Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы фӕстаг номыртӕ лӕмбынӕг бакастӕ? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстатӕн дзуапп раттын дӕ бон бауид.

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’взаджы рохтыл хӕцӕм ӕмӕ ӕмбырды арт ма ссудзӕм?

Хъуамӕ-иу нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм. Кӕуылдӕр фаутӕ ӕвӕрыны бӕсты-иу фӕлтау ахъуыды кӕнӕм, ахӕм цӕстӕй йӕм цӕмӕн кӕсӕм, ууыл. Цымӕ йыл уый тыххӕй не ’вӕрӕм фаутӕ, цӕмӕй мах уымӕй хуыздӕр разынӕм? Стӕй ма, кӕд не ’хсӕн исты рауад ӕмӕ уый фӕстӕ адӕймагыл фаутӕ ’вӕрӕм, уӕд уавӕр ноджы фӕфыддӕр уыдзӕн (15.8, 21 фарс).

Хуыцау сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый Моисейы закъонӕй куыд уыд базонӕн?

Израилаг сылгоймӕгтӕн цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ сӕ бон уыд сӕрибарӕй кӕнын, стӕй сӕ бон уыд ахуыр кӕнын. Сылгоймӕгтӕн хъуамӕ аргъ кодтаиккой ӕмӕ сӕ нымадтаиккой, сӕ бартӕ сын хъуамӕ хъахъхъӕдтаиккой (1.9, 5–7 фӕрстӕ).

Йегъовӕйы боны размӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн?

Дзурдзысты «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!». Паддзахӕдтӕ сӕхи ныццӕвдзысты «Стыр Вавилоныл» ӕмӕ йӕ фесафдзысты. Уый фӕстӕ рацӕудзысты Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ. Ӕмӕ уӕд райдайдзӕн Армагеддоны хӕст. Уый фӕстӕ Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕ дӕлдзӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты (15.9, 4 фарс).

Кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уый нын цы пайда у?

Кӕрон цы бон ӕмӕ цы сахат ӕрцӕудзӕн, уый кӕй нӕ зонӕм, уый фӕрцы нӕ бон у равдисын, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Стӕй ма уый фӕрцы нӕ бон у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын дӕр. Уый ма нӕ разӕнгард кӕны удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынмӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Ныхасыл ноджы тынгдӕр дарӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын уый фӕрцы ис фадат, абон цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн (15.9, 24, 25 фӕрстӕ).

Зындон кӕй ис, ууыл чи ӕууӕнды, ахӕм адӕймагимӕ аныхас кӕнынӕн нын Райдианы 3:19 куыд баххуыс кӕндзӕн?

Уыцы стихы фыст ис, Адам куы амӕла, уӕд сыджытмӕ кӕй аздӕхдзӕн. Афтӕ фыст дзы нӕй, ӕмӕ зындонмӕ бахаудзӕн (1.10, 13, 14 фарс).

Раргомады 1:16, 20 стихтӕм гӕсгӕ, Йесойы къухы цы «авд стъалыйы» ис, уыдон чи сты?

Уыцы «авд стъалыйы» сты сӕрст цӕстдарджытӕ, фӕлӕ ацы ныхӕстӕ ахӕссӕн ис хистӕр нӕлгоймӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр (15.10, 13, 14 фӕрстӕ).

Бинонтӕн хӕстӕ куы уа, уӕд сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕ фервӕзой?

Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ ӕргом ӕмӕ сабырӕй аныхас кӕной сӕ хӕсты тыххӕй. Хорз уаид, цас бакусынц ӕмӕ цас бахардз кӕнынц, уый куы банымаиккой. Чи зоны, сӕ бон уа бацархайын, цӕмӕй фылдӕр ӕхца кусой ӕмӕ дзӕгъӕл хӕрдзтӕ ма кӕной. Хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной, фыццаг кӕцы хӕстӕ бафиддзысты, уый. Стӕй ма сӕ бон у, кредит кӕмӕй райстой, уыимӕ аныхас кӕнын, йе ’хца йын куыд бафидой, ууыл. Фӕлӕ хъуамӕ ма рох кӕной, алцы мах куыд фӕфӕнды, афтӕ кӕй нӕ рауайы, стӕй ӕхца сӕйраг кӕй не сты (1 Тим. 6:8) (1.11, 19–21 фӕрстӕ).

Йесо Чырысти куыд равдыста, Исайы 50:4, 5 стихты цы сӕрныллӕг уагахасты кой ис, уый?

Уыцы стихты фыст ис, «ахуыргӕнинӕгты ӕвзаг» кӕмӕн уыд, уый, «йӕхи цы фӕндыд, уый [кӕй] нӕ кодта». Йесо Чырысти уыди сӕрныллӕг ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыста, йӕ Фыд ын цы амыдта, уымӕ. Йесойы тынг фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕ сахуыр уыдаид. Ӕмӕ, Хуыцау тӕригъӕдджын адӕммӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ уыд ӕмӕ уымӕй сӕрныллӕгдзинад куыд ӕвдыста, уый дӕр уыдта (15.11, 11 фарс).

Эстонийы цы зӕрдылдарӕн маркӕ рауагътой, уымӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фидардзинады тыххӕй цы ис базонӕн?

2007 азы Эстонийы паддзахадон почтӕ рауагъта ахӕм маркӕ, ӕмӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Сталины рӕстӕджы Эстонийы цӕрджытӕй бирӕты фесафынмӕ куыд хъавыдысты, уый. Уыцы маркӕйыл фыст нымӕцтӕй иу у 382, ӕмӕ уый амоны, 1951 азы Уӕрӕсейы дард къуымтӕм лагертӕм кӕй фӕхастой, уыцы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ цал уыдысты, уымӕ (1.12, 27, 28 фӕрстӕ).