Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алкӕддӕр Хуыцауы сыгъдӕг удыл нӕ зӕрдӕ дарӕм

Алкӕддӕр Хуыцауы сыгъдӕг удыл нӕ зӕрдӕ дарӕм

Алкӕддӕр Хуыцауы сыгъдӕг удыл нӕ зӕрдӕ дарӕм

«Архай дӕхи равдисын Хуыцауӕн аккагӕй» (2 ТИМОФЕЙМӔ 2:15).

1. Цавӕр ивддзинӕдтӕ свӕййынц нӕ уырнындзинадӕн фӕлварӕн?

ЦАРД ӕнцад нӕ лӕууы, иудадзыг дӕр ивы. Зонад ӕмӕ техникӕ размӕ цӕуынц, адӕмы ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдау та сӕфы. Раззаг статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕхи хъахъхъӕной ацы ӕнӕхуыцау дунейы зондахастӕй. Цард ӕнцад кӕй нӕ лӕууы, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр иудадзыг ивӕм. Кӕддӕр уыдыстӕм сабитӕ, ныр та стӕм хъомылтӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ схъӕздыг уӕм, йе та смӕгуыр уӕм, не ’нӕниздзинад фӕцуда кӕнӕ нӕ ахсджиӕгтӕй исчи амӕла. Ахӕм ивддзинӕдтӕй бирӕтыл нӕ бар нӕ цӕуы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ныр кӕнӕ фидӕны нӕ уырнындзинадӕн суой стыр фӕлварӕн.

2. Цытӕ бавзӕрста царды Давид?

2 Йессейы фырт Давидыл йӕ царды цы хабӕрттӕ ’рцыд, ахӕм хабӕрттӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтыл не ’рцыд. Ацы ӕвзонг фыййауы зонгӕ дӕр ничи кодта, афтӕ иу афон ӕвиппайды сси адӕмон хъӕбатыр. Фӕстӕдӕр знӕт ӕмӕ хӕлӕггӕнаг паддзах, раст цыма сырды фӕдыл зылд, афтӕ йӕ фӕстӕ бафтыд, ӕмӕ Давид хауӕггаг сси. Уый фӕстӕ сси паддзах ӕмӕ уӕлахизхӕссӕг. Стыр тӕригъӕдракӕнды тыххӕй бирӕ мӕстытӕ бавзӕрста. Ӕрцыд ыл стыр зиан. Йӕ бинонтӕ кӕрӕдзийы мидӕг систы. Ӕрӕмбырд кодта стыр фӕллӕйттӕ. Базӕронд ӕмӕ йыл ӕнӕхъаруйы бонтӕ скодтой. Давид кӕд царды алцыдӕр бавзӕрста, уӕддӕр цӕрӕнбонты Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ сыгъдӕг удыл йӕ зӕрдӕ дардта. Йӕ уд хъардта йӕхи «Хуыцауӕн аккагӕй» равдисыныл, ӕмӕ йын Хуыцау дӕр ахъаз кодта (2 Тимофеймӕ 2:15). Кӕд, Давид цы цардвӕндагыл ацыд, ахӕмыл махӕй ничи ацыд, уӕддӕр алы хъуыддаг дӕр куыд лыг кодта, уымӕй зондӕн бирӕ цыдӕртӕ ис райсӕн. Йӕ царды хабӕрттӕй бамбардзыстӕм, цы хъӕуы, цӕмӕй нын алыхуызон уавӕрты Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕна.

Давид фӕзминаг у йӕ сӕрныллӕгдзинадӕй

3, 4. Ӕнӕзонгӕ ӕвзонг фыййау Давиды ном ӕнӕхъӕн бӕстӕйыл куыд айхъуыст?

3 Давид гыццылӕй йӕ бинонты ’хсӕн уӕлдай бӕрӕг нӕ дардта. Пехуымпар Самуил Вифлееммӕ куы ’рцыд, уӕд ын Давиды фыд йӕ разы ӕрлӕууын кодта йӕ авд фырты. Йӕ ӕстӕм, кӕстӕр фырт Давид та уыцы рӕстӕг хызта фыстӕ. Фӕлӕ Иегъовӕ Израилы фидӕны паддзахӕй Давиды равзӕрста. Давидмӕ быдырмӕ ацыдысты ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой. Дарддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй Библийы кӕсӕм: «Самуил зетийы сыкъа райста ӕмӕ дзы Давиды йе ’фсымӕрты раз байсӕрста. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давидыл уыд Иегъовӕйы сыгъдӕг уд» (1 Паддзахӕдты 16:12, 13). Давид цард-цӕрӕнбонты йӕ зӕрдӕ уыцы сыгъдӕг удыл дардта.

4 Тагъд ацы ӕвзонг фыййауы ном ӕнӕхъӕн бӕстӕйыл айхъуысдзӕн. Давидмӕ паддзахӕн лӕггад кӕнынмӕ ӕмӕ йын дыууадӕстӕнон фӕндырыл цӕгъдынмӕ фӕсидтысты. Уый амардта, суанг фӕлтӕрд израилаг хӕстонтӕ дӕр сӕ ныфс кӕмӕ нӕ хастой, уыцы тыхгӕнӕг лӕгуӕйыг Голиафы. Давиды сӕвӕрдтой ӕфсады сӕргъы ӕмӕ филистимӕгты ныффалгӕрон кодта. Адӕм ӕй бауарзтой ӕмӕ йыл скодтой хъӕбатыры зарджытӕ. Уый размӕ ма дзы паддзах Саулы уынаффӕгӕнӕг ӕппӕлыд, зӕгъгӕ, дыууадӕстӕнон фӕндырыл «диссаджы цагъд кӕны», стӕй ма у «сӕрӕнгуырд, тыхджын хӕстон, мӕлгъӕвзаг ӕмӕ хӕрзконд» лӕппу (1 Паддзахӕдты 16:18; 17:23, 24, 45—51; 18:5—7).

5. Давидмӕ ахӕмӕй цы уыд, цӕмӕй сӕрбӕрзонд суыдаид, фӕлӕ кӕй не сси, уый кӕцӕй зонӕм?

5 Давид уыд домбай хӕстон, стӕй кадджын, хӕрзконд, ӕвзонг, мӕлгъӕвзаг, цӕгъдынмӕ, зарынмӕ рӕвдз ӕмӕ хуыцауыуарзон лӕппу. Ацы миниуджытӕй иу дӕр фаг уыди, цӕмӕй сӕрбӕрзонд суыдаид, фӕлӕ уый сӕрбӕрзонд не сси. Кӕс ма, паддзах Саул йӕ чызджы Давидӕн куы лӕвӕрдта, уӕд ын сӕрныллӕгӕй цы дзуапп радта: «Чи дӕн ӕз, чи сты мӕ къабӕзтӕ ӕмӕ мӕ фыды мыггаг Израилы, цӕмӕй паддзахы сиахс суон?» (1 Паддзахӕдты 18:18). Иу ахуыргонд ацы стихы фӕдыл афтӕ фыссы: «Давид дзырдта, йӕхи аккагыл кӕй нӕ нымадта паддзахы сиахс бауыныл, цыфӕнды миниуджытӕ йӕм ма уыдаид, цыфӕнды мыггаг ӕмӕ хӕдзарӕй ма уыдаид, уӕддӕр».

6. Цӕмӕн нӕ хъӕуы сӕрныллӕгдзинадыл кусын?

6 Давид сӕрныллӕг уымӕн уыд, ӕмӕ ӕмбӕрста, Иегъовӕ алцӕмӕй дӕр ӕнӕххӕст адӕймагӕй бӕрзонддӕр кӕй у. Дисы йӕ ӕфтыдта, Хуыцау адӕймагмӕ, уӕвгӕ, йе ’ргом кӕй здахы, уый (Псалом 143:3). Стӕй ма зыдта: цыфӕнды кад ын ма уыдаид, уӕддӕр уый уыд Иегъовӕйы сӕрныллӕгдзинады руаджы — Иегъовӕ ӕрныллӕг кодта йӕхи, цӕмӕй йын ӕххуыс кодтаид, хъахъхъӕдтаид ӕй ӕмӕ йыл аудыдтаид (Псалом 17:36). Цӕй диссаджы цӕвиттон у! Цыфӕнды курдиатджын, ӕнтыстджын ма уӕм ӕмӕ ныл ӕмбырды цасфӕнды хӕстӕ ма уа, уӕддӕр сӕрбӕрзонд макуы суӕм. «Цы дӕм ис, цы нӕ райстай ахӕмӕй?— фыста апостол Павел.— Ӕмӕ кӕд райстай, цӕуыл ӕппӕлыс, цыма нӕ райстай?» (1 Коринфӕгтӕм 4:7). Уӕдӕ нӕ Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕмӕ хорзӕх райсыны тыххӕй хъӕуы ӕдзухдӕр сӕрныллӕгдзинадыл кусын (Иаковы 4:6).

«Уӕхи тыххӕй мастисӕн ма кӕнут»

7. Цавӕр фадат фӕзынд Давидӕн паддзах Саулы амарынӕн?

7 Давид тынг скадджын, фӕлӕ йӕхиуыл нӕ фервӕссыд. Паддзах Саул та, Хуыцау йӕ сыгъдӕг уд кӕмӕй айста, уый фырхӕлӕгӕй сызнӕт. Ӕмӕ кӕд Давид ӕвзӕрӕй никӕмӕн ницы ракодта, уӕддӕр ӕдзӕрӕг быдырмӕ лидзинаг фӕци. Иу заман Саул, Давиды фӕстӕ агъуыд бирӕгъау зилгӕйӕ, лӕгӕтмӕ бацыд. Фӕлӕ нӕ зыдта, Давид уым йе ’мбӕлттимӕ кӕй бамбӕхст. Давидмӕ йе ’мбӕлттӕ дзурынц, зӕгъгӕ дын ӕй Хуыцау дӕ къухмӕ дӕтты ӕмӕ йӕ амар. Уыцы талынджы Давидмӕ йӕ адӕм хъус-хъус куыд адзырдтаиккой, уый ма нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм: «Иегъовӕ дын цы бонӕй дзырдта, зӕгъгӕ, „мӕнӕ! Де знаджы дын дӕ къухмӕ дӕттын ӕмӕ дӕ цы фӕнды, уый йын бакӕн“, уыцы бон ӕрцыд!» (1 Паддзахӕдты 24:2—6 [24:3—7]).

8. Давид Саулӕй йӕ маст цӕуылнӕ райста?

8 Давид Саулмӕ нӕ бавнӕлдта. Уый ӕппӕт дӕр Иегъовӕйы бӕрны бакодта, уымӕн ӕмӕ йыл ӕууӕндыд ӕмӕ тагъд нӕ кодта. Саул лӕгӕтӕй куы рахызт, уӕд ӕм Давид радзырдта: «Нӕ дыууӕйӕ зылын чи у, уый Иегъовӕ равзарӕд, ӕмӕ дӕ мӕ маст Иегъовӕ райсӕд. Ӕз та дӕм мӕ къух нӕ сисдзынӕн» (1 Паддзахӕдты 24:12 [24:13]). Кӕд Давид зыдта, Саул раст нӕу, уӕддӕр дзы йӕ маст нӕ райста, стӕй йӕм нӕдӕр ӕфхӕрӕн ныхас скодта, нӕдӕр йӕ фыдгой кодта. Давидӕн ма уый фӕстӕ дӕр цалдӕр хатты уыди йӕ бон Саулӕй йӕ маст райсын, фӕлӕ-иу йӕхи баурӕдта. Уый ӕппӕт дӕр Иегъовӕйы бӕрны бакодта, расты ӕмӕ зылыны уый равзардзӕн, зӕгъгӕ (1 Паддзахӕдты 25:32—34; 26:10, 11).

9. Кӕд нӕ ныхмӕ цӕуынц кӕнӕ нӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр сӕ нӕ маст цӕуылнӕ хъуамӕ исӕм?

9 Ды дӕр, чи зоны, Давидау бахаудтӕ цавӕрдӕр уӕззау уавӕры. Зӕгъӕм, де ’мкъласонтӕ, де ’мкусджытӕ, дӕ бинонтӕ кӕнӕ ӕндӕр исчи дӕ дины тыххӕй дӕ ныхмӕ цӕуы кӕнӕ дӕ ӕфхӕры. Дӕ маст сӕ ма ис. Иегъовӕйыл дӕ ныфс дар, сыгъдӕг уды ӕххуыс дзы кур. Чи зоны, ӕмӕ дӕ уагахаст уыцы ӕнӕуырнджытыл бандава, ӕмӕ уыдон дӕр Хуыцауы фӕндагыл ӕрлӕууой (1 Петры 3:1). Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕй зон, Иегъовӕ дӕ уыны ӕмӕ дын рӕстӕгыл баххуыс кӕндзӕн. Апостол Павел афтӕ фыста: «Уӕхи тыххӕй мастисӕн ма кӕнут, уарзонтӕ, фӕлӕ раттут бынат Хуыцауы мастӕн, уымӕн ӕмӕ фыст у: „Мӕнӕн мастисӕн, Ӕз бафиддзынӕн, зӕгъы Хицау“» (Ромӕгтӕм 12:19).

«Зондамындмӕ хъусӕм»

10. Давидыл стыр рӕдыд куыд ӕрцыд ӕмӕ йӕ басусӕг кӕныныл куыд архайдта?

10 Азтӕ аивгъуыдтой. Давид сси адӕмӕн уарзон паддзах ӕмӕ йӕ кад дардыл айхъуыст. Диссаджы иузӕрдыг адӕймаг кӕй уыд, стӕй Иегъовӕйы кадӕн рӕсугъд псаломтӕ кӕй ныффыста, уымӕ гӕсгӕ исчи загътаид, зӕгъгӕ, ацы лӕгыл рӕдыд никуы ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ ма ӕгӕр дӕр ӕрцыд. Иу хатт йӕ хӕдзары сӕрӕй иу рӕсугъд сылгоймаджы йӕхи найгӕ федта. Фӕрафӕрс-бафӕрс кодта, чи у, цы у, зӕгъгӕ. Базыдта йын йӕ ном — Вирсави. Стӕй куы фехъуыста, йӕ лӕг Ури хӕсты кӕй ис, уӕд сылгоймаджы ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыди. Уый фӕстӕ Давид базыдта, Вирсави кӕй басывӕрджын. Уыцы хабар куы ахъӕр уа, уӕд сӕ фӕндырты фӕцӕгъддзысты! Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ хӕтындзинады тыххӕй адӕймаджы кодтой маргӕ. Уыцы тӕригъӕд басусӕг кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта паддзах. Уримӕ Иерусалиммӕ ӕрсидт,— фӕндыд ӕй, цӕмӕй Ури ӕхсӕв йӕ бинойнагимӕ баззадаид. Фӕлӕ йын дзы ницы рауад. Давид йӕ сӕрӕн ницыуал зыдта. Ӕмӕ уӕд Урийы арвыста ӕфсӕддон хицау Иоавмӕ фыстӕгимӕ, зӕгъгӕ йӕ хӕсты цӕхӕры астӕу сӕвӕр, йӕ мӕлӕт дзы куыд ссара. Иоав паддзахы ныхас сӕххӕст кодта — Ури фӕмард. Вирсави йӕ лӕджы зианыл куы фӕхъынцъым кодта, уӕд дзы Давид йӕхицӕн ус скодта (2 Паддзахӕдты 11:1—27).

11. Цавӕр ӕмбисонд радзырдта Нафан Давидӕн ӕмӕ йыл куыд бандӕвта?

11 Давид ӕнхъӕлдта, зӕгъгӕ мӕ фӕндтӕ мӕ къухы бафтыдысты. Фӕлӕ хъуамӕ зыдтаид, Иегъовӕ ӕппӕт дӕр кӕй уыдта (Дзуттытӕм 4:13). Рацыд цалдӕр мӕйы, Вирсавийӕн райгуырд лӕппу. Ӕмӕ уӕд Хуыцау Давидмӕ арвыста пехуымпар Нафаны. Пехуымпар паддзахӕн радзырдта иу ӕмбисонд: хъӕздыг лӕгмӕ уыдис бирӕ фысвос, фӕлӕ мӕгуыр лӕджы иунӕг фысы аргӕвста. Мӕгуыр лӕг йӕ фысы хъӕбулау уарзта. Ацы ныхӕстӕй рӕстзӕрдӕ Давид фестъӕлфыд — уый та куыд! Фӕлӕ Нафан уыцы хабар цӕмӕн радзырдта, уый нӕ бамбӕрста. Давид хъӕздыг лӕгӕн уайтӕккӕ тӕрхон рахаста ӕмӕ мӕстӕлгъӕдӕй Нафанӕн загъта: «Афтӕ чи бакодта, уыцы адӕймаг маринаг у!» (2 Паддзахӕдты 12:1—6).

12. Цавӕр тӕрхон рахаста Иегъовӕ Давидӕн?

12 «Уыцы адӕймаг ды дӕ, ды!»— загъта йын пехуымпар. Давид тӕрхон рахаста йӕхицӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Давидӕн уайтагъд йӕ маст ӕрысыст ӕмӕ йӕхимӕ ӕгад ӕркаст, йӕ зӕрдӕ нырхӕндӕг. Лӕг ӕдзӕмӕй бадт ӕмӕ хъуыста Иегъовӕйы ӕнӕаивгӕ тӕрхонмӕ. Иу зӕрдӕлӕууӕн ныхас дӕр дзы нӕ уыд. Давид ахӕм митӕ кӕй бакодта, уымӕй Иегъовӕйы ныхас йӕ къӕхты бын ныккодта. Уый нӕ амарын кодта Урийы знаджы цирхъӕй? Ныр йӕ хӕдзарӕй цирхъ нӕ айстӕуыдзӕн. Урийы усы сусӕгӕй не ’рбакӕнын кодта? Ахӕм ӕнамонд хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн ууыл дӕр, ӕрмӕст сусӕгӕй нӕ, фӕлӕ сӕ иууылдӕр куыд базоной (2 Паддзахӕдты 12:7—12).

13. Давид Иегъовӕйы зондамындмӕ цы цӕстӕй ракаст?

13 Давидӕн саргъ кӕнын ӕмбӕлы, йӕ рӕдыдыл кӕй басаст, уый тыххӕй. Пехуымпар Нафаныл йӕ пырх нӕ акалдта. Аххосджын дӕр дзы никӕй фӕкодта ӕмӕ йӕ миты тыххӕй дӕр йӕхи нӕ рӕстытӕ кодта. Нафан ын йӕ тӕригъӕдтӕ комкоммӕ куы загъта, уӕд басаст ӕмӕ афтӕ бакодта: «Ӕз Иегъовӕйы раз ракодтон тӕригъӕд» (2 Паддзахӕдты 12:13). 50 псаломы фыст ис, Давид йӕхи куыд ӕфхӕрдта, фӕсмонӕй йӕхи куыд хордта. Уый Иегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта: «Ма аппар мӕн Дӕ цӕсгомӕй, ӕмӕ Дӕ Сыгъдӕг Уды ма айс мӕнӕй». Давиды ныфс уыд, тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау Иегъовӕ тӕригъӕдракӕнды уӕзӕй «саст... зӕрдӕйыл» ӕлгъ кӕй нӕ бакӕндзӕн (Псалом 50:13, 19). Уый раздӕрау йӕ зӕрдӕ дардта Хуыцауы сыгъдӕг удыл. Кӕд ӕй Иегъовӕ, йӕ миты тыххӕй цы маст бавзӕрста, уымӕй нӕ бахызта, уӕддӕр ын ныххатыр кодта.

14. Иегъовӕйы зондамындмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

14 Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ рӕдийаг (Ромӕгтӕм 3:23). Гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр Давидау стыр тӕригъӕд ӕруадзӕм. Уарзӕгой фыд йӕ сывӕллоны куыд бафхӕры, афтӕ Иегъовӕ дӕр, зӕрдӕбынӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдоны бафхӕры, цӕмӕй сын зонд бацамона. Ӕфхӕрд пайда у, фӕлӕ йын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕу хъӕцын. Хатт вӕййы «ӕнкъарды хос» дӕр (Дзуттытӕм 12:6, 11НФ). Фӕлӕ уӕддӕр «зондамындмӕ куы хъусӕм», уӕд нӕ бон бауыдзӕн Иегъовӕимӕ бафидауын (Ӕмбисӕндтӕ 8:33). Уӕдӕ нын цӕмӕй Иегъовӕ дарддӕр дӕр йӕ сыгъдӕг удӕй ахъаз кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ӕфхӕрдӕн хъӕцӕм ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх ссарыныл нӕ уд хъарӕм.

Мӕнг хъӕздыгдзинадӕй ныфсджын ма уӕм

15. а) Иуӕй-иутӕ сӕ мулкӕй цы саразынц? ӕ) Давид йӕ фӕллӕйттӕй цы саразынмӕ хъавыд?

15 Давид хъӕздыг, нымад лӕджы фырт уыд, ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырд у: Давид йӕ паддзахиуӕгады рӕстӕг ӕрӕмбырд кодта бирӕ хъӕздыгдзинад. Иу ӕмӕ дыууӕ не сты, бирӕ мулк чи ӕрӕмбырд кӕны, стӕй дзы чи нал фефсӕды ӕмӕ йӕ ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл чи фӕхардз кӕны, ахӕм адӕм. Чидӕр та йе ’хцайӕ йӕхицӕн ном скӕныныл фӕархайы (Матфейы 6:2). Давид афтӕ нӕ кодта. Тынг ӕй фӕндыд Иегъовӕйы сбӕрзонд кӕнын. Нафанӕн загъта, йӕ зӕрды кӕй ис Иегъовӕйӕн кувӕндон саразын, цӕмӕй, Иерусалимы «цатыры астӕу» цы бадзырды ковчег лӕууыд, уый уыцы кувӕндоны ӕвӕрд ӕрцӕуа. Давиды фӕнд Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, фӕлӕ йын Нафаны дзыхӕй загъта, зӕгъгӕ, кувӕндон сараздзӕн дӕ фырт Соломон (2 Паддзахӕдты 7:1, 2, 12, 13).

16. Кувӕндон аразынӕн Давид цы ӕрцӕттӕ кодта?

16 Давид уыцы стыр кувӕндон аразынӕн ӕрцӕттӕ кодта ӕрмӕг. Йӕ фырт Соломонӕн загъта: «Иегъовӕйы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кодтон сӕдӕ мин таланты сызгъӕрин ӕмӕ милуан таланты ӕвзист; ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг та уыйбӕрц ӕрӕмбырд, ӕмӕ йӕ сбарӕн дӕр нӕй; ӕрцӕттӕ ма кодтон хъӕдӕрмӕг ӕмӕ дуртӕ дӕр — адӕттӕм ма-иу дӕхӕдӕг дӕр бафтау». Йӕхӕдӕг та ма бахай кодта 3 000 таланты сызгъӕрин ӕмӕ 7 000 таланты ӕвзист * (1 Паралипоменон 22:14; 29:3, 4). Давид утӕппӕт цыдӕртӕ йӕ хъӕздыгдзинад равдисынӕн нӕ бакодта, фӕлӕ Иегъовӕ Хуыцауыл зӕрдӕйӕ кӕй уыд, кӕй йыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй. Уыцы хъӕздыгдзинад ӕм кӕцӕй уыд, уый хорз ӕмбӕрста ӕмӕ уымӕн загъта Иегъовӕйӕн: «Алцыдӕр дӕуӕй у ӕмӕ дын мах цы радтам, уый дӕр дӕхи къухӕй у» (1 Паралипоменон 29:14). Раст дины тыххӕй Давиды рӕдау зӕрдӕ ницы хӕлӕг кодта.

17. 1 Тимофеймӕ 6:17—19 фыст уынаффӕ хъӕздгуытӕм дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕм дӕр куыд хауы?

17 Мах дӕр нӕ исбон хорз хъуыддӕгтӕн ма ӕвгъау кӕнӕм. Мулк ӕмбырд кӕнынӕй бирӕ хуыздӕр у Хуыцауы хорзӕх агурын, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй адӕймаг ссардзӕн ӕцӕг зонд ӕмӕ уыдзӕн амондджын. Павел фыста: «Ацы дуджы хъӕздгуытӕн амон, цӕмӕй уыдон бӕрзонд ма хъуыды кӕной сӕхи тыххӕй, ӕмӕ сӕ ныфс ма ӕвӕрой сӕ ӕнӕраст [«мӕнг», НФ] хъӕздыгадыл, фӕлӕ ӕгас Хуыцауыл, махӕн ӕппӕт дӕттӕг парахатӕй нӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн; цӕмӕй уыдон хӕрзгӕнджытӕ уой, хъӕздыг кӕной хорз хъуыддӕгтӕй, уой рӕдау ӕмӕ адӕмлымӕнтӕ, ӕмбырдгӕнгӕйӕ сӕхицӕн хӕзна, хорз бындур фидӕнмӕ, цӕмӕй фӕхӕццӕ уой мыггагмӕйы цардмӕ» (1 Тимофеймӕ 6:17—19). Хъӕздыг цӕрӕм ӕви мӕгуыр, уӕддӕр Хуыцауы сыгъдӕг удыл нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ «Хуыцауы мидӕг... хъӕздыг кӕнӕм» (Лукайы 12:21). Царды та нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды хорзӕхӕй зынаргъдӕр цы ис!

Архай дӕхи равдисын Хуыцауӕн аккагӕй

18. Чырыстӕттӕн Давид фӕзминаг цӕмӕй у?

18 Цард-цӕрӕнбонты Давид архайдта ууыл, цӕмӕй дзы Хуыцау райгонд уыдаид. Иу зарӕджы лӕгъстӕ кодта Хуыцауӕн: «Фӕтӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау, фӕтӕригъӕд мын кӕн; уымӕн ӕмӕ Дӕуыл ӕнхъӕлцау у мӕ уд» (Псалом 56:2). Давид йӕ ныфс Иегъовӕйыл кӕй дардта, уымӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл. Давид зӕрыбонтӕм фӕцард — «цардӕй бафсӕст» (1 Паралипоменон 23:1). Кӕд ыл стыр рӕдыдтытӕ ӕрцыд, уӕддӕр у, Хуыцауӕн цы иузӕрдион ӕвдисӕнтӕ уыд, уыдонӕй иу (Дзуттытӕм 11:32).

19. Куыд у нӕ бон нӕхи Хуыцауӕн аккагӕй равдисын?

19 Дӕ царды-иу исты куы фӕива, уӕд-иу дӕ рох ма уӕд — Иегъовӕ Давидӕн куыд ахъаз кодта, хъару йын куыд лӕвӕрдта ӕмӕ йын зонд куыд амыдта, дӕуӕн дӕр афтӕ ахъаз кӕндзӕн. Апостол Павел дӕр, Давидау, царды бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрста. Ӕмӕ уый дӕр Хуыцауыл уыд иузӕрдион, йӕ сыгъдӕг удыл ын йӕ зӕрдӕ дардта. Уый фыста: «Алцыдӕр мӕ бон у бафӕразын, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:12, 13НД). Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл ӕнувыд уӕм. Ӕмӕ йыл ӕнувыд уӕм, уый та йӕ тынг фӕнды. Куы йӕм хъусӕм, ӕввахсдӕр ӕм куы кӕнӕм, уӕд нын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн хъарутӕ дӕтдзӕн. Ӕмӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы сыгъдӕг удыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд нӕ бон бауыдзӕн ныр дӕр ӕмӕ ӕнусты дӕр «нӕхи Хуыцауӕн аккагӕй ӕвдисын» (2 Тимофеймӕ 2:15).

[Фиппаинаг]

^ 16 абз. Давид кувӕндон аразынӕн цы бахай кодта, уый абоны ӕхцайӕ у 1 200 000 000 доллӕры.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма суӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

• Цӕуылнӕ хъӕуы маст исын?

• Зондамындмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

• Ныфсджын хъӕздыгдзинадӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 24, 25 фарсыл]

Давид сыгъдӕг удыл йӕ зӕрдӕ дардта ӕмӕ архайдта, Хуыцау дзы райгонд куыд уыдаид, ууыл. Ды дӕр афтӕ кӕныс?