Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Йегъовӕ у мӕ хъару»

«Йегъовӕ у мӕ хъару»

«Йегъовӕ у мӕ хъару»

Радзырдта йӕ Джоан Ковилл

Ӕз райгуырдтӕн 1925 азы июлы мӕйы Хаддерсфилды (Англис). Уыдтӕн иунӕг сывӕллон, арӕх рынчынтӕ кодтон. Мӕ фыд мын ӕдзух афтӕ дзырдта: «Исчи дыл куы бафу кӕны, уӕд дӕр ӕрбарынчын вӕййыс». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыди!

ГЫЦЦЫЛ ма куы уыдтӕн, уӕд сауджынтӕ зӕрдӕбынӕй куывтой сабырдзинады тыххӕй. Фӕлӕ Дыккаг дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд кувын райдыдтой уӕлахиздзинады тыххӕй. Уый мӕм тынг ӕнахуыр фӕкаст ӕмӕ мӕ хъуыдыты баппӕрста. Раст нӕм уыцы рӕстӕг ӕрбацыд Энни Ратклифф, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Кӕм цардыстӕм, уым уый йеддӕмӕ Ӕвдисӕнтӕ нӕ уыд.

Рӕстдзинад базыдтон

Энни нын ныууагъта чиныг «Ирвӕзындзинад» ӕмӕ мын мӕ мады фӕхуыдта, йӕ хӕдзары-иу цы фембӕлдтӕ уыдис, уырдӕм *. Уыцы фембӕлдты-иу ныхас кодтой Библийыл. Мӕ мад Эннимӕ куы цыд, уӕд мӕ йемӕ акодта. Ныр дӕр ма хъуыды кӕнын, фыццаг хатт цӕуыл ныхас кодтой, уый. Дзырд цыд ахӕстаргъыл. Ӕз хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн, фӕлӕ хъуыддаг бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Мӕ фарстытӕй дзы бирӕтӕн дзуапп базыдтон. Ӕмӕ та иннӕ къуыри дӕр ацыдыстӕм. Уӕд та ныхас цыдис Йесойы пехуымпарадыл фӕстаг бонты нысӕнтты тыххӕй. Дуне цы уавӕры уыд, уымӕ кӕсгӕйӕ мӕ мад дӕр ӕмӕ ӕз дӕр уайтагъд бамбӕрстам, уый рӕстдзинад кӕй уыд. Уыцы бон нӕ фӕхуыдтой Паддзахады залмӕ.

Паддзахады залы базонгӕ дӕн цалдӕр ӕрыгон пионер-хоимӕ. Сӕ иу уыди Джойс Барбер (абон Эллис). Джойс йӕ лӕг Питеримӕ абоны онг дӕр лӕггад кӕны Лондоны Вефилы. Уӕд мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ пионертӕй лӕггад кӕнынц иууылдӕр. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕз дӕр алы мӕй хъусын кодтон 60 сахаты, кӕд нырма скъоладзау уыдтӕн, уӕддӕр.

Фондз мӕйы фӕстӕ, 1940 азы 11 февралы, мӕ мад ӕмӕ ӕз донаргъуыд райстам зоналон конгрессы (абон сӕ хонынц районон конгресстӕ) Брадфорды. Нӕ фыд нын нӕ ног дины ныхмӕ никуы ницы дзырдта, фӕлӕ йӕхӕдӕг рӕстдзинады фӕндагыл не слӕууыд. Донаргъуыд куы райстон, уыцы рӕстӕджыты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнын райдыдтой уынгты. Ӕз дӕр-иу уынгты хъусын кодтон, уыдис-иу мӕм хызын журналтимӕ ӕмӕ плакаттӕ. Иу сабатбон мӕ слӕууын кодтой, тынг бирӕ дуканитӕ кӕм уыди ӕмӕ адӕм ӕмызмӕлд кӕм кодтой, ахӕм бынаты. Уӕд нырма адӕмӕй тынг тарстӕн ӕмӕ цӕмӕй тарстӕн, уый мыл ӕрцыди: уыцы бон ме ’мкъласонтӕн сӕ фылдӕр цыдысты, ӕз кӕм лӕууыдтӕн, растдӕр уыцы ран!

1940 азы не ’мбалад (афтӕ хуындысты уӕд ӕмбырдтӕ) хъуамӕ адих уыдаид. Ӕмӕ куы адих стӕм, уӕд ме ’мгӕрттӕн сӕ фылдӕр баззадысты иннӕ ӕмбалады. Ӕз рахъаст кодтон ӕмбалады лӕггадгӕнӕгӕн (ныр хуыйнынц сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарджытӕ). Уый мын загъта: «Кӕд дӕ ӕрыгон ӕмбӕлттӕ хъӕуы, уӕд ацу ӕмӕ ӕрыгӕттӕн хъусын кӕн». Ӕмӕ ӕз дӕр афтӕ бакодтон! Гыццыл фӕстӕдӕр фембӕлдтӕн Элси Ноублимӕ. Элси рӕстдзинад базыдта. Фӕстӕдӕр тынг балымӕн стӕм ӕмӕ абоны онг дӕр стӕм хорз хӕлӕрттӕ.

Лӕггад кӕнын пионерӕй ӕмӕ хайджын дӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕй

Скъола куы фӕдӕн, уӕд кусын райдыдтон бухгалтерӕй. Фӕлӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ куыд цин кодтой, уымӕ кӕсгӕйӕ мӕн дӕр тынгӕй-тынгдӕр фӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын. 1945 азы майы райдыдтон сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кӕнын. Фыццаг бон уацамынды куы ацыдтӕн, уӕд бон-изӕрмӕ къӕвда йӕ сӕх-сӕхӕй нӕ банцад. Фӕлӕ уацамынды кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй афтӕ цин кодтон, ӕмӕ мӕм къӕвда нымады дӕр нӕ уыд. Раст зӕгъгӕйӕ, алы бон дӕр кӕй хъусын кодтон ӕмӕ-иу арӕх уацамынды велосипедыл кӕй цыдтӕн, уый мын ме ’нӕниздзинад фӕфидар кодта. Кӕд тынг къӕсхуыр уыдтӕн ӕмӕ мӕ уӕз 42 килограммӕй фылдӕр никуы уыдис, уӕддӕр ӕнӕсцухӕй лӕггад кодтон пионерӕй. Бирӕ азты дӕргъы ӕз мӕхиуыл ӕвзӕрстон, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр кӕй уыди мӕ хъару (Пс. 28:7).

Сӕрмагонд пионер кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ-иу мӕ арвыстой, Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕ уыдис, ахӕм горӕттӕм ног ӕмбырдтӕ аразынмӕ. Фыццаг ӕртӕ азы лӕггад кодтон Англисы, уый фӕстӕ та ӕртӕ азы Ирландийы. Лисберны (Ирланди) Библи ахуыр кӕнын райдыдтон протестантон аргъуаны пасторы хӕдивӕгимӕ. Библийы сӕйраг ахуырӕдты тыххӕй-иу рӕстдзинад куы базыдта, уӕд-иу ӕй йе ’мбырды радзырдта. Чидӕртӕ йыл аргъуаны хистӕртӕм бахъаст кодтой, ӕмӕ дзы уыдон дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дзуапп ӕрдомдтой. Уый сын загъта, йӕ чырыстон хӕс кӕй у, цӕмӕй дзугӕн радзура, цы сын амыдта, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕ уыдысты. Кӕд йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр уый йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодта ӕмӕ йын иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта суанг йӕ мӕлӕты онг.

1950 азы Ларны (Ирландийы мӕ дыккаг хатт кӕдӕм снысан кодтой, уыцы горӕт) мӕй ӕмӕ ӕрдӕг фӕлӕггад кодтон иунӕгӕй, уымӕн ӕмӕ ме ’мбал ацыдис Нью-Йоркмӕ конгресмӕ, «Теократийы рӕзт», зӕгъгӕ. Иунӕгӕй мын тынг зын уыдис. Фӕлӕ мыл уыцы рӕстӕг уацамынды ӕрцыд цалдӕр диссаджы цауы. Ӕз фембӕлдтӕн иу ацӕргӕ нӕлгоймагыл. Уымӕ иу-20 азӕй фылдӕры размӕ кӕцӕйдӕр ӕрбафтыд нӕ публикацитӕй иу. Уыцы азты дӕргъы йӕ уал хатты бакаст, ӕмӕ йӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ дӕр зыдта. Нӕлгоймаг йӕхӕдӕг дӕр, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ чызг дӕр рӕстдзинад базыдтой.

Ахуыр кӕнын Галаады скъолайы

1951 азы мӕн ӕмӕ ма Англисӕй ноджыдӕр дӕс пионеры фӕхуыдтой Галаады скъолайы 17-ӕм къласмӕ, (уӕд Галаады скъола уыдис Саут-Лансингы, штат Нью-Йорк). Исчи йӕ куы зонид, куыд тынг цыдис мӕ зӕрдӕмӕ, уыцы мӕйты дӕргъы нын Библийӕ цы амыдтой, уый! Уӕд Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы хоты нӕма фыстой. Фӕлӕ Галаады скъолайы хотӕн дӕр лӕвӕрдтой хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ-иу сӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгты раз дзырдтам. Фыртыхстӕй-иу цы фӕуыдаиккам, уый-иу зонгӕ дӕр нӕ кодтам! Фыццаг хатт хӕслӕвӕрдимӕ куы рацыдтӕн, уӕд, мӕ гӕххӕт цы къухы уыди, уый йӕ зыр-зырӕй не ’рынцад. Нӕ ахуыргӕнӕг, ӕфсымӕр Максвелл Френд, хынджылӕгӕй загъта: «Дзырдарӕхст ӕфсымӕртӕ ныхасы куы рацӕуынц, уӕд фӕтыхсынц райдианы, ды та тыхстӕ райдианӕй суанг кӕронмӕ». Ахуыры рӕстӕджы не ’ппӕт дӕр хуыздӕр арӕхсын райдыдтам иннӕты раз нӕ хъуыдытӕ дзурын. Рӕстӕг куыд атахт, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтам. Нӕ ахуыр фӕцис ӕмӕ нӕ алы бӕстӕтӕм снысан кодтой. Мӕн арвыстой Таиландмӕ!

«Иууылдӕр сӕ мидбылты кӕм худынц, ахӕм бӕстӕ»

Мемӕ мын Таиландмӕ арвыстой Астрид Андерсоны, ӕмӕ уый ӕз нымайын Йегъовӕйы лӕварыл. Уыцы бӕстӕмӕ авд къуырийы фӕцыдыстӕм уӕзласӕн науыл. Таиланды сӕйраг горӕт Бангкокмӕ куы ’рхӕццӕ стӕм, уӕд федтам бирӕ базартӕ, сӕйраг уынгты бӕсты та дзы алырдӕмты цыдис каналтӕ. 1952 азы Таиланды Паддзахады хъусынгӕнджытӕ 150 дӕр нӕ уыдысты.

Тайаг ӕвзагыл журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» фыццаг хатт куы федтам, уӕд фӕдис кодтам, ацы ӕвзагыл куыд ис дзурӕн, зӕгъгӕ. Уӕлдай зындӕр та уыди дзырдтӕ раст хъӕлӕсы уагимӕ дзурын. Зӕгъӕм, дзырд кау́ дзургӕйӕ дӕ хъӕлӕс фыццаг бӕрзонд куы уа ӕмӕ йӕ стӕй куы фӕныллӕг кӕнай, уӕд ацы дзырд нысан кӕндзӕн «пырындз», фӕлӕ дӕ хъӕлӕс куы нӕ фӕныллӕгдӕр кӕнай, афтӕмӕй йӕ куы зӕгъай, уӕд та нысан кӕндзӕн «хабар». Афтӕ-иу уацамынды фыццаг, «ӕз дын ӕрбахастон хорз хабар» зӕгъыны бӕсты, уыцы хъуыддагхуызӕй дзырдтам: «Ӕз дын ӕрбахастон хорз пырындз». Ӕмӕ-иу ныл кӕд бирӕ худӕг хабӕрттӕ ’рцыд, уӕддӕр сабыргай ӕвзаг базыдтам.

Тайӕгтӕ сты тынг хӕларзӕрдӕ адӕм. Уымӕ гӕсгӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Таиланд у, иууылдӕр сӕ мидбылты кӕм худынц, ахӕм бӕстӕ. Фыццаг нӕ арвыстой горӕт Коратмӕ (ныр хуыйны Накхонратчасима). Уым фӕлӕггад кодтам дыууӕ азы. Уый фӕстӕ та нӕ арвыстой горӕт Чиангмаймӕ. Тайӕгтӕн сӕ фылдӕр сты буддисттӕ ӕмӕ Библи уынгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Кораты ахуыр кодтон иу нӕлгоймагимӕ, почтӕйы хицауимӕ. Иухатт ныхас кодтам Авраамы тыххӕй. Уыцы нӕлгоймаг уымӕй размӕ дӕр Авраамы кой фехъуыста, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕр разыйы тылд кодта. Фӕлӕ йӕ уалынмӕ фембӕрстон, иу Авраамы кой кӕй нӕ кодтам. Уый афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йын Иугонд Штатты раздӕры президент Авраам Линкольны кой кӕнын!

Нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыдис сыгъдӕгзӕрдӕ тайӕгтимӕ Библи ахуыр кӕнын. Уыдон та нӕ сахуыр кодтой, хуымӕтӕг цард кӕнгӕйӕ дӕр адӕймаг амондджын куыд уа, ууыл. Уый нӕ тынг бахъуыди, уымӕн ӕмӕ миссионертӕ Кораты фыццаг цы хӕдзары цардысты, уым нӕдӕр электрон рухс уыд, нӕдӕр кърант. Ахӕм рӕтты «базыдтон иу сусӕгдзинад: куыд ис цӕрӕн... алцыдӕр дын парахатӕй куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ, хъуаг куы ӕййафай, уӕд дӕр». Апостол Павелау мах дӕр бамбӕрстам, алцыдӕр нӕ бон кӕй у, «хъару нын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:12, 13).

Ног ӕмбал ӕмӕ ног бынат

Иухатт 1945 азы Лондоны куы уыдтӕн, уӕд цалдӕр пионеримӕ ӕмӕ вефилагимӕ ацыдтӕн Бритайнаг музеймӕ. Уыдонӕй иу уыд Аллан Ковилл. Цасдӕры фӕстӕ Алланы фӕхуыдтой Галаады 11-ӕм къласмӕ. Фыццаг ӕй снысан кодтой Францмӕ, уый фӕстӕ та Бельгимӕ *. Ӕмӕ нырма Таиланды миссионерӕй куы лӕггад кодтон, уӕд мын загъта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ цард баиу кӕнӕм, ӕмӕ ӕз дӕр сразы дӕн.

Ӕз ӕрцыдтӕн Бельгимӕ ӕмӕ 1955 азы 9 июлы Алланимӕ бацардыстӕм. Рагӕй дӕр мӕ бӕллиц уый уыд, цӕмӕй, мӕ чындзӕхсӕвы фӕстӕ мӕ цардӕмбалимӕ улӕфынмӕ ацӕуӕм Парижмӕ. Гъемӕ Аллан дӕр нӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кодта, ӕмӕ къуыри фӕстӕ Парижмӕ конгресмӕ ацыдыстӕм. Фӕлӕ куыддӕр ӕрцыдыстӕм, афтӕ ӕфсымӕртӕ Алланӕн загътой, цӕмӕй конгрессы рӕстӕджы раныхӕстӕ тӕлмац кӕна. Алы бон дӕр-иу ацыд райсомӕй раджы, фӕстӕмӕ та-иу ӕрбаздӕхтыстӕм талынгӕй. Уӕдӕ Алланимӕ нӕ иумӕйаг царды райдианы ӕцӕгдӕр уыдыстӕм Парижы, ӕрмӕст ӕй фылдӕр уыдтон дардмӕ – сценӕйыл! Фӕлӕ мын уӕддӕр ӕхсызгон уыд, гыццыл раздӕр мӕ цард кӕимӕ баиу кодтон, уый хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн кӕй лӕггад кӕны. Ӕз ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтон, нӕ царды нын сӕйрагдӕр Йегъовӕ куы уа, уӕд кӕй уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын.

Куы смой кодтон, уӕд хъусын кӕнын дӕр райдыдтон ног бынаты – Бельгийы. Бельгийы тыххӕй зыдтон ӕрмӕстдӕр уый, ӕмӕ дзы уыд цалдӕр хӕсты. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕгмӕ базыдтон, ацы бӕстӕйӕн йӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр сабыр, фарнуарзаг кӕй сты. Ног бынаты кӕй лӕггад кодтон, уый ма нысан кодта, кӕй мӕ хъуыди сахуыр кӕнын французаг ӕвзаг, уымӕн ӕмӕ Бельгийӕн йӕ хуссайраг хайы дзурынц уыцы ӕвзагыл.

1955 азы Бельгийы уыдис иу-4 500 хъусынгӕнӕджы. 50 азы бӕрц мах Алланимӕ лӕггад кодтам Вефилы ӕмӕ бӕрӕг кодтам ӕмбырдтӕ. Фыццаг дыууӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг хуры дӕр ӕмӕ къӕвдайы дӕр нӕ велосипедтыл рацу-бацу кодтам къуыбыртыл ӕмӕ быдырты. Иумӕ лӕггад кӕнгӕйӕ мах бахсӕвиуат кодтам иу-2 000 хӕдзары! Арӕх-иу фембӕлдтӕн ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл, се ’нӕниздзинад хорз кӕмӕн нӕ уыд, фӕлӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъаруйӕ чи лӕггад кодта. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ-иу мӕм тых фӕзынд дарддӕр лӕггад кӕнынӕн. Ӕмбырд-иу цы къуыри бӕрӕг кодтам, уый-иу куы фӕцис, уӕд-иу алы хатт дӕр фӕхатыдыстӕм, кӕй бафидар стӕм (Ром. 1:11, 12). Аллан уыд ӕцӕг ӕмбал. Куыд раст сты, ӕвӕдза, Екклессиасты 4:9 фыст ныхӕстӕ: «Иунӕг чи у, уымӕй дыууӕйӕн хуыздӕр у... Сӕ иу куы ахауа, уӕд иннӕ схӕцдзӕн йе ’мбалыл»!

Амондджын дӕн, Йегъовӕ мӕ хъару кӕй уыд, уый тыххӕй

Уыцы азты дӕргъы нын Алланимӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕцис ахӕм хорз фадат, цӕмӕй иннӕтӕн баххуыс кодтаиккам Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Зӕгъӕм, 1983 азы бӕрӕг кодтам французаг ӕмбырд Антверпены. Уыцы къуыри цы бинонтӕм цардыстӕм, уыдонмӕ ма уыд ноджыдӕр иу уазӕг, Бенжамен Бандивила, ӕрыгон ӕфсымӕр Заирӕй (ныр у Демократон Республикӕ Конго). Бенжамен ӕрцыд Бельгимӕ ахуыр кӕнынмӕ. Уый нын загъта: «Хӕлӕг уӕм кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр радтат Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн». «Хӕлӕг нӕм кӕныс, зӕгъыс?– бафарста йӕ Аллан.– Афтӕмӕй та дӕ ацы дунейы уӕлдӕр бынат хъӕуы. Цыма дӕ ныхӕстӕ дӕ хъуыддӕгтӕй хицӕн кӕнынц, афтӕ дӕм нӕ кӕсы?» Уыцы ӕргом ныхас фехъусгӕйӕ Бенжамен йӕ цардыл ныхъхъуыды кодта. Фӕстӕдӕр Заирмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Ӕмӕ ныр лӕггад кӕны филиалы Комитеты.

1999 азы мын операци скодтой: хӕринаг ахсӕнмӕ кӕуылты фӕцӕуы, уым мын уыд язвӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ уӕз 30 килограммы йеддӕмӕ нал у. Ӕз ӕцӕгдӕр дӕн «ӕлыгӕй конд» тӕссонд мигӕнӕн. Фӕлӕ бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, кӕй мын дӕтты, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару». Йегъовӕйы фӕрцы мӕ операцийы фӕстӕ ногӕй Алланимӕ цӕуын райдыдтон, ӕмбырдтӕ-иу куы бӕрӕг кодта, уӕд (2 Кор. 4:7). 2004 азы Аллан бафынӕй ӕмӕ нал райхъал. Тынг зын мын у ӕнӕ Алланӕй. Фӕлӕ йӕ зонын, Йегъовӕйы хъуыдыйы кӕй ис, ӕмӕ мын уый мӕ зӕрдӕ сабыр кӕны.

Ныр мыл цӕуы 83 азы. Уыдонӕй 63 азы фӕлӕггад кодтон ӕххӕстрӕстӕг. Абон дӕр ма зӕрдиагӕй хъусын кӕнын хорз хабар, адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ алы бон дӕр цыфӕнды фадатӕй дӕр пайда кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы диссаджы фӕндоны тыххӕй дзурон. Хатт ахъуыды кӕнын, цымӕ, зӕгъын, мӕ цард куыд уыдаид, 1945 азы пионерӕй лӕггад кӕнын куы нӕ райдыдтаин, уӕд? Рынчынтӕгӕнаг кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн уыдис, ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын мӕ бон нӕ бауыдзӕн. Фӕлӕ куыд бузныг дӕн Йегъовӕйӕ, ӕрыгонӕй кӕй райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын! Афтӕмӕй ӕз мӕхиуыл бавзӕрстон, Йегъовӕйы фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд уый нӕ хъару кӕй уыдзӕн.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Чиныг «Ирвӕзындзинад» мыхуыры рацыд 1939 азы. Ныр нал цӕуы.

^ 22 абз. Ӕфсымӕр Ковиллы царды хабӕрттӕ фыст уыдысты 1961 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, (англ.).

[Ныв 18 фарсыл]

Мӕ миссионер ӕмбал Астрид Андерсонимӕ (рахизырдыгӕй)

[Ныв 18 фарсыл]

Алланимӕ, цӕугӕ цӕстдарӕг куы уыд, уӕд. 1956 аз

[Ныв 20 фарсыл]

Алланимӕ 2000 азы