Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уый ӕцӕгдӕр у ӕппӕты сыгъдӕгдӕр ӕмӕ стырдӕр ном»

«Уый ӕцӕгдӕр у ӕппӕты сыгъдӕгдӕр ӕмӕ стырдӕр ном»

«Уый ӕцӕгдӕр у ӕппӕты сыгъдӕгдӕр ӕмӕ стырдӕр ном»

Афтӕ загъта Николай Кузанский йӕ уацамынды 1430 азы *. Уыцы адӕймаджы бирӕ цыдӕртӕ цымыдис кодта, зӕгъӕм, ахуыр кодта грекъаг ӕмӕ дзуттаг ӕвзӕгтӕ, философи, теологи, математикӕ ӕмӕ астрономи. 22-аздзыдӕй йын радтой Католикон канонон барады докторы ном. 1448 азы та йӕ сӕвӕрдтой кардиналӕй.

Иу-550 азы размӕ Николай Кузанский горӕт Кузӕйы байгом кодта хӕдзар зӕрӕдтӕн. Ныр уыцы хӕдзар у Кузанскийы библиотекӕ ӕмӕ дзы ис 300 къухфыстӕй фылдӕр. Уыдонӕй иу у Кузанскийы кодекс 220 (Codex Cusanus 220). Уыцы кодексы ис, Кузанский 1430 азы кӕй ныффыста, уыцы уацамынд, хуыйны «Райдианы уыди Дзырд» («In principio erat verbum») *. Николай Кузанский дзы Хуыцауы ном, Йегъовӕ, фыссы латинаг дамгъӕтӕй Iehoua (Йехоуа). Ацы къухфысты 56-ӕм фарсыл Хуыцауы номы тыххӕй ис ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ хоны Хуыцау йӕхи. Уый у тетраграмматон, ома арӕзт у цыппар дамгъӕйӕ. [...] Уый ӕцӕгдӕр у ӕппӕты сыгъдӕгдӕр ӕмӕ стырдӕр ном». Николай Кузанскийы ныхӕстӕ ӕппындӕр нӕ дзырддаг кӕнынц, Хуыцауы ном рагон Дзуттаг Фыстыты кӕй ӕмбӕлы, уый (Рац. 6:3).

Уӕдӕ, тетраграмматон ахӕм хуызы «Йехоуа», зӕгъгӕ, кӕм ӕмбӕлы, уыцы рагондӕр документтӕй иу у Кузанскийы кодекс. Ацы къухфыст ма ноджыдӕр иу хатт бӕлвырд кӕны, ӕнусты дӕргъы, Хуыцауы ном иу ӕвзагӕй иннӕ ӕвзагмӕ хӕсгӕйӕ, арӕхдӕр кӕй пайда кодтой ном «Йегъовӕ»-йӕ алыхуызон формӕты.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Йе ’цӕг ном у Николай Кребс. Хонынц ма йӕ Николай Кузанец дӕр. Кузанский йӕ уымӕн хонынц, ӕмӕ райгуырд гыццыл немыцаг горӕт Кузӕйы. Уыцы горӕт ныр хуыйны Бернкастель-Кус, Боннӕй (Герман) йӕм хуссарырдӕм цӕуын хъӕуы 130 километры бӕрц.

^ 3 абз. Ацы уацамынд бӕлвырд кодта уыцы хъуыды, зӕгъгӕ, Хуыцау у Ӕртӕиууон.

[Ныв 16 фарсыл]

Кузанскийы библиотекӕ