Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы ӕххуысы къух исыс?

Иегъовӕйы ӕххуысы къух исыс?

Иегъовӕйы ӕххуысы къух исыс?

«Хуыцау у мӕнӕн ӕххуысгӕнӕг, ӕмӕ нӕ фӕтӕрсдзынӕн» (ДЗУТТЫТӔМ 13:6).

1, 2. Иегъовӕйы ӕххуысы къух ӕмӕ нӕ йӕ разамынд цӕмӕн хъӕуынц?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ ма ауайын кӕн хӕхбӕстӕ. Дӕ разӕй лидзы хӕххон къӕдзтӕ-мӕдзтӕ фӕндаг. Фӕлӕ йыл иунӕгӕй нӕ цӕуыс – демӕ ис тӕккӕ хуыздӕр фӕндагамонӕг. Уый уыцы фӕндагыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ацыд ӕмӕ йыл кӕд йӕ бон рогӕй ауайын у, уӕддӕр дӕ фӕстейӕ нӕ уадзы – демӕ сындӕггай цӕуы. Цалдӕр хатты фӕкалдтӕ, ӕмӕ дӕм ныр тӕссаг ран йӕ къух бадардта. Зӕгъис ын: нӕ, ӕз мӕхӕдӕг, мӕхи бар мӕ уадз? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Науӕд ахаудзынӕ, ӕмӕ дӕхи ныппырх кӕндзынӕ.

2 Абон мах, чырыстӕттӕ, цы фӕндагыл лӕуд стӕм, уый дӕр ӕнцондзӕуӕн нӕу. Фӕлӕ цымӕ уыцы нарӕг фӕндагыл хъуамӕ иунӕгӕй цӕуӕм? (Матфейы 7:14). Нӕ. Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй ӕппӕты хуыздӕр Фӕндагамонӕг, Иегъовӕ Хуыцау, адӕмы уадзы йемӕ цӕуын (Уӕвынад 5:24; 6:9). Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн истӕмӕй ӕххуыс кӕны? Уый йӕхӕдӕг зӕгъы: «Ӕз, Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, ӕз дын хӕцын дӕ рахиз къухыл, ӕмӕ дын зӕгъын: „Ма тӕрс. Мӕхӕдӕг дын уыдзынӕн ӕххуысгӕнӕг“» (Исай 41:13). Нӕ цӕвиттоны цы фӕндагамонӕджы кой кодтам, уыйау Иегъовӕ дӕр йе ’ххуысы ӕмӕ хӕлардзинады къух бадары, йемӕ цӕуын кӕй фӕнды, уыдонмӕ. Йӕ къух ын аиуварс кӕнын махӕй кӕй бафӕнддзӕн?!

3. Ацы статьяйы цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

3 Раззаг статьяйы куыд дзырдтам, афтӕмӕй Иегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмӕн ӕххуыс кодта зӕдты, сыгъдӕг уды, йӕ Ныхасы ӕмӕ се ’муырнджыты фӕрцы. Фӕлӕ цымӕ абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн афтӕ ӕххуыс кӕны? Ӕмӕ йын йе ’ххуысы къух исӕн куыд ис? Цӕй, ацы фарстытӕм ӕркӕсӕм. Куы сӕ равзарӕм, уӕд ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Иегъовӕ ӕцӕгдӕр кӕй у нӕ Ӕххуысгӕнӕг (Дзуттытӕм 13:6).

Зӕдты ӕххуыс

4. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, зӕдтӕ сын кӕй ӕххуыс кӕнынц, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕной?

4 Цымӕ зӕдтӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ныр дӕр ӕххуыс кӕнынц? Ӕнӕмӕнг. Уыдон абон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕргом нӕ цӕуынц, цӕмӕй Иегъовӕйы адӕмы фыдбылызӕй ирвӕзын кӕной. Рагзаманты дӕр-иу сӕхи адӕмӕн стӕм хатт равдыстой. Цы-иу арӕзтой, уый-иу фылдӕр хатт ничи уыдта. Ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. Фӕлӕ-иу Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ куы базыдтой, зӕдтӕ сын баххуыс кодтой, уӕд-иу сӕ ныфсыл ныфс бафтыд (4 Паддзахӕдты 6:14–17). Махӕн дӕр уый ныфсы хос хъуамӕ ма уа?

5. Зӕдтӕ нын хъусын кӕныны хъуыддаджы кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй Библи цы зӕгъы?

5 Иегъовӕйы зӕдтӕ сӕ хъус уӕлдай тынгдӕр дарынц, абон мах цы стыр куыст кӕнӕм, уымӕ. Цавӕр куыст у? Дзуапп базонӕн ис Раргомады 14:6 стихӕй: «Федтон ӕз ӕндӕр Зӕды, арвы астӕуты тӕхгӕйӕ, кӕцымӕ уыд мыггагмӕйы Евангели, цӕмӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕна зӕххыл цӕрджытӕн ӕмӕ алы адӕмы хатт ӕмӕ фӕлтӕрӕн, ӕмӕ ӕвзагӕн, ӕмӕ адӕмӕн». Ам «мыггагмӕйы Евангели» у «Паддзахады Евангели», ӕмӕ Йесо куыд дзырдта, афтӕмӕй ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ «хъуыстгонд уыдзӕн... ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн» (Матфейы 24:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз хабар хъусын кӕнынмӕ зӕдтӕ уӕларвӕй не ’рхизынц. Уыцы стыр хъуыддаг Йесо бахӕс кодта адӕмӕн (Матфейы 28:19, 20). Ӕмӕ нӕ стыр ныфс нӕ уадзы, уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынӕн нын уӕларвон зӕдтӕ – стыр зонд ӕмӕ тых кӕмӕ ис, уыдон – кӕй ӕххуыс кӕнынц?

6, 7. а) Зӕдтӕ нын уацамынды кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Цӕмӕй нын Иегъовӕйы зӕдтӕ ӕххуыс кӕной, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

6 Зӕдтӕ нын уацамынды ӕцӕгӕйдӕр кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕн бирӕ цӕвиттонтӕ ис. Дзырдӕн, арӕх фехъусӕм, адӕймаг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фембӕлыны хӕдразмӕ Хуыцаумӕ ӕцӕгад ссарыны тыххӕй кӕй куывта. Ахӕм хабӕрттӕ арӕх сты, ӕмӕ уый хуымӕтӕджы нӕу. Зӕдты фӕрцы фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц уыцы адӕм, чи ахуыр кӕны, «арвы астӕуты тӕхгӕйӕ» зӕд цы дзуры, ууыл: «Фӕтӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ раттут Уымӕн кад» (Раргомад 14:7).

7 Фӕнды дӕ, цӕмӕй дын Иегъовӕйы хъомысджын зӕдтӕ ӕххуыс кӕной? Уӕд дӕ хъарутӕ ратт уацамындмӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:58). Иегъовӕ нын цы стыр хъуыддаг бахӕс кодта, уый зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нын зӕдтӕ ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзысты.

Зӕдты хистӕры ӕххуыс

8. Цавӕр бӕрзонд бынат ахсы Йесо уӕлӕрвты ӕмӕ нӕ уый ныфс куыд уадзы?

8 Иегъовӕ ма нын ӕххуыс кӕны иу зӕды руаджы. Раргомады 10:1 кӕны, ӕмбисонды «тыхджын Зӕды... йӕ цӕсгом куыд хур» кӕмӕн у, уый кой. Ацы цӕстылуайӕны зӕд у Йесо Чырысти, бӕрзонд бынаты ӕвӕрд чи ӕрцыд ӕмӕ уӕлӕрвты, бартӕ кӕй къухмӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты (Раргомад 1:13, 16). Ӕмӕ Йесо исты зӕд у? Зӕгъӕн ис. Уымӕн ӕмӕ уый архангел у (1 Фессалоникӕгтӕм 4:16). Архангел та цы нысан кӕны? «Хистӕр зӕд» кӕнӕ «зӕдты хистӕр». Иегъовӕйы уӕларвон фырттӕй ӕппӕты хъомысджындӕр у Йесо. Йӕ Фыд ын йӕ дӕлбар бакодта зӕдты иууылдӕр. Уӕдӕ Йесо зӕдты хистӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын ӕххуыс дӕр тынг кӕны. Куыд?

9, 10. а) Тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕд нын Йесо «минӕвар» куыд свӕййы? ӕ) Йесойы дӕнц нын цӕмӕй у ӕххуыс?

9 Кардзыд апостол Иоанн фыста: «Исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд махӕн ис Минӕвар Фыды раз, Йесо Чырысти, Рӕстгӕнӕг» (1 Иоанны 2:1). Уымӕй Иоанны цы зӕгъын фӕндыд: исчи нӕ «тӕригъӕд куы ракӕны», уӕд Йесо нӕ минӕвар куыд свӕййы, куыд нын баххуыс кӕны? Иу ахӕм бон дӕр нӕ вӕййы, ӕмӕ тӕригъӕд ма ракӕнӕм. Тӕригъӕд та кӕны мӕлӕтмӕ (Екклесиаст 7:20; Ромӕгтӕм 6:23). Фӕлӕ Йесо нӕ тӕригъӕдты тыххӕй йӕхи радта нывондӕн. Уый ис нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыды фарсмӕ, ӕмӕ куы бахъӕуы, уӕд ӕм мах тыххӕй бахаты. Махӕй алкӕй дӕр хъӕуы ахӕм ӕххуыс. Фӕлӕ уыцы ӕххуыс куыд райсдзыстӕм? Нӕ тӕригъӕдтыл куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, Хуыцауӕй Йесойы ӕлхӕнӕг нывонды номыл хатыр куы курӕм ӕмӕ сӕ куы нал кӕнӕм.

10 Йесо йӕхи мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй уӕлдай ма нын ныууагъта диссаджы дӕнц дӕр (1 Петры 2:21). Уыцы дӕнц нын у царды фӕндагамонӕг ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны тӕригъӕдӕй дард лидзын ӕмӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ахӕм ӕххуыс нын кӕй ис, уый ӕхсызгон кӕмӕн нӕу? Фӕлӕ ма Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта ӕндӕр ӕххуысгӕнӕгӕй дӕр.

Сыгъдӕг уды ӕххуыс

11, 12. Цы у Иегъовӕйы сыгъдӕг уд, йӕ хъомыс цас у ӕмӕ нӕ абон цӕмӕн хъӕуы?

11 Йесо зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз балӕгъстӕ кӕндзынӕн Фыдӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр Рӕвдауӕджы [«ӕххуысгӕнӕджы», НД], уадз уӕд мыггагмӕ сымахимӕ, ӕцӕгады Уды, Кӕцыйы дунейы бон нӕу райсын» (Иоанны 14:16, 17). «Ӕцӕгады Уд», ома сыгъдӕг уд, удгоймаг нӕу, фӕлӕ тых,– Иегъовӕйы архайгӕ тых. Йӕ хъомысӕн нӕдӕр сбарӕн ис, нӕдӕр раиртасӕн. Уымӕй Иегъовӕ сфӕлдыста Дун-дуне, арӕзта стыр диссӕгтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнты йӕ фӕндон ӕргом кодта. Фӕлӕ кӕд абон Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ аразы, уӕд уый, мыййаг, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ йе ’ххуыс нӕ хъӕуы?

12 Куыннӕ! Иегъовӕйы сыгъдӕг уд нӕ уӕлдай тынг ныр, ацы «уӕззау рӕстӕджыты» куы хъӕуы (2 Тимофеймӕ 3:1). Уый нын не уӕнгты уадзы хъарутӕ фӕлварӕнты фидар лӕууынӕн. Ӕххуыс нын кӕны, Иегъовӕмӕ ӕмӕ нӕ не ’мчырыстӕттимӕ чи ӕввахс кӕны, ахӕм рӕсугъд миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнынӕн (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уӕдӕ цӕмӕй уыцы стыр ӕххуысӕй хайджын уӕм, уымӕн цы хъӕуы?

13, 14. а) Иегъовӕ йӕ адӕмӕн сыгъдӕг уд цӕстуарзонӕй кӕй дӕтты, ууыл цӕуылнӕ дызӕрдыг кӕнӕм? ӕ) Цавӕр хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг вӕййы, ӕмӕ Хуыцауы лӕвар – сыгъдӕг уд – ахъазыл кӕй нӕ нымайӕм?

13 Фыццаджыдӕр, хъӕуы кувын сыгъдӕг уды тыххӕй. Йесо загъта: «Сымах кӕд фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, зонут хорз лӕвӕрттӕ дӕттын уӕ сывӕллӕттӕн, уӕд уӕлдайдӕр Уӕларвон Фыд ратдзӕн Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн» (Лукайы 11:13). О, дунейыл Иегъовӕйӕ хуыздӕр Фыд нӕй. Сыгъдӕг уд дзы уырнӕгзӕрдӕйӕ курӕм, ӕмӕ нын уыцы лӕвар бахӕлӕг кӕна, уымӕн гӕнӕн нӕй,– никуы уыд афтӕ. Фӕлӕ дзы фӕкурӕм? Хуыцаумӕ хъуамӕ алы бон дӕр кувӕм, йӕ сыгъдӕг уд нын куыд дӕтта.

14 Дыккаджы та, уыцы лӕвар нын ахъаз уыдзӕн, кӕд ӕмӕ нын сыгъдӕг уд цы амоны, уый аразӕм. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон: чырыстӕттӕй чидӕр фӕцалх хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинотӕм кӕсыныл. Ӕмӕ уыцы ӕлгъаг ми ныууадзыны тыххӕй Хуыцауӕй куры сыгъдӕг уд. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм дӕр бацыд уынаффӕагур, ӕмӕ йын загътой, зӕгъгӕ сӕм ӕмгӕрон дӕр мауал цу (Матфейы 5:29). Фӕлӕ сын сӕ ныхасмӕ куы нӕ хъуса ӕмӕ дарддӕр дӕр йӕ цыбӕлты фӕдыл куы цӕуа, уӕд афтӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ кувгӕ цӕй тыххӕй кӕны, архайгӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кӕны? Ӕви Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕфхӕры ӕмӕ уыцы лӕварӕй йӕхи цух кӕны? (Ефесӕгтӕм 4:30). Мах не ’ппӕты дӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй нын Иегъовӕ уыцы стыр ӕххуыс дарддӕр дӕр лӕвар кӕна.

Ӕххуыс Хуыцауы Ныхасӕй

15. Библийӕ афтӕ кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, ис ӕмӕ ис, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

15 Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ царды Библи рагӕй фӕстӕмӕ дӕр у стыр ӕххуыс. Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, ис ӕмӕ ис. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Сыгъдӕг Фыстад царды стыр ӕххуыс кӕй у. Фӕлӕ нын цӕмӕй йе ’ххуыс пайда уа, уый тыххӕй хъӕуы архайын – Библи алы бон дӕр кӕсын.

16, 17. а) Псалом 1:2, 3 куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй нын Хуыцауы закъон кӕсын цы пайда у? ӕ) Псалом 1:3 гӕсгӕ фыдӕбон цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?

16 Псаломы 1:2, 3 ис рӕстгӕнӕджы кой: «Хицауы закъоны йӕ фӕндон, ӕмӕ Уый закъоныл хъуыды кӕны уый ӕхсӕвӕй-бонӕй. Ӕмӕ уыдзӕн уый куыд бӕлас, цӕугӕдоны цур сагъд, кӕцы ӕрхӕссы йӕ дыргъ йӕхи афон, ӕмӕ кӕцыйы сыф не руайы; ӕмӕ йын ӕппӕт уый цы кӕны, бантысдзӕн». Ацы скъуыддзаджы цы ахсджиаг хъуыды ис, уый ӕмбарыс? Исчи зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, цӕстытыл уайын кӕны диссаджы ныв – цӕугӕдоны был бӕлас дзӕбӕх аууон дары. Цӕй хорз уаид сихорафон ахӕм ран иу гыццыл афынӕй кӕнын! Фӕлӕ ацы псалом фӕллад уадзыны кой нӕ кӕны – кӕны фыдӕбоны кой. Ома?

17 Ацы стих цы бӕласы кой кӕны, уый ӕнӕуи, аууон чи дары, ахӕм бӕлас нӕу, стӕй доны был йӕхӕдӕг не сзади. Уый у дыргъбӕлас ӕмӕ йӕ уым, «цӕугӕдоны цур», чидӕр ныссагъта. Иуӕй-иутӕ-иу сӕ дыргъдӕтты скъахтой къанӕуттӕ бӕлӕстӕм дон уадзынӕн. Уӕдӕ ныр стихы хъуыды бӕрӕг у! Уырнындзинадыл дзургӕйӕ, махыл дӕр бирӕ бафыдӕбон кодтой ӕмӕ ныр дидинӕг калӕм. Цы организацийы стӕм, уырдыгӕй нӕм кӕлы ӕцӕгады сыгъдӕг ӕмӕ сатӕг дон. Фӕлӕ махӕн дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цыдӕр аразын ӕмбӕлы. Хъуамӕ уыцы диссаджы донӕй «нуазӕм», ома Хуыцауы Ныхасы ӕцӕгадыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йӕ иртасӕм, цӕмӕй нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фидар кӕна. Афтӕмӕй хӕсдзыстӕм хорз дыргътӕ.

18. Цӕмӕй нӕ фарстытӕн Библийы дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

18 Библи чингуыты ’хсӕн ӕнӕуи дарын ницы пайда у. Стӕй дӕсныйы чиныг дӕр нӕу – исты фарст дӕм куы уа, уӕд цъындцӕстӕй нӕ рафӕлдахдзынӕ, дзуапп цы фарсыл ис, уый. Исты базонын нӕ куы фӕфӕнды, уӕд «Хуыцауы тыххӕй раст зонындзинӕдтӕ» хъуамӕ агурӕм зӕххы ныгӕд хӕзнайау (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5). Цӕмӕй хъӕугӕ уынаффӕ Фыстады ссарӕм, уый тыххӕй Фыстад хъӕуы лӕмбынӕг иртасын. Уымӕн та нӕм ис, чи йӕ ӕмбарын кӕны, бирӕ ахӕм литературӕ. Ӕмӕ дзы, Хуыцауы Ныхасы цы зонды хӕзнатӕ ис, уыдон къахыныл куы архайӕм, уӕд исдзыстӕм Иегъовӕйы ӕххуысы къух.

Не ’муырнджыты ӕххуыс

19. а) «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы статьятӕ не ’муырнджыты ӕххуысы хай схонӕн цӕмӕн ис? ӕ) Нӕ журналтӕй дын кӕцы статья баххуыс кодта?

19 Иегъовӕйы зӕххон лӕггадгӕнджытӕ кӕддӕриддӕр кӕрӕдзийӕн уыдысты стыр ӕххуыс. Ӕмӕ абон, мыййаг, Иегъовӕ афтӕ нал кӕны? Куыннӕ. Алчи дӕр нӕ хъуыды кӕндзӕн, бахъуаджы сахат нын не ’муырнджытӕ куыд тынг баххуыс кодтой, не уӕнг нын куыд тынг фӕрог кодтой. Никуы уыд афтӕ, ӕмӕ дӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕнӕ «Райхъал ут!»-ӕй кӕцыдӕр статья дӕ тыхсты рӕстӕг бафидар кодта, зынты сӕрты ахизынӕн дын баххуыс кодта кӕнӕ дын фӕлварӕнты ныфс радта? Уыцы ӕххуысы хай дын Иегъовӕ бакодта, «афоныл хӕринаг» уарынӕн ӕвӕрд чи ӕрцыд, уыцы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» фӕрцы (Матфейы 24:45–47).

20. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «лӕвӕрттӕ» кӕй сты, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй ӕвдисынц?

20 Бирӕ хатт та нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ бакӕнынц сӕрмагонд ӕххуыс. Хистӕр нӕлгоймаг йӕ раныхасӕй бацагайы йе ’муырнджыты зӕрдӕтӕ; тыхст сӕ чи у, уыдоны бабӕрӕг кӕны; адӕймагӕн фӕлмӕнӕй уынаффӕ ратты, цӕмӕй йӕ рӕдыд бамбара ӕмӕ йе ’взӕр миниуджытимӕ тох кӕна. Иу хойӕн ӕмбырдӕй иу хистӕр нӕлгоймаг куыд баххуыс кодта, уый фӕдыл фыссы: «Уацамынды куы уыдыстӕм, уӕд ын мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ фӕкодтон, ӕмӕ мӕм ӕнцад фӕхъуыста. Уый размӕ изӕрӕй ӕз Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕ бон уа искӕимӕ аныхас кӕнын. Дыккаг бон та уыцы ӕфсымӕр мемӕ уыцы сабыр ӕмӕ рӕвдаугӕ ныхас фӕкодта. Йӕ ныхӕсты руаджы мӕ цӕстытыл ауад, ныр мын уал азы дӕргъы Иегъовӕ куыд тынг ӕххуыс кодта, ӕмӕ мын ныр дӕр куыд ӕххуыс кӕны. Иегъовӕ мӕм уыцы хистӕр нӕлгоймаджы кӕй ӕрбарвыста, уый тыххӕй дзы дӕн стыр бузныг». Гъе ахӕм хъуыддӕгтӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕвдисынц, кӕй сты, Иегъовӕ Йесо Чырыстийы фӕрцы кӕй дӕтты, уыцы «лӕвӕрттӕ» – царды фӕндагыл нын фидарӕй цӕуынӕн чи ӕххуыс кӕны (Ефесӕгтӕм 4:8, НФ).

21, 22. а) Филиппӕгтӕм 2:4 ӕмбырды куы феххӕст кӕнынц, уӕд ыл куыд фӕзыны? ӕ) Тынг чи нӕ разыны, ахӕм ӕххуысӕн дӕр стыр ахадындзинад цӕмӕн ис?

21 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дарддӕр ма, иузӕрдион чырыстӕттӕй алкӕй дӕр фӕнды Хуыцауы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын: «Ӕрмӕст йӕхи мӕт ма кӕнӕд алчидӕр, фӕлӕ алчидӕр иннӕты мӕт дӕр кӕнӕд» (Филиппӕгтӕм 2:4). Чырыстӕттӕ ацы фӕдзӕхстыл куы фӕцӕуынц, уӕд ӕмбырд рӕсугъд, хорз хъуыддӕгтӕй рафидауы. Цӕвиттон, иу хӕдзарыл ӕрцыд ӕнамонд хабар. Фыд йӕ гыццыл чызгимӕ ацыд дуканимӕ. Фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ сӕ машинӕ скъуырдта. Чызг фӕмард. Фыд та тынг цӕфтӕй рынчындонмӕ бахауд. Куы йӕ рафыстой, уӕд йӕхимӕ ӕппындӕр кӕсынхъом нӕ уыд. Мастӕфхӕрд мадӕн та йӕ бон нӕ уыд йӕ лӕгмӕ иунӕгӕй зилын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ се ’мбырдӕй иу лӕг ӕмӕ ус сӕхимӕ ракодтой ӕмӕ сӕ цалдӕр къуырийы сӕхицӕй нӕ рауагътой.

22 Бӕгуыдӕр, хорз хъуыддаг ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ адӕймаг тыхст уавӕры куы уа, уӕд ӕрбалӕууай йӕ фарсмӕ кӕнӕ искӕмӕн дӕ уд суӕлдай кӕнай. Не ’муырнджытӕ нын цы ’ххуыс бакӕнынц, уый хатт тынг нӕ разыны. Фӕлӕ сӕ хорздзинад цыфӕнды гыццыл ма уа, уӕддӕр ын аргъ хъуамӕ ма кӕнӕм? Хъуыды ма кӕныс, зын рӕстӕг дын кӕйдӕр хорз ныхас кӕнӕ ӕрхъуыдыдзинад куыд фӕахъаз? О, уый ныл Иегъовӕ ауды афтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 17:17; 18:24).

23. Кӕрӕдзийӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

23 Фӕнды дӕ, цӕмӕй Иегъовӕ дӕ фӕрцы дӕр ӕххуыс кӕна иннӕтӕн? Кӕд о, уӕд, табуафси. Уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Йӕ Ныхасы кӕсӕм: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Иегъовӕйӕн дӕтты ӕфстау, ӕмӕ йын уый йӕ хорздзинад бафиддзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 19:17). Нӕ уд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн кӕй нӕ хӕлӕг кӕнӕм, уымӕй нӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы (Куыстытӕ 20:35). Фӕлӕ йӕхи иннӕтӕй дард чи ласы, уый йӕхи цух кӕны, дӕттын дӕр ӕмӕ исын дӕр цы циндзинад хӕссынц, уымӕй (Ӕмбисӕндтӕ 18:1). Уымӕ гӕсгӕ, ма зивӕг кӕнӕм ӕмӕ фембӕлдтӕм цӕуӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (Дзуттытӕм 10:24, 25).

24. Кӕд Иегъовӕ раздӕрау стыр диссӕгтӕ не ’вдисы, уӕддӕр хъыг цӕуылнӕ кӕнӕм?

24 Иегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, ууыл куы ахъуыды кӕныс, уӕд дӕ зӕрдӕ ӕхсызгондзинадӕй нӕ байдзаг вӕййы? Кӕд абон Иегъовӕ йӕ фӕндтӕ стыр диссӕгты руаджы нӕ кӕны, уӕддӕр хъыг нӕ кӕнӕм. Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ нын Иегъовӕ алы мадзалӕй дӕр кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайынӕн кӕй ӕххуыс кӕны. Ӕмӕ иууылдӕр иумӕ фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд фендзыстӕм Иегъовӕйы стыр хъуыддӕгтӕ – чи никуы ма ӕрцыд, ахӕм стыр диссӕгтӕ! Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Иегъовӕйы ӕххуысы къух исӕм. Афтӕмӕй 2005 азы стих уыдзӕн нӕ зӕрдӕйы: «Ме ’ххуыс – Иегъовӕйӕ» (Псалом 121:2, НД [120:2]).

Куыд хъуыды кӕныс?

• Иегъовӕ нӕм зӕдты ӕххуысмӕ куыд ӕрвиты?

• Иегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг удӕй куыд ӕххуыс кӕны?

• Иегъовӕйы Ныхас нын куыд ӕххуыс кӕны?

• Иегъовӕ нын не ’муырнджыты руаджы куыд ӕххуыс кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 14 фарсыл]

Зӕдтӕ нын хорз хабар хъусын кӕнынӕн кӕй ахъаз кӕнынц, уый зонын – ныфсы хос.

[Ныв 17 фарсыл]

Иегъовӕ нын зын рӕстӕг не ’муырнджыты фӕрцы баххуыс кӕны.