Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

35 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕ тынг аргъ кӕны йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕн

Йегъовӕ тынг аргъ кӕны йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕн

«Йегъовӕ... сӕрныллӕг адӕймаджы уыны» (ПС. 138:6).

48 ЗАРӔГ Алы бон Йегъовӕимӕ цӕуӕм

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Йегъовӕ сӕрныллӕг адӕммӕ цы зӕрдӕ дары?

ЙЕГЪОВӔ уарзы сӕрныллӕг адӕмы. Ӕцӕг сӕрныллӕг чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон свӕййынц йе ’ввахс хӕлӕрттӕ. «Сӕрбӕрзонд чи у, уыимӕ та йын иумӕйагӕй ницы ис» (Пс. 138:6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм ӕмӕ йӕ фӕлмӕн уарзтӕй рӕвдыд уӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй сӕрныллӕгдзинадыл сахуыр уӕм.

2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ фарстамӕ: 1) Цы у сӕрныллӕгдзинад? 2) Сӕрныллӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм? 3) Кӕд нын вӕййы зын сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын? Мах базондзыстӕм, сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕндзыстӕм, стӕй уый нӕхицӕн дӕр пайда кӕй хӕсдзӕн (Ӕмб. 27:11; Ис. 48:17).

ЦЫ У СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД?

3. Цы у сӕрныллӕгдзинад?

3 Сӕрныллӕгдзинад уый у, ӕмӕ адӕймаг йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр куы не ’вӕра ӕмӕ йӕхицӕй хъал ӕмӕ сӕрбӕрзонд куы нӕ уа. Библийӕ бӕрӕг у, сӕрныллӕг адӕймаг кӕй ӕмбары, Йегъовӕ Хуыцау уымӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй у. Стӕй ма ӕмбары, алы адӕймаг дӕр дзы цӕмӕйдӕр хуыздӕр кӕй у, уый (Фил. 2:3, 4).

4, 5. Сӕрныллӕг адӕймаджы каст чи кӕны, уыдонӕй алкӕмӕй цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕцӕгӕй сӕрныллӕг у?

4 Иуӕй-иутӕ сӕрныллӕг адӕмы каст кӕнынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та ахӕмтӕ не сты. Чи зоны, сты сабыр ӕмӕ ӕфсӕрмыгӕнаг. Кӕнӕ та сты уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын, сӕ адӕмыхатты ӕгъдау афтӕ кӕй домы йе та сӕ сӕ ныййарджытӕ афтӕ кӕй схъомыл кодтой, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, гӕнӕн ис, сты тынг сӕрбӕрзонд ӕмӕ хъал. Ӕмӕ абон уа, райсом уа, уӕддӕр рабӕрӕг уыдзӕн, мидӕгӕй цавӕр сты, уый (Лук. 6:45).

5 Чидӕртӕ та кӕд ныфсхаст ӕмӕ ӕргомдзырд сты, уӕддӕр уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕрбӕрзонд сты (Иоан. 1:46, 47). Фӕлӕ уӕддӕр, ныфсхаст чи у, уыдон хъуамӕ сӕ курдиӕттӕй ныфсджын ма уой, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой. Уӕдӕ ныфсхаст стӕм ӕви нӕ,– алчидӕр нӕ хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад йӕ удыхъӕды фидар кӕна.

Апостол Павел уыд сӕрныллӕг адӕймаг ӕмӕ йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл нӕ уыд (кӕс 6 абзац) *

6. 1 Коринфӕгтӕм 15:10 стихӕй апостол Павелы тыххӕй цы ис базонӕн ӕмӕ дзы цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

6 Ӕркӕсӕм апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Павел Йегъовӕйы къухы уыд диссаджы кусӕнгарз. Зӕгъӕм, бирӕ горӕтты ӕмбырдтӕ скодта. Павел Хуыцауы хъуыддаджы цас сарӕзта, уыйбӕрц, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ апостолтӕй ничи сарӕзта. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхи иннӕ чырыстӕттӕй хуыздӕрыл нӕ нымадта. Уый сӕрныллӕгӕй загъта: «Ӕз дӕн апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр ӕмӕ, апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрдтон Хуыцауы ӕмбырд» (1 Кор. 15:9). Стӕй Павел загъта, Йегъовӕйы хӕлар кӕй сси йе стыр хорзӕхы фӕрцы, курдиатджын кӕй уыд ӕмӕ йын бирӕ цыдӕртӕ кӕй бантыст, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:10.) Павел коринфӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, куыд сӕрныллӕг уыд, уый. Кӕд Коринфы ӕмбырдӕй чидӕртӕ Павелмӕ фаутӕ хастой, уӕддӕр уый йӕхицӕй не ’ппӕлыд (2 Кор. 10:10).

Карл Клейн лӕггад кодта Разамонӕг советы; уый уыди тынг сӕрныллӕг ӕфсымӕр (кӕс 7 абзац)

7. Иу бӕрнон ӕфсымӕр сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста?

7 Йегъовӕйы адӕмӕй бирӕты бафидар кодта ӕфсымӕр Карл Клейны биографи. Уый лӕггад кодта Разамонӕг советы. Ӕфсымӕр Клейн ӕргом радзырдта, цы лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кодта ӕмӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, 1922 азы хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фыццаг хатт куы хъусын кодта, уӕд ӕм уый афтӕ зын фӕкаст, ӕмӕ дыууӕ азы бӕрц хъусын кӕнынмӕ нал цыд. Фӕстӕдӕр Вефилы куы лӕггад кодта, уӕд ын иу ӕфсымӕр уынаффӕ радта, ӕмӕ йӕм Карл иуцасдӕр йӕ зӕрдӕйы маст хаста. Иуафон та нервыты низӕй фӕрынчын, фӕлӕ фӕстӕдӕр сдзӕбӕх. Фӕлӕ Карл ӕххӕст кодта бирӕ кадджын хӕстӕ дӕр. Ӕмӕ, бӕрнон ӕфсымӕр уӕвгӕйӕ, йӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй афтӕ ӕргом радзырдтаид, уымӕн ӕй сӕрныллӕгдзинад куыннӕ хъуыд. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ Карл Клейны ’рымысынц ӕмӕ йӕ биографи дӕр бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуы *.

СӔРНЫЛЛӔГ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ УӔМ?

8. 1 Петры 5:6 стихӕй куыд зыны, нӕ сӕрныллӕгдзинадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм, уый?

8 Сӕрныллӕгдзинадыл кусын нӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй фӕнды, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Апостол Петр уыцы хъуыддаг бӕлвырд бамбарын кодта. (Бакӕс 1 Петры 5:6.) Петры ныхӕсты тыххӕй иу чиныджы фыст ис: «Сӕрбӕрзонддзинад маргӕй уӕлдай нӕу. Адӕймаджы бабын кӕны. Сӕрбӕрзонд адӕймаг цыфӕнды курдиатджын куы уа, уӕддӕр Хуыцауӕн ницы пайда уыдзӕн. Фӕлӕ уадиссаг курдиӕттӕ кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕймаг сӕрныллӕг куы вӕййы, уӕд Йегъовӕйы къухы свӕййы диссаджы кусӕнгарз. [...] Хуыцау дын дӕ сӕрныллӕгдзинады тыххӕй арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ йын уый ӕхсызгон уыдзӕн» *. Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай, уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа! (Ӕмб. 23:15).

9. Сӕрныллӕг адӕмы иннӕтӕ цӕмӕн фӕуарзынц?

9 Уымӕй уӕлдай ма, сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нын уый бирӕ хъуыддӕгты пайда хӕсдзӕн. Зӕгъӕм, нӕ сӕрныллӕгдзинады тыххӕй нӕ иннӕтӕ уарздзысты. Ахъуыды-ма кӕн, дӕхи зӕрдӕмӕ цавӕр адӕм цӕуы (Матф. 7:12). Ӕдзух йӕ ныхасыл чи ныллӕууы ӕмӕ иннӕты хъуыды чи ницӕмӕ дары, ахӕм адӕймагимӕ ӕнцон, ӕвӕццӕгӕн, никӕмӕн вӕййы. Фӕлӕ, иннӕты рыст кӕмӕ хъары, ӕфсымӕрты чи уарзы, иннӕты зын чи ӕмбары ӕмӕ сӕрныллӕг чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ та нын ӕхсызгон вӕййы исты аразын (1 Пет. 3:8). Ӕмӕ кӕд мах зӕрдӕмӕ цӕуынц ахӕм адӕм, уӕд мах дӕр уыдоны зӕрдӕмӕ куыннӕ цӕудзыстӕм, сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд.

10. Сӕрныллӕг адӕмӕн царды ӕнцондӕр цӕмӕн у?

10 Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ма нын уый фӕрцы царды дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ дӕр-иу уыдзӕн, ӕмӕ-иу нӕм цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ раст нӕ кӕсдзысты. Зондджын паддзах Соломон загъта: «Ӕз федтон лӕггадгӕнджыты бӕхтыл бадгӕ, кънйӕзты та хуымӕтӕг лӕггадгӕнджытау фистӕгӕй цӕугӕ» (Еккл. 10:7). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, тынг курдиатджын чи вӕййы, уыдонӕн алы хатт не скад кӕнынц. Афтӕ курдиатджын чи нӕу, уыдоны та хатт бӕрзонд сисынц. Фӕлӕ, Соломон куыд загъта, афтӕмӕй хуыздӕр уыдзӕн, цӕмӕй ӕмбарӕм, цард ныртӕккӕ афтӕ кӕй у, ӕмӕ, цӕуылдӕрты ӕдзух мӕсты кӕнӕм, уымӕй пайда кӕй нӕй (Еккл. 6:9). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн цардмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Афтӕ-иу нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ алцыдӕр, махмӕ раст куыд кӕсы, афтӕ хъуамӕ уа.

ЦАВӔР УАВӔРТЫ НЫН ВӔЙЙЫ ЗЫН СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД ӔВДИСЫН?

Ахӕм уавӕрты цӕмӕн вӕййы зын сӕрныллӕгдзинад равдисын? (кӕс 11, 12 абзацтӕ) *

11. Уынаффӕ нын куы раттынц, уӕд нӕ сӕрныллӕгдзинад цӕмӕн фӕхъӕуы?

11 Алы бон дӕр нын вӕййы бирӕ фадӕттӕ сӕрныллӕгдзинад равдисынӕн. Ӕркӕсӕм цалдӕр уавӕрмӕ. Уынаффӕ нын куы раттынц. Хъуамӕ нӕ рох ма уа: чырыстӕттӕй исчи рӕстӕг куы рахицӕн кӕна, цӕмӕй нын уынаффӕ ратта, уӕд уый, гӕнӕн ис, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ стыр рӕдыд ӕруагътам, фӕлӕ, куыд стыр у, уый нӕхӕдӕг не ’мбарӕм. Ӕмӕ фыццаг, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, ацы уынаффӕ мӕнмӕ нӕ хауы, зӕгъгӕ. Гӕнӕн ис, уыцы адӕймагӕн йӕхимӕ кӕнӕ нын уынаффӕ куыд радта, уымӕ фаутӕ хӕссын райдайӕм. Фӕлӕ, сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд бацархайдзыстӕм, цӕмӕй уынаффӕмӕ раст цӕстӕй ракӕсӕм.

12. Ӕмбисӕндты 27:5, 6 стихтӕм гӕсгӕ, уынаффӕ нын чи ратта, уымӕй бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Сӕрныллӕг адӕймаг, уынаффӕ йын чи ратты, уымӕй фӕбузныг вӕййы. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Ӕмбырды кӕимӕдӕрты аныхӕстӕ кодтай. Ӕмӕ дӕ стӕй сӕ иу иуварс акодта ӕмӕ дын загъта, дӕ дӕндӕгты ’хсӕн цыдӕр кӕй ныссагъд. Ӕвӕццӕгӕн, фефсӕрмы уаис. Фӕлӕ дын ӕй кӕй загъта, уый тыххӕй дзы нӕ фӕбузныг уаис? Ӕмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕнис, раздӕр мын ӕй исчи куы загътаид, зӕгъгӕ. Уӕдӕ ӕфсымӕрмӕ кӕнӕ хомӕ ахӕм ныфс куы разына, цӕмӕй нын хъӕугӕ уынаффӕ ратта, уӕд-иу хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдисӕм, стӕй дзы хъуамӕ бузныг уӕм. Ахӕм адӕймаг нӕ уарзгӕ кӕны, ома не ’мбал у, не знаг нӕ, фӕлӕ. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:5, 6; Гал. 4:16.)

Иннӕтӕн сӕ бӕрны кадджын хӕстӕ куы бакӕнынц, уӕд нӕ сӕрныллӕгдзинад цӕмӕн фӕхъӕуы? (кӕс 13, 14 абзацтӕ) *

13. Иннӕтӕн сӕ бӕрны кадджын хӕстӕ куы бакӕной, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн сӕрныллӕгдзинад равдисын?

13 Иннӕтӕн сӕ бӕрны кадджын хӕстӕ куы бакӕнынц. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Джейсон, загъта: «Иннӕтӕн сӕ бӕрны кадджын хӕстӕ куы бакӕнынц, уӕд хатт фӕхъуыды кӕнын, уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн мӕн цӕуылнӕ равзӕрстой, ууыл». Мыййаг, дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны? Ӕмбырды фылдӕр хӕстӕм тырнай, уый хорз у (1 Тим. 3:1). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ хъуыдытӕм нӕ хъус дарӕм, науӕд сӕрбӕрзонддзинад нӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ ауадздзӕн. Гӕнӕн ис, чырыстон нӕлгоймаг хъуыды кӕнын райдайа, ӕмӕ кӕцыдӕр хӕстӕ уый хуызӕн ничи ӕххӕст кӕндзӕн. Йе та чырыстон сылгоймаг, чи зоны, хъуыды кӕна, йӕ лӕг кӕцыдӕр ӕфсымӕры хӕстӕ хуыздӕр кӕй ӕххӕст кӕнид. Фӕлӕ ӕцӕг сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ахӕм хъуыдытӕ нӕхицӕй сурдзыстӕм.

14. Моисей нын фӕзминаг цӕмӕй у?

14 Ӕркӕсӕм Моисейы цӕвиттонмӕ. Уый Израилы адӕмӕн уыди сӕ разамонӕг, ӕмӕ уыцы кадджын хӕсӕн тынг аргъ кодта. Фӕлӕ, Моисей цы тыхӕй уыд хайджын, уымӕй Йегъовӕ ӕндӕр кӕйдӕрты дӕр куы схайджын кодта, цӕмӕй уыдон дӕр йӕ хӕстӕй кӕцыдӕртӕ ӕххӕст кодтаиккой, уӕд уый Моисейӕн хъыг нӕ уыд (Ным. 11:24–29). Уӕдӕ, адӕмы хъуыддӕгтӕ куы ’взӕрста, уӕд дӕр сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ сразы, цӕмӕй йын иннӕтӕ уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодтаиккой (Рац. 18:13–24). Уый фӕрцы израилӕгтӕн сӕ хъуыддӕгтӕ тагъддӕр ӕвзӕрст цыдаиккой. Бӕрӕг у, Моисей фылдӕр иннӕтыл кӕй хъуыды кодта ӕмӕ, кадджын бынат ахстаид, уый йын сӕйраг кӕй нӕ уыд. Куыд хорз уаид, мах дӕр афтӕ куы кӕниккам! Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: цӕмӕй Йегъовӕйы къухы хорз кусӕнгӕрзтӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ сӕрныллӕгдзинад нӕ курдиӕттӕй ахсджиагдӕрыл нымайӕм. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «Йегъовӕ бады бӕрзондыл, фӕлӕ сӕрныллӕг адӕймаджы уыны» (Пс. 138:6).

15. Бирӕтӕн сӕ уавӕртӕ куыд фӕивтой?

15 Нӕ уавӕртӕ куы фӕивынц. Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕн фӕстаг азты сӕ лӕггады ӕрцыд ивындзинӕдтӕ. Зӕгъӕм, 2014 азы уынаффӕ хаст ӕрцыд, кӕй нал уыдзӕн облӕстон цӕстдарджытӕ. Ӕмӕ сын загътой, сӕ бинойнӕгтимӕ сӕ бон кӕй у ӕххӕстрӕстӕг ӕндӕр хуызы лӕггад кӕнын. Уыцы аз ма фӕивта районон цӕстдарджыты хабар дӕр. 70 азы сыл куы сӕххӕст вӕййы, уӕд районон цӕстдарджытӕй нал фӕлӕггад кӕнынц. Стӕй ма уыцы аз ахӕм уынаффӕ дӕр хаст ӕрцыд, ӕмӕ, 80 азы кӕнӕ фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы ’фсымӕртӕ хистӕр нӕлгоймӕгты советы координатортӕй нал лӕггад кӕндзысты. Уымӕй уӕлдай ма фӕстаг цалдӕр азы дӕргъы, Вефилы чи лӕггад кодта, уыдонӕй бирӕты снысан кодтой пионертӕй. Сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй та кӕмӕндӕрты сӕ бон ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын нал уыд, цавӕрдӕр низӕй кӕй фӕрынчын сты кӕнӕ сӕ сӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕнын кӕй хъуыд, уый тыххӕй ӕмӕ ма ӕндӕр аххосӕгты тыххӕй дӕр.

16. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ног уавӕрты сӕрныллӕгдзинад куыд равдыстой?

16 Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ царды ахӕм ивындзинӕдтӕ куы ’рцыд, уӕд сын ӕнцон нӕ уыд. Уыдон сӕ лӕггад тынг уарзтой. Бирӕтӕ сӕ уыцы хъуыддаджы лӕуд уыдысты бирӕ азты дӕргъы. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ тынг маст кодтой, цалынмӕ ног уавӕртыл нӕ сахуыр сты, уӕдмӕ. Цымӕ сын цы баххуыс кодта? Йегъовӕйы кӕй уарзынц, сӕйраджыдӕр уый. Уыдон ӕй ӕмбарынц, сӕхи цавӕрдӕр куыстӕн кӕнӕ бынатӕн кӕй не снывонд кодтой, фӕлӕ Хуыцауӕн (Кол. 3:23). Ӕмӕ цӕттӕ сты Йегъовӕйӕн кӕмфӕнды дӕр сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнынмӕ. Уыдон се ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, кӕй сыл тыхсы (1 Пет. 5:6, 7).

17. Библи нын кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм, уый хорз цӕмӕн у?

17 Куыд хорз у, Библи нын кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм! Ацы рӕсугъд миниуӕг нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд уый пайда хӕсдзӕн нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Стӕй-иу нын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн зындзинӕдтӕн фӕразын. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм нӕ уӕларвон Фыдмӕ. Мах ӕй зонӕм, ӕмӕ кӕд Йегъовӕ «Стыр ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцау» у, уӕддӕр йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджыты уарзы ӕмӕ сын тынг аргъ кӕны (Ис. 57:15). Уӕдӕ амондджын куыннӕ хъуамӕ уӕм!

45 ЗАРӔГ Мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ

^ 5 абз. Ӕппӕты тынгдӕр нӕ цы миниуджытӕ хъӕуы, уыдонӕй иу у сӕрныллӕгдзинад. Цы у сӕрныллӕгдзинад? Сӕрныллӕгдзинадыл цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕнӕм? Ӕмӕ нӕ царды исты куы фӕивы, уӕд нын хатгай зын цӕмӕн вӕййы сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын? Ацы ахсджиаг фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм ацы статьяйы.

^ 7 абз. Кӕс 1984 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 21–28 фӕрстӕ (англ.), ӕмӕ 2001 азы 1 майы «Сторожевая башня», статья «Иегова так милостив ко мне!».

^ 53 абз. НЫВ. Апостол Павел иу ӕфсымӕры хӕдзары иннӕтимӕ ныхӕстӕ кӕны, уыимӕ сывӕллӕттимӕ дӕр, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, сӕрныллӕг кӕй у.

^ 57 абз. НЫВ. Ӕфсымӕр байхъуыста, ӕрыгондӕр ӕфсымӕр ын Библимӕ гӕсгӕ цы уынаффӕ радта, уымӕ.

^ 59 абз. НЫВ. Ӕрыгон ӕфсымӕрыл ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй ис, уый, хистӕр кары чи ис, уыцы ’фсымӕрмӕ хъыг нӕ кӕсы.