Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕрцыд Йӕ сахат»!

«Ӕрцыд Йӕ сахат»!

«Ӕрцыд Йӕ сахат»!

«Ӕрцыд Йӕ сахат ацы дунейӕ Фыдмӕ ацӕуынмӕ» (ИОАННЫ 13:1).

1. Н. э. 33 азы Куадзӕны хӕдразмӕ Иерусалимы адӕм цӕуыл хъуыды кодтой ӕмӕ цӕмӕн?

НӔ ЭРӔЙЫ 29 азы Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд слӕууыд, мӕлӕтмӕ, райгасдзинадмӕ ӕмӕ йӕ сбӕрзонд уӕвыны «сахатмӕ» чи хъуамӕ ӕркодтаид, уыцы фӕндагыл. Ныр та у н. э. 33 аз, уалдзӕг. Иудейты сӕйраг тӕрхондон Синедрион Йесойы амарыны уынаффӕ куы рахаста, уымӕй рацыд ӕрмӕстдӕр цалдӕр къуырийы. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фыдвӕнд базыдта, ӕвӕццӕгӕн, Синедрионы уӕнг Никодимӕй, уымӕн ӕмӕ йӕм уый хорз зӕрдӕ дары. Ӕмӕ ацыд Иерусалимӕй, Иорданы фаллаг фарс цы хъӕутӕ уыд, уырдӕм. Тагъд Куадзӕн кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ адӕм алырдыгӕй ӕмбырд кӕнынц Иерусалиммӕ ӕмӕ сахары иууылдӕр кӕнынц Йесойы кой. «Куыд уӕм кӕсы? — фӕрсынц адӕм сӕ кӕрӕдзи — нӕ ӕрцӕудзӕн Уый бӕрӕгбонмӕ?» Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ та ноджы фӕтынгдӕр кодтой адӕмы цымыдисдзинад, уымӕн ӕмӕ бардзырд радтой, цӕмӕй Йесо кӕм ис, уый исчи куы базона, уӕд сын ӕй фехъусын кӕна (Иоанны 11:47—57).

2. Мариа цавӕр дзырддаг ми бакодта ӕмӕ Йесо йӕ сӕрыл кӕй рахӕцыд, уымӕй куыд равдыста, «Йӕ сахаты» тыххӕй кӕй зоны, уый?

2 8 нисаны, Куадзӕнмӕ ма ӕхсӕз боны куы хъуыд, уӕд та Йесо ногӕй ис Иерусалимӕй ӕртӕ километры дарддӕр. Уый ӕрцыд, йӕ уарзон хӕлӕрттӕ Марфӕ, Мариа ӕмӕ Лазӕр кӕм цӕрынц, уыцы хъӕу Вифанимӕ. Ныр у майрӕмбон, изӕр, ӕмӕ Йесо сабатмӕ баззад уым. Иннӕ бон изӕры, Мариа йын зынаргъ хорзтӕфгӕнаг зетийӕ йӕ къӕхтӕ куы байсӕрста ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ йӕ дзыккутӕй куы ныссӕрфта, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ныууадзут ӕй; Мариа уый бавӕрдта Мӕн ныгӕнӕн бонмӕ; уымӕн ӕмӕ мӕгуыргуртӕ ӕдзухдӕр уемӕ сты, фӕлӕ Ӕз ӕдзух нӕ дӕн» (Иоанны 12:1—8; Матфейы 26:6—13). Йесо зоны, «кӕй ӕрцыд Йӕ сахат ацы дунейӕ Фыдмӕ ацӕуынмӕ», уый (Иоанны 13:1). Фондз боны фӕстӕ «Йӕ уд ратдзӕн бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Маркы 10:45). Нырӕй фӕстӕмӕ Йесо цы аразы ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕй бӕрӕг у, кӕй ӕмбары, рӕстӕг бирӕ кӕй нал ис, уый. Цӕй диссаджы дӕнцӕг у уый махӕн, ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ зӕрдиагӕй чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы чырыстӕттӕн! Ныр та ӕркӕсӕм, Йесойыл иннӕ бон цы ӕрцыд, уымӕ.

Йесойы кадджын бацыды бон

3. а) Хуыцаубоны, 9 нисаны, Йесо Иерусалиммӕ куыд бацыд ӕмӕ йыл адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд сӕмбӕлдысты? ӕ) Адӕмы ’хсӕнӕй сӕ хъуыр-хъуыр цы фарисейтӕн цыд, уыдонӕн Йесо цавӕр дзуапп радта?

3 Хуыцаубоны, 9 нисаны, Йесо Иерусалиммӕ цӕуы кады цыдӕй, ӕмӕ уымӕй ӕххӕст кӕны Захарийы 9:9-ӕм стихы фыст пехуымпарад. Йесо кӕлӕуыл Сахармӕ куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ адӕм дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц ӕмӕ сӕ бирӕтӕ сӕ дарӕстӕ тауынц йӕ разы, иннӕтӕ та сӕттынц бӕлӕсты къалиутӕ ӕмӕ йын сӕ йӕ разы ӕвӕрынц. Уыдон цингӕнгӕйӕ дзурынц: «Арфӕгонд у Паддзах, Хуыцауы номӕй ӕрцӕуӕг!» Адӕмы ’хсӕн фарисейтӕй иуӕй-иутӕ та дзурынц Йесойӕн, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн «ма кӕн» зӕгъа. Фӕлӕ сын Йесо зӕгъы: «Зӕгъын уын, уыдон куы банцайой, уӕд дуртӕ схъӕр кӕндзысты» (Лукайы 19:38—40, НФ; Матфейы 21:6—9).

4. Йесо Иерусалиммӕ куы бацыд, уӕд сахары адӕм ӕмызмӕлд цӕмӕн систы?

4 Цалдӕр къуырийы размӕ адӕмӕй бирӕтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Йесо Лазӕры куыд райгас кодта, уый. Ӕмӕ ныр уый тыххӕй дзурынц иннӕтӕн. Уымӕ гӕсгӕ Йесо Иерусалиммӕ куы бацыд, уӕд ӕгас сахар ӕмызмӕлд сси. «Уый чи у?» — фӕрсынц адӕм ӕмӕ сын иннӕтӕ дзуапп дӕттынц: «Уый у Йесо, Пехуымпар Галилейаг Назаретӕй». Уый уынгӕйӕ, фарисейтӕ катай кӕнынц: «Ӕппӕт дуне цӕуы Йӕ фӕстӕ» (Матфейы 21:10, 11; Иоанны 12:17—19).

5. Йесо кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд цы ’рцыд?

5 Иерусалимы уӕвгӕйӕ, Номдзыд Ахуыргӕнӕг Йесо ныр дӕр йӕ ахуыр нӕ халы, бацыд та кувӕндонмӕ ӕмӕ ахуыр кӕны адӕмы. Уым ӕм бацыд куырм ӕмӕ къуылых адӕймаг, ӕмӕ йӕ уый сдзӕбӕх кодта. Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ чиныджы дӕснытӕ уый куы федтой, стӕй ма кувӕндоны сывӕллӕттӕ куыд хъӕр кодтой, «осаннӕ Давиды Фыртӕн!», зӕгъгӕ, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст нал урӕдтой. «Хъусыс, цы дзурынц уыдон? — уайдзӕф кӕнынц Йесойӕн. «О! мыййаг сымах никуы кастыстут: „гыццыл ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕтты дзыхӕй Ды сарӕзтай кад?» — загъта сын Йесо ӕмӕ дарддӕр ахуыр кӕны адӕмы. Уыцы рӕстӕджы ма йӕ хъус лӕмбынӕг дары, адӕм кувӕндонмӕ куыд цӕуынц, уымӕ дӕр (Матфейы 21:15, 16; Маркы 11:11).

6. Уый размӕ куыд уыд, уымӕй хъауджыдӕр ныр Йесо йӕхи куыд дары ӕмӕ цӕмӕн?

6 Куыд тынг хицӕн кӕны ацы хатт Йесойы бацыд, ӕхсӕз мӕйы размӕ куыд бацыд, уымӕй! Уӕд, Халагъудты бӕрӕгбоны рӕстӕджы уый Иерусалиммӕ бацыд «ӕргомӕй нӕ, фӕлӕ сусӕгӕй» (Иоанны 7:10). Ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг кӕй уыд, уый куыддӕр базыдта, афтӕ йӕхи айста уырдыгӕй. Ныр та сӕрибарӕй фӕцӕуы, ӕрцахсынмӕ йӕ кӕм хъавынц, уыцы сахармӕ! Уӕдӕ Мессиа кӕй у, уый дӕр-иу нӕ дзырдта (Исай 42:2; Маркы 1:40—44). Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм йӕ кой кӕной, кӕрӕдзийы дзыхӕй цы хъусынц, уый парахатгӕнгӕйӕ. Ныр та йӕ адӕм ӕргом расидтысты Паддзах ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй, ома Мессиайӕ, ӕмӕ дзы кӕд дины разамонджытӕ домынц, цӕмӕй сӕ банцайын кӕна, уӕддӕр сӕм уый ницы дзуры! Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ «ӕрхӕццӕ Адӕймаджы Фырты скадджын кӕныны сахат», Йесо йӕхӕдӕг иннӕ бон куыд загъта, афтӕ (Иоанны 12:23).

Уӕндон къахдзӕф, уый фӕстӕ та ахсджиаг амындтӕ

7, 8. Йесо н. э. 30 азы Куадзӕны рӕстӕджы кувӕндоны цы сарӕзта, уый н. э. 33 азы 10 нисаны куыд сфӕлхат кодта?

7 Къуырисӕры, 10 нисаны, Йесо кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд архайы, уый размӕ бон фӕссихор йӕ цӕст цӕуыл ӕрхӕцыд, уымӕ гӕсгӕ. Уый райдыдта «сурын кувӕндоны мидӕг уӕйгӕнджыты ӕмӕ ӕлхӕнджыты; ӕмӕ ӕхца ивджыты стъолтӕ ӕмӕ бӕлон уӕйгӕнджыты бандӕттӕ афӕлдӕхта; ӕмӕ бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй исчи кувӕндоныл ахӕсса исты дзаума». Уыцы закъонхалджытӕн уайдзӕфгӕнгӕйӕ, Йесо дзуры: «Фыст нӕу ӕви: „Мӕ хӕдзар кувӕндон хӕдзар хуыйндзӕн ӕппӕт адӕмтӕн?“ сымах та йӕ абырджыты лӕгӕт скодтат» (Маркы 11:15—17).

8 Йесо ӕртӕ азы размӕ, н. э. 30 азы Куадзӕны рӕстӕджы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд дӕр афтӕ бакодта. Ӕрмӕст ныр йӕ тӕрхон у бирӕ карздӕр. Кувӕндоны чи базар кӕны, уыдоны ныр схуыдта «абырджытӕ» (Лукайы 19:45, 46; Иоанны 2:13—16). Ӕмӕ уыдон ӕцӕгдӕр абырджытӕ сты, уымӕн ӕмӕ нывонд ӕрхӕссынӕн цӕрӕгойтӕ балхӕнын кӕй хъӕуы, уыдонӕн сӕ уӕй кӕнынц туджы аргъӕй. Хистӕр сауджынтӕ, чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ фехъуыстой, Йесо кӕй ӕрбацӕуы, уый, ӕмӕ та йӕ ногӕй марынмӕ хъавынц. Фӕлӕ йӕ куыд фесафой, уый нӕ зонынц, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр дис кӕнынц, куыд сӕ ахуыр кӕны, ууыл ӕмӕ йӕм зӕрдӕбынӕй хъусынц (Маркы 11:18; Лукайы 19:47, 48).

9. Йесо кувӕндоны адӕмы цӕуыл ахуыр кодта ӕмӕ сӕ цӕмӕ ӕрхуыдта?

9 Йесо та дарддӕр амоны кувӕндоны ӕмӕ дзуры: «Ӕрхӕццӕ Адӕймаджы Фырты скадджын кӕныны сахат». О, уый зоны, зӕххыл цӕрынӕн ын цалдӕр боны йеддӕмӕ кӕй нал баззад, уый. Йӕ мӕлӕты фӕрцы иннӕтӕн ӕнустӕм цӕрыны фадат кӕй уыдзӕн, уый бамбарын кӕнынӕн цӕвиттонӕн ӕрхаста мӕнӕуы нӕмыг. Мӕнӕуы нӕмыг дӕр сыджыты мидӕг куы бамбийы ӕмӕ куы амӕлы, ӕрмӕстдӕр уӕд ӕрхӕссы тыллӕг. Ӕмӕ уый фӕстӕ, чи йӕм хъуыста, уыдоны ӕрхуыдта: «Мӕнӕн чи кусы, уый Мӕн фӕстӕ рацӕуӕд; ӕмӕ Ӕз кӕм уон, уым Мӕ кусӕг дӕр уыдзӕни. Ӕмӕ Мӕнӕн чи кусы, уый Мӕ Фыд сцытджын кӕндзӕн» (Иоанны 12:23—26, НФ).

10. Йесомӕ хъизӕмайраг мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй цы хъуыды кодта?

10 Йӕ хъизӕмайраг мӕлӕтмӕ цыппар боны йеддӕмӕ кӕй нал баззад, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, Йесо дарддӕр дзуры: «Ныр мӕ уд суынгӕджы; ӕмӕ цы зӕгъон Ӕз? О, Мӕ Фыд! фервӕзын Мӕ кӕн ацы сахатӕй!» Фӕлӕ Йесо афтӕ тынг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй йӕхи нӕ иуварс кӕны. «Фӕлӕ Ӕз цӕугӕ дӕр ацы сахаты тыххӕй ӕркодтон»,— загъта Йесо. Бӕгуыдӕр, Йесо ӕххӕстӕй разы у Хуыцауы хъуыддӕгтӕй алцӕуылдӕр. Уый цӕттӕ у, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ бакӕнынмӕ, йӕ цард адӕмы сӕрвӕлтау нывондӕн радтынмӕ (Иоанны 12:27, «Сыгъдӕг Евангели», 1923 аз). Цӕй хорз дӕнцӕг у уый махӕн! Цӕмӕй мах дӕр афтӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ царды алы къахдзӕф дӕр хъуамӕ уа Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ.

11. Адӕм уӕларвӕй хъӕлӕс куы фехъуыстой, уӕд сын Йесо цы бамбарын кодта?

11 Йесо тынг тыхсы, йӕ мӕлӕт йӕ Фыды номыл куыд бандавдзӕн, ууыл, ӕмӕ кувы: «Мӕ Фыд! скадджын кӕн Дӕ ном». Ӕмӕ уыцы тӕккӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Скадджын кодтон, ӕмӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн». Кувӕндоны цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдон сагъдау баззадысты. Номдзыд Ахуыргӕнӕг пайда кӕны уыцы диссаджы уавӕрӕй, ӕмӕ адӕмӕн амоны, уӕларвӕй хъӕлӕс цӕй тыххӕй ӕрыхъуыст, уый. Стӕй ма сын ӕмбарын кӕны, йӕ мӕлӕты фӕрцы гӕнӕн цӕмӕн уыдзӕн ӕмӕ сӕ сӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй ӕвдисын цӕмӕн хъӕуы, уый дӕр (Иоанны 12:28—36). Фӕстаг дыууӕ боны, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойӕн ӕрулӕфыны фадат дӕр нӕй. Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр бон нырма разӕй ис.

Карз уайдзӕфты бон

12. Дыццӕджы, 11 нисаны дины разамонджытӕ куыд хъавыдысты Йесойы ныхасӕй ӕрцахсыныл ӕмӕ сын дзы цы рауад?

12 Дыццӕджы, 11 нисаны, Йесо ногӕй бацыд кувӕндонмӕ адӕмы ахуыр кӕнынмӕ. Уым сты йӕ фыдгултӕ дӕр. Йесо уый размӕ бон цы сарӕзта, уый тыххӕй йӕм хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ахӕм фарст дӕттынц: «Цавӕр хицауадӕй кӕныс Ды адон? ӕмӕ чи ратта Дӕуӕн ахӕм бар?» Дӕсны Ахуыргӕнӕг сын ахӕм дзуапп радта, ӕмӕ сӕ бон ницыуал сси зӕгъын. Уый фӕстӕ, йӕ ныхмӕлӕуджытӕ куыд фыдзӕрдӕ сты, уый ӕргом равдисынӕн ӕрхаста ӕртӕ фӕсномыг ныхасы: дыууӕ сӕндоны тыххӕй, иу та чындзӕхсӕвы тыххӕй. Дины разамонджытӕ сӕ куы фехъуыстой, уӕд хъуыды кӕнын райдыдтой, куыд ӕй ӕрцахсой, ууыл. Фӕлӕ тӕрсынц адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон Йесойы пехуымпарыл нымайынц. Уымӕ гӕсгӕ йыл хъуамӕ хинӕй рацӕуой. Уыдон архайынц, цӕмӕй йын ахӕм исты зӕгъын кӕной, цӕй ӕфсон ӕй сӕ бон уа ӕрцахсын. Фӕлӕ сын Йесо ахӕм дзуаппытӕ радты, ӕмӕ ма йӕ ныхмӕ исты зӕгъой, уый сӕ бон нал вӕййы (Матфейы 21:23—22:46).

13. Йесо, чи йӕм хъусы, уыдонӕн чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты тыххӕй цавӕр уынаффӕ радта?

13 Чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Хуыцауы Закъон кӕй амонынц, уымӕ гӕсгӕ Йесо сиды, чи йӕм хъусы, уыдонмӕ: «Цы [уын] кӕнын кӕнынц, уый ӕххӕст кӕнут, хъахъхъӕнут ӕмӕ кӕнут; сӕ хъуыддӕгтӕ та сын ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц ӕмӕ нӕ кӕнынц» (Матфейы 23:1—3). Куыд карзӕй ӕмӕ сӕ ӕргом ӕфхӕры Йесо! Фӕлӕ йӕ ныхас ууыл нӕма фӕци. Ныр фӕстаг бон ис кувӕндоны, ӕмӕ сын уӕндонӕй карз уайдзӕф кӕны.

14, 15. Йесо чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕн цавӕр карз уайдзӕфтӕ бакодта?

14 «Мӕгуыр уӕ бон, чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ»,— загъта Йесо ӕхсӕз хатты. Уӕвгӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у, уымӕн ӕмӕ Йесо куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй уӕларвон Паддзахадмӕ фӕндаг адӕмӕн сӕхгӕдтой, бацӕуыны бар сын нӕ дӕттынц. Уыцы цӕстмӕхъустӕ зилынц денджызыл ӕмӕ сурзӕххыл, цӕмӕй иу адӕймаджы уӕддӕр раздахой, ӕмӕ уый сӕ къухы куы бафты, уӕд ӕй бакӕнынц ӕнусон куынӕгдзинады хай. Уыдон ферох кодтой «закъоны сӕйрагдӕрты: тӕрхон, хорзӕх ӕмӕ уырнындзинад». Сӕйраджыдӕр тыхсынц дӕсӕм хай фидыныл. О, уыдон сыгъдӕг кӕнынц «къус ӕмӕ тӕбӕгъы ӕддаг фарс, афтӕмӕй мидӕгӕй та дзаг сты давындзинадӕй ӕмӕ ӕнӕрӕстдзинадӕй», ома сӕ зӕрдӕтӕ куыд чъизи сты, уый ӕмбӕхсынмӕ хъавынц, цӕстмӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уымӕй. Уымӕй дарддӕр ма амайынц зӕппӕдзтӕ пехуымпартӕн ӕмӕ сӕ рӕсугъд кӕнынц, зӕгъгӕ, хӕрзгӕнджытӕ стӕм, афтӕмӕй сӕхӕдӕг сты, пехуымпарты чи фӕцагъта, уыдоны фырттӕ (Матфейы 23:13—15, 23—31).

15 Йесо йӕ ныхмӕлӕуджытыл тӕрхон кӕны, удварнӕй гӕвзыкк кӕй сты, уый тыххӕй: «Мӕгуыр уӕ бон, куырм разамонджытӕ». Ам дзырд ууыл нӕ цӕуы, ӕмӕ ӕцӕг цӕстӕй нӕ уынынц. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ уыдон кувӕндонӕй, Хуыцауӕн лӕггад кӕныны бынатӕй, цы сыгъзӕрин ис, уымӕн стырдӕр нысаниуӕг дӕттынц, ӕмӕ растдӕр уый тыххӕй сты куырм. Дарддӕр сын уый дзуры иууыл карздӕр ныхӕстӕ: «Кӕлмытӕ, ӕмӕ кӕлмыты зӕнӕг! Куыд фервӕздзыстут сымах геенайы тӕрхонӕй?» (НФ). О, Йесо сын ӕмбарын кӕны, дарддӕр дӕр ахӕм фыдзӕрдӕ куы уой, уӕд ӕнустӕм куынӕггонд кӕй ӕрцӕудзысты, уый (Матфейы 23:16—22, 33). Уӕдӕ мах дӕр ахӕм хъӕбатырдзинад ӕвдисӕм, Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ, суанг нӕ мӕнг дины хъуыддӕгтӕ хурмӕ калын куы хъӕуа, уӕд дӕр.

16. Елеоны хохыл бадгӕйӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр ахсджиаг пехуымпарад загъта?

16 Ныр Йесо рацыд кувӕндонӕй. Фӕссихор хурныгуылды фӕстӕ йӕ апостолтимӕ ссыд Елеоны хохмӕ. Уым куы ӕрбадтысты, уӕд сын Йесо радзырдта, кувӕндон пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ сын радта, адӕмы ’хсӕн ӕнӕуынгӕ хуызы кӕд уыдзӕн ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый цӕй фӕрцы уыдзӕн базонӕн, ахӕм нысан. Уыцы пехуымпарадон ныхӕстӕ ахсджиаг сты суанг абоны онг дӕр. Уыцы изӕр ма Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ноджыдӕр загъта: «Сымах зонут, дыууӕ боны фӕстӕ кӕй уыдзӕн Куадзӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд уыдзӕн байтындзынмӕ» (Матфейы 24:1—14; 26:1, 2).

Йесо кӕронмӕ бауарзта йӕхионты

17. а) 14 нисаны Куадзӕны рӕстӕджы Йесо 12 апостолӕн цавӕр дӕнцӕг радта? ӕ) Йесо Искариотаг Иудӕйы куы ауагъта, уӕд цавӕр ног бӕрӕгбонӕн ӕрӕвӕрдта бындур?

17 Иннӕ дыууӕ боны — 12 ӕмӕ 13 нисаны Йесо кувӕндоны йӕхи ӕргом не ’вдисы. Дины разамонджытӕ йӕ тынг ӕхсызгонӕй агурынц, цӕмӕй йӕ амарой, ӕмӕ уый та фӕнды Куадзӕны бӕрӕгбон йӕ апостолтимӕ сабырӕй арвитын. Цыппӕрӕмы хурныгуылды фӕстӕ райдыдта 14 нисан — зӕххыл адӕймаг Йесойы царды фӕстаг бон. Изӕрӕй Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ ӕрӕмбырд сты Иерусалимы иу хӕдзары. Уым сын алцыдӕр цӕттӕ уыд Куадзӕн уаг ӕмӕ ӕгъдауыл арвитынӕн. Куадзӕны рӕстӕджы Йесо йӕ 12 апостолӕнӕн ныхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕмӕ сын уымӕй радта сӕрныллӕгдзинады диссаджы дӕнцӕг. Йӕ Хицауы 30 ӕвзист ӕхцайыл (Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ цагъары аргъ) чи ауӕй кодта, уый, Иудӕ Искариотаджы, куы ауагъта, уӕд Йесо бындур ӕрӕвӕрдта йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрӕн (Рацыд 21:32; Матфейы 26:14, 15, 26—29; Иоанны 13:2—30).

18. Йесо йӕ 11 иузӕрдион апостолӕн ноджыдӕр цы амындтӕ радта ӕмӕ сӕ йӕ ацыдмӕ куыд бацӕттӕ кодта?

18 Ӕрымысӕн изӕр куы аивгъуыдта, уӕд та апостолты ’хсӕн бацайдагъ быцӕу, стырдӕр сӕ чи у, ууыл. Фӕлӕ сын ныр дӕр Йесо хылы бӕсты фӕразонӕй ӕмбарын кӕны, иннӕтӕн лӕггад кӕнын куыд ахсджиаг у, уый. Йӕ зындзинӕдты рӕстӕджы йыл сӕхи кӕй нӕ атигъ кодтой, ӕмӕ йӕ кӕй нӕ ныууагътой, уымӕ гӕсгӕ ныр сӕрмагондӕй семӕ аразы цӕдис паддзахады тыххӕй (Лукайы 22:24—30). Йесо сӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ уый куыд бауарзта, уыдон дӕр афтӕ уарзой сӕ кӕрӕдзи (Иоанны 13:34). Йесо тынг тыхсы йӕ ахуыргӕнинӕгтыл ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ тагъд кӕны уыцы хатӕнӕй ацӕуыныл, фӕлӕ ма йын цас гӕнӕн ис, уыйбӕрц сӕ цӕттӕ кӕны, рӕхджы кӕй ацӕудзӕн, уымӕ. Зӕрдӕ сын ӕвӕры, сыгъдӕг уд сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ йӕхӕдӕг дарддӕр дӕр сӕ хӕлар кӕй уыдзӕн, уымӕй. Уый ӕддейӕ сӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй ӕвдисой (Иоанны 14:1—17; 15:15). Хӕдзарӕй рацӕуыны размӕ Йесо лӕгъстӕ кӕны йӕ Фыдӕн: «Ӕрхӕццӕ сахат: скадджын кӕн Дӕ Фырты, цӕмӕй Дӕ Фырт дӕр скадджын кӕна Дӕу». О, Йесо бацӕттӕ кодта йӕ апостолты йӕ ацыдмӕ ӕмӕ сын равдыста, «кӕронмӕ кӕй бауарзта уыдоны», уый (Иоанны 13:1; 17:1).

19. Гефсиманы дыргъдоны Йесо цӕмӕн удхар кодта?

19 Йесо ӕмӕ йӕ 11 иузӕрдион апостолы Гефсиманы дыргъдонмӕ сӕ ных куы сарӕзтой, уӕд уыди фӕсӕмбисӕхсӕв. Ам-иу арӕх уыд йӕ апостолтимӕ (Иоанны 18:1, 2). Цалдӕр сахаты фӕстӕ Йесо амӕлдзӕн ӕнаккаг фыдгӕнӕгау. Разӕй йӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ Фыды ном куы фӕхудинаг кӕна, ууыл мӕтӕй йӕ зӕрдӕ йӕхицӕн бынат нал ары. Уымӕ гӕсгӕ ныр кувы ноджы зӕрдиагдӕрӕй ӕмӕ кувгӕ-кувын йӕ хид тугхӕццӕ ӕртӕхтӕй кӕлы зӕхмӕ (Лукайы 22:41—44). «Ӕрцыд рӕстӕг,— дзуры Йесо йӕ апостолтӕн.— Мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг ӕрбаввахс». Куыддӕр уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ йӕм ӕрбахӕстӕг Искариотаг Иудӕ. Йӕ фӕдыл та ӕрбацӕуы бирӕ адӕм цырӕгътӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ. Уыдон цӕуынц Йесойы ӕрцахсынмӕ, ӕмӕ сӕм уый дӕр ныхмӕ нӕ лӕууы. «Куыд сӕххӕст уыдзысты Фыстытӕ, афтӕ уӕвын кӕй ӕмбӕлы?» — ӕмбарын кӕны Йесо (Маркы 14:41—43, МСЕ; Матфейы 26:48—54).

Адӕймаджы Фырт скадджын!

20. а) Йесойы куы ’рцахстой, уӕд ын цы фыдмитӕ фӕкодтой? ӕ) Йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, «Сӕххӕст ис!», зӕгъгӕ?

20 Йесойы куы ’рцахстой, уӕд ӕй фӕаххосджын кодтой мӕнг ӕвдисӕнтӕ, стӕрхон ыл кодтой уӕййаг тӕрхонгӕнджытӕ, Понти Пилат ӕй радта мӕлӕтмӕ, сауджынтӕ ӕмӕ дзы адӕм фӕхынджылӕг кодтой, ӕфсӕддонтӕ йыл сӕхи худӕгӕй схастой ӕмӕ йӕ фыднад фӕкодтой (Маркы 14:53—65; 15:1, 15; Иоанны 19:1—3). Майрӕмбоны сихорафон ын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ныххуыдтой хъизӕмары цӕджындзмӕ, ӕмӕ йыл куы схӕцыдысты, уӕд йӕ буары уӕзӕй зӕгӕлтӕй хуыд бынӕттӕ скъуыйын райдыдтой, ӕмӕ Йесо ӕвзары судзгӕ рыст (Иоанны 19:17, 18). Фӕссихор ӕртӕ сахатмӕ ’ввахс Йесо сфӕрӕзта йӕ фӕстаг ныхӕстӕ: «Сӕххӕст ис!» О, Йесо сӕххӕст кодта, зӕхмӕ цӕй тыххӕй ӕрцыд, уыцы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр. Ныр йӕ царды тых Хуыцауы бар бакодта, йӕ сӕр ӕруагъта ӕмӕ амард (Иоанны 19:28, 30; Матфейы 27:45, 46; Лукайы 23:46). Фӕлӕ ӕртыккаг бон Иегъовӕ райгас кодта йӕ Фырты (Маркы 16:1—6). Дыууиссӕдз боны фӕстӕ Йесо ацыд уӕларвмӕ ӕмӕ скадджын (Иоанны 17:5; Куыстытӕ 1:3, 9—12; Филиппӕгтӕм 2:8—11).

21. Куыд у нӕ бон Йесойы фӕзмын?

21 Куыд у нӕ бон Йесойы «къахфӕдтыл цӕуын»? (1 Петры 2:21). Йесойау мах дӕр ма ауӕрдӕм нӕ хъарутыл, афтӕмӕй хъусын кӕнӕм Паддзахады тыххӕй ӕмӕ цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ. Уый ӕддейӕ уӕндонӕй ӕмӕ ныфсджынӕй дзурӕм Хуыцауы Ныхас (Матфейы 24:14; 28:19, 20; Куыстытӕ 4:29—31; Филиппӕгтӕм 1:14). Кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ӕмӕ дарддӕр дӕр кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинад ӕвдисынмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕнынмӕ (Маркы 13:28—33; Дзуттытӕм 10:24, 25). Афтӕ куы аразӕм, уӕд нӕ цард уыдзӕн Иегъовӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ алкӕддӕр ӕмбардзыстӕм, «кӕроны рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уый (Данелы 12:4).

Цавӕр дзуапп радтис?

• Йесо йӕ мӕлӕты ӕрхӕстӕг кӕй зыдта, уый йын куыд бандӕвта йӕ фӕстаг лӕггаддзинадыл Иерусалимы кувӕндоны?

• Йесо йӕхионты «кӕронмӕ кӕй бауарзта», уый цӕмӕй бӕрӕг у?

• Йесойы царды фӕстаг цалдӕр сахаты цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон цӕуыл дзурӕг сты йӕ удыхъӕды тыххӕй?

• Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Чырыстийы фӕзмын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12 фарсыл]

Йесо «кӕронмӕ бауарзта уыдоны».