Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хицауы ӕхсӕвӕр. Куыд ӕй бӕрӕг кӕнынц?

Хицауы ӕхсӕвӕр. Куыд ӕй бӕрӕг кӕнынц?

Хицауы ӕхсӕвӕр. Куыд ӕй бӕрӕг кӕнынц?

ХИЦАУЫ ӕхсӕвӕр куыд хъӕуы бӕрӕг кӕнын, уый ӕмбарынгӕнгӕйӕ апостол Павел ныффыста: «Ӕз Хицауӕн Йӕхицӕй райстон уый, кӕцы сымахӕн дӕр раттон, Хицау Йесо уыцы ӕхсӕв, кӕцыйы лӕвӕрд уыд, райста дзул ӕмӕ арфӕ ракӕнгӕйӕ ӕрсаста ӕмӕ загъта: „Райсут, хӕрут, уый у Мӕ Буар, сымах тыххӕй саст чи цӕуы; уый кӕнут Мӕн ӕрымысынӕн“. Афтӕ нуазӕн дӕр ӕхсӕвӕры фӕстӕ, ӕмӕ загъта: „Ацы нуазӕн у ног фӕдзӕхст [«бадзырд», НФ] Мӕн Туджы мидӕг [«фӕрцы», НФ]; уый кӕнут ӕрмӕст куы нуазат Мӕн ӕрымысынӕн“. Уымӕн ӕмӕ алы хатт, сымах куы хӕрут ацы дзул ӕмӕ нуазут ацы нуазӕн, Хицауы мӕлӕт хъусын кӕнут, цалынмӕ Уый ӕрцӕуа» (1 Коринфӕгтӕм 11:23—26).

Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ Йесо Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур ӕрӕвӕрдта «уыцы ӕхсӕв, кӕцыйы [Йесо] лӕвӕрд уыд». Дзуттаг дины разамонджытӕн, Чырыстийы ромӕгтӕн чи байтындзын кодта, уыдонӕн ӕй хъуамӕ ауӕй кодтаид Искариотаг Иудӕ. Ацы ӕхсӕвӕрӕн Йесо бындур ӕрӕвӕрдта н. э. 33 азы 31 мартъийы цыппӕрӕмы, ӕмбисӕхсӕв. Йесо хъизӕмӕртты цӕджындзыл амард майрӕмбоны, фӕссихор, 1 апрелы. Дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ-иу бон изӕрӕй кӕй райдыдта ӕмӕ-иу иннӕ бон изӕрӕй кӕй фӕци, уымӕ гӕсгӕ дыууӕ цау дӕр — Хицауы ӕхсӕвӕр дӕр ӕмӕ Йесо Чырыстийы мӕлӕт дӕр — ӕрцыдысты иу бон, н. э. 33 азы 14 нисаны.

Дзул ӕмӕ сӕнӕй чи ахода, уыдон хъуамӕ «уый кӕной» Йесойы ӕрымысынӕн. Хицауы ӕхсӕвӕр ма хуыйны Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысӕн изӕр дӕр.

Цӕмӕн хъӕуы Йесойы мӕлӕт бӕрӕг кӕнын?

Дзуапп ын базондзыстӕм, Йесо цӕмӕн амард, уый куы бамбарӕм, уӕд. Йесо Иегъовӕйы хицаудзинады фарс куыд лӕууыд, афтӕ ничи, суанг ма уый тыххӕй мӕлгӕ дӕр акодта. Афтӕмӕй уый сбӕлвырд кодта, Сайтан мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта адӕмӕй, зӕгъгӕ, уыдон Хуыцаумӕ цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕмӕ йын ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй лӕггад кӕнынц (Иов 2:1—5; Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Йесо ӕххӕст адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ куы амард, уӕд «ратта Йӕ Уды бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Адам Хуыцауы ныхмӕ тӕригъӕд куы ракодта, уӕд йӕхи ӕнӕхай фӕкодта ӕххӕст цардӕй ӕмӕ йын уый цы гӕнӕнтӕ лӕвӕрдта, уыдонӕй дӕр. Фӕлӕ «афтӕ бауарзта Хуыцау дуне [адӕмы], ӕмӕ ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард» (Иоанны 3:16). Ӕцӕгдӕр, «тӕригъӕды фиддон — мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы мидӕг [«фӕрцы», НФ]» (Ромӕгтӕм 6:23).

Уӕдӕ Йесо Чырыстийы мӕлӕт дзурӕг у дыууӕ удгоймаджы иууыл стырдӕр уарзондзинадыл: Иегъовӕ равдыста ӕгӕрон уарзт, адӕмы сӕрвӕлтау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй; ӕмӕ Йесо та — удуӕлдай уарзондзинад, барвӕндонӕй йӕ цард адӕмы сӕраппонд кӕй радта, уымӕй. Йесойы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрзонд кӕны ацы дыууӕ удгоймаджы уарзондзинад. Уыцы уарзондзинад махмӕ кӕй равдыстӕуыд, уый тыххӕй хъуамӕ бузныг ма уӕм? Уымӕн иу хорз фадат — Хицауы ӕхсӕвӕрмӕ ацӕуын.

Цы нысан кӕнынц дзул ӕмӕ сӕн

Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур ӕвӕргӕйӕ Йесо нысӕнттӕн спайда кодта дзул ӕмӕ сырх сӕнӕй. Йесо райста дзул ӕмӕ «арфӕ ракӕнгӕйӕ ӕрсаста ӕмӕ загъта: „Уый [дзул] у Мӕ Буар, сымах тыххӕй саст чи цӕуы“» (1 Коринфӕгтӕм 11:24). Цӕмӕй дзул алӕвӕрдтаид ӕмӕ дзы бахордтаиккой, уый тыххӕй йӕ хъуыди сӕттын, уымӕн ӕмӕ уый уыд хус дзул, ссад ӕмӕ донӕй, ӕнӕ ӕнхъизӕнӕй конд. Фыстады ӕнхъизӕн амоны тӕригъӕдмӕ (Матфейы 16:11, 12; 1 Коринфӕгтӕм 5:6, 7). Йесо та уыд ӕнӕтӕригъӕд. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕххӕст зӕххон буар уыди ӕмбӕлон ӕлхӕнӕг нывонд адӕмы сӕрвӕлтау (1 Иоанны 2:1, 2). Уӕдӕ куыд раст у, Чырыстийы ӕнӕтӕригъӕд буар цы дзул ӕвдисы, уый ӕнӕ ӕнхъизӕнӕй кӕй у!

Йесо ма арфӕ ракодта сыгъдӕг сырх сӕны нуазӕны тыххӕй дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы нуазӕн у ног фӕдзӕхст [«бадзырд», НФ] Мӕн Туджы мидӕг [«фӕрцы», НФ]» (1 Коринфӕгтӕм 11:25). Нуазӕны сырх сӕн амоны Йесойы туг. Н. э. агъоммӕ 1513 азы Хуыцау ӕмӕ Израилы адӕмы ’хсӕн Закъоны бадзырд нывонд галтӕ ӕмӕ сӕгъты туджы руаджы куыд сфидар, афтӕ Йесойы тугныккалдӕй та йӕ тыхы бацыд ног бадзырд.

Нысӕнттӕй чи аходы?

Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходыны бар кӕмӕн ис, уый сбӕлвырд кӕнынӕн хъуамӕ бамбарӕм, ног бадзырд цы у ӕмӕ кӕимӕ ӕрцыд арӕзт. Библи дзуры: «„Мӕнӕ! Ӕрцӕуынц бонтӕ,— дзуры Иегъовӕ,— ӕмӕ ӕз сфидар кӕндзынӕн Израилы хӕдзаримӕ ӕмӕ Иудӕйы хӕдзаримӕ ног бадзырд... Ӕз сын мӕ закъон сӕ мидӕг нывӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕты сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕмӕ ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау ӕмӕ уыдон та суыдзысты мӕ адӕм. [...] Ӕз сын ныххатыр кӕндзынӕн сӕ рӕдыдтытӕ ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрымысдзынӕн“» (Иереми 31:31—34).

Ног бадзырд фадат дӕтты Иегъовӕ Хуыцауимӕ сӕрмагонд ахастытӕн: уый руаджы бӕрӕг адӕймӕгты къорд свӕййы йӕ адӕм, ӕмӕ уый та — сӕ Хуыцау. Иегъовӕйы закъон фыст ӕрцыд сӕ «мидӕг», сӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ суанг йӕ райгуырдӕй сунӕт дзуттаг чи нӕу, уыдонӕн дӕр сӕ бон у ног бадзырды бацӕуын ӕмӕ Хуыцауимӕ ахастытӕ скӕнын (Ромӕгтӕм 2:29). Библийы фысджытӕй иу, Лука, фыссы, зӕгъгӕ, Хуыцауы фӕнды «ӕркӕсын муртаттӕм, цӕмӕй уыдонӕй скӕна адӕм Йӕхи номыл» (Куыстытӕ 15:14). 1 Петры 2:10 гӕсгӕ уыдон «кӕддӕр адӕм нӕ [уыдысты], ныр та Хуыцауы адӕм». Фыстад сӕ хоны «Хуыцауы Израил», ома монон Израил (Галатӕгтӕм 6:16; 2 Коринфӕгтӕм 1:21). Уӕдӕ ног бадзырд арӕзт ӕрцыд Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ монон Израилы ’хсӕн.

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд ма йӕхӕдӕг дӕр семӕ скодта ӕндӕр бадзырд. «Ӕз уемӕ аразын,— загъта сын уый,— паддзахады тыххӕй бадзырд, мӕ Фыд мемӕ бадзырд куыд сарӕзта, афтӕ» (Лукайы 22:29НД). Уый у Паддзахады бадзырд. Ӕнӕххӕст адӕмӕй Паддзахады бадзырдмӕ ист ӕрцыд 144 000. Уӕларвон цардмӕ куы райгас уой, уӕд Чырыстиимӕ иумӕ хицауиуӕг кӕндзысты паддзӕхтӕй ӕмӕ сауджынтӕй (Раргомад 5:9, 10; 14:1—4). Уӕдӕ Иегъовӕ Хуыцауимӕ ног бадзырды чи ис, уыдон ма ноджыдӕр сты Паддзахады бадзырды Йесо Чырыстиимӕ дӕр. Ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Хицауы ӕхсӕвӕры нысӕнттӕй аходын.

Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходыны бар кӕмӕн ис, уыдон ӕй куыд базонынц, Хуыцауимӕ сын сӕрмагонд ахастытӕ кӕй ис ӕмӕ Чырыстиимӕ ӕмбындартӕ кӕй сты? Павел ӕмбарын кӕны: «Ацы [сыгъдӕг] Уд ӕвдисӕн лӕууы мах удӕн [нӕ зондахастимӕ], мах Хуыцауы сывӕллӕттӕ кӕй стӕм. Ӕмӕ кӕд сывӕллӕттӕ, уӕд бындартӕ дӕр, Хуыцауы бындартӕ, ӕмбындартӕ Чырыстийӕн, кӕд ӕрмӕст Йемӕ хъизӕмар кӕнӕм, цӕмӕй Йемӕ дӕр скадджын уӕм» (Ромӕгтӕм 8:16, 17).

Хуыцау йӕ сыгъдӕг уды руаджы, кӕнӕ архайгӕ тыхы руаджы, байсӕрды Чырыстийы ӕмбындарты. Афтӕмӕй уыдон фидарӕй фӕзонынц, Паддзахады бындартӕ кӕй сты. Сӕрст чырыстӕттӕ бамбарынц, уӕларвон царды ныфс сын кӕй ис, уый. Библийы уӕларвон царды тыххӕй цыдӕриддӕр дзырдӕуы, уый ӕмбарынц сӕрмагондӕй сӕхимӕ. Уымӕй уӕлдай ма уыдон цӕттӕ сты нывондӕн ӕрхӕссын ӕппӕт зӕххон хорздзинӕдтӕ, уыимӕ зӕххон цард ӕмӕ сӕ адӕмимӕ цыдӕриддӕр бӕтты, уый. Сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕ ӕмбарынц, кӕд зӕххыл Дзӕнӕты диссаджы цард уыдзӕн, уӕддӕр уыцы ныфс уыдонӕн нӕу (Лукайы 23:43). Сӕрст чырыстӕттӕн ис фидар уӕларвон ныфс ӕмӕ бындуриуӕг кӕны мӕнг дины цӕстӕнгӕстыл нӕ, фӕлӕ сыл Хуыцауы сыгъдӕг уд кӕй ӕндавы, ууыл, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ ис Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходыны бар.

Фӕлӕ исчи куы дызӕрдыг кӕна, ног бадзырды ӕмӕ Паддзахады бадзырды ис ӕви нӕ, ууыл, уӕд та цы? Стӕй ма, Чырыстиимӕ ӕмбындар кӕй у, уый тыххӕй йын Хуыцауы сыгъдӕг уды ӕвдисӕнад куы нӕ фаг кӕна, уӕд та? Уӕд ахӕм адӕймагӕн Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходын не ’мбӕлы. Ӕцӕгдӕр, Хуыцауӕн хъыг уаид, адӕймаг уӕларвмӕ хуынд куы нӕ уа, афтӕмӕй зонгӕ-зонын йӕхи уӕларвон паддзах ӕмӕ сауджын куы хонид, уӕд (Ромӕгтӕм 9:16; Раргомад 22:5).

Куыд арӕх ӕй хъӕуы бӕрӕг кӕнын?

Цымӕ Йесойы мӕлӕт алы къуыри дӕр кӕнӕ та, чи зоны, алы бон дӕр хъӕуы бӕрӕг кӕнын? Чырысти Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ рӕстӕй куы амардтой, уӕд уыд Куадзӕны бон. Ӕрмӕстдӕр афӕдз иу хатт, 14 нисаны, израилӕгтӕ бӕрӕг кодтой Куадзӕн. Египеты цагъарадӕй кӕй ссӕрибар сты, уый сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынӕн (Рацыд 12:6, 14; Левит 23:5). Уӕдӕ «нӕ Куадзӕн», Чырыстийы мӕлӕт, хъуамӕ бӕрӕг кӕнӕм ӕрмӕстдӕр афӕдз иу хатт, ӕрвылкъуыри кӕнӕ ӕрвылбон нӕ, фӕлӕ (1 Коринфӕгтӕм 5:7). Чырыстӕттӕ Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнынц, Йесо йын бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд ӕй цы фӕткмӕ гӕсгӕ кодта, афтӕ.

Ӕмӕ куыд ӕмбарын хъӕуы Павелы ныхӕстӕ та: «Алы хатт, сымах куы хӕрут ацы дзул ӕмӕ нуазут ацы нуазӕн, Хицауы мӕлӕт хъусын кӕнут, цалынмӕ Уый ӕрцӕуа»? (1 Коринфӕгтӕм 11:26). Уый дзырдта, зӕгъгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ нысӕнттӕй куы аходой, уӕд алы хатт дӕр ӕвдисдзысты, Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывондыл кӕй ӕууӕндынц.

Сӕрст чырыстӕттӕ хъуамӕ Чырыстийы мӕлӕт бӕрӕг кӕной, «цалынмӕ Уый ӕрцӕуа», уӕдмӕ. Ома цалынмӕ Йесо не ’рцӕуа йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты уӕларвмӕ акӕнынмӕ — «адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы куы уа», уӕд сӕ уӕларвон цардмӕ куы ӕгас кӕна, уӕдмӕ (1 Фессалоникӕгтӕм 4:14—17). Уый разы у Чырысти йӕ 11 иузӕрдион апостолӕн цы загъта, уыимӕ: «Куы ацӕуон ӕмӕ ӕрцӕттӕ кӕнон бынат сымахӕн, ӕрцӕудзынӕн ногӕй ӕмӕ акӕндзынӕн сымах Мӕхимӕ, цӕмӕй сымах дӕр, Ӕз кӕм дӕн, уым уат» (Иоанны 14:3).

Ӕрымысӕн изӕрӕн ӕцӕгдӕр дӕ царды исты нысаниуӕг ис?

Цӕмӕй нын Йесойы нывонд ахъаз кӕна ӕмӕ нӕ бон ӕнустӕм зӕххыл цӕрын уа, уый тыххӕй Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы аходын? Нӕ. Библийы ӕппындӕр ницы дзырдӕуы, Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, уыцы адӕм — Ной, Авраам, Саррӕ, Исахъ, Ревеккӕ, Иосиф ӕмӕ Давид — зӕххыл куы райгас уой, уӕд ацы нысӕнттӕй кӕй аходдзысты. Фӕлӕ ацы адӕмы дӕр ӕмӕ ма, зӕххыл ӕнустӕм цӕрын кӕй фӕнды, ӕппӕт уыдоны дӕр хъӕудзӕн ӕууӕндын Хуыцауыл ӕмӕ Чырыстийыл, ӕмӕ Иегъовӕ Йесойы ӕлхӕнӕг нывондӕн кӕй ратта, ууыл дӕр (Иоанны 3:36; 14:1). Цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай, уый тыххӕй дӕу дӕр хъӕуы ахӕм уырнындзинад. Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысыны фӕдыл ӕрвылаз дӕр цы фембӕлд вӕййы, уырдӕм куы ӕрбацӕуай, уӕд уыцы стыр нывонд дӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн ӕмӕ йын тынгдӕр саргъ кӕндзынӕ.

Апостол Иоанн бахахх кодта Йесойы нывонд куыд ахсджиаг у: «Адон фыссын сымахмӕ [сӕрст ӕфсымӕртӕм], цӕмӕй тӕригъӕд ма кӕнат; фӕлӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд махӕн ис Минӕвар Фыды раз, Йесо Чырысти, Рӕстгӕнӕг; Уый у зӕрдӕ фӕлмӕнгӕнӕг мах тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ ӕрмӕст мах нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй» (1 Иоанны 2:1, 2). Сӕрст чырыстӕттӕн сӕ бон у зӕгъын, Йесойы нывонд сын сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ӕмбӕрзы. Фӕлӕ ма уыцы нывонд ӕмбӕрзы ӕгас дунейы тӕригъӕдтӕ дӕр, ӕмӕ уый руаджы коммӕгӕс адӕмӕн сӕ бон у ӕнустӕм цӕрын!

2004 азы 4 апрелы ацӕудзынӕ Йесойы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ? Ацы цау ӕгас дунейы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бӕрӕг кӕндзысты, фембӕлдтӕ сын кӕм вӕййы, уым. Куы ӕрбацӕуай, уӕд дын стыр ахъаз фӕуыдзысты, Библийӕ уый фӕдыл цы ахсджиаг хабӕрттӕ радзурой, уыдон. Дӕ зӕрдыл дын ӕрлӕууын кӕндзысты, Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти мах тыххӕй цас сарӕзтой, уый. Хуыздӕрырдӕм дыл фӕзындзӕн, Хуыцау ӕмӕ Чырыстийӕн, стӕй ма Йесойы ӕлхӕнӕг нывондӕн стыр аргъ чи кӕны, уыдонимӕ куы фембӕлай, уый. Кӕй ӕрбацыдтӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ, гӕнӕн ис, тынгдӕр бафӕнда, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, Хуыцауы уыцы хорзӕх банкъарын. Уӕдӕ дӕ мацы бахъыгдарӕд нӕ уӕларвон Фыд, Иегъовӕ Хуыцауӕн кад чи хӕссы ӕмӕ йын ӕхсызгон чи у, уыцы зӕрдӕагайӕг бӕрӕгбонмӕ ӕрбацӕуынӕн.

[Ныв 5 фарсыл]

Йесойы мӕлӕт дзурӕг у дыууӕ удгоймаджы иууыл стырдӕр уарзондзинадыл.

[Ныв 6 фарсыл]

Донгонд дзул ӕмӕ сӕн сты ӕмбӕлон нысӕнттӕ Йесойы ӕнӕтӕригъӕд буар ӕмӕ йӕ тугныккалдӕн.