Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзна

Бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзна

«Уый у, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн бынӕн лӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы хай» (ИС. 54:17).

1. Йегъовӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы радта?

ЙЕГЪОВӔ, «удӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау», адӕмӕн бацамыдта, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. Ӕмӕ уыцы амындтӕ абоны онг нӕ фӕивтой, уымӕн ӕмӕ Библи зӕгъы: «Йегъовӕйы ныхас... уыдзӕн ӕнустӕм» (1 Пет. 1:23–25). Уыцы ахсджиаг зонындзинӕдтӕ нӕм ис, Йегъовӕ нын йӕ Ныхас, Библи, кӕй радта, уый фӕрцы. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ куыд тынг бузныг стӕм!

2. Хуыцау йӕ Ныхасы фӕрцы адӕмӕн йӕхи тыххӕй цы раргом кодта?

2 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зонӕм, ӕмӕ йӕ Библийы дӕр ныффыссын кодта. Хуыцауы ном «Йегъовӕ» Библийы фыццаг хатт ӕмбӕлы, «арв ӕмӕ зӕхх» куыд фӕзындысты, уый кой дзы кӕм цӕуы, уым (Райд. 2:4). Дӕс фӕдзӕхсты цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уым дӕр Хуыцау диссаджы хуызы ныффыста йӕ ном, ӕмӕ дзы ӕмбӕлы цалдӕр хатты. Зӕгъӕм, фыццаг фӕдзӕхсты фыст уыд: «Ӕз дӕн дӕ Хуыцау Йегъовӕ» (Рац. 20:1–17). Хӕйрӕг архайдта Библи фесафыныл, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ йӕ номы тыххӕй ма базонӕм. Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ уыцы хабар нӕ бауагъта (Пс. 73:28).

3. Кӕд дунейы Хуыцауы тыххӕй бирӕ мӕнг ахуырӕдтӕ ис, уӕддӕр нын Хуыцау Библийы фӕрцы цы раргом кодта?

3 Дунейы Хуыцауы тыххӕй бирӕ мӕнг ахуырӕдтӕ ис, фӕлӕ махӕн Йегъовӕ Библийы фӕрцы раргом кодта рӕстдзинад. Ӕмӕ нын уый цины хос куыннӕ у! (Бакӕс Псалом 43:3, 4.) Кӕд ацы дунейы адӕм талынджы сты, уӕд мах та Хуыцауы фӕрцы цӕуӕм рухсы (1 Иоан. 1:6, 7).

БЫНӔН НЫН ЛӔВӔРД ӔРЦЫД ЗЫНАРГЪ ХӔЗНА

4, 5. 1931 азӕй фӕстӕмӕ цавӕр стыр кадӕй хайджын стӕм?

4 Иу бӕстӕйы цӕрджытӕн вӕййы цавӕрдӕр иумӕйаг миниуджытӕ, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ цардыуаг. Уыдӕттӕ схонӕн ис уыцы адӕмӕн сӕ хӕзна, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бынӕн лӕвӕрд чи фӕцӕуы, ахӕм хӕзна. Махӕн дӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, бынӕн лӕвӕрд ӕрцыд зынаргъ хӕзна. Уымӕ хауы, Библийӕ цы рӕстдзинад базыдтам, уый, зӕгъӕм, Хуыцау чи у ӕмӕ йӕм цавӕр фӕндтӕ ис. Стӕй ма уыцы хӕзнамӕ хауы, Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм, уый дӕр.

1931 азы конгрессы ӕхсызгонӕй райстам ног ном – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ

5 Уыцы ном райстам, 1931 азы чи уыд, уыцы конгрессы, цыди Колумбусы (штат Огайо, АИШ). Конгрессы программӕйы сыфтыл фыст уыд дыууӕ англисаг дамгъӕйы (JW). Ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ хъуыдытӕ кодтой, цымӕ ацы дамгъӕтӕ цы нысан кӕнынц, зӕгъгӕ. Сӕ иутӕ иу дзырдтой, иннӕтӕ – ӕндӕр, чидӕртӕ та сӕ раст бамбӕрстой. Уыцы дыууӕ дамгъӕйы амыдтой нӕ ног номмӕ! Уӕдмӕ хуындыстӕм Библииртасджытӕ, фӕлӕ 1931 азы 26 июлы, хуыцаубоны, уынаффӕ хаст ӕрцыд, нырӕй фӕстӕмӕ кӕй хуындзыстӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (англисагау «Jehovah’s Witnesses»). Уыцы ног ном уыд Библийӕ ист, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ууыл тынг цин кодтой. (Бакӕс Исайы 43:12.) Уыцы конгрессы чи уыд, уыдонӕй иу ӕфсымӕр загъта: «Адӕмы цины хъӕрӕй ӕмӕ ӕмдзӕгъдӕй бӕстӕ куыд сызмӕлыд, уый мӕ никуы ферох уыдзӕн». Дунейы иу ахӕм дин дӕр нӕ уыд, Йегъовӕйы ном хӕссын кӕй фӕндыд. Фӕлӕ махӕн Йегъовӕ Хуыцау ахӕм арфӕ ракодта, ӕмӕ ныр 80 азӕй фылдӕр хӕссӕм йӕ ном. Ӕвӕдза, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уай, уый цӕй стыр кад у!

6. Бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнамӕ ма цы хауы?

6 Бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнамӕ ма хауы, Библийы Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджыты тыххӕй цы фыст ис, уый. Зӕгъӕм, фыст дзы ис Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы тыххӕй. Уыдон сӕ бинонтимӕ арӕх ныхас кодтаиккой, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттыл. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, растдӕр уый баххуыс кодта Иосифӕн, цӕмӕй ӕнӕгъдау ми бакӕныныл ма сразы уыдаид ӕмӕ «Хуыцауы раз тӕригъӕд» ма сарӕзтаид (Райд. 39:7–9). Фыццаг ӕнусы дӕр чырыстӕттӕн амыдтой, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ цыдӕриддӕр хауы, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, апостол Павел ӕмбырдтӕн бацамыдта, Хицауы ӕхсӕвӕр куыд хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой, уый (1 Кор. 11:2, 23). Абон, Хуыцауӕн «йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» лӕггад кӕнын куыд хъӕуы, уыдӕттӕ нӕ бон у базонын Библийӕ. (Бакӕс Иоанны 4:23, 24.) Библи ӕппӕт адӕмӕн дӕр у зынаргъ лӕвар, фӕлӕ йын мах, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, уӕлдай тынг аргъ кӕнӕм.

7. Бынӕн нын цы хӕзна ӕрцыд лӕвӕрд, уымӕ цавӕр зӕрдӕвӕрд хауы?

7 Бынӕн нын цы хӕзна ӕрцыд лӕвӕрд, уымӕ ма ноджыдӕр хауынц, нӕ рӕстӕджы чи ’рцыд ӕмӕ нӕ публикациты кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы хабӕрттӕ дӕр. Уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕ фарс кӕй у (Пс. 118:7). Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый зонгӕйӕ мах ницӕмӕй тӕрсӕм, суанг нӕ фӕдыл куы фӕзилынц, уӕд дӕр. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «„Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕмӕ тӕрхондоны дӕ ныхмӕ чифӕнды ма дзура – йӕхи йын фӕзылын кӕндзынӕ. Уый у, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн бынӕн лӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы хай, ӕмӕ сӕ рӕстдзинад у мӕнӕй“,– зӕгъы Йегъовӕ» (Ис. 54:17). Ӕцӕгдӕр, ацы зӕрдӕвӕрд хауы, бынӕн нын лӕвӕрд чи ’рцыд, уыцы хӕзнамӕ. Хӕйрӕгмӕ иу ахӕм «хӕцӕнгарз» дӕр нӕй, ӕмӕ нын ӕнустӕм зиан ӕрхӕсса.

8. Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕйы дӕр цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

8 Хӕйрӕг рагӕй фӕстӕмӕ дӕр архайы Хуыцауы Ныхас фесафыныл, стӕй ма архайы ууыл дӕр, цӕмӕй адӕмӕй Йегъовӕйы ном ферох уа ӕмӕ рӕстдзинад ма зоной. Фӕлӕ йын дзы абоны онг дӕр ницы уайы. Йегъовӕйы ныхмӕ йӕ бон цы у! Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕйы дӕр фендзыстӕм, 1) Хуыцау йӕ Ныхас фесафын куыд нӕ бауагъта, 2) Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ ном ма ферох уыдаид ӕмӕ 3) Хуыцау ууыл куыд батыхст, цӕмӕй рӕстдзинад зонӕм.

ЙЕГЪОВӔ БИБЛИ ФЕСАФЫН НӔ БАУАГЪТА

9–11. Цавӕр хабӕрттӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ Ныхас фесафын кӕй нӕ бауагъта?

9 Библи фесафынмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъавыдысты, фӕлӕ Йегъовӕ йӕ Ныхас фесафын нӕ бауагъта. 1229 азы католикон аргъуан уынаффӕ рахаста, цӕмӕй хуымӕтӕг адӕмӕн Библи сӕхи ӕвзагыл кӕсыны бар мауал лӕвӕрдтаиккой. Ахӕм уынаффӕ ма рахастой 1234 азы дӕр. 1559 азы та католикты сауджынтӕ загътой, ӕнӕ уыдоны барлӕвӕрдӕй кӕй нӕй Библи тӕлмац кӕнӕн ӕмӕ йӕ хӕдзары дарӕн дӕр кӕй нӕй.

10 Кӕд бирӕтӕ Библи фесафыныл архайдтой, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ бахъахъхъӕдта. 1382 азмӕ ӕввахс Джон Уиклиф ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ рауагътой фыццаг Библи англисаг ӕвзагыл. Уильям Тиндал дӕр Библи англисаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта ӕмӕ йӕ уый тыххӕй 1536 азы амардтой. Хъӕдмӕ, дам, ӕй куы бабастой, уӕд, дам, ныхъхъӕр кодта: «О Хуыцау, Английы къаролӕн йӕ цӕстытӕ байгом кӕн!» Уый фӕстӕ йӕ ныххурх кодтой ӕмӕ йӕ басыгътой.

11 1535 азы Майлс Ковердейл Библи англисаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта. Уыцы тӕлмацӕн йӕ иу хай сарӕзта Тиндалы тӕлмацмӕ гӕсгӕ, иннӕ хӕйттӕ та – латинаг тӕлмацмӕ гӕсгӕ ӕмӕ, Мартин Лютер немыцаг ӕвзагмӕ кӕй ратӕлмац кодта, уыцы Библимӕ гӕсгӕ. Абон махмӕ та ис «Ног дунейы тӕлмац». Мах ацы тӕлмацӕн тынг аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ у ӕнцонӕмбарӕн, бӕлвырд ӕмӕ раст, стӕй дзы уацамынды пайда кӕнын дӕр ӕнцон у. Йегъовӕйы Ныхас фесафын нӕдӕр Хӕйрӕгӕн, нӕдӕр адӕмӕн сӕ къухы никуы бафтдзӕн.

ЙЕГЪОВӔ НӔ БАУАГЪТА, ЦӔМӔЙ ЙӔ НОМ ФЕРОХ УЫДАИД

Тиндал ӕмӕ ӕндӕр ахӕм адӕймӕгтӕ Хуыцауы Ныхасы тыххӕй сӕ цард дӕр нӕ бавгъау кодтой

12. «Ног дунейы тӕлмац» адӕмӕн Йегъовӕйы ном базонынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

12 Йегъовӕ Хуыцау батыхст, цӕмӕй йын Библитӕй йӕ ном бынтондӕр ма айстаиккой. Уыцы хъуыддаджы стыр ӕххуыс фӕци «Библи – Ног дунейы тӕлмац». Чи йыл бакуыста, уыцы комитет уыцы тӕлмацмӕ разныхасы ныффыста: «Ацы тӕлмац иннӕ тӕлмацтӕй сӕйраджыдӕр уымӕй хицӕн кӕны, ӕмӕ дзы Хуыцауы ном фыст ӕрцыд, кӕмдӕриддӕр хъуамӕ уыдаид, уым. Уыцы ном... у „Йегъовӕ“. Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы 6 973 хатты, Чырыстон Грекъаг Фыстыты та – 237 хатты». Абон «Ног дунейы тӕлмац», ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай, ис 116 ӕвзагӕй фылдӕрыл ӕмӕ дзы мыхуыргонд ӕрцыд 178 545 862 экземплярӕй фылдӕр.

13. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ, Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ йын адӕм йӕ ном кӕй зонынц?

13 Фыццаг дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕ, зыдтой Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ дзургӕ дӕр кодтой. Ной дӕр зыдта Йегъовӕйы ном. Зӕгъӕм, Доны хъаймӕтӕй цасдӕр куы рацыд, уӕд Нойы йӕ фырт Хам фегад кодта, ӕмӕ уӕд Ной загъта: «Табу Йегъовӕйӕн, Симы Хуыцауӕн. [Хамы фырт] Ханаан ын уӕд цагъар» (Райд. 4:1; 9:26). Хуыцау йӕхӕдӕг дӕр фехъусын кодта йӕ ном: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном. Ӕз мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн». Стӕй ма загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй. Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй» (Ис. 42:8; 45:5). Йегъовӕ афтӕ сарӕзта, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр адӕмӕн сӕ бон уа йӕ ном зонын. Йегъовӕйы ном кӕй зонӕм ӕмӕ йӕ кӕй дзурӕм, стӕй йӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый махӕн стыр кад у! Ӕмӕ Библийы дӕр уымӕн ис афтӕ фыст: «Нӕ Хуыцауы номыл нӕ тырысатӕ хӕрдмӕ сисдзыстӕм» (Пс. 20:5).

14. Хуыцауы ном ма Библийы йеддӕмӕ ӕндӕр кӕм ис фыст?

14 Хуыцауы ном ӕрмӕст Библийы нӕй фыст, фӕлӕ ма ӕндӕр рӕтты дӕр. Зӕгъӕм, Мард денджызӕй 21 километры скӕсӕнырдӕм ис иу хъӕу, Дхибан, зӕгъгӕ (Библийы хуыйны «Дивон»), ӕмӕ уым ссардтой иу дур, хонынц ӕй Моавитаг дур. Уыцы дурыл фыст ис израилаг паддзах Амврийы тыххӕй, стӕй дзы моавитаг паддзах Месӕйы номӕй фыст ис, Израилы ныхмӕ куыд рацыд, уый тыххӕй (1 Пад. 16:28; 2 Пад. 1:1; 3:4, 5). Фӕлӕ ӕппӕты цымыдисагдӕр у, уыцы фыстыты Хуыцауы ном дӕр кӕй ӕмбӕлы, фыст у цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ (ЙХВХ), ома тетраграмматонӕй. Израилы ма ссардтой ӕлыг мигӕнӕнты сӕстытӕ дӕр, хонынц сӕ Лахисаг фыстӕджытӕ, ӕмӕ уыдоныл дӕр цалдӕр хатты фыст ис Хуыцауы ном цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ.

15. Септуагинтӕ цы у ӕмӕ куыд фӕзынд?

15 Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ма Хуыцауы ном нӕ фесӕфт, Библи чи тӕлмац кодта, уыдоны фӕрцы дӕр. Цӕвиттонӕн, н. э. размӕ 607 азы дзуттӕгты Вавилонмӕ уацары акодтой, ӕмӕ сӕ н. э. размӕ 537 азы куы ссӕрибар кодтой, уӕд сӕ бирӕтӕ Израил ӕмӕ Иудӕмӕ нӕ ’рыздӕхтысты. Нӕ эрӕйы размӕ ӕртыккаг ӕнусмӕ дзуттӕгтӕй бирӕтӕ ӕрцардысты Александрийы (Египеты), ӕмӕ уым та адӕм дзырдтой грекъаг ӕвзагыл. Уымӕ гӕсгӕ Дзуттаг Фыстытӕ хъуыди ратӕлмац кӕнын грекъаг ӕвзагмӕ дӕр. Ӕмӕ нӕ эрӕйы дыккаг ӕнусы ахӕм тӕлмац фӕзынд, схуыдтой йӕ Септуагинтӕ. Септуагинтӕйы тӕлмацтӕй иуӕй-иуты ис Хуыцауы ном дзуттагау.

16. Фыццаг хатт 1640 азы кӕй ныммыхуыр кодтой, уыцы чиныджы Хуыцауы ном кӕцы ран ис фыст?

16 Английы дӕлбар чи уыд, уыцы америкаг колониты ӕппӕты фыццаг цы чиныг рацыд мыхуыры, уый уыд Псаломты чиныг (Bay Psalm Book). Уыцы чиныг ратӕлмац кодтой дзуттаг ӕвзагӕй англисагмӕ, фыццаг хатт ӕй ныммыхуыр кодтой 1640 азы. Ӕмӕ Хуыцауы ном уым дӕр ӕмбӕлы. Зӕгъӕм, Псалом 1:1, 2 стихты дзы фыст ис, зӕгъгӕ, арфӕгонд у, фыдгӕнджыты зондыл чи нӕ цӕуы, фӕлӕ «Йегъовӕйы закъон» стыр цин кӕмӕн хӕссы, уыцы адӕймаг. Хуыцауы номы тыххӕй дӕ бон фылдӕр базонын у брошюрӕйӕ «Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм».

ЙЕГЪОВӔ БАТЫХСТ, ЦӔМӔЙ АДӔМӔН СӔ БОН УА РӔСТДЗИНАД БАЗОНЫН

17, 18. а) Куыд бамбарын кӕнис дзырд «рӕстдзинад»? ӕ) Цы хауы «хорз хабары» рӕстдзинадмӕ?

17 Махӕн стыр цин хӕссы «Йегъовӕйӕн, рӕстдзинады Хуыцауӕн», лӕггад кӕнын (Пс. 31:5). Цы у рӕстдзинад? Уый у ӕцӕг, бӕлвырд хъуыддаг, ӕрымысгӕ хабар нӕ, фӕлӕ. Библи цы ӕвзӕгтыл фыст ӕрцыд, уыцы ӕвзӕгтӕй «рӕстдзинад»-ӕй цы дзырдтӕ фӕтӕлмац кӕнынц, уыдон фылдӕр хатт фӕамонынц, ӕцӕг, раст ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг цы у, ахӕм цӕмӕдӕр.

18 Йегъовӕ алцыдӕр сарӕзта, цӕмӕй абон махӕн нӕ бон уыдаид рӕстдзинад базонын. Ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ бонӕй-бонмӕ хуыздӕр ӕмбарӕм (2 Иоан. 1, 2). Растдӕр уый тыххӕй фыст ис Ӕмбисӕндты 4:18 стихы: «Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ». Мах ӕппӕт зӕрдӕйӕ разы стӕм Чырыстийы ныхӕстимӕ. Уый Хуыцаумӕ кувгӕйӕ загъта: «Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоан. 17:17). Хуыцауы Ныхасы фыст ис «хорз хабары» рӕстдзинад, ома чырыстон ахуырӕдтӕ иууылдӕр (Гал. 2:14). Уыцы ахуырӕдтӕм хауынц, зӕгъӕм, мӕнӕ ацы хабӕрттӕ: Йегъовӕйы ном, йӕ хицаудзинад, Чырыстийы нывонд, мӕрдты райгас ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад. Уӕдӕ ныр та ӕркӕсӕм, Хӕйрӕг рӕстдзинад басусӕг кӕныныл куыд архайдта, фӕлӕ йӕ Хуыцау куыд нӕ бауагъта, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔ НӔ БАУАГЪТА, ЦӔМӔЙ ХӔЙРӔГ РӔСТДЗИНАД БАСУСӔГ КОДТАИД

19, 20. Нимрод чи уыд ӕмӕ йӕ хицаудзинады рӕстӕг адӕм цы сфӕнд кодтой?

19 Доны хъаймӕты фӕстӕ зӕххыл цард иу тыхджын цуанон, Нимрод, ӕмӕ цыди Йегъовӕйы ныхмӕ (Райд. 10:9). Йегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй цыд, уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ куывта Хӕйрӕгӕн. Нимрод уыди, фӕстӕдӕр Йесо Чырыстийы ныхмӕ чи цыд, уыцы адӕмы хуызӕн. Йесо сын загъта: «Сымахӕн уӕ фыд Хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фӕнды, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый аразын. Уый... рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд» (Иоан. 8:44).

20 Нимроды дӕлбар уыд Вавилон, стӕй ма, Тигр ӕмӕ Евфраты цӕугӕдӕтты астӕу ноджыдӕр цы горӕттӕ уыд, уыдон дӕр (Райд. 10:10). Н. э. размӕ 2269 азы Вавилон ӕмӕ йӕ мӕсыг, ӕвӕццӕгӕн, Нимроды ныхасмӕ гӕсгӕ райдыдтой аразын. Йегъовӕйы фӕндон уыд, цӕмӕй адӕм ӕгас зӕххыл дӕр апырх уыдаиккой. Уыцы мӕсыг аразджытӕ та загътой: «Нӕхицӕн саразӕм горӕт ӕмӕ, йӕ цъупп арвыл кӕмӕн ӕндзӕва, ахӕм мӕсыг, ӕмӕ нӕхицӕн ном скӕнӕм, цӕмӕй зӕххы цъарыл алырдӕмты ма ныппырх уӕм». Фӕлӕ сӕ фӕндӕй ницы рауад, уымӕн ӕмӕ Хуыцау «схӕццӕ кодта, адӕм ӕгас зӕххыл дӕр цы ’взагыл дзырдтой, уый», ӕмӕ мӕсыг аразджытӕ Вавилонӕй алырдӕмты ныппырх сты (Райд. 11:1–4, 8, 9). Кӕд Хӕйрӕг уый фӕрцы ӕппӕт адӕмы дӕр иу диныл ныххӕцын кӕнынмӕ хъавыд, цӕмӕй иууылдӕр уымӕн куывтаиккой, уӕддӕр ын дзы ницы рауад. Ӕнусты дӕргъы Йегъовӕйы раст дин уӕлахиз кӕны мӕнг диныл, ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр адӕм цӕуынц ӕцӕг Хуыцаумӕ.

21, 22. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, мӕнг дин раст диныл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕй тӕссаг кӕй никуы уыд? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

21 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, мӕнг дин раст диныл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уымӕй тӕссаг никуы уыд. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ нӕ Кадджын Зондамонӕг Йегъовӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ Ныхас, Библи, фесӕфтаид, цӕмӕй йӕ ном ферох уыдаид ӕмӕ цӕмӕй йӕ рӕстдзинады рухс бамынӕг уыдаид (Ис. 30:20, 21). Хуыцауӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый махӕн у стыр цины хос. Фӕлӕ хъуамӕ уӕм къӕрцхъус, цӕмӕй мӕнг динӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм. Хъуамӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм.

22 Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, кӕцыдӕр мӕнг ахуырӕдтӕ куыд фӕзындысты, уымӕ. Ӕмӕ фендзыстӕм, Библийы цы фыст ис, уыимӕ абаргӕйӕ сӕ мӕнгдзинад куыд ирдӕй зыны, уый. Стӕй ма ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ Хуыцау нын йӕхи тыххӕй рӕстдзинад куыд раргом кодта, уымӕ дӕр. Уыцы рӕстдзинад зонын махӕн у стыр арфӕдзинад. Ӕмӕ уый дӕр хауы, бынӕн нын лӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы хӕзнамӕ.