Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕн зӕронд кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн мӕлӕм?

Цӕмӕн зӕронд кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн мӕлӕм?

ХУЫЦАУЫ нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм мардаиккой. Нӕ рагфыдӕлтӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр уыдысты ӕххӕст ӕмӕ ма абон дӕр цардаиккой. Уый бӕрӕг у, Йегъовӕ Адамӕн, Едемы цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ зад, уыдонӕй иуы тыххӕй цы загъта, уымӕй.

Хуыцау Адамӕн загъта: «[Бӕласӕй] цы бон... бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райдиан 2:17). Адам афтӕ конд куы уыдаид, цӕмӕй базӕронд уа ӕмӕ амӕла, уӕд ын Хуыцау афтӕ нӕ загътаид. Адам зыдта, уыцы бӕласӕй куы нӕ бахӕра, уӕд кӕй нӕ амӕлдзӕн.

ХУЫЦАУЫ НӔ ФӔНДЫД, ЦӔМӔЙ АДӔМ МАРДАИККОЙ

Едемы цӕхӕрадон дыргъбӕлӕстӕй йедзаг уыд, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕ уыцы бӕласӕй куы нӕ бахордтаиккой, уӕд ӕххормагӕй нӕ амардаиккой (Райдиан 2:9). Фӕлӕ уымӕй равдыстаиккой, сӕ Царддӕттӕджы коммӕ кӕй кӕсынц. Уымӕй ма бӕрӕг уыдаид, разы кӕй сты, Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй сын разамынд дӕтта.

АДАМ ӔМӔ ЕВӔ ЦӔМӔН АМАРДЫСТЫ?

Адам ӕмӕ Евӕ цӕмӕн амардысты, уый бамбарыны тыххӕй базонӕм, Едемы цӕхӕрадоны цы ныхас рауад, уый. Кӕд уыцы хабар тынг раджы ӕрцыд, уӕддӕр не ’ппӕтыл дӕр фӕзынд. Сайтан Хӕйрӕг калмы уылты мӕнг ныхас загъта. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ Хуыцау цы цӕрӕгойты сфӕлдыста, уыдонӕй се ’ппӕтӕй къӕрцхъусдӕр уыди калм. Гъемӕ калм сылгоймагӕн загъта: „Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?“» (Райдиан 3:1).

Евӕ йын дзуапп радта: «Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн. Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“». Уӕд ын калм загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый». Хӕйрӕджы ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ Йегъовӕ сайгӕ кӕны ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕ хорз цыдӕр ӕмбӕхсы (Райдиан 3:2–5).

Евӕйы бауырныдта, Хӕйрӕг ын цы загъта, уый. Евӕ бӕласмӕ бакаст. Куыд хорз ӕмӕ йӕм куыд цыбӕйлаг фӕкаст! Сылгоймаг ӕм йӕхи сивӕзта, йӕ дыргътӕй йын ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта. Стӕй цы ’рцыд, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Уый фӕстӕ, йӕ лӕг йӕ разы куы уыди, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта» (Райдиан 3:6).

Хуыцау Адамӕн загъта: «Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (РАЙДИАН 2:17)

Хуыцауӕн куыд зын уыдаид, йӕ уарзон хъӕбултӕ зонгӕ-зонын йӕ ныхасы сӕрты кӕй ахызтысты, уый! Ӕмӕ цымӕ цы бакодта? Йегъовӕ Адамӕн загъта: «Фӕстӕмӕ зӕхмӕ... [аздӕхдзынӕ], уымӕн ӕмӕ уымӕй конд дӕ. Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ» (Райдиан 3:17–19). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, «Адам ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕртын азы ӕмӕ уый фӕстӕ амард» (Райдиан 5:5). Адам йӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕндӕр ранмӕ нӕ ацыд цӕрынмӕ, зӕгъӕм, уӕлӕрвтӕм. Цалынмӕ йӕ Йегъовӕ сыджытӕй не скодта, уӕдмӕ никуы уыд. Ӕмӕ куы амард, уӕд йӕ цард фӕци, ӕмӕ йӕ буар фӕстӕмӕ сыджыт сси. Адам нал уыд.

МАХ СТӔМ ӔНӔХХӔСТ

Адам ӕмӕ Евӕ сӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕнӕхай фесты. Уыдон тынг аивтой – систы ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын. Фӕлӕ Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакастысты ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд кӕй ракодтой, уый ӕрмӕст сӕхиуыл нӕ фӕзынд. Сӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр райгуырынц тӕригъӕдджынтӕй. Ромӕгтӕм 5:12 стихы фыст ис: «Иу адӕймаджы [Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд».

Библи тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты тыххӕй зӕгъы, уый кӕй у, «ӕппӕт адӕмыхӕттыты дӕр чи ӕрбатыхта, уыцы ӕмбӕрзӕн, ӕппӕт адӕмтыл дӕр ӕмбӕрзт чи у, уыцы уӕфт хъуымац» (Исай 25:7). Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон нӕу тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын. Ӕцӕгдӕр, «Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр... мӕлынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:22). Чи зоны, сымахмӕ дӕр фӕзынд, апостол Павелмӕ чи фӕзынд, уыцы фарста: «Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй?» (Ромӕгтӕм 7:24). Цымӕ уый искӕй бон у?