Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты»

«Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты»

«Кӕд адӕймаг Хуыцауы уарзы, уӕд уыцы адӕймаджы... Хуыцау зоны» (1 КОР. 8:3).

1. Библийӕ цӕвиттон ӕрхӕсс, Хуыцауы адӕмӕй чидӕртӕ сӕхи куыд сайдтой, уымӕн. (Кӕс нывмӕ ацы фарсыл.)

ИУБОН райсомӕй хистӕр сауджын Аарон Йегъовӕйы цатыры раз ӕрлӕууыд зынгхӕссӕнимӕ – хъуамӕ Йегъовӕйӕн буд ссыгътаид. Гыццыл фалдӕр та лӕууыд Корей ӕмӕ ма йемӕ ноджыдӕр 250 лӕджы. Уыдонӕй дӕр алкӕмӕн дӕр йӕ къухы уыд зынгхӕссӕн (Ным. 16:16–18). Фыццаг бакастӕй афтӕ зынди, цыма уыцы адӕм Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сты. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, Ааронӕй фӕстӕмӕ, иууылдӕр уыдысты змӕнтджытӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕ – бафӕндыд сӕ, цӕмӕй уыдон дӕр сауджынтӕ суыдаиккой (Ным. 16:1–11). Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ лӕггадӕй райгонд уыдзӕн, фӕлӕ сӕхи сайдтой. Зӕрдӕтӕ чи сгары, уыцы Хуыцау Йегъовӕ сын сӕ цӕстмӕ митӕ уыдта ӕмӕ, афтӕ кӕй бакодтой, уый йӕхицӕн ӕфхӕрдыл банымадта (Йер. 17:10).

2. Моисей цы загъта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?

2 Уыцы хабарӕй иу бон раздӕр Моисей загъта: «Райсомӕй Йегъовӕ равдисдзӕн, йӕхион чи у... уый» (Ным. 16:5). Цымӕ Йегъовӕ куыд равдыста, уыцы адӕмӕй йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уый кӕй зоны ӕмӕ, цӕстмӕ митӕ чи кӕны, уыдоны дӕр кӕй уыны? Библийы кӕсӕм: «Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ аныхъуырдта, йӕ размӕ буд чи бахаста, уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы [ӕмӕ Корейы]» (Ным. 16:35; 26:10). Аарон та удӕгасӕй баззад, ӕмӕ уымӕй рабӕрӕг, Хуыцауы ӕвӕрд сауджын  кӕй уыд ӕмӕ йын сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кодта. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 8:3.)

3. а) Апостол Павелы рӕстӕджы чырыстон ӕмбырды цавӕр уавӕр сӕвзӕрд? ӕ) Цы ис базонӕн, Моисейы рӕстӕджы чи сызмӕста, уыдонӕн Йегъовӕ цы тӕрхон рахаста, уымӕй?

3 Павелы рӕстӕджы дӕр, Моисейы заманӕй иу-1 500 азы фӕстӕдӕр, чырыстон ӕмбырды ахӕм уавӕр сӕвзӕрд. Йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдонӕй чидӕртӕ мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын райдыдтой, фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырды уыдысты. Фыццаг бакастӕй афтӕ зынди, цыма ӕмбырды иннӕтӕй ницӕмӕй хицӕн кӕнынц. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та уыдысты, фысы цармы чи ӕмбӕхсы, ахӕм тугдзых бирӕгъты хуызӕн, ӕмӕ тӕссаг уыди, се ’взӕр зондахаст иузӕрдион чырыстӕттыл кӕй фӕзындзӕн, уымӕй. Ӕмӕ ӕмбырды кӕмӕндӕрты сӕ «уырнындзинад... халын» дӕр райдыдтой (2 Тим. 2:16–18). Цымӕ сӕ Йегъовӕ уыдта? Куыннӕ ма! Павел зыдта, кӕддӕр Йегъовӕ Корейӕн ӕмӕ ма йемӕ иумӕ чи сызмӕста, уыдонӕн цавӕр тӕрхон рахаста, уый ӕмӕ йӕ фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ ныр дӕр хабӕрттӕм йӕ хъус кӕй дары. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм Библийӕ иу цымыдисаг скъуыддзагмӕ ӕмӕ базонӕм, зондӕн дзы цы ис райсӕн.

«ӔЗ ДӔН ЙЕГЪОВӔ, ӔЗ НӔ ИВЫН»

4. Павелы фидарӕй цы уырныдта ӕмӕ уый, Тимофеймӕ цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонӕй куыд у бӕрӕг?

4 Павелы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ хорз кӕй зоны, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ йын чи лӕггад кӕны ӕмӕ цӕстмӕ митӕ чи кӕны, уый. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Тимофеймӕ цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонӕй. Павел уал фыццаг скодта, мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын чи райдыдта, уыдон ӕмбырды кӕйдӕрты уырнындзинадӕн зиан кӕй ӕрхастой, уый кой ӕмӕ стӕй ныффыста: «Фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцау цы фидар бындур сӕвӕрдта, уый лӕууы ӕнӕфӕцудгӕйӕ ӕмӕ йыл мыхуырӕвӕрдау фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: „Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты“; ӕмӕ ма ноджыдӕр: „Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд“» (2 Тим. 2:18, 19).

5, 6. Павел ацы дзырдбастӕй, «Хуыцау цы фидар бындур сӕвӕрдта, уый», зӕгъгӕ, кӕй спайда кодта, уый цымыдисаг цӕмӕн у? Уыцы ныхӕстӕ Тимофейыл куыд фӕзындаиккой?

5 Библийы дзырд «бындур» фӕамоны алыхуызон хабӕрттӕм. Зӕгъӕм, Библийы фысджытӕ уыцы дзырдӕй пайда кодтой Израилы сӕйраг горӕт Иерусалимы кой кӕнгӕйӕ, стӕй, Йесо Чырыстийӕн Хуыцауы фӕндты цы бынат ис, уый кой кӕнгӕйӕ дӕр (Пс. 87:1, 2; 1 Кор. 3:11; 1 Пет. 2:6). Фӕлӕ цымыдисаг уый у, ӕмӕ дзырдбаст, «Хуыцау цы фидар бындур сӕвӕрдта, уый», зӕгъгӕ, Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иу хатт – Павел Тимофеймӕ кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы. Цымӕ Павел уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд йӕ хъуыдыйы цавӕр хабар уыд?

6 Павел, «Хуыцау цы фидар бындур сӕвӕрдта, уый» кой куы скодта, уӕд ӕрхаста, Моисей Корейӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыдонӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. (Кӕс Нымӕцтӕ 16:5.) Моисейы рӕстӕджы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны кой Павел, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй скодта, цӕмӕй Тимофейӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид. Павел ын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны ӕмӕ, раст дины ныхмӕ чи цӕуы, уыдонмӕ ӕнцад кӕй нӕ кӕсы. Йегъовӕйы фӕнд Корейы тыххӕй куыд нӕ ныкъкъуылымпы, афтӕ, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта, уыцы чырыстӕтты тыххӕй дӕр нӕ ныкъкъуылымпы уыдаид. Дзырдбаст, «Хуыцау цы фидар бындур сӕвӕрдта, уый», зӕгъгӕ, цӕмӕ амоны, уый Павел бӕстон нӕ бамбарын кодта. Фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн ис, уыцы ныхӕстӕ Тимофейӕн кӕй баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндыдаид ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардтаид.

7. Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй архайдзӕн ӕмӕ иузӕрдион кӕй уыдзӕн?

7 Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ нӕ ивынц. 33-ӕм псаломы 11-ӕм стихы фыст ис: «Йегъовӕйы уынаффӕ... уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ – фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ». Библийы ӕндӕр рӕтты та фыст ис, Йегъовӕ Паддзах кӕй у, стӕй нӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, иузӕрдион  ныл кӕй у ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй архайы. Ӕмӕ Библийӕ бӕрӕг у, ӕнустӕм дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн (Рац. 15:18; Пс. 100:5; 112:9). Малахийы 3:6 стихы кӕсӕм: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз нӕ ивын». Иаковы 1:17 стихы та Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый у, «аууон куыд ивы, афтӕ чи нӕ ивы, уыцы Фыд».

ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ФИДАРӔЙ КӔЙ ФӔРЦЫ ӔУУӔНДӔМ, УЫЦЫ НЫХӔСТӔ

8, 9. Павел кӕй кой кодта, уыцы «бындурыл» фыст ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

8 Рагзаманты-иу хӕдзӕртты бындурыл арӕх фыст уыд, уыцы хӕдзар чи сарӕзта кӕнӕ хӕдзары хицау чи у, уый. Библийы фысджытӕй уыцы ӕгъдауы кой фыццаг скодта Павел *. 2 Тимофейы 2:19 стихы Павел цы «бындуры» кой кӕны, ууыл дӕр мыхуырӕвӕрдау фыст ис дыууӕ ахсджиаг хъуыдыйы: фыццаг – «Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты», дыккаг та – «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд», зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Нымӕцты 16:5 стихы цы фыст ис, уый. (Бакӕс ӕй.)

9 Цымӕ уыцы «бындурыл» фыст ныхӕстӕ, Хуыцау «йӕхиуӕттыл» кӕй нымайы, уыдонӕн цӕуыл дзурӕг сты? Ууыл, ӕмӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ се ’ппӕт дӕр ӕнцайынц дыууӕ сӕйраг хъуыддагыл: 1) Йегъовӕ уарзы, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны ӕмӕ 2) Йегъовӕ йе сӕфт уыны фыддзинадӕй. Цымӕ уый, ӕмбырды чидӕртӕ мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй фӕпарахат кӕнынц, уыцы хъуыддагмӕ куыд хауы?

10. Павелы рӕстӕджы ӕмбырды чидӕртӕ мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй парахат кодтой, уымӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ цы цӕстӕй кастысты?

10 Ӕмбырды чидӕртӕ мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй парахат кодтой, уый Тимофейы ӕмӕ иннӕ иузӕрдион чырыстӕтты куыннӕ тыхсын кодтаид. Чидӕртӕ сӕ, чи зоны, хъуыды кодтой, зӕгъгӕ сын уый бар куыд дӕттынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕмбырды уой. Чи зоны сӕм ахӕм хъуыдытӕ дӕр фӕзынд, ӕмӕ Йегъовӕ, иузӕрдион ыл чи у ӕмӕ цӕстмӕ митӕ чи кӕны, уый нӕ уыны (Хъуыд. 20:29, 30).

Тимофейы хъуыди архайын, цӕмӕй, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта, уыдоны зондӕй ма фӕхъӕстӕ уыдаид (кӕс 10–12 абзацтӕ)

11, 12. Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Павелы фыстӕг Тимофейы уырнындзинад бафидар кодта?

11 Фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ Павелы фыстӕг Тимофейы уырнындзинад тынг бафидар кодта. Павел Тимофейӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кӕддӕр Йегъовӕ Корейӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыдонӕн сӕ цӕстмӕ митӕ куыд раргом кодта ӕмӕ сӕ куыд фесӕфта, стӕй, Ааронӕй райгонд кӕй у, уый куыд равдыста. Уӕдӕ кӕд чырыстон ӕмбырды дӕр, цӕстмӕ митӕ чи кодта, ахӕмтӕ фӕзынд, уӕддӕр Йегъовӕ равдыстаид, «йӕхиуӕттыл» кӕй нымайы, уый.

 12 Йегъовӕ никуы ивы, ӕмӕ йыл алкӕддӕр нӕ бон у нӕ зӕрдӕ дарын. Уый фыддзинадӕй йе сӕфт уыны, ӕмӕ, йӕ фыдхъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонӕн йӕ рӕстӕджы стӕрхон кӕндзӕн. Павел Тимофейӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йӕхи кӕй хъуамӕ хызтаид, цӕстмӕ митӕ чи кодта, уыцы чырыстӕттӕй, уымӕн ӕмӕ, «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй [хъуамӕ] мацы уа» *.

ЙЕГЪОВӔЙӔН СЫГЪДӔГЗӔРДӔЙӔ КӔЙ ЛӔГГАД КӔНӔМ, УЫЙ ДЗӔГЪӔЛЫ НИКУЫ ФӔУЫДЗӔН

13. Нӕ бон фидарӕй цӕуыл у ӕууӕндын?

13 Павелы ныхӕстӕ махӕн дӕр нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц. Ныфсы хос нын сӕйраджыдӕр уый у, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ иузӕрдиондзинад уыны. Стӕй Йегъовӕ, «йӕхиуӕттыл» кӕй нымайы, уыдоны ӕрмӕст уынгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма сыл тыхсгӕ дӕр кӕны. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Аз. 16:9). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын: Йегъовӕйы тыххӕй «сыгъдӕг зӕрдӕйӕ» цыдӕриддӕр аразӕм, уый дзӕгъӕлы никуы фӕуыдзӕн (1 Тим. 1:5; 1 Кор. 15:58).

14. Йегъовӕ йе сӕфт цавӕр адӕмӕй уыны?

14 Хъуамӕ макуы рох кӕнӕм, Йегъовӕ йе сӕфт кӕй уыны, иннӕты цӕстмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕй. Хуыцауы «цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр», ӕмӕ уый уыны, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн нӕу, уыдоны. Ӕмбисӕндты 3:32 стихы фыст ис: «Мӕнгард адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у». Уӕдӕ йӕхи афтӕ чи ӕвдисы, цыма Хуыцауы коммӕ кӕсы, сусӕгӕй та цавӕрдӕр тӕригъӕдтӕ чи аразы, ахӕм адӕймагӕй Йегъовӕ йе сӕфт уыны. Йӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ адӕмӕй куы басусӕг кӕна, уӕддӕр Хуыцауӕй ницы бамбӕхсдзӕн. Йегъовӕ ӕппӕтхъомысджын ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ, «йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн» (Ӕмб. 28:13; бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:24; Дзуттӕгтӕм 4:13).

15. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?

15 Йегъовӕйӕн йӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр сыгъдӕгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц. Ӕмӕ зын зӕгъӕн у, ӕмбырды исчи Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цӕстмӕ митӕ кӕнын кӕй райдайдзӕн. Фӕлӕ кӕд Моисейы рӕстӕджы, стӕй фыццаг ӕнусы ӕмбырды дӕр ахӕм адӕм разынд, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ абон дӕр хабар афтӕ рауайа (2 Тим. 3:1, 5). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотыл хъуамӕ мауал ӕууӕндӕм ӕмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдайӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Бӕлвырд куы ницы зонӕм, афтӕмӕй не ’фсымӕрыл кӕнӕ нӕ хойыл ӕнӕууӕнк куы кӕнӕм, уӕд уый раст нӕ уыдзӕн. (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:10–12; 1 Коринфӕгтӕм 13:7.) Стӕй, не ’мчырыстӕтты иузӕрдиондзинадыл куы дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд нӕхицӕн дӕр тӕссаг уыдзӕн, Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзыстӕм, уымӕй.

16. а) Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон цӕуыл у ахъуыды кӕнын, цӕмӕй Хуыцауӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕна? ӕ) Ацы статьяйы цы рамкӕ ис, « Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут», зӕгъгӕ, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Алы чырыстон дӕр-иу хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, «йӕхӕдӕг цы аразы», ууыл (Гал. 6:4). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ мауал лӕггад кӕнӕм (Дзут. 3:12, 13). Уӕдӕ-иу хъуамӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ахъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйӕн цӕмӕн лӕггад кӕнӕм, ууыл. Нӕ бон у нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ раттын: «Йегъовӕйӕн цӕмӕн лӕггад кӕнын? Уарзгӕ йӕ кӕй кӕнын ӕмӕ йӕ мӕ Хицауыл кӕй нымайын, уый тыххӕй? Ӕви нӕ Дзӕнӕты цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уыдоны тыххӕй?» (Рарг. 4:11). Ахӕм фарстаты фӕрцы нӕ бон уыдзӕн нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын ӕмӕ фенын, Йегъовӕйӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ.

 ИУЗӔРДИОН КУЫ УӔМ, УӔД УЫДЗЫСТӔМ АМОНДДЖЫН

17, 18. Йегъовӕйӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

17 Йегъовӕйӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд схайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕ рӕдыды тыххӕй Йегъовӕ дзуапп кӕмӕй не ’рдомдзӕн ӕмӕ хиндзинад кӕмӕ нӕй» (Пс. 32:2). Уӕдӕ йӕ зӕрдӕйы хиндзинад кӕмӕн нӕй, уыдон абон дӕр амондджын сты ӕмӕ фидӕны дӕр ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзысты.

18 Йӕ рӕстӕджы Йегъовӕ раргом кӕндзӕн, фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уый. Уӕд рабӕрӕг уыдзӕн, «рӕстгӕнӕг ӕмӕ фыдгӕнӕг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (Мал. 3:18). Ныр та нын ныфсы хос уый у, ӕмӕ «Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм» (1 Пет. 3:12).

^ 8 абз. Уыцы ӕгъдауы тыххӕй ма фӕстӕдӕр фыст ӕрцыд Раргомады 21:14 дӕр. Уыцы стихы ис «бындуры... дыууадӕс дуры» кой, фыст сыл уыди дыууадӕс апостолы нӕмттӕ.

^ 12 абз. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уа ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм.