Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацӕргӕтӕ ӕрыгӕттӕн сты арфӕдзинад

Ацӕргӕтӕ ӕрыгӕттӕн сты арфӕдзинад

Ацӕргӕтӕ ӕрыгӕттӕн сты арфӕдзинад

«Зӕронды онг ӕмӕ урс хилы онг ма ныууадз мӕн, Хуыцау, цалынмӕ нӕ фехъусын кӕнон Дӕ тыхтӕ ацы мыггагӕн ӕмӕ ӕппӕт ӕрцӕуинӕгтӕн Дӕ тыхджындзинад» (ПСАЛОМ 70:18).

1, 2. Ацӕргӕ чырыстӕттӕ цы хъуамӕ зоной ӕмӕ цӕмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

НЫГУЫЛӔН АФРИКӔЙЫ иу хистӕр нӕлгоймаг ацӕргӕ сӕрст ӕфсымӕрмӕ бӕрӕггӕнӕг бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Куыд дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Мӕ бон у згъорын, гӕппытӕ кӕнын, кафын». Ӕмӕ йын уыдӕттӕ куыд дзырдта, афтӕ йын сӕ ӕвдисгӕ дӕр кодта. «Ӕрмӕст тӕхын мӕ бон нӕу»,– бафтыдта ма йӕ ныхасмӕ. Хистӕр нӕлгоймаг бамбӕрста, ӕфсымӕр цы зӕгъынмӕ хъавыд, уый. «Мӕ бон цы у, уый ӕнӕзивӕгӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ бон цы нӕу, уый кӕнгӕ дӕр нӕ кӕнын». Сӕрст ӕфсымӕры чи бабӕрӕг кодта, уыцы хистӕр нӕлгоймагыл ныр цӕуы 80 азы, ӕмӕ арӕх ӕрымысы, уыцы ӕфсымӕр куыд хъӕлдзӕг ӕмӕ куыд иузӕрдион уыд.

2 Ацӕргӕ адӕймагмӕ чи ис ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы миниуджытӕ иннӕтыл тынг бандавынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зонд ӕмӕ чырыстон миниуджытӕ ӕрмӕст азтӕй кӕнгӕ не сты (Екклесиаст 4:13). Библи зӕгъы: «Адӕймагӕн йӕ сӕр рӕстдзинады фӕндагыл куы сурс уа, уӕд ын уый у, чи йӕ рӕсугъд кӕны, ахӕм кады худ» (Ӕмбисӕндтӕ 16:31). Ацӕргӕтӕ, зонут ӕй, уӕ ныхӕстӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ иннӕтӕн стыр пайда фӕуой? Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ Библийӕ. Уыдонӕй фендзыстӕм, ацӕргӕтӕ ӕрыгӕттӕн ӕцӕг арфӕдзинад кӕй сты.

Абон дӕр стыр нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм уырнындзинад

3. Цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста Нойы иузӕрдиондзинад, абон зӕххыл чи цӕры, уыдонӕн?

3 Ной Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ уырнындзинад кӕй нӕ фӕцудыдта, уый ӕрхаста стыр арфӕдзинӕдтӕ. Ӕмӕ абоны онг дӕр адӕм уыцы арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты. Ной нау куы арӕзта, цӕрӕгойты куы ӕмбырд кодта ӕмӕ адӕмӕн куы хъусын кодта, уӕд ыл цыд иу-600 азы (Райдиан 7:6; 2 Петры 2:5). Ной Хуыцауӕй кӕй тарст, уымӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр фервӕзтысты Доны хъаймӕты. Ӕмӕ абон зӕххыл чи цӕры, уыдон иууылдӕр сты йӕ байзӕддӕгтӕ. Нойы заманы адӕм бирӕ фылдӕр цардысты. Фӕлӕ йӕ зӕронды бонты дӕр Ной Хуыцауыл уыд иузӕрдион, ӕмӕ уый ӕрхаста стыр арфӕдзинӕдтӕ. Цавӕр?

4. Ной Хуыцауы фӕндагыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ кӕй цыд, уый фӕрцы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ абон арфӕгонд куыд цӕуынц?

4 Нойыл 800 азы куы цыд, уӕд Нимрод сфӕнд кодта Вавилоны мӕсыг самайын. Ӕмӕ афтӕмӕй рацыд Йегъовӕйы фӕдзӕхсты ныхмӕ, «зӕхх байдзаг кӕнут», зӕгъгӕ (Райдиан 9:1; 11:1–9). Фӕлӕ Ной Нимроды фарс нӕ хӕцыд. Ӕмӕ Хуыцау змӕнтджыты ӕвзаг куы схӕццӕ кодта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Нойӕн йе ’взаг нӕ фӕивта. Ной ӕрмӕст зӕронды бонты нӕ, фӕлӕ цард-цӕрӕнбонты дӕр Хуыцауыл кӕй ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ фӕндагыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ кӕй цыд, уымӕй фӕзминаг у Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр – ацӕргӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕрыгӕттӕн дӕр (Дзуттӕгтӕм 11:7).

Куыд ӕндавынц сӕ бинонтыл

5, 6. а) Авраамыл 75 азы куы цыд, уӕд ын Йегъовӕ цы загъта? ӕ) Авраам Йегъовӕйы ныхасмӕ куыд байхъуыста?

5 Ацӕргӕтӕн сӕ бинонты уырнындзинадыл сӕ бон ӕндавын кӕй у, уый фенӕн ис, Нойы фӕстӕ цы мыггаджы хистӕртӕ цард, уыдоны цӕвиттонӕй. Авраамыл цыд 75 азы, Хуыцау ын афтӕ куы загъта: «Сыст дӕ бӕстӕй, дӕ хиуӕттӕй ӕмӕ дӕ фыды хӕдзарӕй, ӕмӕ ацу, ӕз дын цы бӕстӕм зӕгъон, уырдӕм; ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм, ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн» (Райдиан 12:1, 2).

6 Ахъуыды ма кӕн, исчи дын куы зӕгъид, ныууадз дӕ хӕдзар, де ’мбӕлтты, дӕ райгуырӕн бӕстӕ, дӕ сабыр цард де стыр бинонты ’хсӕн, ӕмӕ ӕнӕзонгӕ бӕстӕмӕ фӕцу. Раст афтӕ уыд загъд Авраамӕн. Уый бакодта, «Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ», ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ уыд ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ цӕугӕцардгӕнӕг Ханааны зӕххыл (Райдиан 12:4; Дзуттӕгтӕм 11:8, 9). Кӕд Йегъовӕ Авраамӕн загъта, «стыр адӕм» дӕ рацӕудзӕн, зӕгъгӕ, уӕддӕр Авраам амард, ацы зӕрдӕвӕрд куы сӕххӕст, уымӕй бирӕ раздӕр. Йӕ ус Саррӕ йын ныййардта ӕрмӕстдӕр иу фырт, Исахъы, Авраам 25 азы Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы фӕцард, уый фӕстӕ (Райдиан 21:2, 5). Фӕлӕ Авраам нӕ бафӕллад ӕмӕ, цы горӕтӕй рацыд, уырдӕм фӕстӕмӕ нӕ аздӕхт. Цӕй стыр уырнындзинад ӕмӕ фидардзинад равдыста Авраам!

7. Авраамы фидардзинад йӕ фырт Исахъыл куыд бандӕвта, ӕмӕ уый адӕмӕн цы ’рхаста?

7 Авраамы фидардзинад тынг бандӕвта йӕ фырт Исахъыл. Уый цӕрӕнбонты уыд – 180 азы – ӕрцӕуӕггаг Ханааны зӕххыл. Исахъ фидар уыд, уымӕн ӕмӕ ӕууӕндыд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл. Уыцы уырнындзинад Исахъӕн йӕ зӕрдӕйы сфидар кодтой йӕ ацӕргӕ ныййарджытӕ. Йӕ уырнындзинад фӕстӕдӕр ноджы тынгдӕр фӕфидар, Йегъовӕ йемӕ кӕй ныхас кодта, уый фӕрцы (Райдиан 26:2–5). Исахъӕн йӕ уырнындзинад кӕй нӕ фӕцудыдта, уый уыд сӕйраг хъуыддаг, цӕмӕй сӕххӕст уыдаид Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд, зӕгъгӕ, ӕппӕт адӕм дӕр арфӕгонд кӕй уылты ӕрцӕудзысты, уыцы «байзӕддаг» рацӕудзӕн Авраамы хӕдзарвӕндагӕй. Сӕдӕ азты фӕстӕ, Йесо Чырысти – «байзӕддаг» сӕйраджыдӕр чи у, уый – чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр дӕтты фадат, цӕмӕй Хуыцауимӕ бафидауой ӕмӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрой (Галатӕгтӕм 3:16; Иоанны 3:16).

8. Иаков куыд равдыста, йӕ уырнындзинад фидар кӕй уыд, уый, ӕмӕ йын уый фӕрцы цы бантыст?

8 Исахъы фӕрцы йӕ фырт Иаковӕн дӕр уыд фидар уырнындзинад ӕмӕ уый Иаковӕн тых лӕвӕрдта йӕ зӕронды бонты дӕр. Иаков ӕнӕхъӕн ӕхсӕв зӕдимӕ хъӕбысӕй хӕцыд, цӕмӕй йын зӕд раарфӕ кодтаид. Уӕд ыл цыд 97 азы (Райдиан 32:24–28). Иаков амард, 147 азы йыл куы цыд, уӕд, фӕлӕ йӕ мӕлӕты размӕ йӕ хъарутӕ ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ йӕ 12 фыртӕй алкӕмӕндӕр раарфӕ кодта (Райдиан 47:28). Уыцы пехуымпар-ныхӕстӕ (фыст сты Райдианы 49:1–28) нӕ фӕмӕнг сты ӕмӕ ма ныр дӕр ӕххӕст кӕнынц.

9. Цы зӕгъӕн ис, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыцы ацӕргӕтӕ сӕ бинонтыл куыд ӕндавынц, уый тыххӕй?

9 Ацы хабӕрттӕй зыны, Хуыцауы ацӕргӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ сӕ бинонтыл хорзырдӕм ӕндавой. Ӕрыгон чызг кӕнӕ лӕппуйӕн йӕ уырнындзинад фидар уыдзӕн ӕви нӕ, ууыл сӕйраджыдӕр, гӕнӕн ис, бандавой Библийы разамынд, стӕй хистӕрты фӕлтӕрддзинад ӕмӕ фидардзинады цӕвиттон (Ӕмбисӕндтӕ 22:6). Ацӕргӕтӕ хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕной, ӕмӕ сӕ бинонтыл сӕ бон бандавын нӕ бауыдзӕн.

Куыд ӕндавынц се ’мчырыстӕттыл

10. Иосиф йе стджыты тыххӕй цы ныффӕдзӕхста ӕмӕ уый израилӕгтыл куыд бандӕвта?

10 Ацӕргӕтӕн ма сӕ бон у хорзырдӕм ӕндавын се ’мчырыстӕттыл дӕр. Иаковы фырт Иосиф куы базӕронд, уӕд йӕ уырнындзинад цы хуымӕтӕг хъуыддагӕй равдыста, уымӕй тынг бафидар кодта, йӕ фӕстӕ цӕрӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй милуанты. Иосифыл 110 азы куы цыд, уӕд израилӕгтӕн «ныффӕдзӕхста, цӕмӕй йын йе стджытӕ дӕр уырдыгӕй рахастаиккой», ома Египетӕй куы цыдаиккой, уӕд ын йе стджытӕ уым ма ныууагътаиккой (Дзуттӕгтӕм 11:22; Райдиан 50:25). Уыцы ныхӕстӕ дӕр израилӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕм ныфсы рухс уагътой, Иосифы мӕлӕты фӕстӕ бирӕ азты дӕргъы цагъарады уӕззау ӕфсондзы бын куы уыдысты, уӕд. Уыдон сын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй ма дызӕрдыг кодтаиккой, кӕй ссӕрибар уыдзысты, ууыл.

11. Йесо Навиныл ацӕргӕ Моисей куыд бандӕвта?

11 Иосифы уырнындзинад кӕй бафидар кодта, уыдонӕй иу уыд Моисей. Моисейыл 80 азы куы цыд, уӕд ӕм ӕрхауд уыцы кад, ӕмӕ Иосифы стджытӕ Египетӕй рахаста (Рацыд 13:19). Уыцы рӕстӕгмӕ ’ввахс Моисей базонгӕ Навины фырт Йесоимӕ, уый дзы уыд бирӕ кӕстӕр. Ӕмӕ Йесо Навин 40 азы дӕргъы уыд Моисейы лӕггадгӕнӕг (Нымӕцтӕ 11:28). Уый Моисеимӕ ӕрдӕг фӕндаджы онг ссыд Синайы хохмӕ ӕмӕ йӕм уым ӕнхъӕлмӕ каст, цалынмӕ Моисей фӕстӕмӕ къӕйдуртыл фыст Дӕс фӕдзӕхстимӕ не ’рцыд, уӕдмӕ (Рацыд 24:12–18; 32:15–17). Цас хорз уынаффӕтӕ фехъуыстаид ӕмӕ цас зонд райстаид Йесо Навин ацӕргӕ Моисейӕ!

12. Йесо Навин цалынмӕ удӕгас уыд, уӕдмӕ израилӕгтыл хорзырдӕм куыд ӕндӕвта?

12 Йесо Навин та израилӕгты фидар кодта, цалынмӕ удӕгас уыд, уӕдмӕ. Тӕрхонгӕнджыты 2:7 кӕсӕм: «Адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой Йесойы ӕппӕт бонты ӕмӕ йӕ фӕстӕ, Йегъовӕ Израилӕн цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон чи федта, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты бонты дӕр». Фӕлӕ Йесо Навин ӕмӕ иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы амардысты, уӕд израилӕгтӕ, суанг пехуымпар Самуилы бонтӕм, 300 азы дӕргъы куывтой куы Йегъовӕйӕн, куы та мӕнг хуыцӕуттӕн.

Самуил «архайдта рӕстдзинад ӕрфидар кӕныныл»

13. Самуил рӕстдзинад ӕрфидар кӕныныл куыд архайдта?

13 Библийы фыст нӕй, Самуил куы амард, уӕд ыл цал азы цыд, уый. Фӕлӕ 1 Паддзахӕдты чиныджы фыст сты, 102 азы дӕргъы чи ӕрцыд, уыцы хабӕрттӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр Самуил федта йӕхи цӕстӕй. Дзуттӕгтӕм 11:32, 33 кӕсӕм, иузӕрдион тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй «архайдтой рӕстдзинад ӕрфидар кӕныныл». Ӕцӕгдӕр, Самуил йе ’мдуггӕгтыл афтӕ бандӕвта, ӕмӕ дзы чидӕртӕ сӕхи мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕй бахызтой, ӕмӕ сын чи куывта, уыдонӕй та иуӕй-иутӕ фӕстӕмӕ раст динмӕ раздӕхтысты (1 Паддзахӕдты 7:2–4). Куыд бантыст уый Самуилӕн? Уый Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд цард-цӕрӕнбонты (1 Паддзахӕдты 12:2–5). Уымӕн йӕ бон уыд суанг паддзахӕн дӕр карзӕй бауайдзӕф кӕнын (1 Паддзахӕдты 15:16–29). Стӕй ма Самуил «зӕрондӕй ӕмӕ урс сӕрӕй» дӕр фӕзминаг уыд, иннӕты тыххӕй кӕй куывта, уымӕй. Уый «хъуыды дӕр нӕ акодта, цӕмӕй Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ракодтаид, ӕмӕ мауал куывтаид» израилӕгты тыххӕй (1 Паддзахӕдты 12:2, 23).

14, 15. Кувыны хъуыддаджы ацӕргӕтӕн сӕ бон Самуилы фӕзмын куыд у?

14 Цӕуыл ӕрдзырдтам, уымӕй бӕрӕг у, куыд тынг ӕндавынц ацӕргӕтӕ се ’мчырыстӕттыл. Кӕд се ’нӕниздзинад кӕнӕ ӕндӕр истӕй аххосӕй сӕ бон бирӕ нӕу, уӕддӕр сӕ бон у кувын иннӕты тыххӕй. Ацӕргӕтӕ, уӕ куывдтытӕ ӕмбырдӕн куыд тынг ӕххуыс сты, уый зонут? Чырыстийы тугныккалдыл кӕй ӕууӕндут, уый фӕрцы сыгъдӕг цӕсгомимӕ лӕуут Йегъовӕйы раз, ӕмӕ цы фидардзинад ӕвдисут, уый фӕрцы уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд (Иаковы 1:3; 1 Петры 1:7). Макуы уӕ уӕд рох: «Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ фехъуысы» (Иаковы 5:16).

15 Мах тынг хъӕуынц уӕ куывдтытӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа. Не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ сты ахӕстӕтты, политикӕйы хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц, уый тыххӕй. Иннӕтӕн та стыр зиан ӕрхастой ӕрдзон бӕллӕхтӕ, хӕстытӕ ӕмӕ змӕстытӕ. Уымӕй уӕлдай ма нӕхи ӕмбырдты дӕр ис, фӕлварӕнты чи бахауы кӕнӕ йӕ ныхмӕ кӕмӕн цӕуынц, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ (Матфейы 10:35, 36). Хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдоны, ӕмӕ ӕмбырды цӕстдарджыты дӕр тынг хъӕуы, цӕмӕй сӕ уӕ куывдтыты ма рох кӕнат (Ефесӕгтӕм 6:18, 19; Колоссӕгтӕм 4:2, 3). Куыд хорз у, Епафрасау сымах дӕр уе ’мчырыстӕтты тыххӕй кӕй кувут! (Колоссӕгтӕм 4:12).

Ахуыр кӕнынц иннӕ фӕлтӕрты

16, 17. Псаломы 70:18 рагацау цы загъд уыд ӕмӕ уый куыд ӕххӕст кӕны?

16 «Ӕндӕр фыстӕ», зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон, уӕларвон ныфс кӕмӕн ис, уыцы «гыццыл дзуджы» иузӕрдион минӕвӕрттимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнынц, уый фӕрцы ахуыр кӕнынц ахсджиаг хъуыддӕгтыл (Лукайы 12:32; Иоанны 10:16). Уый рагацау загъд уыд Псаломы 70:18 стихы: «Зӕронды онг ӕмӕ урс хилы онг ма ныууадз мӕн, Хуыцау, цалынмӕ нӕ фехъусын кӕнон Дӕ тыхтӕ ацы мыггагӕн ӕмӕ ӕппӕт ӕрцӕуинӕгтӕн Дӕ тыхджындзинад». Хуыцауы сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ цалынмӕ уӕларвмӕ нӕ ацыдысты ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ не скадджын сты, уӕдмӕ ӕндӕр фысты зӕрдиагӕй ахуыр кӕнынц, цӕмӕй сын сӕ бӕрны фылдӕр хӕстӕ бакӕной.

17 Псаломы 70:18 «ӕппӕт ӕрцӕуинӕгты» ахуыр кӕныны тыххӕй цы дзырдӕуы, уый ма ахӕссӕн ис, сӕрст чырыстӕттӕй разамынд чи райста, уыцы ӕндӕр фыстӕм дӕр. Йегъовӕ ацӕргӕтыл баууӕндыд кадджын хъуыддаг: абон ӕцӕгдзинады фӕндагыл чи слӕууы, уыдонӕн йӕ ном ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзурын (Иоил 1:2, 3). Ӕндӕр фыстӕ амондджын сты, сӕрстытӕ сӕ кӕй ахуыр кӕнынц, ӕмӕ Библийӕ цы базыдтой, уый, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн кӕй дзурынц, уый тыххӕй (Раргомад 7:9, 10).

18, 19. а) Йегъовӕйы ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕн сӕ бон цавӕр диссаджы хабӕрттӕ у ракӕнын? ӕ) Ацӕргӕ чырыстӕттӕ цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕной?

18 Йегъовӕйы ацӕргӕ лӕггадгӕнджытӕ – сӕрстытӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр – уыдысты ахсджиаг хабӕртты ӕвдисӕнтӕ. «Сфӕлдыстады фото-драмӕ» куы ӕвдыстой, уыцы рӕстӕджы чи цард, уыдонӕй чидӕртӕ ныр дӕр ма цӕрынц. Чидӕртӕ та зонгӕ уыдысты, 1918 азы организицийы сӕхимӕ разамынд цы ӕфсымӕртӕ истой ӕмӕ ахӕстоны кӕй сбадын кодтой, уыдонимӕ. Иннӕтӕ та архайдтой, Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы радиостанци (WBBR) цы радиоралӕвӕрдтӕ цӕттӕ кодта, уыдоны. Бирӕтӕн сӕ бон у радзурын, уӕлдӕр тӕрхондӕтты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддӕгтӕ куыд ӕвзӕрстой, цӕмӕй сӕ бон сӕрибарӕй уыдаид, сӕ дин сын куыд амыдта, афтӕ архайын. Иннӕтӕ та раст диныл фидар хӕцыдысты, адӕймаджы цард ӕмӕ бартӕ нымады дӕр кӕмӕ нӕ уыдысты, уыцы ӕгъатыр хицӕутты рӕстӕджыты. Ацӕргӕтӕн сӕ бон у радзурын, Хуыцау ӕцӕгдзинад сындӕггай хуыздӕрӕй-хуыздӕр куыд ӕмбарын кодта, уый тыххӕй. Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй хистӕрты фӕлтӕрддзинадӕй нӕхицӕн зонд исӕм (Дыккаг закъон 32:7).

19 Библи ацӕргӕ чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕрыгӕттӕн фӕзминаг уой (Титмӕ 2:2–4). Чи зоны, ӕмӕ ды нӕ уыныс, дӕ фидардзинад, дӕ куывдтытӕ ӕмӕ дӕ уынаффӕтӕ иннӕтыл кӕй ӕндавынц, уый. Ӕвӕццӕгӕн, Ной, Авраам, Иосиф, Моисей ӕмӕ иннӕтӕ зонгӕ дӕр нӕ кодтой, сӕ уырнындзинад иннӕ фӕлтӕртыл куыд тынг бандавдзӕн, уый. Фӕлӕ уыдон сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ иузӕрдиондзинады фӕрцы бынӕн цы ныууагътой, уымӕн уыд стыр нысаниуӕг. Уый зӕгъӕн ис сымах уырнындзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадӕй дӕр.

20. Йӕ ныфс кӕронмӕ фидарӕй чи бахъахъхъӕна, уымӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

20 «Стыр бӕллӕхы» сӕрты ахиздзынӕ ӕви ӕгас рауыдзынӕ, уӕддӕр куыд ӕхсызгон уыдзӕн фенын «ӕцӕг цард»! (Матфейы 24:21; 1 Тимофеймӕ 6:19). Ахъуыды ма кӕн, куыд хорз уыдзӕн, Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы Йегъовӕ ацӕргӕты се ’рыгон бонтӕм куы раздаха, уӕд. Ӕмӕ кӕд абон нӕ буар зӕронд кӕны, ӕмӕ йын нӕ бон бакӕнын ницы у, уӕд ног дунейы та бонӕй-бонмӕ нӕхи хатдзыстӕм хуыздӕр – уыдзӕн нӕм фылдӕр хъарутӕ, хуыздӕр уындзыстӕм, хуыздӕр хъусдзыстӕм, стӕй нӕ бакаст дӕр уыдзӕн хуыздӕр! (Иов 33:25; Исай 35:5, 6). Хуыцауы ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыдон ӕнустӕм уыдзысты ӕрыгон (Исай 65:22). Цӕй ӕмӕ нӕ ныфс кӕронмӕ фидарӕй бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнӕм. Нӕ бон у ӕууӕндын, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, мах ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ (Псалом 36:4; 144:16).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Ной Хуыцауы фӕндагыл ӕнӕфӕцудгӕйӕ кӕй цыд, уый ӕппӕт адӕмӕн дӕр цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?

• Мыггаджы хистӕртӕн сӕ уырнындзинад сӕ байзӕддӕгтыл куыд бандӕвта?

• Иосиф, Моисей, Йесо Навин ӕмӕ Самуил зӕрондӕй дӕр се ’муырнджыты куыд фидар кодтой?

• Ацӕргӕтӕн сӕ бон цавӕр бын у ныууадзын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 28 фарсыл]

Моисейы хорз уынаффӕтӕ бафидар кодтой Йесо Навины

[Ныв 29 фарсыл]

Иннӕты тыххӕй куы кувай, уӕд сын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн

[Ныв 30 фарсыл]

Ӕрыгӕттӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнынц иузӕрдион ацӕргӕтӕй

[Ныв 31 фарсыл]

Авраамы фидардзинад тынг бандӕвта Исахъыл