Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фылдӕр базонынмӕ тырн

Фылдӕр базонынмӕ тырн

«Адӕймагмӕ ӕдзухдӕр цыдӕр фарстатӕ фӕзыны. Нӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ фӕдӕттӕм фарстатӕ... Зӕгъӕн ис, адӕмӕн сӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр у фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕй конд» Октавио Пас, мексикайнаг фыссӕг.

ПЪОВЫРЫ ног хӕринӕгтӕ аразын цӕмӕн фӕфӕнды? Ахуыргӕндты цы сразӕнгард кӕны дард бӕстӕтӕм ацӕуын? Сывӕллонмӕ бирӕ фарстатӕ цӕмӕн фӕзыны? Се ’ппӕты дӕр фӕфӕнды фылдӕр базонын.

Дӕуӕй та цы зӕгъӕн ис? Ног исты куы феныс кӕнӕ куы фехъусыс, уӕд дӕ фылдӕр базонын нӕ бафӕнды? Тынг базонын дӕ кӕй фӕнды, ахӕм фарстатӕн дзуапп фӕагурыс? Зӕгъӕм, цард куыд равзӕрд? Цӕмӕн цӕрӕм? Хуыцау ис ӕви нӕй? Гыццылӕй фӕстӕмӕ бирӕтӕм фӕзыны ахӕм фарстатӕ. Фӕнды нӕ базонын цӕмӕн ӕмӕ куыд. Исты нӕ тынг базонын куы фӕфӕнды, уӕд фӕархайӕм уыцы хъуыддаджы тыххӕй алцыдӕр раиртасыныл. Уӕдӕ зонындзинӕдтӕм кӕй тырнӕм, уый тынг хорз у. Фӕлӕ нӕ ацы миниуӕг, гӕнӕн ис, исты бӕллӕхмӕ дӕр ӕркӕна.

Къӕрцхъус ӕмӕ ӕмбаргӕ уӕм

Бирӕтӕ фехъуыстой ахӕм ӕмбисонд, «мыст къахта, ӕмӕ гӕдыйы сӕр ракъахта», зӕгъгӕ. Ома адӕймаг ӕгӕр цымыдис куы уа, уӕд ын уый, чи зоны, исты зиан дӕр ӕрхӕсса. Зӕгъӕм, сывӕллон йӕ къух тӕвд пецыл куы авӕра, уӕд басудздзӕн. Иннӕмӕй та, фылдӕр базонын нӕ кӕй фӕнды, уый фӕрцы фӕархайӕм нӕ фарстатӕн дзуапп ссарыныл. Фӕлӕ цымӕ раст уыдзӕн, цыдӕриддӕр уынӕм ӕмӕ хъусӕм, уый базонынмӕ куы бӕллӕм, уӕд?

Алцы зонын пайда нӕу. Зӕгъӕм, адӕймаджы куы фӕнда порнаграфимӕ бакӕсын, хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ исты сектӕйы ахуырӕдтӕ зонын кӕнӕ хӕстмондаг адӕмы зондыл ацӕуын, уӕд ӕй уый хорзмӕ не ’ркӕндзӕн. Ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй Библийы фысджытӕй иу загъта: «Аздах мын мӕ цӕстытӕ, цӕмӕй ма уынон, пайда мын цы не ’рхӕсдзӕн, уый» (Псалом 119:37).

Кӕд зонындзинӕдтӕ ӕвзӕр не сты, уӕддӕр алы хатт пайда нӕ вӕййынц. Зӕгъӕм, цы пайда у артистты ӕмӕ ӕндӕр зындгонд адӕмы царды хабӕрттӕ зонын? Спортсменты ӕмӕ командӕтӕ цы уавӕры сты, уый зонын? Кӕнӕ ногӕй цы ӕрхъуыды кодтой ӕмӕ цавӕр машинӕтӕ рауагътой, уыдӕттӕ? Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн ацы хабӕрттӕ зонынӕй ӕппындӕр ницы пайда ис.

Фӕзминаг нын у

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕнда, уӕд уый хорз у. Ӕркӕсӕм 19 ӕнусы цӕрӕг немыцаг ахуыргонд Алыксандр фон Гумбольдты хабармӕ. Йӕ номӕй йын схуыдтой, Хуссар Америкӕйы цы гуылфӕн ссардта, уый.

Гумбольдт йӕхи тыххӕй загъта: «Ме ’рыгонӕй фӕстӕмӕ мӕ тынг фӕндыд, европӕйӕгтӕ арӕх кӕм нӕ уыдысты, ахӕм дард бӕстӕтӕм ацӕуын». Куыд загъта, афтӕмӕй йӕм уыцы бӕллиц фӕзынд, фылдӕр зонын ӕй куы бафӕндыд, уӕд. 29 азы йыл куы цыд, уӕд балцы ацыд Астӕуккаг ӕмӕ Хуссар Америкӕмӕ. Йӕ балц ахаста фондз азы. Цы хабӕрттӕ базыдта, уыдоны тыххӕй фӕстӕдӕр лӕмбынӕг ныффыста, 30 томы чи бацахста, ахӕм чиныг.

Гумбольдты алцыдӕр фӕндыд базонын – денджызы температурӕ, кӕсӕгтӕ ӕмӕ зайӕгойты тыххӕй. Сбырыд-иу хӕхтӕм, лӕмбынӕг ахуыр кодта цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ денджызтӕ. Цы базыдта, уый стыр ӕххуыс фӕци абоны наукӕйӕн. Алцыдӕр райдыдта, ног цыдӕртӕ зонын ӕй кӕй фӕндыд, уымӕй ӕмӕ йӕм уыцы зондахаст йӕ царды кӕронмӕ дӕр уыд. Америкӕйаг фыссӕг Ралф Уолдо Эмерсон загъта: «Гумбольдты хуызӕн адӕм арӕх нӕ райгуырынц. Ахӕм адӕм уый тыххӕй райгуырынц, цӕмӕй нын равдисой, адӕймагӕн йӕ зонды фӕрцы йӕ бон цы у, цы тых ӕмӕ йын цы гӕнӕнтӕ ис, уый».

Базонын кӕй хъӕуы, ахӕм хъуыддаг

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕтӕн ахӕм фадат нӕй, цӕмӕй дунейыл ӕрзилӕм ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ базонӕм кӕнӕ наукӕйӕн исты ’ххуыс фӕуӕм. Фӕлӕ ис, ӕнӕмӕнг базонын кӕй хъӕуы, ахӕм хъуыддаг, ӕмӕ уый зонын адӕймагӕн цы пайда хӕссы, афтӕ ницы. Йесо Чырысти уыцы хъуыддаджы тыххӕй загъта, йӕ уӕларвон Фыдмӕ куы куывта, уӕд: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).

Ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы тыххӕй чи базона, уыдон арфӕгонд ӕрцӕудзысты. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм, статьяйы райдианы цы фарстатӕ радтам, уыдон. Ис ма сӕм бафтауӕн ӕндӕр фарстатӕ дӕр: Адӕм уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарынц? Искуы зӕхх фесӕфдзӕн? Хуыцау цы сараздзӕн, цӕмӕй адӕм ӕмӕ зӕхх ма фесӕфой? Ацы фарстатӕн дзуапп куы ссарӕм, уӕд ӕнӕуи цыдӕртӕ нӕ базондзыстӕм. Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй уыцы зонындзинӕдтӕ кӕнынц «ӕнусон цардмӕ». Йӕ ныхӕстыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

Библи у Хуыцауы Ныхас. Апостол Павел загъта: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй, ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн, цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр ӕмбара ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

Ахъуыды-ма кӕнӕм ацы ныхӕстыл. Павел загъта, зӕгъгӕ, Библийы ис, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, ахӕм зонындзинӕдтӕ. Библи нын ӕххуыс кӕны хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй кӕсынӕн. Мах зонӕм: Хуыцаумӕ цы зонд ис, уый никӕмӕ ис. Пехуымпар Исай Хуыцауы тыххӕй иу ахсджиаг хъуыды ныффыста: «„Уӕ хъуыдытӕ мӕ хъуыдытӕ не сты, ӕмӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕр уӕ фӕндӕгтӕ не сты,– зӕгъы Йегъовӕ. Арв зӕххӕй куыд дард у, афтӕ бӕрзонд сты мӕ фӕндӕгтӕ уӕ фӕндӕгтӕй ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ уӕ хъуыдытӕй“» (Исай 55:8, 9).

Фӕндид дӕ, Хуыцауы хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый базонын? Хуыцау зындзинӕдтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн ӕмӕ коммӕгӕс адӕмӕн цы ’рцӕттӕ кодта, уый базонынмӕ бӕллыс? Библи нӕ разӕнгард кӕны: «Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Амондджын у, йӕхи йе уазӕг чи бакодта, уыцы адӕймаг» (Псалом 34:8).

Фыццаг хатт цӕстӕй чи ракаст, ахӕм адӕймагӕн рухс куыд у, афтӕ у Хуыцауы Ныхас дӕр сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн. Апостол Павел загъта: «О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ!» (Ромӕгтӕм 11:33). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, цӕмӕй Хуыцауы зонд кӕронмӕ бамбарӕм, уый тыххӕй ӕнустӕ дӕр фаг не сты. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы: ӕнкъард никуы кӕндзыстӕм, ӕппынӕдзух дӕр-иу ног цыдӕртӕ базондзыстӕм.

Ӕдзухдӕр зонындзинӕдтӕм тырн!

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фылдӕр зындгонд бӕлццӕттӕ кӕнӕ ахуыргӕндтӕ не суыдзыстӕм. Ӕмӕ нӕ нӕ цыбыр царды мидӕг цы базонын фӕнды, уыдӕттӕ дӕр нӕ базондзыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр ӕдзухдӕр тырнут зонындзинӕдтӕм. Уыцы бӕллиц у Хуыцауы лӕвар, ӕмӕ йӕ макуы фесафӕм.

Аргъ кӕн уыцы диссаджы лӕварӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхас Библи хуыздӕр базон. Уый дын ӕрхӕсдзӕн стыр циндзинад ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд уыдзынӕ абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр. Библийы фыст ис: «[Хуыцау] йӕ рӕстӕджы алцыдӕр диссаг сарӕзта. Ӕмӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕты ӕнусон цард нывӕрдта, фӕлӕ сӕ бон никуы уыдзӕн бамбарын, ӕцӕг Хуыцау ӕппӕты райдианӕй кӕронмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон» (Екклесиаст 3:11).

[Рамкӕ/Нывтӕ 21 фарсыл]

Зоныс...

• Зӕхх тымбыл кӕй у, уый цалынмӕ Колумб ӕмӕ Магеллан не сбӕрӕг кодтой, уӕдмӕ ӕнустӕ раздӕр Библийы фыст уыд, зӕхх тъӕпӕн нӕ, фӕлӕ тымбыл кӕй у? Исай 40:22

• Цалынмӕ космонавттӕ Зӕхх нӕ федтой, уӕдмӕ бирӕ раздӕр Библийы фыст кӕй уыд, зӕгъгӕ, зӕхх ницӕуыл лӕууы? Иов 26:7

• Туг адӕймаджы буары куыд зилдух кӕны, уый цалынмӕ англисаг дохтыр Уильям Гарвей нӕ базыдта, уӕдмӕ, ӕппынкъаддӕр, 2 500 азы размӕ Библийы фыст уыд, зӕрдӕ царды суадон кӕй у? Ӕмбисӕндтӕ 4:23

• 3 000 азы размӕ Библийы хуымӕтӕг ӕвзагӕй фыст кӕй уыд, дон куыд зилдух кӕны ӕмӕ уый фӕрцы зӕххыл цард кӕй ис? Екклесиаст 1:7

Диссаг дӕм нӕ кӕсы, цалынмӕ ацы хабӕрттӕ адӕймаг нӕ базыдта, уӕдмӕ Библийы бирӕ раздӕр кӕй ӕрцыдысты фыст, уый? Ӕцӕгдӕр, Библийы ис ахсджиаг зонындзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ дӕ бон дӕр у базонын.

[Ныв 19 фарсыл]

Алыксандр фон Гумбольдт