Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕхи хиз, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ма схъал уа

Дӕхи хиз, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ма схъал уа

Дӕхи хиз, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ма схъал уа

«Хуыцау хъалты ныхмӕ у» (ИАКОВЫ 4:6).

1. Сӕрыстыр уӕвӕн цӕмӕй ӕмбӕлы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

ИСКУЫ истӕмӕй сӕрыстыр уыдтӕ? Уыцы ӕхсызгон ӕнкъарӕн нӕ бирӕтӕ бавзӕрстой. Иуӕй-иу хатт цӕмӕйдӕр сӕрыстыр уӕм, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Зӕгъӕм, ныййарджытӕ сӕ сывӕллоны боныгмӕ куы ӕркӕсынц, ӕмӕ куы фенынц, йӕхи хорз кӕй дары ӕмӕ йын хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ кӕй ис, уӕд сӕ цӕсгӕмттӕ фырцинӕй ныррухс вӕййынц. Апостол Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ сӕрыстыр уыдысты, цы ног ӕмбырд саразынӕн баххуыс кодтой, уымӕй, уымӕн ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад уыд фидар, кӕд сӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр (1 Фессалоникӕгтӕм 1:1, 6; 2:19, 20; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:1, 4).

2. Сӕрыстырдзинад арӕх хорз цӕуылнӕ вӕййы?

2 Цы цӕвиттонтӕ ӕрхастам, уыдонӕй зыны, сӕрыстырдзинад зӕрдӕйы кӕй сӕвзӕрын кӕны цины ӕнкъарӕн. Уый фӕзыны, адӕймаг исты куы саразы кӕнӕ исты йӕ къухы куы бафты, уӕд. Фӕлӕ арӕх адӕймаг сӕрыстыр вӕййы фырхиуарзонӕй; йӕ курдиӕттӕ, йӕ бакаст, йӕ мулк ӕмӕ йӕ куыстӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты фӕхӕссы; арӕх вӕййы зынӕрвӕссон. Ахӕм сӕрыстырдзинадӕй мах, чырыстӕтты, бӕгуыдӕр, хъӕуы нӕхи хизын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ хиуарзондзинад рахастам нӕ рагфыдӕл Адамӕй (Уӕвынад 8:21). Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдӕ ӕнцонтӕй фӕсайы – цӕмӕй нӕ хъӕуы, уымӕй дӕр ныббуц вӕййӕм. Зӕгъӕм, чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕрыстыр ма уой сӕ адӕмыхатт, сӕ исбон, сӕ ахуыр, сӕ арӕхстдзинӕдтӕ кӕнӕ сӕ куыстӕй. Уый раст нӕу ӕмӕ Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы (Иереми 9:23; Куыстытӕ 10:34, 35; 1 Коринфӕгтӕм 4:7; Галатӕгтӕм 5:26; 6:3, 4).

3. Цы у хъалдзинад ӕмӕ уый тыххӕй Йесо цы загъта?

3 Ис ма ӕндӕр аххосаг дӕр, цӕмӕй нӕхи хизӕм раст чи нӕу, ахӕм сӕрыстырдзинадӕй. Уымӕн нӕ зӕрдӕйы бынат куы раттӕм, уӕд ахиздзӕн сӕрыстырдзинады иууыл ӕвзӕрдӕр хуызмӕ – хъалдзинадмӕ. Цы у хъалдзинад? Хъал адӕймаг ӕрмӕст йӕхи иннӕтӕй хуыздӕр нӕ хоны, фӕлӕ ма уӕлейӕ дӕлӕмӕ дӕр кӕсы, йӕхицӕй цауддӕрыл кӕй нымайы, уыдонмӕ (Лукайы 18:9; Иоанны 7:47–49). «Зӕрдӕйӕ» цы тӕригъӕдджын миниуджытӕ цӕуы ӕмӕ адӕймаджы чи «чъизи кӕны», уыдоны кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта «хъалдзинады» тыххӕй дӕр (Маркы 7:20–23). Чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕмбарой, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕ ма схъал уой.

4. Библийы хъал адӕмы тыххӕй цы фыст ис, уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

4 Хъалдзинадӕй дын дӕхи хъахъхъӕнынӕн баххуыс кӕндзӕн, уыцы миниуӕг цы адӕммӕ уыдис, уыдоны тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый. Афтӕмӕй дын ӕнцондӕр уыдзӕн бафиппайын, раст чи нӕу, ахӕм сӕрыстырдзинад дӕм ис, кӕнӕ дӕм а фӕстаг рӕстӕг фӕзынд, ӕви нӕ. Уый фӕрцы дӕ зӕрдӕ кӕмӕй схъал уа, уыцы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ дӕхицӕй сурдзынӕ. Афтӕмӕй фыдбылызӕй хызт уыдзынӕ, Хуыцау йӕ ныхас куы ӕххӕст кӕна, уӕд: «Ӕз де ’хсӕнӕй фесафдзынӕн фырхъалӕй цингӕнӕг адӕмы; ӕмӕ ды хъал митӕ никуыуал кӕндзынӕ мӕ сыгъдӕг хохыл» (Софони 3:11).

Хуыцау хъал адӕмы ӕнӕ ӕфхӕрдӕй нӕ уадзы

5, 6. Фараон йӕ хъалдзинад куыд равдыста ӕмӕ йӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

5 Иегъовӕ хъалдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый ма дӕ бон у фенын, фараоны хуызӕн хъомысджын хицӕутты куыд бафхӕрдта, уымӕй. Бӕрӕг у, фараон хъалзӕрдӕ кӕй уыд. Йӕхи хуыцау хуыдта ӕмӕ йӕхицӕн табу кӕнын домдта. Ӕмӕ йӕ цагъарты, израилӕгты та адӕмыл дӕр нӕ нымадта. Ӕркӕс ма, куы йын загътой, цӕмӕй израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг ранмӕ ацӕуой Иегъовӕйӕн «бӕрӕгбон скӕнынмӕ», уӕд цы загъта, уымӕ. «Чи у Иегъовӕ та, ӕмӕ йӕм ӕз байхъусон ӕмӕ Израилы ауадзон?»– сӕрбӕрзондӕй дзуапп радта фараон (Рацыд 5:1, 2).

6 Фараон ӕхсӕз ӕфхӕрды куы баййӕфта, уӕд ӕм Иегъовӕ Моисейӕн арвыста ахӕм ныхас: «Ныр дӕр ма мын мӕ адӕммӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсыс ӕмӕ сӕ нӕ уадзыс?» (Рацыд 9:17). Стӕй йын Моисей фехъусын кодта ӕвдӕм ӕфхӕрды тыххӕй – ӕруардзӕн, бӕстӕ чи фесафдзӕн, ахӕм их. Дӕсӕм ӕфхӕрды фӕстӕ фараон израилӕгты ауагъта, фӕлӕ куыддӕр ацыдысты, афтӕ фӕфӕсмон кодта ӕмӕ сӕ фӕстейӕ асырдта. Фӕстагмӕ, фараон ӕмӕ йе ’фсад къӕппӕджы бахаудысты – Сырх денджызы налдӕр сӕ бон размӕ уыд цӕуын, налдӕр фӕстӕмӕ. Ахъуыды ма кӕн, куыд фӕуыдаиккой, дӕттӕ сӕ сӕ быны куы фӕкодтой, уӕд! Фараоны йӕ хъалдзинад цӕмӕ ӕркодта? Йӕ хуыздӕр ӕфсӕддонтӕ загътой: «Алидзӕм Израилӕй, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ сӕ сӕрыл тох кӕны египетӕгты ныхмӕ» (Рацыд 14:25).

7. Вавилоны хицӕуттӕ хъал кӕй уыдысты, уый цӕмӕй бӕрӕг уыди?

7 Иегъовӕ ма фӕхудинаг кодта ӕндӕр хъал хицӕутты дӕр. Иу дзы уыд Ассирийы паддзах Сеннахирим (Исай 36:1–4, 20; 37:36–38). Ӕппынфӕстаг, Ассири басастой вавилойнӕгтӕ, фӕлӕ Вавилоны дыууӕ хъал паддзахы дӕр фегад сты. Ӕрхъуыды ма кӕн, паддзах Валтасар цы куывд скодта, уый. Уым йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ кадджын уазджытӕ дӕр сӕн нуӕзтой, Иегъовӕйы кувӕндонӕй цы мигӕнӕнтӕ рахастой, уыдонӕй, ӕмӕ сӕ куывтой Вавилоны хуыцӕуттӕн. Ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындысты адӕймаджы къухы ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ къулыл цыдӕр ныффыстой. Пехуымпар Данелӕн куы загътой, цӕмӕй сын уыцы ӕнахуыр фыстытӕ бамбарын кӕна, уӕд Валтасары зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Уӕларвон Хуыцау радта дӕ фыд Навуходоносарӕн паддзахдзинад... Фӕлӕ куы фӕзӕрдӕхъал и... уӕд ӕй раппӕрстой йӕ паддзахады тронӕй ӕмӕ йын йе стырад байстой. Ды та, йӕ фырт Валтасар, адӕттӕ иууылдӕр зонгӕйӕ, уӕддӕр дӕ зӕрдӕ не ’рсабыр кодтай!» (Данелы 5:3, 18, 20, 22). Раст дӕр уыцы ӕхсӕв мидо-персаг ӕфсад басаста Вавилон, Валтасары та маргӕ акодтой (Данелы 5:30, 31).

8. Иегъовӕ хъал адӕмӕй иуӕй-иуты куыд бафхӕрдта?

8 Ноджыдӕр ма ахъуыды кӕн, Иегъовӕйы адӕмы чи ницӕуыл нымадта, цалдӕр ахӕм хъал адӕймагыл, зӕгъӕм: филистимаг уӕйыг Голиаф, Персы паддзахады дыккаг лӕг Аман, Иудӕйы паддзах Ирод Агриппӕйыл. Хъал кӕй уыдысты, уый тыххӕй се ’ртӕ дӕр Хуыцауы къухӕй ӕгады мард акодтой (1 Паддзахӕдты 17:42–51; Есфир 3:5, 6; 7:10; Куыстытӕ 12:1–3, 21–23). Иегъовӕ уыцы хъал адӕмы куыд бафхӕрдта, уымӕй зыны, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Сӕрбӕрзонддзинад кӕны сӕфтмӕ, ӕмӕ стырзӕрдӕдзинад – ӕгадмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 16:18). Ӕцӕгдӕр, ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнӕн нӕй, «Хуыцау хъалты ныхмӕ [кӕй] у», ууыл (Иаковы 4:6).

9. Тиры паддзӕхтӕ Иегъовӕйы адӕмыл гадзрахатӕй куыд рацыдысты?

9 Египеты, Ассирийы ӕмӕ Вавилоны хицӕуттӕй уӕлдай Тиры паддзах иу рӕстӕг ӕххуыс кодта Хуыцауы адӕмӕн. Давид ӕмӕ Соломоны рӕстӕджы сӕм ӕрвыста ӕрмдӕсныты ӕмӕ ӕрмӕг, паддзахы хӕдзар ӕмӕ Хуыцауы кувӕндон аразынӕн (2 Паддзахӕдты 5:11; 2 Паралипоменон 2:11–16). Хъыгагӕн, фӕстӕдӕр Тиры паддзӕхтӕ Иегъовӕйы адӕмы ныхмӕ рацыдысты. Афтӕ цӕмӕн рауад? (Псалом 82:4–8; Иоил 3:4–6; Амос 1:9, 10).

«Дӕ зӕрдӕ схъал и»

10, 11. а) Кӕй ис абарӕн Тиры паддзӕхтимӕ? ӕ) Тиры паддзӕхтӕ Израилмӕ ӕндӕр цӕстӕй цӕмӕн райдыдтой кӕсын?

10 Пехуымпар Езеки Иегъовӕйы фӕндонӕй Тиры паддзӕхты ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ хурмӕ ракалдта ӕмӕ сын тӕрхон рахаста. Ацы ныхӕстӕ хауынц «Тиры паддзахмӕ». Фӕлӕ сӕ ахӕссӕн ис куыд Тиры паддзӕхтӕм, афтӕ, ӕцӕгады чи «нӕ бафӕрӕзта», уыцы фыццаг уӕйгӕнӕг Сайтанмӕ дӕр (Иезекил 28:12; Иоанны 8:44). Сайтан кӕддӕр уыд иузӕрдион зӕд, уыдис Иегъовӕйы уӕларвон фыртты организацийы. Иегъовӕ Хуыцау Езекийы уылты бамбарын кодта, Тиры паддзӕхтӕ ӕмӕ Сайтан сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй аздӕхтысты раст фӕндагӕй:

11 «Ды уыдтӕ Едемы, Хуыцауы цӕхӕрадоны. Дӕ фӕлыст уыд алы зынаргъ дурӕй [...] Ды уыдтӕ сӕрст, хъахъхъӕнӕг херувим... Ды уыдтӕ ӕнӕаипп дӕ фӕндӕгтыл де сфӕлдисӕн бонӕй фӕстӕмӕ, цалынмӕ ӕнӕрастдзинад не ссардӕуыд дӕ мидӕг. Тынг бирӕ базайрӕгтӕ дӕм кӕй уӕй кодтой, уый тыххӕй дӕ фыддзинадӕй байдзаг кодтой ӕмӕ тӕригъӕд аразын райдыдтай. Ӕмӕ ӕз... фесафдзынӕн дӕу, о, хъахъхъӕнӕг херувим... Дӕ рӕсугъддзинадӕй дӕ зӕрдӕ схъал и. Фыррӕсугъдӕй цӕхӕртӕ кӕй калдтай, уый тыххӕй де стыр зонд фесӕфтай» (Иезекил 28:13–17). О, Тиры паддзӕхтӕ кӕй схъал сты, уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы адӕмы ныхмӕ систы. Тир сси сӕйраг сӕудӕджергӕнӕн сахар ӕмӕ тынг схъӕздыг, йӕ ӕмбисонды хорз уӕйгӕнинаг дзауматы тыххӕй йӕ кой дӕрдтыл айхъуыст (Исай 23:8, 9). Тиры паддзӕхтӕ райдыдтой сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын ӕмӕ Хуыцауы адӕмы хъыгдарын.

12. Сайтан гадзрахаты фӕндагыл цӕмӕн слӕууыд ӕмӕ дарддӕр дӕр цӕуыл архайдта?

12 Афтӕ, Сайтан чи сси, уыцы зӕдмӕ кӕддӕр уыд уыйбӕрц зонд, цӕмӕй Хуыцауы хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кодтаид. Бузныджы бӕсты йӕхицӕй «схъал и» ӕмӕ Хуыцауы хицаудзинад ницӕмӕуал дардта (1 Тимофеймӕ 3:6). Йӕхимӕ афтӕ ныззынд, ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ уымӕн табу кодтаиккой. Уыцы ӕвзӕр фӕнд уидӕгтӕ ауагъта ӕмӕ йӕ тӕригъӕдмӕ ӕркодта (Иаковы 1:14, 15). Сайтан Евӕйы сцыбӕл кодта, ӕмӕ Хуыцау цы иунӕг бӕласмӕ нӕ уагъта ӕвналын, уый дыргъӕй бахордта. Стӕй дзы Евӕйы къухӕй Адамӕн дӕр бахӕрын кодта (Уӕвынад 3:1–6). Афтӕмӕй фыццаг дыууӕ адӕймаджы, Хуыцау сын разамынд дӕтта, ууыл сӕхи атигъ кодтой, ӕмӕ Сайтаны лӕггадгӕнджытӕ систы. Сайтаны хъалдзинадӕн кӕрон нӕй. Уый архайдта сцыбӕл кӕныныл ӕппӕт зӕдты ӕмӕ ӕппӕт адӕмы, суанг ма Йесо Чырыстийы дӕр, цӕмӕй Иегъовӕйы ӕххӕстбарджын хицауыл ма нымайой, фӕлӕ йын йӕхицӕн лӕггад кӕной (Матфейы 4:8–10; Раргомад 12:3, 4, 9).

13. Цӕмӕ ’ркодта хъалдзинад?

13 Уӕдӕ йӕ уыныс, хъалдзинад Сайтанӕй кӕй рацыд. Ӕмӕ абоны дунейы дӕр уый тыххӕй ис тӕригъӕд, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ фыддзинад. Сайтан, «ацы дуджы хуыцау», адӕмы уыцы зондыл ӕфтауы, цӕмӕй сӕ зӕрдӕйы ӕвзӕра, раст чи нӕу, ахӕм сӕрыстырдзинад ӕмӕ хъалдзинад (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад, уый тыххӕй тох кӕны ӕцӕг чырыстӕтты ныхмӕ. Йӕ нысан у, цӕмӕй сӕ Хуыцауӕй иуварс аздаха, суой хиуарзон, ӕнӕрвӕссон ӕмӕ хъал. Библийы рагацау ӕрцыд фыст, адӕммӕ ахӕм миниуджытӕ кӕй уыдзӕн ацы «фӕстаг бонты» (2 Тимофеймӕ 3:1, 2; Раргомад 12:12, 17).

14. Иегъовӕ йе сконд зӕдтӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ куыд у, уымӕн цавӕр уагӕвӕрд ис?

14 Йесо Чырысти та уӕндонӕй ӕргом кодта, Сайтаны хъалдзинад цӕмӕ ’ркӕны, уый. Ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты, ӕмӕ уымӕй дӕр йӕ цӕстмӕхъус знӕгты раз Йесо бамбарын кодта, Иегъовӕ адӕмимӕ куыд у, уый: «Алкӕцы йӕхӕдӕг йӕхи бӕрзонд кӕнӕг ныллӕггонд уыдзӕн, йӕхи ныллӕг кӕнӕг та бӕрзондгонд уыдзӕн» (Лукайы 14:11; 18:14; Матфейы 23:12).

Дӕ зӕрдӕ хъалдзинадӕй хъахъхъӕн

15, 16. Агар цӕмӕн схъал и?

15 Ӕвӕццӕгӕн бафиппайдтай, уӕлдӕр дзырд кӕуыл цыд, уыдон иууылдӕр зындгонд адӕм кӕй уыдысты. Уӕдӕ хуымӕтӕг адӕймаг схъал уа, уымӕй йын тӕссаг нӕу? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, у. Ӕркӕс-ма, Авраамы бинонты ’хсӕн цы рауад. Авраамӕн бындар нӕ уыд, йӕ ус Саррӕ та сывӕллон арыны кары нал уыд. Нӕлгоймаг-иу Авраамы хуызӕн уавӕры куы уыд, уӕд ын ӕмбӕлд дыккаг ус ӕркӕнын ӕмӕ зӕнӕг рауадзын. Хуыцау дыккаг ус скӕнын уагъта, уымӕн ӕмӕ нырмӕ рӕстӕг не ’рцыд, цӕмӕй райдианы йӕ кувӕг адӕмӕн ӕмкъайады тыххӕй цы уагӕвӕрд скодта, уый сног кодтаид (Матфейы 19:3–9).

16 Саррӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Авраам сразы, цӕмӕй йын йӕ лӕггадгӕнӕг, египетаг Агарӕй йӕхицӕн дыккаг ус скодтаид ӕмӕ йын бындар ныййардтаид. Авраамы номылус Агар басывӕрджын. Уый хъуамӕ бузныг уыдаид, цы кад ӕм ӕрхаудта, уымӕй. Фӕлӕ уый бӕсты схъал и. Библийы фыст ис: «Куы базыдта, сывӕрджын у, уӕд йе ’хсинмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта». Уый фыдӕй Авраамы хӕдзары ахӕм быцӕутӕ рауад, ӕмӕ Саррӕ Агары атардта. Фӕлӕ хъуыддаг сраст кӕнынӕн уыд иунӕг мадзал. Хуыцауы зӕд Агарӕн загъта: «Аздӕх де ’хсинмӕ ӕмӕ дӕхи ӕрныллӕг кӕн йӕ разы» (Уӕвынад 16:4, 9). Ӕвӕццӕгӕн, Агар байхъуыста уыцы уынаффӕмӕ, йӕ ахаст Саррӕмӕ аивта ӕмӕ йӕ байзӕддагӕй ӕнӕхъӕн адӕмыхатт рацыд.

17, 18. Нӕхи нӕ хъалдзинадӕй хизын цӕмӕн хъӕуы?

17 Агары хабарӕй бӕрӕг у, адӕймагӕн йӕ уавӕр хуыздӕрырдӕм куы аива, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ схъал уа. Цы дзы ис зондӕн райсӕн? Хуыцауӕн суанг сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цы чырыстон лӕггад кӕны, уымӕ дӕр хъӕздыгдзинад кӕнӕ исты бартӕ куы фӕзына, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ схъал уа. Афтӕ та, чи зоны, уымӕн вӕййы, иннӕтӕ дзы йе ’нтыстытӕ, йӕ зонд кӕнӕ йӕ курдиӕтты тыххӕй кӕй феппӕлынц. О, чырыстон хъуамӕ къӕрцхъус уа, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ ма схъал уа. Ацы хъуыддаг уӕлдайдӕр зӕрдыл дарын хъӕуы, исты йын куы бантысы кӕнӕ йын фылдӕр хӕстӕ йӕ бӕрны куы бакӕнынц, уӕд.

18 Хъалдзинады ныхмӕ тох кӕнынӕн нын сӕйраджыдӕр тых дӕтты, кӕй зонӕм, Хуыцау ацы миниуӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Йӕ Ныхасы дзырдӕуы: «Ӕнӕрвӕссон цӕстытӕ ӕмӕ хъал зӕрдӕ – фыдгӕнджыты рухсгӕнӕн – сты тӕригъӕд» (Ӕмбисӕндтӕ 21:4). Цымыдисаг у, Библи, «ацы царды бонджын чи у», уыцы чырыстӕтты кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй «сӕхиуыл ма фервӕссой» кӕнӕ ма схъал уой (1 Тимофеймӕ 6:17, НТ; Дыккаг закъон 8:11–17). Хъӕздыг чи нӕу, уыцы чырыстӕттӕ сӕхи хъуамӕ хизой «хӕлӕгцӕстӕй» ӕмӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, хъал хъӕздыг дӕр кӕй свӕййы – ӕмӕ мӕгуыр дӕр (Маркы 7:21–23, НТ; Иаковы 4:5).

19. Ози Хуыцауы цӕсты куыд фегад?

19 Иннӕ ӕвзӕр миниуджытау хъалдзинад дӕр тӕссаг у нӕ хӕлардзинадӕн Иегъовӕимӕ. Ӕркӕсӕм, паддзах Ози фыццаг куыд хицауиуӕг кодта, уымӕ: «Уый арӕзта, Иегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый... Уый ӕдзухдӕр агуырдта Хуыцауы... ӕмӕ, Иегъовӕйы цы рӕстӕджы агуырдта, уыцы рӕстӕг-иу ын ӕцӕг Хуыцау арфӕ кодта» (2 Паралипоменон 26:4, 5). Фӕлӕ, хъыгагӕн, паддзах Ози Хуыцауы цӕсты фегад, уымӕн ӕмӕ «йӕ зӕрдӕ схъал ис, ӕмӕ йӕ уый фесӕфта». Йӕхиуыл афтӕ фервӕссыд, ӕмӕ кувӕндонмӕ буд судзынмӕ бацыд. Сауджынтӕ йӕ уыцы къӕйных ми кӕнын куы нӕ уагътой, уӕд «Ози мӕстӕй рафыхт», ӕмӕ йыл Иегъовӕ хъотырниз бафтыдта. Йӕ амӕлӕты онг Ози Хуыцауы зӕрдӕ нал ссардта (2 Паралипоменон 26:16–21).

20. а) Паддзах Езекийы хорз номӕн тӕссаг куыд уыд? ӕ) Иннӕ статьяйы цы равзардзыстӕм?

20 Ацы хабар дӕ бон у абарын паддзах Езекийы хабаримӕ. Иу хатт паддзах, гыццыл ма бахъӕуа, йӕ хорз ном фесафа, уымӕн ӕмӕ «йӕ зӕрдӕ схъал ис». Фӕлӕ йӕ амондӕн, «Езеки басаст, йӕ зӕрдӕ хъал кӕй уыд, ууыл, ӕмӕ йӕхи ӕрныллӕг кодта» ӕмӕ йӕм Хуыцау ногӕй хорз цӕстӕй кӕсын райдыдта (2 Паралипоменон 32:25, 26). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Езекийӕн кӕй баххуыс кодта сӕрныллӕгдзинад. О, сӕрныллӕгдзинад лӕууы хъалдзинады ныхмӕ. Иннӕ статьяйы равзардзыстӕм, куыд у нӕ бон, цӕмӕй нӕ удыхъӕды чырыстон сӕрныллӕгдзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ йӕ макуы фесафӕм.

21. Сӕрныллӕг чырыстӕттӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

21 Уӕдӕ нӕ макуы рох кӕнӕд, хъалдзинад цӕмӕ ’ркӕны. «Хуыцау хъал адӕмы ныхмӕ [кӕй] у», уымӕ гӕсгӕ фидарӕй тох кӕнӕм, раст чи нӕу, ахӕм сӕрыстырдзинады ныхмӕ. Сӕрныллӕгдзинадыл куы кусӕм, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм ирвӕзындзинадмӕ Хуыцауы стыр боны – уыцы бон хъал адӕм ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ зӕххӕй фесӕфдзысты. Уӕд «адӕймаджы хъалдзинад къӕхты бынмӕ ӕрхаудзӕн ӕмӕ адӕмы сӕрбӕрзонддзинад фегад уыдзӕн; ӕмӕ иунӕг Иегъовӕ уыдзӕн бӕрзонд уыцы бон» (Исай 2:17).

Фарстытӕ ахъуыды кӕнынӕн

• Кӕй ис хъал адӕймаг схонӕн?

• Хъалдзинад куыд фӕзынд?

• Адӕймаг хъал цӕмӕн свӕййы?

• Нӕхи хъалдзинадӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 13 фарсыл]

Фараон фегад йӕ фырхъалӕй.

[Ныв 14 фарсыл]

Агармӕ стыр кад ӕрхауд, ӕмӕ схъал и.

[Ныв 15 фарсыл]

Езеки йӕхи ӕрныллӕг кодта, ӕмӕ та йӕм Хуыцау хорз цӕстӕй кӕсын райдыдта.