Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у нӕ хуыздӕр Хӕлар

Йегъовӕ у нӕ хуыздӕр Хӕлар

«[Авраам] хуынд ӕрцыд „Йегъовӕйы хӕлар“» (ИАК. 2:23).

1. Хуыцау нӕ «йӕхимӕ гӕсгӕ» кӕй скодта, уый фӕрцы нӕ бон цы у?

«ЙӔ ФЫДЫ цӕрмыстыгъд бакодта». Арӕх афтӕ фӕзӕгъынц, йӕ фыды хуызӕн тынг чи у, уыцы сывӕллоны тыххӕй. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, бирӕ сывӕллӕттӕ алцӕмӕй дӕр вӕййынц сӕ фыды кӕнӕ сӕ мады хуызӕн. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ алы сывӕллон дӕр йӕ фыдӕй дӕр ӕмӕ йӕ мадӕй дӕр йӕ туджы цыдӕр рахӕссы. Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ махӕн у нӕ Царддӕттӕг (Пс. 36:9). Ӕмӕ мах дӕр, йӕ зӕххон сывӕллӕттӕ, цӕмӕйдӕрты стӕм уый хуызӕн. Хуыцау нӕ «йӕхимӕ гӕсгӕ» кӕй скодта, уый фӕрцы нӕ бон у хъуыды кӕнын ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕссын, стӕй нӕ бон у, ӕмӕ искӕимӕ хӕлӕрттӕ суӕм (Райд. 1:26).

2. Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа, уый фадат нын цӕй фӕрцы ис?

2 Не ’ппӕтӕн дӕр ис диссаджы фадат, цӕмӕй Йегъовӕ уа нӕ хуыздӕр Хӕлар. Ӕмӕ нын уыцы фадат ис, Хуыцау нӕ кӕй уарзы, стӕй йын йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ Фыртыл дӕр кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы. Йесо загъта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16). Библийы ис, Хуыцауы ӕввахс хӕлӕрттӕ чи уыдысты, бирӕ ахӕм адӕймӕгты кой. Цӕй ӕмӕ дзы дыууӕйы цӕвиттонмӕ ӕркӕсӕм.

«МӔ ХӔЛАР АВРААМ»

3, 4. Йегъовӕ Авраамы йӕ хӕларыл цӕмӕн нымадта? Израилӕгтӕй та цы ис зӕгъӕн?

3 Израилӕгтӕ кӕмӕй рацыдысты, уыцы адӕймаджы Йегъовӕ схуыдта, «мӕ хӕлар Авраам», зӕгъгӕ (Ис. 41:8). Цымӕ Авраам йе Сфӕлдисӕгимӕ афтӕ ӕнгом цӕй фӕрцы уыди? Фидар уырнындзинад ын кӕй уыд, уый фӕрцы (Райд. 15:6; бакӕс Иаковы 2:21–23).

4 Авраамы байзӕддӕгтӕн дӕр, рагон Израилы адӕмӕн, райдианы Йегъовӕ уыд сӕ Фыд ӕмӕ сӕ Хӕлар. Фӕлӕ, хъыгагӕн, цасдӕры фӕстӕ Хуыцауӕй адард сты ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ нал уыдысты. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл нал ӕууӕндыдысты.

5, 6. а) Йегъовӕ дӕ Хӕлар куыд сси? ӕ) Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

5 Йегъовӕйы тыххӕй цас фылдӕр базоныс, уыйас ыл тынгдӕр феууӕндыс ӕмӕ йӕ тынгдӕр фӕуарзыс. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, Йегъовӕ Хуыцауы куы базыдтай, уыцы рӕстӕг. Ды базыдтай, удӕгас Хуыцау кӕй у, уый ӕмӕ дӕ бон кӕй у, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлар суай. Базыдтай, не ’ппӕт дӕр нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, Адам Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй. Бамбӕрстай ма, адӕм Хуыцауӕй дард кӕй сты (Кол. 1:21). Фӕлӕ стӕй базыдтай, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд адӕммӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы, фӕлӕ сыл кӕй тыхсы. Йесойы мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй куы базыдтай ӕмӕ уыцы нывондыл куы баууӕндыдтӕ, уӕд къахдзӕфтӕ аразын райдыдтай, цӕмӕй Хуыцауы хӕлар суыдаис.

6 Ӕмӕ ныр хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнын? Мӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр дарын? Бонӕй-бонмӕ йӕ фылдӕр уарзын?» Рагзаманты Йегъовӕйы хӕлар чи уыд, уыдонӕй ма ноджыдӕр иу у Гедеон. Цӕй уӕдӕ уый цӕвиттонмӕ дӕр ӕркӕсӕм ӕмӕ базонӕм, нӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын.

«ЙЕГЪОВӔ У ФАРН»

7–9. а) Гедеоныл цавӕр диссаджы хабар ӕрцыд ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта? (Кӕс нывмӕ 21 фарсыл.) ӕ) Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм?

7 Тӕрхонгӕнӕг Гедеон Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уымӕй цасдӕры фӕстӕ. Уый израилӕгтӕн уыд тынг уӕззау рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ сӕ сӕ сыхаг адӕм, мадиамӕгтӕ, сабыр цӕрын нӕ уагътой. Тӕрхонгӕнджыты чиныджы 6-ӕм сӕры кӕсӕм, Йегъовӕйы зӕд Офрӕйы Гедеонмӕ кӕй фӕзынд. Уыцы рӕстӕг Гедеон, мадиамӕгтӕй тӕссаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ мӕнӕу хоста сӕндуцӕны, быдыры нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ, мыййаг исты, уӕд мӕнӕу уайтагъд бамбӕхстаид. Гедеон тынг бадис кодта, зӕд ӕм кӕй фӕзынд ӕмӕ йӕ «хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕг» кӕй схуыдта, ууыл. Зыдта йӕ, кӕддӕр Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй кӕй ссӕрибар кодта, фӕлӕ уӕддӕр дызӕрдыг кодта, ацы хатт дӕр сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ йын уӕд Йегъовӕ уыцы зӕды уылты загъта, кӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн.

8 Гедеон бадис кодта, зӕгъгӕ, ӕз куыд хъуамӕ фервӕзын кӕнон Израил. Йегъовӕ йын загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ, ӕмӕ мадиамӕгты ныццӕгъддзынӕ, цыма дӕ ныхмӕ иу адӕймаг рацыд, афтӕ» (Тӕрх. 6:11–16). Фӕлӕ Гедеон уӕддӕр не ’мбӕрста, хабар афтӕ куыд рауайдзӕн, уый. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын исты нысан раттаид. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Гедеон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, ууыл.

9 Уый фӕстӕ цы хабар ӕрцыд, уый фӕрцы Гедеонӕн йӕ уырнындзинад бафидар ӕмӕ Хуыцаумӕ ноджы тынгдӕр баввахс. Гедеон хӕринаг ӕрцӕттӕ кодта ӕмӕ йӕ зӕды раз ӕрӕвӕрдта. Зӕд уыцы хӕринагыл йӕ лӕдзӕгӕй куы андзӕвыд, уӕд арт хӕринаг аныхъуырдта. Ӕмӕ уӕд Гедеон бамбӕрста, уыцы зӕд ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы минӕвар кӕй уыд. Гедеоны тас бацыд, ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Сӕфын, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Лӕгӕй-лӕгмӕ федтон Йегъовӕйы зӕды!» (Тӕрх. 6:17–22). Цымӕ уый тыххӕй Гедеон Йегъовӕйӕ адард? Ӕппындӕр нӕ! Уыцы хабары фӕрцы Гедеон бамбӕрста, Йегъовӕ йӕм хорз зӕрдӕ кӕй дары ӕмӕ банкъардта, Хуыцау цы фарнӕй хайджын кӕны, уый. Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Гедеон уыцы бынат схуыдта «Йегъовӕ-Шалом». Уыцы ном нысан кӕны «Йегъовӕ у фарн». (Бакӕс Тӕрхонгӕнджыты 6:23, 24; фип.) Йегъовӕ ныл алы бон дӕр куыд тыхсы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, уымӕй хуыздӕр Хӕлар кӕй нӕй. Хуыцаумӕ ӕдзухдӕр куы кувӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты фылдӕр фарн уыдзӕн ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ЦАТЫРЫ КӔЙ СУАЗӔГ КӔНДЗӔН?

10. 15-ӕм псаломы 3-ӕм ӕмӕ 5-ӕм стихтӕм гӕсгӕ, адӕймаджы цы хъӕуы аразын, цӕмӕй йӕ Йегъовӕ йӕ хӕларыл нымайа?

10 Цӕмӕй Йегъовӕ нӕ Хӕлар уа, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм. 15-ӕм псаломы Давид бамбарын кодта, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ йӕ цатыры «суазӕг кӕна», ома нӕ йӕ хӕлӕрттыл банымайа (Пс. 15:1). Цӕй уӕдӕ аныхас кӕнӕм, Давид цы хъуыддӕгтӕ ранымадта, уыдонӕй дыууӕйыл – искӕй фыдкой кӕнынӕй нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй хъуамӕ архайӕм, ууыл. Йегъовӕ йӕ хӕларыл кӕй нымайы, ахӕм адӕймаджы тыххӕй Давид загъта: «Уый йе ’взагӕй нӕ кӕны фыдкой. [...] Ӕнаххос адӕймаджы фӕаххосджын кӕныны тыххӕй гӕртам нӕ исы» (Пс. 15:3, 5).

11. Искӕй фыдкой кӕнынӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

11 Ӕндӕр псаломы та Давид бафӕдзӕхста: «Дӕхи хъахъхъӕн, дӕ дзыхӕй ӕвзӕрдзинад куыд нӕ цӕуа» (Пс. 34:13). Ацы уынаффӕ куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыды хӕлӕрттӕ нал уыдзыстӕм. Иннӕты фыдкой кӕнын у Йегъовӕйӕн йӕ сӕйраг знаг Хӕйрӕджы миниуӕг. Библийы дзырд «Хӕйрӕг»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «фыдкойгӕнӕг». Иннӕты тыххӕй цы дзурӕм, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм. Уӕлдай къӕрцхъус хъуамӕ уӕм, ӕмбырды бӕрнон ӕфсымӕртӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уыцы хъуыддаджы. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:17; Иудӕйы 8.)

12, 13. а) Алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм? ӕ) Ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд уый иннӕтыл куыд фӕзындзӕн?

12 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты зонынц, ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй сты, уымӕй. Апостол Павел ныффыста: «Кувут мах тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ницӕмӕй худы – мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзут. 13:18). Алы хъуыддаджы дӕр нӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ не ’мчырыстӕттӕй нӕхицӕн исты расайыныл нӕ архайӕм. Зӕгъӕм, кӕд нӕм не ’мчырыстӕттӕй исчи кусы, уӕд хъуамӕ рӕстӕй архайӕм ӕмӕ сын сӕ мызд дӕр, куыд баныхас кодтам, афтӕ фидӕм. Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм нӕ куысты хицауы раз дӕр ӕмӕ иннӕты раз дӕр. Ӕмӕ кӕд нӕ куысты хицау не ’мчырыстон у, уӕд дзы хъуамӕ уый ӕфсонӕй нӕхицӕн фылдӕр цыдӕртӕ ма домӕм.

13 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ цавӕрдӕр иумӕйаг хъуыддаг кӕмӕн вӕййы, уыдон сӕ арӕх феппӕлынц. Зӕгъӕм, иу стыр арӕзтадон организацийы хицау бафиппайдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ ныхас кӕй никуы фӕсайынц. Уый загъта: «Сымах алы хатт дӕр сӕххӕст кӕнут, цӕуыл баныхас кӕнут, уый» (Пс. 15:4). Алкӕддӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй фӕархайӕм, уый фӕрцы Йегъовӕимӕ стӕм ӕввахс хӕлӕрттӕ. Стӕй ма афтӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды кадджын дӕр кӕнӕм.

ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ ХӔЛӔРТТӔ СУОЙ

Мах иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой (кӕс 14, 15 абзацтӕ)

14, 15. Уацамынды кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой?

14 Уацамынды кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕй бирӕты Хуыцау уырны, фӕлӕ йӕ сӕ Хӕларыл нӕ нымайынц. Цымӕ сын нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо йӕ 70 ахуыргӕнинагӕн цы бафӕдзӕхста, дыгӕйттӕй сӕ хъусын кӕнынмӕ куы ӕрвыста, уӕд. Уый загъта: «Цы хӕдзармӕ-иу бацӕуат, уым-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“ Ӕмӕ кӕд уыцы хӕдзары фарнуарзаг адӕймаг нӕ уа, уӕд уӕ фарн уӕхимӕ раздӕхдзӕн. Кӕд дзы фарнуарзаг адӕймаг уа, уӕд та уӕ фарнӕй фӕхайджын уыдзӕн» (Лук. 10:5, 6). Хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд, чи зоны, бирӕты бафӕнда рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базонын. Нӕ ныхмӕ чи дзура, уыдонимӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ маст ссӕуа ӕмӕ иннӕ хатт хуыздӕр байхъусой.

15 Йӕ диныл тынг ӕнувыд чи у кӕнӕ, Библи кӕй ныхмӕ у, ахӕм ӕгъдӕуттыл хӕст чи у, уыдонимӕ дӕр хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕнӕм. Ацы дунейӕ фӕлмӕцыд чи у ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдоны не ’мбырдтӕм зӕрдиагӕй фӕхонӕм. Рӕстдзинад афтӕмӕй чи базыдта, бирӕ ахӕм адӕмы тыххӕй бакӕсӕн ис рубрикӕйы «Библи ивы адӕймаджы цард».

НӔ ХУЫЗДӔР ХӔЛАРӔН СТӔМ ЙЕ ’МКУСДЖЫТӔ

16. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ хӕлӕрттӕ дӕр стӕм ӕмӕ «йе ’мкусджытӕ» дӕр?

16 Адӕм арӕх ӕввахс хӕлӕрттӕ свӕййынц, иумӕ кӕй фӕкусынц, уый фӕрцы. Йегъовӕйӕн йӕ цард чи снывонд кодта, уыдон дӕр сты йе ’мкусджытӕ, ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнынц. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 3:9.) Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Хъусын кӕнгӕйӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ мах хуыздӕр базонӕм нӕ уӕларвон Фыды рӕсугъд миниуджытӕ. Стӕй ма фӕуынӕм, йӕ сыгъдӕг тыхӕй нын хорз хабар хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый дӕр.

17. Йегъовӕ нӕ Хӕлар кӕй у, уый нӕ конгрессты фӕрцы хуыздӕр куыд бамбарӕм?

17 Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы цас фылдӕр фӕархайӕм, уыйас Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр фӕкӕнӕм. Зӕгъӕм, нӕхи цӕстӕй фенӕм, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн Йегъовӕ сӕ фыдвӕндтӕ куыд фехалы. Стӕй ма уынӕм, Хуыцау нын разамынд куыд дӕтты, уый. Дисы ма нӕ ӕфтауы, Йегъовӕ нӕ не ’мбырдты фӕрцы ӕмӕ нӕ литературӕйы фӕрцы ӕдзухдӕр куыд ахуыр кӕны, уый дӕр. Нӕ конгрессты цы программӕ вӕййы, уымӕй бӕрӕг вӕййы, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд кӕй зоны, цӕуыл тыхсӕм ӕмӕ нӕ цы хъӕуы, уый. Иу бинонтӕ конгрессы фӕстӕ ныффыстой ахӕм арфӕйы ныхӕстӕ: «Конгрессы программӕ нын нӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Федтам ӕй, Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр куыд тынг уарзы ӕмӕ йӕ куыд тынг фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм». Германийӕ та иу бинонтӕ уыдысты, Ирландийы цы сӕрмагонд конгресс уыд, уым. Ӕмӕ уый фӕстӕ филиалмӕ ныффыстой, куыд бузныг сты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй, диссаджы уазӕгуарзондзинад сӕм кӕй равдыстой, уый тыххӕй. Сӕ писмойы ма ныффыстой ахӕм ныхӕстӕ дӕр: «Фыццаджыдӕр та бузныг стӕм Йегъовӕйӕ ӕмӕ йе ’вӕрд Паддзах Йесо Чырыстийӕ. Уыдон нӕ ӕрбакодтой, ӕцӕг иудзинад кӕй ӕхсӕн ис, уыцы адӕммӕ. Уыцы иудзинады тыххӕй мах ӕнӕуи дзургӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ йӕ алы бон дӕр нӕхиуыл ӕнкъарӕм. Дублины сӕрмагонд конгрессы цы федтам, уый нын алкӕддӕр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзӕн, цӕй стыр кад у уемӕ иумӕ нӕ диссаджы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын».

ХӔЛӔРТТӔ КӔРӔДЗИИМӔ ФӔНЫХАС КӔНЫНЦ

18. Йегъовӕимӕ куыд фӕныхас кӕнӕм, уый фӕдыл нӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

18 Хӕлӕрттӕ кӕрӕдзиимӕ ноджы ӕнгомдӕр свӕййынц, зӕрдӕйӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕныхас кӕнынц, уый фӕрцы. Нӕ рӕстӕджы адӕм кӕрӕдзиимӕ арӕхдӕр фӕныхас кӕнынц Интернеты уылты кӕнӕ кӕрӕдзимӕ СМС-тӕ фӕфыссынц. Цы зӕгъӕн ис, нӕ хуыздӕр Хӕлар Йегъовӕимӕ куыд фӕныхас кӕнӕм, уый тыххӕй та? Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» (Пс. 65:2). Фӕлӕ цымӕ йемӕ аныхас кӕнынӕн рӕстӕг арӕх ссарӕм?

19. Нӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ нын Йегъовӕйӕн раргом кӕнын зын куы уа, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн?

19 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты ӕнцон нӕ вӕййы сӕ зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ ӕргом кӕнын. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу ын, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурӕм (Пс. 119:145; Йер. хъ. 3:41). Ӕмӕ нын кӕд хатт ныхӕстӕ ссарын зын вӕййы, уӕддӕр нын Хуыцау ӕххуыс кӕны. Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста: «Кувын нӕ куы фӕхъӕуы ӕмӕ, цӕй тыххӕй кувӕм, уый куы нӕ фӕзонӕм ӕмӕ нӕхимидӕг куы фӕдзыназӕм, уӕд сыгъдӕг тых фӕлӕгъстӕ кӕны нӕ бӕсты. Зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уый та зоны, сыгъдӕг тыхы цы зӕгъын фӕнды, уый, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг тых сыгъдӕджыты тыххӕй цы фӕкуры, уый вӕййы Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Ром. 8:26, 27). Иовы чиныджы, стӕй Псаломты ӕмӕ Ӕмбисӕндты цы фыст ис, ууыл-иу куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нын ӕнцондӕр уыдзӕн ныхӕстӕ ссарын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн нӕ зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ раргом кӕнӕм.

20, 21. Филиппӕгтӕм 4:6, 7 фыст ныхӕстӕ нын ныфсы хос цӕмӕн сты?

20 Исты зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Павел филиппӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уый: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (Фил. 4:6, 7). Нӕ хуыздӕр Хӕларӕн, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы дзурӕм, уӕд нын уый хӕсдзӕн удӕнцой. Павел ма уый фӕдыл ноджыдӕр загъта: «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн [уын] Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Фил. 4:6, 7). Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ аргъ кӕнӕм «Хуыцауы фарнӕн», нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нын нӕ зонд чи хъахъхъӕны, уыцы фарнӕн.

Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм? (кӕс 21 абзац)

21 Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, уый фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Цӕй уӕдӕ йӕм «ӕппынӕдзух кувӕм» (1 Фес. 5:17). Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый дарддӕр дӕр фидар кӕнӕм ӕмӕ нӕ цард йӕ раст закъӕттӕм гӕсгӕ аразӕм. Ӕмӕ-иу рӕстӕг ссарӕм, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнӕм, нӕ Фыд, нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ нӕ Хӕлар Йегъовӕ цы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны, уыдоныл.