӕ абаргӕйӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын цӕмӕйдӕрты ӕнцондӕр у. Раздӕр цы стыр тыхтӕттӕ уыди, уыдоны бӕсты нӕм ныр ис ӕнцонархайӕн чингуытӕ. Абон махмӕ ис Библи ӕнӕхъӕнӕй. Фыст дзы ис, Данелӕн йӕхи пехуымпарӕдтӕй дӕр иуӕй-иутӕ куыд сӕххӕст сты, уый. Уымӕй уӕлдай нӕм ис, Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ йӕ иртасынӕн чи ’ххуыс кӕны, бирӕ ахӕм литературӕ *. Ды дӕр Библи уыцы литературӕйы руаджы фӕиртасыс? Рӕстӕг рахицӕн кӕныс, цӕмӕй Библи кӕсай ӕмӕ йыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнай? Кӕд о, уӕд дӕуӕн дӕр пехуымпар Данелау бирӕ бантысдзӕн. Дӕ уырнындзинад фидар кӕндзынӕ ӕмӕ Йегъовӕйы тынгдӕр уарздзынӕ. Хуыцауы Ныхас дын дӕ цардӕн разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ фидарӕй зондзынӕ, Хуыцауӕн зынаргъ кӕй дӕ, уый.

Ӕппынӕдзух кув

Данелӕн Хуыцаумӕ кувын тынг ахсджиаг уыди. Хуыцауӕн дӕр йӕ куывдтытӕ ӕхсызгон уыдысты. Ӕрыгонӕй Данел тӕссаг уавӕры бахауд: Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн йӕ фын куы нӕ райхӕлдтаид, уӕд ӕй амардтаиккой. Данел уайтагъд Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕдтаид (Данел 2:17, 18). Уыцы хабарӕй азтӕ куы рацыд, уӕд та Данел Хуыцауӕй хатыр куырдта йӕхи ӕмӕ адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй, кӕд йӕхӕдӕг ницы аххосджын уыд, уӕддӕр, уымӕн ӕмӕ уыди тынг сӕрныллӕг ӕмӕ хорз ӕмбӕрста, ӕнӕххӕст кӕй у, уый (Данел 9:3–6, 20). Хуыцау ын цы цӕстылуайӕн равдыста, уый куы нӕ бамбӕрста, уӕд та дзы ӕххуыс ракуырдта. Иухатт та Данелмӕ зӕд куы фӕзынд, цӕмӕй йын Хуыцауы фӕндтӕ хуыздӕр бамбарын кодтаид, уӕд ӕй бафидар кодта: «Хуыцау [дын] дӕ ныхӕстӕ фехъуыста» (Данел 10:12).

Фӕлӕ Данел Хуыцаумӕ ӕрмӕст ӕххуысы тыххӕй нӕ куывта. Данелы 6:10 стихы фыст ис: «Бон ӕртӕ хатты... йӕ Хуыцаумӕ куывта ӕмӕ йӕ кадджын кодта». Данел бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй дзырдта бузныг Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй кадджын кодта. Ӕмӕ афтӕ кодта ӕппынӕдзух. Хуыцаумӕ кувын ын афтӕ ахсджиаг уыди, ӕмӕ йын суанг мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр ӕм куывта. Афтӕ фӕндфидар кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ Йегъовӕ тынг бирӕ уарзта.

Цӕй стыр лӕвар у, адӕмӕн сӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уый! Иу бон дӕр дыл афтӕ ма ацӕуӕд, ӕмӕ дӕ уӕларвон Фыдимӕ ма аныхас кӕнай. Макуы йын рох кӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй бузныг дзурын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын. Дӕ мӕт, дӕ сагъӕстӕ йын ӕргом дзур. Ахъуыды-иу кӕн, Хуыцау дын дӕ куывдтытӕ куыд сӕххӕст кодта, ууыл ӕмӕ-иу ын уый тыххӕй бузныг зӕгъ. Куы фӕкувыс, уӕд-иу тагъд ма кӕн. Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куы кувай, уӕд ӕй бамбардзынӕ, куыд бирӕ дӕ уарзы, уый. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд ӕм «ӕппынӕдзух» куыннӕ хъуамӕ кувӕм! (Ромӕгтӕм 12:12).

Йегъовӕйы ном кадджын кӕн

Дыууӕ ӕрдхордӕн сӕ лымӕндзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн, иу дзы ӕрмӕст йӕхи мӕт ӕмӕ йӕхи кой куы кӕна, уӕд. Уӕдӕ нӕ уыцы хъуыддаг ма рох кӕнӕд, кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕмбӕлттӕ уӕм. Данел дӕр уыцы хабар хорз ӕмбӕрста. Ӕркӕсӕм-ма, куыд тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы ном кадджын уыдаид.

Хуыцау ын йӕ куывд куы фехъуыста ӕмӕ йын цӕстылуайӕны Навуходоносоры фын куы раргом кодта, уӕд Данел загъта: «Арфӕгонд уӕд Хуыцауы ном ӕнусӕй-ӕнусмӕ, уымӕн ӕмӕ уый у стыр зонд ӕмӕ хъомысы хицау». Фӕстӕдӕр Навуходоносорӕн йӕ фын куы райхӕлдта, уӕд та Йегъовӕйы ногӕй скадджын кодта ӕмӕ загъта, ӕрмӕстдӕр уый кӕй у «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг». Данел Хуыцауӕй хатыр ӕмӕ ’ххуыс куы куырдта, уӕд загъта: «Мӕ Хуыцау... дӕ горӕт ӕмӕ дӕ адӕм дӕ ном хӕссынц» (Данел 2:20, 28; 9:19).

Ацы хъуыддаджы нын Данел бирӕ цӕмӕйдӕрты у фӕзминаг. Нӕ куывдтытӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, зӕрдиагӕй нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы ном срухс уа (Матфейы 6:9, 10). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, нӕхи куыд дарӕм, уымӕй Йегъовӕйы сыгъдӕг номыл цъыф бакалӕм. Мах ын йӕ ном ӕппынӕдзух кадджын кӕнӕм, йӕ Паддзахады тыххӕй цы хорз хабар базыдтам, уый адӕмӕн кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй.

Ацы дунейы адӕм кӕрӕдзийы нӕ уарзынц, ӕмӕ сӕ алчидӕр хъуыды кӕны ӕрмӕст йӕхиуыл. Фӕлӕ мах зонӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы, ӕмӕ нын уый нӕ зӕрдӕтӕ тавы. Псаломфыссӕг загъта: «Йегъовӕйӕн йӕ адӕм хӕссынц циндзинад. Сабыртыл рӕсугъд уӕлӕдарӕсау скӕны ирвӕзындзинад» (Псалом 149:4).

[Фиппаинаг]

^ 18 абз. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ рауагътой бирӕ литературӕ. Уый фӕрцы нӕ бон у Библи хуыздӕр ӕмбарын ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Кӕд дӕ уыцы литературӕйӕ исты бакӕсын фӕнды, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн зӕгъ.

[Хицӕнгонд текст 21 фарсыл]

Хуыцау Данелмӕ йӕ зӕд Гавриилы кӕй арвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид, уымӕй равдыста, тынг ӕй кӕй уарзта

[Хицӕнгонд текст 23 фарсыл]

Данел Фыстад лӕмбынӕг кӕй иртӕста ӕмӕ ӕппынӕдзух кӕй куывта, уый тыххӕй йӕ Хуыцау дӕр уарзта