Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕстдзинад фидӕны тыххӕй

Рӕстдзинад фидӕны тыххӕй

Искуы хъуыды кодтай, фидӕны цы уыдзӕн, ууыл? Библийы фыст ис, фидӕны нӕм цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ се ’ппӕтыл дӕр кӕй фӕзындзысты, уый тыххӕй.

Йесо бамбарын кодта, цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, «Хуыцауы паддзахад [кӕй] ӕрхӕстӕг» (Лукайы 21:31). Уый цы хабӕрттӕй бӕрӕг уыдзӕн, уыдон куы нымадта, уӕд загъта, кӕй уыдзӕн стыр хӕстытӕ, тыхджын зӕххӕнкъуыстытӕ, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафдзысты ӕмӕ-иу фыднизтӕ кӕй сыстдзӕн. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ абон нӕхи цӕстӕй уынӕм (Лукайы 21:10–17).

Библийы «фӕстаг бонты» тыххӕй фыст ис, адӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй араздзысты. Адӕм цавӕр уыдзысты, уый тыххӕй бакӕсӕн ис 2 Тимофеймӕ 3:1–5 стихты. Адӕммӕ цы миниуджытӕ ис ӕмӕ цытӕ аразынц, уымӕ кӕсгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, Библийы пехуымпарад нӕ рӕстӕгмӕ кӕй хауы.

Уый цӕуыл дзурӕг у? Тагъд Хуыцауы Паддзахад зӕххыл стыр ивындзинӕдтӕ скӕндзӕн, ӕмӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн (Лукайы 21:36). Библийы Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, зӕхмӕ ӕмӕ адӕммӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

ХОРЗ ХИЦАУДЗИНАД

«Ӕмӕ йын [Йесойӕн] лӕвӕрд ӕрцыдысты хицауы бартӕ, кад ӕмӕ паддзахад, цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной. Уый хицау уыдзӕн ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн» (ДАНЕЛ 7:14).

Уый цы нысан кӕны: дӕ бон у, ӕмӕ амондджынӕй цӕрай, Хуыцау йӕ Фырты Паддзахӕй кӕмӕн сӕвӕрдта, уыцы Хицауады дӕлбар.

ХОРЗ ӔНӔНИЗДЗИНАД

«Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (ИСАЙ 33:24).

Уый цы нысан кӕны: рынчын ӕмӕ ӕнӕбон ничиуал уыдзӕн ӕмӕ мӕлгӕ дӕр ничиуал кӕндзӕн.

ЗӔХХЫЛ УЫДЗӔН САБЫРДЗИНАД

«Зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ» (ПСАЛОМ 46:9).

Уый цы нысан кӕны: нал уыдзӕн тӕссаг хӕстытӕй ӕмӕ, хӕстытӕ цы зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕнынц, уыдонӕй.

ЗӔХХЫЛ ЦӔРДЗӔН ӔРМӔСТДӔР ХОРЗ АДӔМ

«Фыдгӕнӕг нал уыдзӕн... Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты» (ПСАЛОМ 37:10, 11).

Уый цы нысан кӕны: фыддзинад чи аразы, ахӕм адӕм нал уыдзӕн. Зӕххыл цӕрдзысты, Хуыцаумӕ хъусын кӕй фӕнды, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕм.

ӔГАС ЗӔХХ ДӔР УЫДЗӔН ДЗӔНӔТ

«Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты» (ИСАЙ 65:21, 22).

Уый цы нысан кӕны: зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр срӕсугъд уыдзӕн. Хуыцау нын сӕххӕст кӕндзӕн нӕ куывд, «дӕ фӕндон... уӕд зӕххыл», зӕгъгӕ (Матфейы 6:10).