Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы ӕппӕлды нывӕндтӕ

Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы ӕппӕлды нывӕндтӕ

Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы ӕппӕлды нывӕндтӕ

«Ӕрхӕссут уӕ буӕрттӕ цӕргӕ, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхцон чи уа, ахӕм нывондӕн» (РОМӔГТӔМ 12:1, НФ).

1. Моисейы Закъон цы нывӕндтӕ домдта, уыдон цас ахъаз уыдысты, уый тыххӕй Библи цы дзуры?

«ЗАКЪОН ӕрцӕуинаг хорздзинӕдты аууон уыд, фӕлӕ хорздзинӕдтӕ сӕхӕдӕг уый мидӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕм азӕй-азмӕ цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдонӕн сӕ бон нӕу, цӕмӕй сӕ чи хӕссы, уыдоны ӕххӕстдзинадмӕ ӕркӕной» (Дзуттытӕм 10:1, НД). Ацы ныхӕстӕй апостол Павел бӕлвырдӕй равдыста, Моисейы Закъон цы нывӕндтӕ домдта, уыдон ахъаз кӕй нӕ уыдысты адӕмы фервӕзын кӕнынӕн (Колоссӕгтӕм 2:16, 17).

2. Закъонмӕ гӕсгӕ цы лӕвӕрттӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хъуыд хӕссын, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уый бамбарынмӕ тырнын исты пайда у?

2 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библийы фыццаг фондз чиныджы цы лӕвӕрттӕ ӕмӕ нывӕндты кой цӕуы, уыдон абоны чырыстӕттӕн ницы пайда сты? Ӕгас дунейы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты Теократон лӕггаддзинады скъолайы йӕхи чи ныффыста, уыдон ӕрӕджы афӕдзӕй гыццыл фылдӕрмӕ бакастысты Библийы фыццаг фондз чиныджы. Уыцы чингуытӕ кӕсын ӕмӕ дзы цы бӕстон амындтӕ ис, уыдон ӕмбарын алкӕмӕн ӕнцон нӕ уыд. Цымӕ дзы исты пайда райстой? Ӕнӕмӕнг, уымӕн ӕмӕ «кӕддӕр цытӕ ныффыстӕуыд, уый ныффыстӕуыд мах зондыл саразынӕн, цӕмӕй мах, фыстытӕй фидаргонд ӕмӕ рӕвдыд уӕвгӕйӕ, нӕ ныфс бавӕрдтаиккам» (Ромӕгтӕм 15:4, НФ). Иугӕр афтӕ у, уӕд ӕвзӕры фарст: Закъоны лӕвӕрттӕ ӕмӕ нывӕндты тыххӕй цы дзырдӕуы, уымӕй цавӕр «зонд» ӕмӕ «рӕвдыд» ис райсӕн?

Мах зондыл саразынӕн ӕмӕ рӕвдауынӕн

3. Цы нӕ хъӕуы?

3 Закъон кӕй домдта, ахӕм нывӕндтӕ кӕд мах нӕ хъӕуы хӕссын, уӕддӕр нӕ тынг хъӕуы, уыцы нывӕндтӕ израилӕгтӕн цы лӕвӕрдтой, уый. Бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та мах хъӕуы, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕуой ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын уӕм. Фӕлӕ абон ӕцӕгӕй нывӕндтӕ куы нӕ хӕссӕм, уӕд уымӕн куыд гӕнӕн ис? Фосы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ пайда кӕй хастой, уый бамбарын кӕныны фӕстӕ Павел загъта: «Чырысти дунемӕ ӕрцӕугӕйӕ зӕгъы: „нывӕндтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ Дӕу нӕ бафӕндыд, фӕлӕ буар сцӕттӕ кодтай Мӕнӕн. Ӕппӕт судзинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ тӕригъӕдты тыххӕй Дӕуӕн аккаг не сты. Уӕд Ӕз загътон: мӕнӕ, цӕуын, чиныджы райдайӕны куыд фыст у Мӕн тыххӕй, Дӕу фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ, Хуыцау“» (Дзуттытӕм 10:5—7).

4. Павел Псалом 39:7—9-ӕм стихтӕ Йесоимӕ куыд сбаста?

4 Ам Павел ӕрхаста Псалом 39:7—9-ӕм стихтӕ ӕмӕ банысан кодта, Йесо уый тыххӕй кӕй не ’рцыд, цӕмӕй «нывӕндтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ», «ӕппӕт басудзинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ тӕригъӕды тыххӕй» адӕмы царды ӕнустӕм ныффидар кодтаид. Павел Дзуттытӕм ӕрвыст куы фыста, уӕд дӕр уыцы нывӕндтӕ Хуыцауы нал хъуыдысты. Йесо ӕрцыд, йӕ уӕларвон Фыд ын цы буар сцӕттӕ кодта, уый мидӕг, ӕмӕ уыцы буар та алцӕмӕй дӕр уыд, Хуыцау Адамы цы буары сфӕлдыста, уый хуызӕн (Уӕвынад 2:7; Лукайы 1:35; 1 Коринфӕгтӕм 15:22, 45). Хуыцауы ӕххӕст Фырт Йесо уыд, Уӕвынады 3:15-ӕм стихы цы сылгоймаджы «мыггаджы» кой цӕуы, уый. Кӕд Йесойӕн хъуамӕ «йӕ зӕвӕтыл фӕхӕстӕуыдаид», уӕддӕр уый хъуамӕ «ныцъцъӕл кодтаид [Сайтаны] сӕр». Уӕдӕ растдӕр Йесо сси ӕппӕт адӕмы фервӕзын кӕныны фӕрӕз Иегъовӕйы къухы, ома Авелӕй фӕстӕмӕ уырнындзинадӕй чи цард, уыцы адӕм кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый.

5, 6. Хуыцаумӕ ӕрцӕуынӕн чырыстӕттӕн цавӕр хуыздӕр мадзал ис?

5 Йесойы ахадындзинад куыд стыр у, уый тыххӕй Павел дзуры: «[Хуыцау], тӕригъӕд чи нӕ зыдта, уымӕй мах тыххӕй сарӕзта тӕригъӕд, цӕмӕй уый уылты суӕм Хуыцауы раз рӕстгӕнджытӕ» (2 Коринфӕгтӕм 5:21, НД). Дзырдбаст «сарӕзта тӕригъӕд» ма ратӕлмацгӕнӕн ис, куыд «сарӕзта тӕригъӕды тыххӕй нывонд» дӕр. Апостол Иоанн загъта: «Уый у зӕрдӕ фӕлмӕнгӕнӕг [«фидауынгӕнӕг нывонд», НД] мах тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ ӕрмӕст мах нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейы тӕригъӕдты тыххӕй» (1 Иоанны 2:2). Иудзырдӕй, израилӕгтӕ нывӕндтӕ кӕй хастой, уый сын рӕстӕгмӕ ӕххуыс кодта Хуыцаумӕ ӕрцӕуынӕн, чырыстӕттӕн та ис иууыл хуыздӕр бындур Хуыцаумӕ ӕрцӕуынӕн — Йесо Чырыстийы нывонд (Иоанны 14:6; 1 Петры 3:18). Хуыцау цы ахӕстаргъ бафыста, ууыл кӕд ӕцӕгӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсӕм, уӕд махӕн дӕр уый фадат ис, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ арфӕдзинадӕй хайджын уӕм (Иоанны 3:17, 18). Цымӕ нӕ уый ӕцӕг нӕ фидар кӕны? Фӕлӕ ӕлхӕнӕг нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый куыд у нӕ бон ӕвдисын?

6 Апостол Павел, чырыстӕттӕн Хуыцаумӕ ӕрцӕуынӕн хуыздӕр бындур кӕй ис, уый куы бамбарын кодта, уӕд, Дзуттытӕм 10:22—25-ӕм стихты куыд кӕсӕм, афтӕмӕй рахицӕн кодта ӕртӕ мадзалы, Хуыцауӕй йӕ лӕварӕй бузныг кӕй стӕм ӕмӕ йыл ӕцӕгӕй кӕй ӕууӕндӕм, уый ӕвдисынӕн. Раст у, Павел ацы уынаффӕ радта, сӕйраджыдӕр, «сыгъдӕг ранмӕ фӕндаг гом кӕмӕн у», уыдонӕн, ома уӕларвон цардмӕ хуынд сӕрст чырыстӕттӕн. Фӕлӕ Павел Хуыцауы разамындӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ лӕмбынӕг хъус ӕрдарын хъӕуы, Йесойы фидауынгӕнӕг нывондӕй пайда райсын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕйдӕр (Дзуттытӕм 10:19, НД).

Хӕсс сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп нывӕндтӕ

7. а) Дзуттытӕм 10:22-ӕм стихы куыд ӕвдыст цӕуы, нывонд хӕсгӕйӕ цы арӕзтой, уый? ӕ) Цӕмӕй нывӕндтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цыдаиккой, уый тыххӕй цы кӕнын хъуыд?

7 Фыццаджыдӕр, Павел разӕнгард кӕны чырыстӕтты: «Уӕдӕ ӕрбалӕууӕм ӕргом зӕрдӕйӕ, ӕххӕст уырнындзинадимӕ, бапырх кӕнынӕй ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ зӕрдӕтӕ аипджын намысӕй, ӕмӕ буар цӕхсгӕйӕ сыгъдӕг донӕй» (Дзуттытӕм 10:22). Бӕрӕг у, ам дзырд кӕй цӕуы, Закъонмӕ гӕсгӕ нывонд хаст куыд цыд, ууыл. Уый хорз абарст у, уымӕн ӕмӕ цӕмӕй Хуыцау нывонд айстаид, уый тыххӕй йӕ хӕссын хъуыди сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, стӕй нывондӕн цы хастой, уый дӕр хъуамӕ уыдаид сыгъдӕг, ӕнӕкъӕм ӕмӕ ӕнаипп. Нывондӕн хастой стурвос кӕнӕ лыстӕг фос, иудзырдӕй, сыгъдӕг цӕрӕгойтӕ, уыимӕ уыдон хъуамӕ уыдаиккой «ӕнӕниз», ома ӕнӕсахъат. Мӕргътӕй та нывондӕн хастой ӕрмӕстдӕр ӕхсинӕгтӕ, кӕнӕ лӕппын бӕлӕттӕ. Адӕймаг-иу ацы амындтӕм гӕсгӕ куы архайдта, уӕд-иу йӕ нывонд Хуыцауы «зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ-иу йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты» (Левит 1:2—4, 10, 14; 22:19—25). Хойраджы кувинӕгтӕ ӕнхъизӕнӕй нӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ ӕнхъизӕн у ӕмбыды нысан; нӕ йыл кодтой мыд дӕр, уымӕн ӕмӕ уый дӕр ӕнхъизын кӕны (ӕвӕццӕгӕн уый ӕцӕг мыд нӕ уыд, фӕлӕ дыргъты адджын дон). Нывонд кусӕрттӕ дӕр ӕмӕ-иу хойраджы кувинӕгтӕ дӕр нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд-иу сыл ныккодтой цӕхх, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы хӕринаг фылдӕр лӕууы (Левит 2:11—13).

8. а) Нывондхӕссӕгӕй цы домдӕуыд? ӕ) Цӕмӕй нӕ кувынад Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй цы хъӕуы?

8 Цавӕр адӕймаджы бон уыд лӕвар кӕнӕ нывонд ӕрхӕссын? Закъон куыд дзуры, афтӕмӕй Иегъовӕмӕ чи цыд, уый хъуамӕ уыдаид сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп. Цыдӕр аххосагмӕ гӕсгӕ-иу сыгъдӕг чи нал уыд, уый уал-иу хъуамӕ фыццаг ӕрхастаид тӕригъӕды тыххӕй нывонд кӕнӕ азымы нывонд, цӕмӕй Иегъовӕйы раз фӕстӕмӕ ссыгъдӕг уыдаид. Ӕрмӕстдӕр ын уый фӕстӕ иста Хуыцау, ӕнӕхъӕнӕй дӕр басудзынмӕ кӕй ӕрбахаста, уыцы нывонд кӕнӕ йӕ ӕмбалады нывонд (Левит 5:1—6, 15, 17). Уӕдӕ Иегъовӕйы раз алкӕддӕр сыгъдӕг намысимӕ цӕрын куыд ахсджиаг у, уый ӕмбарӕм? Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ лӕггаддзинад Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуа, уӕд йӕ закъӕтты ныхмӕ гыццыл исты куы фӕрӕдийӕм, уӕддӕр ӕй хъуамӕ ӕвӕстиатӕй сраст кӕнӕм. Мах хъуамӕ тындзӕм, Хуыцау нын ӕххуысӕн кӕй радта, уыдонмӕ, ома «ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм» ӕмӕ «нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывонд» Йесо Чырыстимӕ (Иаковы 5:14, НД; 1 Иоанны 2:1, 2, НД).

9. Иегъовӕйӕн цы нывӕндтӕ хастой, уыдон сӕйраджыдӕр цӕмӕй хицӕн кодтой, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй хастой, уыцы нывӕндтӕй?

9 Сыгъдӕгдзинадӕн афтӕ стыр нысаниуӕг кӕй уыд, сӕйраджыдӕр, уымӕй хицӕн кодтой, Иегъовӕйӕн кӕй хастой, уыцы нывӕндтӕ, Израилы алыварс цӕрӕг адӕмтӕ сӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй хастой, уыцы нывӕндтӕй. Моисейы Закъон кӕй домдта, уыцы нывӕндты хицӕндзинады тыххӕй иу бӕрӕгуаты дзырдӕуы: «Нӕй дзы ссарӕн бастдзинад кӕлӕнтӕ, хинтӕ кӕнӕ дӕсны фӕрсынимӕ; нӕй дзы фенӕн динон ӕнӕсӕрфатдзинад, хи уӕнгхъуаг кӕнын, кувӕндӕтты лӕггадгӕнӕг хъахбай сылгоймӕгтӕ; карзӕй дзы дзырд цӕуы тыллӕджы ӕмӕ зӕнӕг кӕныны бардуӕгтӕн кувыны ныхмӕ ӕмӕ уыимӕ баст хӕлд ӕмӕ чъизи ӕгъдӕутты ныхмӕ; адӕймӕгты нӕ хӕссынц нывондӕн; мӕрдтӕн дзы ницы фӕлдисынц». Уыдӕттӕ иууылдӕр дзурӕг сты иу цӕуылдӕрыл: Иегъовӕ у сыгъдӕг, ӕмӕ ницавӕр тӕригъӕд кӕнӕ ӕнӕгъдаудзинадмӕ кӕсы куыдфӕндыйы цӕстӕй (Аввакум 1:13). Уӕдӕ йӕ кувынад дӕр ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон дӕр хъуамӕ алцӕмӕй дӕр уой сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп (Левит 19:2; 1 Петры 1:14—16).

10. Павел Ромӕгтӕм 12:1, 2-ӕм стихты (НФ) цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ нӕхимӕ лӕмбынӕг цы хуызы хъуамӕ кӕсӕм?

10 Уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нӕ лӕггаддзинад Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа, уӕд хъуамӕ царды алы хъуыддаджы дӕр нӕхимӕ лӕмбынӕг кӕсӕм. Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ома цалынмӕ чырыстон фембӕлдты ӕмӕ уацамынды цыдӕр хайад исӕм, уӕдмӕ нӕ царды цы аразӕм, уый ахсджиаг нӕу. Уӕдӕ ахӕм хъуыды дӕр макуы ӕруадзӕм нӕ сӕрмӕ, ӕмӕ чырыстон хъуыддӕгты хайад кӕй исӕм, уый нын бар дӕтты, цӕмӕй иннӕ хъуыддӕгты Хуыцауы закъӕттӕ ма ӕххӕст кӕнӕм (Ромӕгтӕм 2:21, 22). Хуыцау чъизи ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадыл цы нымайы, уыдӕттӕн уый бар куы дӕттӕм, цӕмӕй нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ уагахастыл ӕндавой, уӕд нӕм Уый хорз цӕстӕй никуы кӕсдзӕн ӕмӕ нын йӕ арфӕдзинӕдтӕй хай никуы уыдзӕн. Уӕдӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Павелы ныхӕстӕ: «Ӕфсымӕртӕ! зӕрдиагӕй уӕ курын, уӕдӕ, Хуыцауы хатырӕй, ӕрхӕссут уӕ буӕрттӕ цӕргӕ, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхцон чи уа, ахӕм нывондӕн, уе ’мбаргӕ куыстӕн. Ӕмӕ ацы дугмӕ гӕсгӕ уӕхи ма дарут, фӕлӕ фендӕр ут уӕ зонды сногӕй, цӕмӕй ӕмбарат, цы у цымӕ хорз, ӕхцон ӕмӕ ӕххӕст Хуыцауы фӕндон» (Ромӕгтӕм 12:1, 2, НФ).

Зӕрдӕбынӕй хӕсс ӕппӕлды нывӕндтӕ

11. Дзуттытӕм 10:23-ӕм стихмӕ гӕсгӕ «адӕмӕн хъусын кӕнынмӕ» цы хауы?

11 Дзуттытӕм ӕрвысты ма Павел ноджыдӕр дзуры раст кувынады иу ахсджиаг хъуыддагыл: «Ӕнӕфӕцудгӕйӕ ӕдӕмӕн хъусын кӕнӕм нӕ ныфсы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нын зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый йӕ дзырд нӕ сайы» (Дзуттытӕм 10:23, НД). «Адӕмӕн хъусын кӕнын» комкоммӕ нысан кӕны «ӕргомӕй дзурын», уыимӕ ма Павел кӕны «ӕппӕлды нывонды» кой дӕр (Дзуттытӕм 13:15). Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Авел, Енох ӕмӕ Авраам цы нывӕндтӕ хастой, уыдон.

12, 13. Израилаг-иу ахӕм нывонд куы ӕрхаста, ӕнӕхъӕнӕй судзгӕ кӕй кодтой, уӕд-иу уый цӕуыл дзурӕг уыд ӕмӕ махӕн та куыд у нӕ бон ахӕм ахаст ӕвдисын?

12 Израилаг-иу, ӕнӕхъӕнӕй дӕр судзгӕ кӕй бакодтой, ахӕм нывонд-иу ӕрхаста «йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы раз» (Левит 1:3). Ахӕм нывонд ӕрхӕсгӕйӕ-иу уый барвӕндӕй адӕмӕн хъусын кодта, кӕнӕ та ӕргом дзырдта, Иегъовӕ йӕ адӕмы стыр арфӕдзинӕдтӕй кӕй хайджын кӕны ӕмӕ сӕ кӕй уарзы, уый. Ӕрхъуыды ма кӕнӕм, уыцы нывонд иннӕ нывӕндтӕй цӕмӕй хицӕн кодта, уый: ӕнӕхъӕнӕй йӕ сыгътой нывондхӕссӕныл. Ӕмӕ уый та тынг хорз ӕвдыста, адӕймаг йӕ цард ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйӕн кӕй снывонд кодта ӕмӕ йыл кӕронмӕ иузӕрдион кӕй уыд, уый. Уымӕ гӕсгӕ «ӕппӕлды нывонд», ома «нӕ дзыхы дыргъ» ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй хӕссӕм, уымӕй мах дӕр ӕвдисӕм, Йесойы ӕлхӕнӕг нывондыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ уыцы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый.

13 Кӕд абон чырыстӕттӕ фосы нывӕндтӕ ӕмӕ хойраджы кувинӕгтӕ нӕ хӕссынц, уӕддӕр сӕ хӕс у Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд хъусын кӕнын ӕмӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Гӕнӕн уӕвгӕйӕ алкуыдӕр ӕмӕ алкӕддӕр хъусын кӕныс адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз уацхъуыд, цӕмӕй Хуыцау ӕппӕт коммӕгӕс адӕмӕн цы диссаджы фидӕн ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй ма ноджыдӕр бирӕ адӕм базоной? Дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕныс, цымыдисгӕнӕг адӕмы ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ, цӕмӕй Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой, уымӕн ӕххуыс кӕнынӕн? Уацамынды зӕрдиагӕй кӕй исӕм хайад, уый, судзгӕ кӕй кодтой, уыцы нывонды адджын тӕфау ӕхсызгон у Хуыцауӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:58).

Цин кӕн ӕнгом ахастытыл Хуыцау ӕмӕ адӕмимӕ

14. Дзуттытӕм 10:24, 25-ӕм стихты Павел цы загъта, уымӕн цы ис иумӕйагӕй ӕмбалады нывондимӕ?

14 Фӕстагмӕ Павел йӕ хъус ӕрдардта, Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нын не ’мчырыстӕттимӕ цавӕр ахастытӕ хъуамӕ уа, уымӕ. «Уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ; нӕ ӕмбырдтӕ нӕ уадздзыстӕм, иуӕй-иутӕм куыд ис ӕгъдау; фӕлӕ кӕрӕдзийӕн амондзыстӕм [«кӕрӕдзийы фидар кӕндзыстӕм», НД], уӕлдайдӕр уынгӕйӕ, уыцы боны ӕрхӕстӕг» (Дзуттытӕм 10:24, 25). «Уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнын», «ӕмбырд» ӕмӕ «кӕрӕдзийы фидар кӕнын», ацы дзырдтӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, израилӕгтӕ ӕмбалады нывӕндтӕ кӕй хастой, уымӕй сӕхӕдӕг цы пайда истой, уый.

15. Цавӕр ӕмхуызондзинад ис ӕмбалады нывонд ӕмӕ чырыстон фембӕлдты ’хсӕн?

15 Дзырдбаст «ӕмбалады нывӕндтӕ» ма тӕлмац цӕуы «фарны нывӕндтӕй» дӕр. Ам дзуттаг ӕвзаджы дзырд «фарн» ис бирӕон нымӕцы. Гӕнӕн ис, уый ӕвдисы, ахӕм нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ адӕймагӕн куыд Хуыцауимӕ, афтӕ йе ’мкувӕг адӕмимӕ дӕр хорз ахастытӕ кӕй уыд, уый. Ӕмбалады нывонды тыххӕй иу ахуыргонд ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ӕцӕгдӕр уый уыд, Цӕдисы Хуыцауимӕ фембӕлды амондджын рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ-иу уӕд Хуыцау саккаг кодта израилӕгты фынгмӕ ӕмӕ-иу сси сӕ Уазӕг, кӕд сӕ Фысым алыхатт дӕр йӕхӕдӕг уыд, уӕддӕр». Ацы ныхӕстӕм нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы Йесойы зӕрдӕвӕрд: «Уымӕн ӕмӕ, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ ӕмбырд кӕм уой Мӕ Номыл, уым Ӕз Дӕн се ’хсӕн» (Матфейы 18:20). Алы чырыстон фембӕлды дӕр пайда исӕм зондамындтӕй ӕмӕ не ’мчырыстӕттимӕ кӕй аныхас кӕнӕм, уымӕй та нӕ уырнындзинад фӕфидардӕр вӕййы. Нӕ Хицау Йесо Чырысти фембӕлдты немӕ кӕй вӕййы, уый та нын куыд ӕхсызгон вӕййы. Нӕ чырыстон фембӕлдтӕй афтӕ стыр циндзинад ӕмӕ хъару ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы райсӕм.

16. Ӕмбалады нывонд дӕ зӕрдыл даргӕйӕ, куыд бамбарын кӕнис, чырыстон фембӕлдтӕ нын уӕлдай циндзинад цӕмӕн хӕссынц, уый?

16 Ӕмбалады нывондӕн-иу йӕ фиу иууылдӕр, хуылфыдзаумӕттӕ, уыргтӕ, игӕр ӕмӕ фӕрстыл цы фиутӕ уыд, уыдон, афтӕ ма фысы нард фӕхсын дӕр басыгътой нывондхӕссӕныл ӕмӕ-иу сӕ адджын тӕф ацыд Иегъовӕмӕ (Левит 3:3—16). Кусартӕй иууыл хуыздӕр ӕмӕ хӕрзаддӕр хайыл нымад цыдис фиу кӕнӕ нард. Фиу нывондхӕссӕныл кӕй хастой, уый та ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сӕм ӕппӕты хуыздӕр цы уыд, уый Иегъовӕйӕн кӕй лӕвӕрдтой. Афтӕ махӕн дӕр чырыстон фембӕлдтӕ уӕлдай стыр циндзинад хӕссынц, зондамындтӕ дзы кӕй райсӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма Иегъовӕйы номӕн кад кӕй хӕссӕм, уый тыххӕй дӕр. Уый та аразӕм, зӕрдӕбынӕй куы фӕзарӕм, лӕмбынӕг куы фӕхъусӕм ӕмӕ нын фадат куы фӕвӕййы, уӕд дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд. Ӕмӕ кӕд уый бирӕ нӕу, уӕддӕр иууыл хуыздӕр нӕ бон цы у, уый аразӕм. «Зарут Хицауӕн,— цингӕнгӕйӕ дзырдта псаломзарӕггӕнӕг,— ӕппӕлындзинад Уымӕн сыгъдӕджыты ӕмбырды» (Псалом 149:1).

Разӕй — стыр арфӕдзинӕдтӕ Иегъовӕйӕ

17, 18. а) Иерусалимы кувӕндон куы гом кодтой, уӕд Соломон цавӕр стыр нывонд ӕрхаста? ӕ) Уыцы бӕрӕгбон адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?

17 Н. э. агъоммӕ 1026 азы ӕвдӕм мӕйы Иерусалимы кувӕндон кадджын ӕгъдауӕй гом куы цыдис, уӕд паддзах Соломон ӕрхаста «стыр нывонд Иегъовӕйӕн». Уый ӕрхаста: «ӕнӕхъӕнӕй дӕр судзгӕ кӕй кодтой, ахӕм нывӕндтӕ, хойраджы кувинӕгтӕ ӕмӕ ӕмбалады нывӕндтӕн сӕ нард хӕйттӕ». Хойраджы кувинӕгтӕ куы нӕ нымайӕм, уӕд уыцы бон хаст ӕрцыд 22 000 сӕры ставд фосӕй, 120 000 та фыстӕ (3 Паддзахӕдты 8:62—65).

18 Ахъуыды ма кӕн, куыд стыр хӕрдзтӕ ӕмӕ куыд бирӕ фыдӕбон бахъуыд ахӕм бӕрӕгбон скӕнынӕн. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы бон Израиль цы арфӕдзинӕдтӕ райста, уыдон сӕ хӕрдзтӕй бирӕ фылдӕр уыдысты. Бӕрӕгбоны фӕуды Соломон «ауагъта адӕмы; ӕмӕ уыдон арфӕтӕ фӕкодтой паддзахӕн, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн ӕмӕ йӕ адӕм Израилӕн цы хорздзинӕдтӕ ракодта, ӕппӕт уыдӕттыл зӕрдиагӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ ацыдысты сӕ хӕдзӕрттӕм» (3 Паддзахӕдты 8:66). Уӕвгӕ куыд раст загъта Соломон: «Иегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы хъӕздыг кӕны ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 10:22).

19. Цӕмӕй абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр Иегъовӕйы стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

19 Мах цӕрӕм «ӕрцӕуинаг хорздзинӕдты аууон» «хорздзинӕдтӕн сӕхицӕй» ивд куы ӕрцыд, уыцы рӕстӕджы (Дзуттытӕм 10:1). Куыд номдзыд Хистӕр сауджын, афтӕ Йесо Чырысти ссыд «арвӕн йӕхи мидӕгмӕ» (НФ) ӕмӕ йӕ туджы аргъ бафыста Иегъовӕйӕн, цӕмӕй йӕ нывондыл чи ӕууӕнды ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй чи ӕвдисы, уыдоны балхӕна (Дзуттытӕм 9:10, 11, 24—26). Уыцы стыр нывонды фӕрцы, стӕй ма нӕхӕдӕг дӕр Хуыцауӕн ӕппӕлды сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп нывӕндтӕ зӕрдиагӕй куы хӕссӕм, уӕд размӕ цӕудзыстӕм «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ» ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм Иегъовӕйы стыр арфӕдзинӕдтӕм (Малахи 3:10).

Цавӕр дзуапп радтис?

• Закъоны нывӕндтӕ ӕмӕ лӕвӕртты тыххӕй цы фыст ис, уымӕй цавӕр зондамынд ӕмӕ рӕвдыд ис райсӕн?

• Цӕмӕй нывонд аккагыл нымад уыдаид, уый тыххӕй фыццаджыдӕр цавӕр хъуамӕ уыдаид ӕмӕ уый махӕн цы нысан кӕны?

• Рагон Израилы барвӕндӕй артыл цы нывӕндтӕ хастой, махӕн дӕр нӕ бон куыд у ахӕм цыдӕр хӕссын?

• Чырыстон фембӕлдтӕ цы хуызы ис абарӕн ӕмбалады нывӕндтимӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12 фарсыл]

Иегъовӕ Йесойы ӕлхӕнӕг нывонд радта ӕппӕт адӕмы фервӕзын кӕнынӕн.

[Ныв 14 фарсыл]

Цӕмӕй нӕ лӕггаддзинад Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуа, уый тыххӕй алы хъуыддаджы дӕр хъуамӕ уӕм сыгъдӕг.

[Ныв 15 фарсыл]

Хъусынгӕнгӕйӕ мах адӕмӕн ӕргом дзурӕм, Иегъовӕ куыд хӕларзӕрдӕ у, уый тыххӕй.