Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕстӕртӕн

Хуыцауы хъуыддӕгтӕн аргъ кӕн!

Хуыцауы хъуыддӕгтӕн аргъ кӕн!

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс ӕмӕ, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.

Сӕйраг архайджытӕ: Исахъ, Ревеккӕ, Иаков ӕмӕ Исав.

Цӕуыл цӕуы ныхас: Исав хистӕр ӕфсымӕры бартӕ ауӕй кодта йӕ фаззон ӕфсымӕрӕн, Иаковӕн.

1 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС РАЙДИАН 25:20–34.

Иаков ӕмӕ Исав нырма гуыбыны куы уыдысты, уӕд дӕр сӕм цавӕр миниуджытӕ рабӕрӕг?

․․․․․

Иаков ӕмӕ Исав нырма ӕрыгӕттӕ куы уыдысты, уӕд, дӕумӕ гӕсгӕ, бакастӕй цыхуызӕн уыдысты?

․․․․․

30–33 стихты Иаков ӕмӕ Исав куыд ныхас кӕнынц, уымӕй цы зӕгъӕн ис, цӕуыл хъуыды кодтой, уый тыххӕй?

․․․․․

ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Хистӕр фыртӕн цы бартӕ уыд, уый тыххӕй фылдӕр бакӕс нӕ литературӕйы. Уыцы бартӕ афтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыдысты? Уыцы бартӕ хъӕрмхуыппы къусыл ауӕй кӕнын диссаг цӕмӕн уыд?

․․․․․

2 АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС РАЙДИАН 27:1–10, 30–38.

Куыд дӕм кӕсы, куыд ныхас кодтаид Исав, хистӕр фыртмӕ цы арфӕдзинӕдтӕ ӕмбӕлы, уыдон йе ’фсымӕры кӕй фесты, уый куы бамбӕрста, уӕд?

․․․․․

ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Ревеккӕ ӕмӕ Иаков ууыл кӕй архайдтой, цӕмӕй арфӕдзинад Иаков райса, уый раст уыд ӕви нӕ? Цӕмӕн уыд раст кӕнӕ цӕуылнӕ уыд раст? (Дзуапп ын базондзынӕ, Райдиан 25:23, 33 куы бакӕсай, уӕд.)

․․․․․

3 ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

Ныртӕккӕ дӕ цы хъӕуы, ӕрмӕст ууыл хъуыды кӕнын тӕссаг цӕмӕн у, уый тыххӕй.

․․․․․

ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ.

Хуыцауы хъуыддӕгтӕй дӕ бӕрны цы ис?

․․․․․

Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы хъуыддӕгтӕн кӕй аргъ кӕныс, уый?

․․․․․

4 АЦЫ ХАБАРӔЙ ӔППӔТЫ ТЫНГДӔР ДӔ ЗӔРДӔМӔ ЦЫ ФӔЦЫД ӔМӔ ЦӔМӔН?

․․․․․

Кӕд дӕм Библи нӕй, уӕд зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн кӕнӕ та йӕ дӕ бон у кӕсын сайты www.watchtower.org