Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕстдзинад Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Рӕстдзинад Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, цӕмӕй куывтаиккой афтӕ: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:9, 10). Цы у Хуыцауы Паддзахад? Цы аразы? Ӕмӕ уыцы Паддзахады тыххӕй цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах.

Лукайы 1:31–33: «Схон [ӕй] Йесо. Уый уыдзӕн номдзыд адӕймаг ӕмӕ йӕ хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт. Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн. Ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн».

Йесо сӕйраджыдӕр хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.

Матфейы 9:35: «Йесо зылди ӕппӕт горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл, ӕмбырдгӕнӕнты адӕмы ахуыр кодта, хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕмӕ дзӕбӕх кодта алыхуызон низтӕй рынчынты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи уыди, уыдоны».

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрхӕстӕг, уый цӕмӕй базонӕн уыдзӕн.

Матфейы 24:7: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ».

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ абон ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.

Матфейы 24:14: «Ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон».