Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ хъус дарыс, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уыцы нысанмӕ?

Дӕ хъус дарыс, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уыцы нысанмӕ?

Дӕ хъус дарыс, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уыцы нысанмӕ?

ИУНӔГ адӕймаджы дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕззау низӕй фӕрынчын уа кӕнӕ йыл исты фыдбылыз ӕрцӕуа. Ахӕм бӕллӕхтӕй хи бахизыны тыххӕй, ӕмбаргӕ адӕймаг лӕмбынӕг вӕййы тӕссаг уавӕрмӕ амонӕг нысӕнттӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ фӕархайы. Йесо Чырысти бӕстон радзырдта, нӕ хъус цы нысанмӕ хъуамӕ дарӕм, уый тыххӕй. Цӕй кой кодта, уый хъуамӕ бандӕвтаид ӕппӕт дунейыл дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕмтыл дӕр. Уый хауы дӕумӕ дӕр ӕмӕ дӕ бинонтӕм дӕр.

Йесо дзырдта, фыддзинад чи фесафдзӕн ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт чи скӕндзӕн, уыцы Паддзахады тыххӕй. Йесойы ахуыргӕнинӕгты уый тынг бацымыдис кодта, ӕмӕ уыцы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕй йӕ бафарстой: «Адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй дӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцыд, уый цавӕр нысанӕй уыдзӕн базонӕн?» (Матфейы 24:3, НД).

Йесо зыдта, куы йӕ амарой ӕмӕ уый фӕстӕ куы райгас уа, уӕдӕй хъуамӕ ӕнустӕ рацӕуа, цалынмӕ уӕлӕрвты Паддзах-Мессиа суа ӕмӕ адӕмыл разамынд кӕнын райдайа, уӕдмӕ. Паддзах кӕй сси, уый кӕд ӕнӕуынгӕ хуызы уыдаид, уӕддӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта куыд уыдзӕн базонӕн, «адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы» кӕй ис ӕмӕ «цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» кӕй ӕрцыд, уый нысан. Уыцы нысан конд у хицӕн хӕйттӕй, ӕмӕ иумӕ райсгӕйӕ та ӕвдисынц, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уый.

Евангелифысджытӕ Матфей, Марк ӕмӕ Лука бӕстон ныффыстой Йесойы дзуапп (Матфейы 24 ӕмӕ 25 сӕртӕ; Маркы 13 сӕр; Лукайы 21 сӕр). Библийы иннӕ фысджытӕ та ныффыстой, уыцы нысанмӕ ма цы хабӕрттӕ хауы, уыдоны тыххӕй дӕр (2 Тимофеймӕ 3:1–5; 2 Петры 3:3, 4; Раргомад 6:1–8; 11:18). Ӕппӕт уыдӕттыл ацы статьяйы нӕ бон не суыдзӕн ӕрдзурын, фӕлӕ ӕркӕсдзыстӕм, Йесо цы нысаны кой кодта, уый фондз сӕйраг хаймӕ. Дӕхӕдӕг ӕй фендзынӕ, уымӕн стыр нысаниуӕг кӕй ис ӕмӕ сӕрмагондӕй дӕуӕн ахсджиаг кӕй у. (Кӕс фӕлгӕты 6 фарсыл.)

«Цард цӕхгӕр чи фӕивта, ахӕм цау»

«Сыстдзысты адӕм адӕмыл ӕмӕ паддзахад паддзахадыл» (Матфейы 24:7). Немыцаг журнал «Шпигель» куыд фыссы, афтӕмӕй 1914 азы онг адӕм «ӕнхъӕлмӕ кастысты, фылдӕр сӕрибардзинад, фылдӕр ӕнтыстытӕ ӕмӕ ноджы хуыздӕр царды уавӕртӕ кӕм хъуамӕ уыдаид, ахӕм сыгъзӕрин фидӕнмӕ». Стӕй ӕвиппайды алцыдӕр цӕхгӕр фӕивта. «1914 азы августӕй 1918 азы ноябрмӕ цы хӕст цыдис, уый схуыдтой ӕвирхъау цау. Уый адӕмы цард цӕхгӕр фӕивта – раздӕры цард ныры цардӕй фӕхицӕн кодта»,– дзырдӕуы журнал «Гео»-йы. Фондз континентӕй дӕр 60 милуан салдаты бӕрц кӕрӕдзиимӕ ӕгъатыр ӕмӕ карз тохы бацыдысты. Алы бон дӕр рӕстӕмбис нымадӕй мард 6 мин салдатмӕ ’ввахс. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, алы фӕлтӕртӕй ӕмӕ алыхуызон политикон цӕстӕнгӕстыл хӕст историктӕ ӕмхуызонӕй зӕгъынц, «1914–1918 азты кӕй ӕрцыд, цард цӕхгӕр чи фӕивта, ахӕм цау».

Фыццаг дунеон хӕст ӕхсӕнады скодта, сраст кӕнӕн кӕмӕн нал ис, ахӕм ивындзинӕдтӕ, ӕмӕ адӕмы ӕркодта ацы цардӕвӕрды фӕстаг бонтӕм. XX ӕнус куыд цыд, афтӕ ноджы фылдӕр кодтой хӕстытӕ, гӕрзифтонг быцӕутӕ ӕмӕ террористон фыдракӕндтӕ. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ уыцы ӕнусы райдайӕны уавӕр хуыздӕрырдӕм фӕивта. Уый нӕ, фӕлӕ ма нысаны иннӕ хӕйттӕ дӕр ирдӕй зынынц.

Ӕххормагдзинад, низтӕ ӕмӕ зӕххӕнкъуыстытӕ

«Уыдзӕн ӕххормаг рӕстӕджытӕ» (Матфейы 24:7). Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы Европӕйыл ӕххормаг заман скодта, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмы удхарӕй мары. Историк Ален Булек ныффыста, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе ӕмӕ Украинӕйы 1933 азы «стонг адӕм чыртӕй-чыртӕй рацу-бацу кодтой хъӕуты... Фӕндаггӕрӕттӕ дзаг уыдысты мӕрдты рӕдзӕгъдтӕй». 1943 азы Китайы провинци Хенаны ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд уыцы хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы журналист Т. Х. Уайт фыста: «Ӕххормаг рӕстӕг хӕрынӕн алцыдӕр ацӕуы: ныммур ӕй кӕн, стӕй йӕ ахӕр ӕмӕ та уӕнгты хъаруйы цъыртт фӕзыны. Адӕймаг мӕлӕтӕй куы тӕрса, уӕд бахӕрдзӕн, уый размӕ цы нӕ бахордтаид, уыдӕттӕ дӕр». Хъыгагӕн, фӕстаг рӕстӕг ӕххормагдзинад Африкӕйы афтӕ тынг сарӕх, ӕмӕ диссаг дӕр никӕмӕуал кӕсы. Кӕд зӕхх цы хӕринаг дӕтты, уый алкӕй фаг дӕр у, уӕддӕр Иугонд Нациты Хӕлцады ӕмӕ хъӕууон-хӕдзарадон организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвдисынц, дунейы 840 миллион адӕймагӕн мамӕлайы къӕбӕрӕй дарддӕр бахӕрынӕн кӕй ницы ис.

«Ранӕй-рӕтты... низтӕ» (Лукайы 21:11). «Куыд банымадтой, афтӕмӕй 1918 азы грипп испанкӕйӕ амард 20 миллионӕй 50 миллион адӕймаджы бӕрц. Уый у, емынӕ йе та Фыццаг дунеон хӕст цал адӕймаджы цард ахаста, уымӕй фылдӕр»,– дзырдӕуы «Зюддойче цайтунг»-ы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ тынг бирӕтӕ фӕрынчын сты тӕфсӕг, хӕбузниз, рӕуджыты низ, полиомиелит ӕмӕ халерӕй. Ӕмӕ ӕнӕхъӕн дуне ӕмризӕджы ризы СПИД-ӕй: парахат кӕны, ӕмӕ йӕ уромӕг нӕй. Абон мах цы уавӕры стӕм, уый зын бамбарӕн у: иуӕрдыгӕй ис, хостӕ кӕуыл нӕ тых кӕнынц, ахӕм низтӕ, иннӕрдыгӕй та – медицинӕйы диссаджы ӕнтыстытӕ. Ацы хъуыддаг, адӕм ныронг кӕй не ’мбарынц, уый, ӕвдисы, нӕ рӕстӕг иннӕ рӕстӕджыты хуызӕн кӕй нӕу.

«Зӕххӕнкъуыстытӕ» (Матфейы 24:7). Фӕстаг 100 азы дӕр зӕххӕнкъуыстытӕ ахастой сӕдӕ мингай адӕймӕгты цард. Иу ран куыд фыссынц, уымӕ гӕсгӕ агъуыстытӕ чи ныппырх кӕны ӕмӕ зӕхх чи аскъуыдтӕ кӕны, ахӕм зӕххӕнкъуыстытӕ 1914 азӕй фӕстӕмӕ ӕрцӕуы афӕдз иу-18 хатты. Хӕдзӕрттӕ зӕххы ӕмвӕз чи скӕны ӕмӕ дуне адӕм чи бабын кӕны, ахӕм зӕххӕнкъуыстытӕ та ӕрцӕуы аз иу хатт. Кӕд арӕзтады хъуыддаг размӕ стыр санчъехтӕ кӕны, уӕддӕр тынг бирӕ адӕм мӕлы, уымӕн ӕмӕ егъау горӕттӕ арӕзт цӕуынц, зӕххӕнкъуыстӕй тӕссаг кӕм у, ахӕм рӕтты.

Ӕхсызгон хабар!

Фӕстаг бонты нысаны хӕйттӕн сӕ фылдӕр адӕймаджы ныфс сӕттынц. Фӕлӕ ма Йесо кодта ӕхсызгон хабары кой дӕр.

«Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн» (Матфейы 24:14). Йесо йӕхӕдӕг цы хъуыддаг райдыдта – Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнын – уый хъуамӕ йӕ тыхы бацыдаид фӕстаг бонты. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библийы хабар адӕмӕн дзурынц ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнынц, цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ цӕрын дӕр. Абон 6 милуанӕй фылдӕр Ӕвдисӕны хъусын кӕнынц 235 бӕстӕйы 400 фылдӕр ӕвзагыл.

Бафиппайын ма хъӕуы, Йесо афтӕ кӕй нӕ загъта, зӕгъгӕ, цард ныллӕудзӕн, дуне тыхст уавӕры кӕй ис, уый тыххӕй. Уӕдӕ афтӕ дӕр нӕ загъта, ӕмӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр фӕстаг бонты нысанӕн ӕрмӕст йӕ иу хай ӕххӕст кӕндзӕн. Фӕлӕ уый ранымадта, нысан цӕмӕй бӕрӕг уыдаид, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ ӕмӕ йӕ афтӕмӕй базонӕн уыдаид кӕмфӕнды дӕр.

Ӕрмӕст иугай хабӕрттӕ кӕнӕ хицӕн цаутӕм куы нӕ кӕсай, фӕлӕ сӕ иумӕ куы райсай, уӕд цымӕ нӕ фендзынӕ, тынг ахсджиаг чи у, уыцы хицӕн хӕйттӕй конд нысан бӕрӕг куыд дары? Зӕххыл цытӕ цӕуы, уый ӕндавы дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ бинонтыл дӕр. Фӕлӕ нӕ бон у бафӕрсын: «Уӕдӕ сӕм стӕмты йеддӕмӕ йе хъус цӕуылнӕ исчи дары?»

Сӕйрагдӕр сын сты сӕхи фӕндӕттӕ

«Ленк кӕныны бар нӕй», «Тыхджын электрон тых», «Тагъд скъӕрӕн нӕй». Ахӕм нысӕнттӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр фенӕм, фӕлӕ сӕм арӕх хъусдарӕг нӕ вӕййы. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ нын ӕнцондӕр вӕййы бакӕнын, афтӕ мын хуыздӕр уыдзӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕй фӕхъуыды кӕнӕм, уый. Зӕгъӕм, нӕ бон у, афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ мах хъӕуы, цас ӕмбӕлы, уымӕй тагъддӕр аскъӕрын. Кӕнӕ та нӕ тынг фӕнда аленчытӕ кӕнын, бар кӕм нӕй, уыцы ран. Фӕлӕ нысӕнттӕ мацӕмӕ дарын ӕнӕзонд ми у.

Цӕвиттонӕн, Австри, Францы, Итали ӕмӕ Швейцарийы Альпты хӕхты цы зӕйтӕ ӕрцӕуы, уыдоны бын иуӕй-иу туристтӕ сӕ мӕлӕт ссарынц. Ахӕм бӕллӕхы бахауынц, къахдзоныгътыл ӕмӕ фӕйнӕджытыл ӕрмӕст ӕдас бынӕтты бырут, зӕгъгӕ, уыцы фӕдзӕхст чи ницӕмӕ ӕрдары, уыдон. «Зюддойче цайтунг»-мӕ гӕсгӕ, ахӕм фӕдзӕхстытӕ намады дӕр кӕмӕ не сты, уыцы туристтӕй бирӕтӕн се ’гъдау у: «Туг кӕмӕй нӕ уазал кӕна, уый хиирхӕфсӕн нӕу». Хъыгагӕн, ахӕм ахаст, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕвирхъау фӕстиуджытӕм ӕркӕна.

Йесо цы нысаны кой кодта, уымӕ адӕм сӕ хъус цӕуылнӕ дарынц? Чи зоны, бакуырм сты сӕ фыркӕрӕфӕй, ницыуал сӕ цымыдис кӕны ӕмӕ сӕм ницыуал хъары, сӕ фырӕнӕныфсхастӕй сӕ бон ницы аразын у, сӕ ӕрвылбоны хъуыддӕгты аныгъуылдысты кӕнӕ та тӕрсынц, адӕмы цӕсты сӕ кад куы фесафой, уымӕй. Мыййаг, ацы аххосӕгтӕй искӕцыйы тыххӕй ды нӕ уыныс, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уый нысан? Хуыздӕр нӕ уаид, нысанмӕ хъус дарын ӕмӕ цы хъӕуы, уый аразын?

Цард зӕххыл дзӕнӕты

Фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, Йесо адӕмы ’хсӕн кӕй ис, уый нысанмӕ йӕ хъус чи дары, уыцы адӕм. Кристиан, ӕрыгон бинонджын нӕлгоймаг Германӕй, фыссы: «Уӕззау рӕстӕджытӕ скодта. Дзырд дӕр ыл нӕй: „фӕстаг бонтӕ“ ӕрцыдысты». Уый йӕ усимӕ адӕмимӕ бирӕ ныхас кӕны Мессиайы Паддзахады тыххӕй. Фрэнк дӕр цӕры Германы. Йӕ цардӕмбалимӕ Фрэнк иннӕты ныфс уадзы Библийы хорз хабарӕй. Уый дзуры: «Дуне ахӕм уавӕры кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ абон бирӕты сӕ фидӕн мӕты ӕфтауы. Ӕмӕ мах архайӕм, цӕмӕй сӕ зӕрдӕмӕ хур бакӕса, зӕххыл дзӕнӕты тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис фыст, уый фӕрцы». Афтӕмӕй Кристиан ӕмӕ Фрэнк ӕххуыс кӕнынц, Йесо адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ис, уый нысаны иу хай ӕххӕст кӕнынӕн,– Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнынӕн (Матфейы 24:14).

Фӕстаг бонтӕ сӕ тӕмӕны куы бацӕуой, уӕд Йесо фесафдзӕн ацы зӕронд цардӕвӕрд ӕмӕ йӕ фарс цы адӕм лӕууы, уыдоны. Уый фӕстӕ Мессиайы Паддзахад разамынд кӕнын райдайдзӕн зӕххыл ӕмӕ рагзагъд дзӕнӕтон уавӕртӕ скӕндзӕн. Адӕм ссӕрибар уыдзысты низтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕй, мӕрдтӕ ногӕй цардмӕ раздӕхдзысты. Уыцы диссаджы хъуыддӕгтӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, рӕстӕджыты нысанмӕ йӕ хъус чи дары, уыдон. Уӕдӕ уыцы нысаны тыххӕй ӕмӕ, цы кӕнын хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг ацы цардӕвӕрдимӕ ма фесӕфа, уый тыххӕй фылдӕр базонын хорз нӕ уаид? Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы хъуыддаджы иу дӕр фӕстӕ хъуамӕ ма кӕна (Иоанны 17:3).

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

Йесо ранымадта, нысан цӕмӕй бӕрӕг уыдаид, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй базонӕн уыдаид кӕмфӕнды дӕр

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

Тынг ахсджиаг чи у, уыцы хицӕн хӕйттӕй конд нысан уыныс?

[Рамкӕ/Нывтӕ 6 фарсыл]

ФӔСТАГ БОНТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ

Ӕвирхъау хӕстытӕ (Матфейы 24:7; Раргомад 6:4).

Ӕххормагдзинад (Матфейы 24:7; Раргомад 6:5, 6, 8).

Низтӕ (Лукайы 21:11; Раргомад 6:8).

Ӕнӕзакъондзинад сарӕх (Матфейы 24:12).

Зӕххӕнкъуыстытӕ (Матфейы 24:7).

Ӕнахуыр уӕззау рӕстӕджытӕ (2 Тимофеймӕ 3:1, НД).

Ӕхцауарзаг (2 Тимофеймӕ 3:2).

Ныййарджытӕн ӕгоммӕгӕс (2 Тимофеймӕ 3:2).

Хион-хӕстӕг нӕ зонынц (2 Тимофеймӕ 3:3).

Хуыцауы уарзыны бӕсты уарзынц ирхӕфсӕнтӕ (2 Тимофеймӕ 3:4).

Хиуыл хӕцын нӕ зонынц (2 Тимофеймӕ 3:3).

Хорздзинад нӕ уарзынц (2 Тимофеймӕ 3:3).

Цы бӕллӕх ӕрхӕстӕг кӕны, ууыл нӕ хъуыды кӕнынц (Матфейы 24:39).

Фауджытӕ фӕстаг бонты бӕлвырдгӕнӕтыл худынц (2 Петры 3:3, 4).

Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынц ӕгас дунейы (Матфейы 24:14).

[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй 5 фарсыл]

WWI soldiers: From the book The World War​– A Pictorial History, 1919; poor family: AP Photo/Aijaz Rahi; polio victim: © WHO/P. Virot