ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Сентябрь 2019

Ацы номыры ис, 2019 азы 28 октябрӕй 1 декабрмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Йегъовӕ тынг аргъ кӕны йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕн

Ӕппӕты тынгдӕр нӕ цы миниуджытӕ хъӕуы, уыдонӕй иу у сӕрныллӕгдзинад. Нӕ царды исты куы фӕивы, уӕд нын хатгай зын цӕмӕн вӕййы сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын?

Армагеддон у стыр цины хабар!

Армагеддоны размӕ цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн? Ацы дунейы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон куыд у иузӕрдионӕй баззайын?

Алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсут

Хуыцауы коммӕ кӕсын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, стӕй фыдӕн ӕмӕ мадӕн фӕзминаг сты Нееми, паддзах Давид ӕмӕ Йесойы мад Марийӕ.

«Уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн»

Йесо нӕ хоны, ӕрцӕут мӕм, зӕгъгӕ. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй уый нӕ къухы бафта? Цӕмӕй нын Йесойы ӕфсондз удӕнцойы хос уа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм ӕртӕ хъуыддаджы.

«Акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм»

Йегъовӕ Иоаннӕн цӕстылуайӕны равдыста, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» ӕмӕ раргом кодта, тынг бирӕ кӕй уыдзысты ӕмӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй кӕй уыдзысты, уый.