Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ у стыр тыхы хицау

Иегъовӕ у стыр тыхы хицау

Иегъовӕ у стыр тыхы хицау

«Йе стыр хъомыс ӕмӕ йе стыр тыхы руаджы Уымӕй ницы фӕхъӕуы» (ИСАЙ 40:26).

1, 2. а) Цавӕр физикон энергийы суадоныл у баст махӕй алкӕй цард дӕр? ӕ) Бамбарын кӕн, куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр цӕмӕн у Иегъовӕ ӕппӕт тыхы Суадон дӕр, уый.

ТЫХ — уый махӕй бирӕтӕ нымайынц, царды алы бон дӕр цӕуыл ӕмбӕлӕм, ахӕм цӕуылдӕр, диссаг нӕ никӕмӕ кӕсы. Зӕгъӕм, хъуыды дӕр никуы акӕнӕм, рухс ӕмӕ хъарм кӕцӕй исӕм, стӕй алы электрон гарзӕг дӕр цӕй фӕрцы скусы, уыцы электрон тыхыл. Ӕрмӕстдӕр рухс куы ахуыссы, уӕд ӕй бамбарӕм, уыцы тых куы нӕ уа, уӕд адӕймаг цы стыр горӕттӕ сарӕзта, уыдон ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕ куыстӕй кӕй ныллӕудзысты, уый. Цы электрон тыхы фӕрцы цӕрӕм, уымӕн нӕм йӕ фылдӕр хай, куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр цӕуы, ӕвидийгӕ тыхы суадонӕй — Хурӕй *. Зӕххыл цардӕн хъӕугӕ энерги дӕтгӕйӕ Хур алы секунд дӕр хардз кӕны фондз милуан тонн ядерон артаг.

2 Цымӕ кӕцӕй цӕуы хуры энерги? Чи скодта уыцы уӕлаврон электростанцӕ? Иегъовӕ Хуыцау! Псалом 73:16-ӕм стихы (СПб) уый тыххӕй дзырдӕуы: «Ды ныллӕуын кодтай рухс ӕмӕ хур». О, Иегъовӕ царды ӕппӕт формӕты Суадон куыд у, афтӕ у ӕппӕт тыхы Суадон дӕр (Псалом 35:10). Йӕ тыхмӕ нын ахӕм ахаст макуы хъуамӕ уа, ома ис ӕмӕ ис, ӕндӕр куыд хъуамӕ уа. Пехуымпар Исайы уылты нын Иегъовӕ дзуры, цӕмӕй ӕрвон буӕрттӕ хур ӕмӕ стъалытӕм скӕсӕм ӕмӕ куыд фӕзындысты, ууыл ахъуыды кӕнӕм. «Уӕ цӕстытыл ма схӕцут уӕлӕрвты бӕрзӕндтӕм ӕмӕ скӕсут, чи сӕ сфӕлдыста? Чи сын зоны сӕ нымӕц? Уыдон иууылдӕр Уый зоны сӕ нӕмттӕй: Йе стыр хъомыс ӕмӕ йе стыр тыхы руаджы Уымӕй ницы фӕхъӕуы» (Исай 40:26; Иереми 32:17).

3. Иегъовӕ йӕ тых кӕй ӕвдисы, уый нын цы пайда хӕссы?

3 Иегъовӕ стыр тыхы хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, хур нын дарддӕр дӕр кӕй дӕтдзӕн цардӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ рухс ӕмӕ хъарм. Фӕлӕ Хуыцауы тыхыл канд нӕ абоны цард нӕу баст. Иегъовӕ йӕ тыхӕй куыд пайда кӕны, уый фӕрцы нын ис тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзыны ныфс, уый фӕрцы нын ис фидӕны ныфс ӕмӕ йыл растдӕр уый фӕрцы у нӕ бон ӕууӕндын дӕр (Псалом 27:6—9; Исай 50:2). Библи нын бирӕ рӕтты ӕвдисы, Иегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у фӕлдисын ӕмӕ сӕрибар кӕнын, йӕ адӕмы ирвӕзын кӕнын ӕмӕ йе знӕгты куынӕг кӕнын.

Хуыцауы тых зыны йе сфӕлдыстады

4. а) Давид ӕхсӕвыгон арвмӕ куы каст, уӕд ыл уый куыд бандӕвта? ӕ) Хуыцауы тыхы тыххӕй нын ӕрвон буӕрттӕ цы дзурынц?

4 Апостол Павел ӕмбарын кӕны, Сфӕлдисӕджы «мыггагмӕйы тых» кӕй зыны, «цы скодта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ» (Ромӕгтӕм 1:20). Фӕлӕ Павелӕй бирӕ раздӕр псаломзарӕггӕнӕг Давид фыййау куы уыд, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, ӕхсӕвыгон арвмӕ арӕх каст, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бамбӕрста, Дун-дуне куыд диссаджы конд у ӕмӕ йе Скӕнӕг хъомысджын кӕй у, уый. Давид фыста: «Куы кӕсын ӕз Дӕ ӕрвтӕм,— Дӕ ӕнгуылдзты хъуыддагмӕ [«Дӕ къухтӕй кондтӕм», СПб], мӕй ӕмӕ стъалытӕм, кӕцыты Ды сӕвӕрдтай, уӕд цы у адӕймаг, Ды йӕ кӕй мысыс, ӕмӕ адӕймаджы фырт, Ды йӕ кӕй бӕрӕг кӕныс?» (Псалом 8:4, 5). Кӕд Давид ӕрвон буӕртты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ нӕ зыдта, уӕддӕр ӕмбӕрста, ацы ӕгӕрон Дун-дуне Скӕнӕгимӕ абаргӕйӕ рыджы мур дӕр кӕй нӕу, уый. Абон астрономтӕ бирӕ фылдӕр зонынц, Дун-дуне куыд ӕнӕкӕрон у ӕмӕ йӕ цӕй стыр тых уромы, уый тыххӕй. Зӕгъӕм уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, хур алы секунд дӕр цы энерги хардз кӕны, уый абарӕн ис 100 000 милуан мегатонн тротилы срӕмыгъдимӕ *. Уыцы энергийӕ Зӕхмӕ хӕццӕ кӕны ӕрмӕстдӕр хӕрзчысыл хай, ӕмӕ уый дӕр фаг у, цӕмӕй зӕххыл цард уа, уымӕн. Уӕвгӕ та арвыл цы ӕнӕнымӕц стъалытӕ ис, уыдонӕй Хур ӕппӕты стырдӕр ӕмӕ ӕппӕты тӕвддӕр стъалы нӕу. Хур ӕнӕхъӕн бонмӕ цы энерги хардз кӕны, уый иуӕй-иу стъалытӕ бахардз кӕнынц ӕрмӕстдӕр иу секундмӕ. Ахъуыды ма кӕн, уӕд уыцы ӕрвон буӕрттӕ Чи скодта, уымӕ та цас тых ис! Елиуй дзӕгъӕлы нӕ бадис кодта: «Ӕппӕтхъомысджын! Нӕ бон ӕй нӕу кӕронмӕ раиртасын. Уый стыр тыхы хицау у» (Иов 37:23).

5. Иегъовӕйы тых йӕ хъуыддӕгты куыд уынӕм?

5 Кӕд мах дӕр Давидау Хуыцауы «хъуыддӕгтӕ» феныныл архайӕм, уӕд алы ран дӕр уындзыстӕм йе стыр тых — дымгӕ ӕмӕ уылӕнты, арвнӕрд ӕмӕ арвӕрттывды, абухгӕ цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ бӕрзонд хӕхты (Псалом 110:2; Иов 26:12—14). Уый ӕддейӕ, Иегъовӕ Иовӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йе стыр тыхӕн цӕрӕгойтӕ дӕр кӕй сты ӕвдисӕн, уый. Уыдонӕй иу у бегемот, кӕнӕ гиппопотам. Иегъовӕ Иовӕн загъта: «Йӕ тых ис йӕ зӕнгты... йе стджытӕ сты ӕфсӕн цӕджындзтау» (Иов 40:10—13). Къамбец куыд тыхджын у, уый зындгонд уыд, Библи фыст куы цыдис, уыцы заманты дӕр ӕмӕ Давид куывта, цӕмӕй йӕ Хуыцау бахызтаид «домбайы дзыхӕй, ӕмӕ къамбецы сыкъатӕй» (Псалом 21:22, СПб; Иов 39:9—11, АМТ).

6. Фыстады къамбец цы ӕвдисы ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс фиппаинаг.)

6 Къамбец тынг тыхджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы Библи пайда кӕны Иегъовӕйы тых равдисынӕн *. Апостол Иоанны цӕстылуайӕны Иегъовӕйы паддзахбадӕны алыварс ис цыппар удӕгас фӕлдисонды, ӕмӕ дзы иуӕн йӕ сӕр у роды сӕры хуызӕн (Раргомад 4:6, 7). Куыд зонӕм, афтӕмӕй уыцы цыппар херувимы ӕвдисынц Иегъовӕйы цыппар сӕйраг миниуӕджы, ӕмӕ уыдонӕй иу у тых. Иннӕтӕ та сты уарзондзинад, зондджындзинад ӕмӕ рӕстдзинад. Уӕдӕ Хуыцауы сӕйрагдӕр миниуджытӕй иу тых кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, уыцы тых цы у ӕмӕ дзы куыд пайда кӕны, уый. Уый фӕрцы йӕм баввахсдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм цасфӕнды тых ма уа, уӕддӕр дзы Уыйау раст пайда кӕнӕм (Ефесӕгтӕм 5:1).

«Ӕфсӕдты Иегъовӕ, Израилы Тыхджын»

7. Хорздзинад фыддзинадыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, ууыл фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндӕм?

7 Фыстады Иегъовӕ хуыйны «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау», амӕ нын уый нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, йӕ тыхмӕ нын куыдфӕндыйы ахаст кӕй хъуамӕ ма уа ӕмӕ йе знӕгтыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, ууыл дызӕрдыг кӕй хъуамӕ ма кӕнӕм, уый (Уӕвынад 17:1; Рацыд 6:3). Афтӕ зыны, цыма Сайтаны цардыуагон системӕ тынг фидар у, фӕлӕ Иегъовӕйы раз «адӕмтӕ сты ведрайӕ иу ӕртахы хуызӕн, ӕмӕ барӕнтыл рыджы муры уӕзӕн» (Исай 40:15). Хуыцау ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у, уый фӕрцы нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, хорздзинад фыддзинадыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, ууыл. Ӕмӕ кӕд абон фыдгӕнджытӕн макӕ зӕгъӕг дӕр нӕй, уӕддӕр нӕ фидар кӕны, «ӕфсӕдты Иегъовӕ, Израилы Тыхджын» фыддзинадӕн ӕнустӕм кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый (Исай 1:24 АМТ; Псалом 36:9, 10).

8. Цавӕр уӕларвон ӕфсӕдтӕ ис Иегъовӕйы дӕлбар ӕмӕ цы зонӕм сӕ тыхы тыххӕй?

8 Дзырдбаст «ӕфсӕдты Иегъовӕ» Библийы ӕмбӕлы 285 хатты ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый. «Ӕфсӕдтӕ» сты, Иегъовӕйы бардзырдтӕ чи ӕххӕст кӕны, уыцы ӕнӕнымӕц уӕларвон фӕлдисондтӕ (Псалом 102:20, 21; 148:2). Иу ӕхсӕвы мидӕг уыцы зӕдтӕй иу ныццагъта, Иерусалим ныппырх кӕнынмӕ чи хъавыд, уыцы ассириаг ӕфсӕддонтӕй 185 000 адӕймаджы (4 Паддзахӕдты 19:35). Иегъовӕйы уӕларвон ӕфсӕдтӕ куыд тыхджын сты, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ не знӕгтӕ ӕнцонтӕй нӕ фӕтӕрсын кӕндзысты. Пехуымпар Елисейыл знаджы ӕфсад куы ’рхъула кодтой ӕмӕ йӕ ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд уый нӕ тарст, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕй хъауджыдӕр уый уырнындзинады цӕстытӕй уыдта, ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсӕдтӕ йӕ кӕй хъахъхъӕнынц, уый (4 Паддзахӕдты 6:15—17).

9. Йесойау мах дӕр, Хуыцау нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, ууыл цӕмӕн хъӕуы фидарӕй ӕууӕндын?

9 Гефсиманы дыргъдоны дуне адӕм кардӕлвӕстӕй ӕмӕ михтимӕ Йесойы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд уый дӕр нӕ дызӕрдыг кодта, зӕдтӕн сӕ бон йӕ бахъахъхъӕнын кӕй у, ууыл. Йесо Петрӕн йӕ кард йӕ кӕрддзӕмы куы сӕвӕрын кодта, уӕд ын загъта, зӕгъгӕ, куы бахъуыдаид, уӕд мӕ Фыдӕн загътаин ӕмӕ мын уый раттаид «дыууадӕс легионӕй фылдӕр Зӕдтӕ» (Матфейы 26:47, 52, 53). Хуыцауӕн уӕлаврон ӕфсӕдтӕ кӕй ис, уый мах дӕр Йесойау куы ’мбарӕм, уӕд никуы фӕдызӕрдыг уыдзыстӕм, кӕй нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ууыл. Апостол Павел ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Цы зӕгъӕм уӕдӕ уымӕй? Кӕд Хуыцау мах фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ чи у?» (Ромӕгтӕм 8:31).

10. Иегъовӕ кӕмӕн ӕххуыс кӕны?

10 Иегъовӕ нӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, ууыл ӕууӕндынӕн нын ис бӕлвырд аххосӕгтӕ. Йӕ тыхӕй кӕддӕриддӕр пайда кӕны хорзырдӕм ӕмӕ уыцы иу рӕстӕджы хайад фӕисынц йӕ иннӕ миниуджытӕ дӕр — рӕстдзинад, зондджындзинад ӕмӕ уарзондзинад (Иов 37:23; Иереми 10:12). Тыхджын адӕймагӕн цӕмӕй йӕ хиуарзон фӕнд йӕ къухы бафта, уый тыххӕй мӕгуыр ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмы арӕх йӕ къӕхты бын кӕны, фӕлӕ Иегъовӕ ахӕм нӕу. Уый «сыджытӕй сисы мӕгуыры» ӕмӕ «йӕм ис тых ирвӕзын кӕнынӕн» (Псалом 112:5—7; Исай 63:1, АМТ). Уымӕ гӕсгӕ Йесойы хӕдӕфсарм ӕмӕ сӕрныллӕг мад Мариа дӕр ӕмбӕрста, «Тыхджын Хуыцау» йӕхицӕн кӕй ницы агуры, фӕлӕ дзы чи тӕрсы, уыдонӕн кӕй ӕххуыс кӕны, сӕрныллӕг адӕмы кӕй бӕрзонд кӕны, хъалты та худинаг кӕй кӕны, уый (Лукайы 1:46—53, НФ).

Иегъовӕ йӕ тых ӕвдисы йӕ лӕггадгӕнджытӕн

11. Хуыцау цавӕр тыхы хицау у, уый н. э. агъоммӕ 1513 азы израилӕгтӕ сӕхи цӕстӕй куыд федтой?

11 Уыдис ахӕм цаутӕ, Иегъовӕ-иу йӕ хъомыс йӕ лӕггадгӕнджытӕн куы равдыста. Иу ахӕм хабар ӕрцыд н. э. агъоммӕ 1513 азы Синайы хохрӕбын. Уыцы аз цалдӕр мӕйы размӕ израилӕгтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Хуыцау йӕ тых куыд равдыста, уый. Ӕвирхъау дӕс ӕфхӕрды сбӕлвырд кодтой, Иегъовӕ стыр тыхы хицау кӕй у ӕмӕ Египеты хуыцӕуттӕн та сӕ бон кӕй ницы у, уый. Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ Сырх денджызыл диссаджы хуызы ахызтысты, Фараоны ӕфсад та денджызы хай баисты, ӕмӕ та адӕм ногӕй сӕхи цӕстӕй федтой Хуыцауы тых. Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ Синайы хохрӕбын Иегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй суой йӕ «хай ӕппӕт иннӕ адӕмтӕй». Ӕмӕ уыдон се ’ппӕтдӕр ӕмхуызонӕй сразы сты: «Иегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм» (АМТ) (Рацыд 19:5, 8). Уый фӕстӕ Иегъовӕ йӕ тых диссаджы хуызы равдыста. Дӕ цӕстыл ма ауайын кӕн: арв нӕры, цӕхӕртӕ калы, дардыл хъуысы хӕтӕлы уасын ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Синайы хохӕй фӕздӕг цӕуы ӕмӕ ӕнкъуысы. Дӕрддзӕф цы адӕм лӕууыдысты, уыдонӕн фыртӕсӕй сӕ хъуын арц сбадт. Фӕлӕ сын Моисей загъта, зӕгъгӕ, уый уымӕн афтӕ у, цӕмӕй уӕм Хуыцауы тас уа, ӕмӕ уын уыцы тас хъуамӕ баххуыс кӕна ӕппӕтхъомысджын ӕмӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы коммӕ кӕсынӕн (Рацыд 19:16—19; 20:18—20).

12, 13. Цӕй тыххӕй ныууагъта Илиа йӕ куыст, фӕлӕ йӕ Иегъовӕ куыд бафидар кодта?

12 Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ, Илиайы рӕстӕджы та, Синайы хох ногӕй ӕвдисӕн сси, Хуыцау йӕ тых куыд равдыста, уымӕн. Пехуымпар уый размӕ дӕр федта, Хуыцауы тыхы руаджы цы хъуыддӕгтӕ ӕрцыд, уый. Израилы адӕм Хуыцаумӕ сӕ чъылдым кӕй раздӕхтой, уый тыххӕй ӕртӕ аз ӕмӕ ӕрдӕджы ӕмгъуыдмӕ Хуыцау «арвы дуӕрттӕ сӕхгӕдта» (2 Паралипоменон 7:13). Уый фӕстиуӕг хус заман скодта ӕмӕ хойраг никуыуал уыд, фӕлӕ Илиайӕн Хорафы доны былмӕ халӕттӕ хастой хӕринаг, уый фӕстӕ та йын хӕрын кодта идӕдз ус, ссад ӕмӕ ма йӕм зетийы бынтӕй цы баззад, уыдон диссаджы хуызы, куыд фӕзӕгъынц, уӕлейӕ исгӕ бынӕй ахадгӕ кӕй фестадысты, уый руаджы. Иегъовӕ ма Илиайӕн суанг уый тых дӕр радта, цӕмӕй идӕдз усӕн йӕ фырты райгас кодтаид. Ӕппынфӕстаг Кармилы хохыл, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый тыххӕй быцӕу куы сӕвзӕрд, уӕд уӕларвӕй зынг ӕрцыд ӕмӕ Илиайы нывонд аныхъуырдта (3 Паддзахӕдты 17:4—24; 18:36—40). Фӕлӕ уыцы цауӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Илиа базыдта, Иезавел ӕй марынмӕ кӕй хъавы, ӕмӕ дзы тас бацыд, йӕ уӕнг амард (3 Паддзахӕдты 19:1—4). Уый йӕ сӕр фӕсӕфта уыцы бӕстӕйӕ, афтӕ хъуыдыгӕнгӕйӕ, мӕ пехуымпары куыст фӕци, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Иегъовӕ сӕрмагондӕй йӕхицӕн йӕ тых равдыста, ӕмӕ йӕ уымӕй бафидар кодта, йӕ уӕнгты та йын тых бауагъта.

13 Илиа лӕгӕты куы ’мбӕхст, уӕд федта, Иегъовӕйӕн ӕрдзы ӕртӕ тыхыл — тыхдымгӕ, зӕххӕнкъуыст, ӕмӕ ӕппынфӕстаг та зынгыл — йӕ бар куыд цӕуы, уый, ӕмӕ дзы стыр тас бацыд. Фӕлӕ Иегъовӕ Илиамӕ куы дзырдта, уӕд йӕ хъӕлӕс уыдис «дымгӕйы уддзӕфау». Йӕ бӕрны йын бакодта ног хӕслӕвӕрд ӕмӕ йын раргом кодта, уыцы зӕххыл Иегъовӕйӕн нырма 7 000 иузӕрдион лӕггадгӕнӕджы кӕй ис, уый (3 Паддзахӕдты 19:9—18). Кӕд нын лӕггаддзинады, цас нӕ фӕнды, алы хатт уыйас нӕ бантысы, ӕмӕ уый аххосӕй Илиайау нӕ ныфс асӕтты, уӕд нӕ бон у, ӕмӕ Иегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын «ӕгӕрон тых» ратта. Уыцы тых нӕ бафидар кӕндзӕн, цӕмӕй хорз уацхъуыд дарддӕр дӕр нӕ бон уа зӕрдӕбынӕй хъусын кӕнын (2 Коринфӕгтӕм 4:7, НФ).

Иегъовӕйы тых у йӕ зӕрдӕвӕрдты сӕххӕстӕн бӕлвырдгӕнӕн

14. Цӕуыл дзурӕг у Иегъовӕйы сӕрмагонд ном ӕмӕ йӕ тых куыд у баст йӕ номимӕ?

14 Иегъовӕйӕн йӕ ном, стӕй йӕ фӕндон кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый дӕр баст у йӕ тыхимӕ. Сӕрмагонд ном Иегъовӕ нысан кӕны «Уый уӕвын кӕны». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг йӕхи кӕй суӕвын кӕны йӕ зӕрдӕвӕрдты Ӕххӕстгӕнӕг. Кӕд Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый, чи йыл не ’ууӕнды, уыдонмӕ, ӕрцӕуӕн цӕмӕн нӕй, ахӕм цыдӕр кӕсы, уӕддӕр ӕнӕмӕнг афтӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ никӕй ӕмӕ ницӕй бон у йӕ бакъуылмпы кӕнын. Иухатт Йесо йӕ апостолтӕн куыд загъта, «Хуыцауӕн... ӕппӕтдӕр у Йӕ бон», зӕгъгӕ (Матфейы 19:26).

15. Иегъовӕйӕн зын кӕй ницы у, уый Авраам ӕмӕ Саррӕйы зӕрдыл куыд ӕрлӕууын чындӕуыд?

15 Мӕнӕ иу цӕвиттон. Иухатт Иегъовӕ Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, уӕ байзӕддӕгтӕй рауадздзынӕн стыр адӕм. Афтӕмӕй та бирӕ азты дӕргъы ӕнӕзӕнӕг уыдысты. Иегъовӕ сын куы загъта, зӕгъгӕ мӕ зӕрдӕвӕрд рӕхджы сӕххӕст уыдзӕн, уӕд сӕ дыууӕ дӕр хӕрззӕронд уыдысты, ӕмӕ Саррӕ йӕ мидбылты бахудт. Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Цымӕ Иегъовӕйӕн йӕ бон цы нӕу, ахӕм исты ис?» (Уӕвынад 12:1—3; 17:4—8; 18:10—14, АМТ). Цыппар ӕнусы фӕстӕ, ӕппынфӕстаг иМоисей Моавы дӕлвӕзмӕ ӕрӕмбырд кодта Авраамы байзӕддӕгты, уӕдмӕ ӕцӕгдӕр тынг чи сбирӕ, ахӕм адӕмы. Ӕмӕ сын уым сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кодта, уый. Моисей загъта: «[Сымах ныронг цӕрут], уымӕн ӕмӕ уын Уый [Иегъовӕ] уӕ фыдӕлты бауарзта, ӕмӕ сымах, сӕ байзӕддӕгты, равзӕрста ӕмӕ уӕ Йӕхӕдӕг Йе стыр тыхӕй ракодта Египетӕй, цӕмӕй сымахӕй стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдон уӕ разӕй фӕсура, ӕмӕ уӕ сӕ зӕхмӕ бакӕна ӕмӕ уын ӕй бынӕн ратта, ныртӕккӕ уӕхӕдӕг куыд уынут, афтӕ» (Дыккаг закъон 4:37, 38).

16. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл саддукейтӕ цӕуылнӕ ӕууӕндыдысты?

16 Уымӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ Йесо карзӕй бафхӕрдта, райгасдзинад кӕй нӕ уырныдта, уыцы саддукейты. Цымӕ Хуыцау мӕрдты цардмӕ кӕй раздахдзӕн, ууыл цӕуылнӕ ӕууӕндыдысты? Йесо сын загъта: «Рӕдиут, нӕдӕр чиныджы фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых зонгӕйӕ» (Матфейы 22:29, НФ). Сыгъдӕг Фыстад нын фидар ныфс дӕтты, зӕгъгӕ, «ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:27—29). Уӕдӕ кӕд, Хуыцау стыр тыхы хицау кӕй у, ууыл фидарӕй ӕууӕндӕм, уӕд мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл дӕр дызӕрдыг хъуамӕ ма кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ Библийы дзырдӕуы уый тыххӕй. Хуыцау «ӕнустӕм мӕлӕт фесафдзӕн... уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Иегъовӕ» (Исай 25:8, АМТ).

17. Фидӕны нӕ сӕрмагонд ӕгъдауӕй цавӕр бон бахъӕудзӕн, Иегъовӕйыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уый сбӕлвырд кӕнын?

17 Рӕхджы махӕй алкӕй дӕр бахъӕудзӕн, Хуыцауӕн нӕ йӕ бон фервӕзын кӕнын кӕй у, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уый сбӕлвырд кӕнын, нырмӕ нӕ куыд никуы хъуыд, ахӕм хуызы. Сайтан Хӕйрӕг йӕхи ныццӕвдзӕн Хуыцауы адӕмыл, афтӕ йӕм фӕкӕсдзӕн, цыма ӕнӕхицау сты (Иезекиль 38:14—16). Фӕлӕ растдӕр уыцы рӕстӕджы мах бахъахъхъӕныны сӕраппонд Хуыцау равдисдзӕн йе стыр тых, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, уый Иегъовӕ кӕй у, уый (Иезекиль 38:21—23, АМТ). Цӕмӕй уыцы ахсджиаг бон ма фӕцудӕм, уый тыххӕй та ныридӕгӕн хъуамӕ фидар кӕнӕм нӕ уырнындзинад Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауыл.

18. а) Иегъовӕйы тыхыл хъуыды кӕнын нын пайда цӕмӕн у? ӕ) Иннӕ статьяйы цавӕр фарст цӕудзӕн ӕвзӕрст?

18 Бӕгуыдӕр, бирӕ аххосӕгтӕ нын ис Иегъовӕйы тыхыл хъуыды кӕнынӕн. Йӕ хъуыддӕгтӕм ын куы фӕкӕсӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕны, цӕмӕй сӕрныллӕгӕй кадджын кӕнӕм Дунескӕнӕг Стыр Хуыцауы ӕмӕ йын кад кӕнӕм, йӕ тыхӕй афтӕ зондджын ӕмӕ уарзӕгой хуызы кӕй пайда кӕны, уый тыххӕй. Ӕфсӕдты Иегъовӕйыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд нӕ ничи фӕтӕрсын кӕндзӕн. Уӕд никуы фӕдызӕрдыг уыдзыстӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ дӕ уый дӕр ма ферох уӕд, Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ кӕй стӕм фӕлдыст. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд махмӕ дӕр ис тых, кӕд Хуыцаумӕ цӕйас тых ис, уыйас нӕ, уӕддӕр. Нӕ тыхӕй пайда кӕныны хъуыддаджы нӕ бон куыд у не Сфӕлдисӕджы фӕзмын? Уый тыххӕй дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 1 абз. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ахӕм артаг кӕцӕй исынц, уыцы зӕххӕй къахгӕ нефт ӕмӕ дурӕвзалы — электростанцӕты энергийы сӕйраг суадӕттӕ — энерги исынц Хурӕй.

^ 4 абз. Абар: цы ядерон бомбӕтӕ срӕмыгътой, уыдонӕй сӕ иууыл тыхджындӕрӕн йӕ тых уыд 57 мегатонн тротилы бӕрц.

^ 6 абз. Библи цы къамбецы кой кӕны, уый, ӕвӕццӕгӕн, уыд хъӕддаг гал (латинагау urus). Дыууӕ миназы размӕ уыцы цӕрӕгойтӕ уыдысты Галлийы (ныртӕккӕ у Францы территори), ӕмӕ Юлий Цезар уыдон тыххӕй ныффыста: «Уыдон [uri-тӕ] сты пылтӕй зына-нӕзына къаддӕр, се ’ддаг бакаст, сӕ хуыз ӕмӕ сӕ кондӕй та сты къамбецты хуызӕн. Уыдон сты тынг тыхджын ӕмӕ тынг цӕрдӕг: сӕ цӕст адӕймагыл схӕца ӕви исты сырдыл, ницӕуыл ауӕрдынц».

Ацы фарстытӕн дӕ бон дзуапп раттын у?

Иегъовӕйы тыхы тыххӕй йе сфӕлдыстад куыд ӕвдисӕн кӕны?

Цавӕр ӕфсӕдтӕй пайда кӕны Иегъовӕ йӕ адӕмы бахъахъхъӕнынӕн?

Иегъовӕ йӕ тых цавӕр уавӕрты равдыста?

Иегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 24 фарсыл]

«Уӕ цӕстытыл ма схӕцут уӕлӕрвты бӕрзӕндтӕм ӕмӕ скӕсут, чи сӕ сфӕлдыста?»

[Барлӕвӕрдӕй]

Photo by Malin, © IAC/​RGO 1991

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Иегъовӕ йӕ тых куыд ӕвдисы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый фидар кӕндзӕн нӕ уырнындзинад, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл.