Псалом 113:1—9

113  Кадджын кӕнут Йагъы!+Кадджын кӕнут Йегъовӕйы, йӕ лӕггадгӕнджытӕ+.Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном+.   Табу Йегъовӕйы номӕн+Ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр+.   Кад уӕд Йегъовӕйы номӕн+Хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнмӕ+.   Йегъовӕ бады бӕрзондыл, йӕ бар цӕуы ӕппӕт адӕмтыл дӕр+.Йӕ кад у уӕлӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр+.   Чи у нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хуызӕн?+Чи у, уӕлӕрвты чи цӕры, уый хуызӕн?+   Уый ӕргуыбыр кӕны, цӕмӕй ӕркӕса арв ӕмӕ зӕхмӕ+.   Ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕймаджы зӕххӕй сисы+,Мӕгуыры сисы фӕныкӕй+,   Цӕмӕй йӕ ӕрбадын кӕна кадджынтимӕ+,Йӕ адӕмы ’хсӕн кадджын чи у, уыдонимӕ+.   Ӕнӕзӕнӕг сылгоймаджы йӕ хӕдзары+Фыртты цинӕй схайджын кӕны+.Кадджын кӕнут Йагъы!+

Фиппаинӕгтӕ