Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ фидӕн дӕхицӕй кӕнгӕ у!

Дӕ фидӕн дӕхицӕй кӕнгӕ у!

ЦЫМӔ ДӔ ФИДӔН ӔЦӔГДӔР ДӔХИЦӔЙ КӔНГӔ У? Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, сӕ цард сӕ ныхыл фыст кӕй у, ӕмӕ сӕ цардыл сӕ бар кӕй нӕ цӕуы. Сӕ нысӕнттӕ сӕ къухы куы нӕ бафтынц, уӕд фӕзӕгъынц, цы мӕ бон у, мӕ хъысмӕт ахӕм у, зӕгъгӕ.

Иннӕтӕн та сӕ ныфс асӕтты ацы ӕгъатыр дунейы фыддзинад ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ. Чи зоны сӕ фӕфӕнды сӕ цард хуыздӕрырдӕм аивын, фӕлӕ сын хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕмӕ низтӕ сӕ пълӕнттӕ ӕмӕ сӕ фӕндтӕ фехалынц. Ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, гъер цы тыхсын, уӕддӕр мӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн, зӕгъгӕ.

Ӕцӕгдӕр, цавӕрдӕр уавӕрты тыххӕй, чи зоны дӕ пълӕнттӕ фӕивой (Екклесиаст 9:11). Фӕлӕ дзырд дӕ фидӕныл куы цӕуа, уӕд дӕ цард дӕхицӕй кӕнгӕ у. Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй дӕ фидӕн, дӕхӕдӕг цы равзарай, уымӕй кӕнгӕ у. Ӕркӕс-ма, цы фыст дзы ис, уымӕ.

Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы уыдысты, уӕд сын Моисей Хуыцауы номӕй загъта: «Уӕ разы ис цард ӕмӕ мӕлӕт, арфӕдзинад ӕмӕ ӕлгъыст. Равзарут цард, цӕмӕй цӕрат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр. Уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы, хъусут ӕм ӕмӕ йыл ӕнувыд ут» (Дыккаг закъон 30:15, 19, 20).

«Уӕ разы ис цард ӕмӕ мӕлӕт, арфӕдзинад ӕмӕ ӕлгъыст. Равзарут цард» (Дыккаг закъон 30:19)

Хуыцау израилӕгты Египеты уацарӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ сын фадат радта, цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕххыл сӕрибарӕй ӕмӕ амондджынӕй цардаиккой. Фӕлӕ сӕ уый тыххӕй хъуыд цыдӕр аразын. Цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ «равзӕрстаиккой цард». Куыд? Хъуамӕ Хуыцауы уарзтаиккой, хъуыстаиккой йӕм ӕмӕ йыл ӕнувыд уыдаиккой.

Абон та дӕу хъӕуы равзарын. Ӕмӕ цы равзарай, уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн дӕ фидӕн. Хуыцауы куы уарзай, куы йӕм хъусай ӕмӕ йыл ӕнувыд куы уай, уӕд ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзынӕ. Фӕлӕ ацы ӕртӕ хъуыддагмӕ цы хауы?

ХУЫЦАУЫ УАРЗЫН

Уарзондзинад у Хуыцауы сӕйраг миниуӕг. Апостол Иоанн Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Уымӕ гӕсгӕ, Йесойы куы бафарстой, фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37). Адӕймаг хъуамӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕ ма кӕна кӕнӕ йӕ коммӕ куырмӕджы ма кӕса, фӕлӕ йӕ хъуамӕ уарзгӕ кӕна. Фӕлӕ йӕ цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм?

Йегъовӕ адӕмы куыд уарзы, уый абарӕн ис, ныййарджытӕ сӕ цоты куыд уарзынц, уыимӕ. Кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр сӕ сывӕллӕттӕн зонд фӕамонынц, бафидар сӕ кӕнынц, феххуыс сын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзынц ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уой ӕмӕ сын царды бирӕ бантыса. Ныййарджытӕ та сӕ сывӕллӕттӕм цӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц? Фӕфӕнды сӕ, цӕмӕй сӕ уыдон дӕр уарзой ӕмӕ сын цы амонынц, уый аразой, уымӕн ӕмӕ уый сӕхи пайдайӕн у. Уӕдӕ нӕ уӕларвон Фыды дӕр фӕнды, цӕмӕй аргъ кӕнӕм, мах тыххӕй цыдӕриддӕр аразы, уымӕн.

ХУЫЦАУМӔ ХЪУСЫН

Хуыцаумӕ хъусын нысан кӕны, цы нын дзуры, уый ӕххӕст кӕнын. Кӕд нӕ бон Хуыцауы хъӕлӕс хъусын нӕу, уӕддӕр ӕй фӕхъусӕм, йӕ Ныхас, Библи, куы фӕкӕсӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд (1 Иоанны 5:3).

Хуыцаумӕ хъусын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй иухатт Чырысти афтӕ загъта: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матфейы 4:4). Адӕймагӕн хӕринаг хӕрын ахсджиаг у. Фӕлӕ йын уымӕй ахсджиагдӕр та у Хуыцауы тыххӕй базонын. Цӕмӕн? Зондджын паддзах Соломон загъта: «Зонд адӕймаджы хъахъхъӕнгӕ кӕны, ӕхца йӕ куыд хъахъхъӕны, афтӕ. Фӕлӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ зонд хуыздӕр уымӕй сты, ӕмӕ сӕ хицауӕн йӕ цард хъахъхъӕнынц» (Екклесиаст 7:12). Хуыцау нын цы зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад дӕтты, уый нӕ хъахъхъӕны ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Ӕмӕ нын уый фӕрцы ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс.

ХУЫЦАУЫЛ ӔНУВЫД УӔМ

Айразмӕйы статьяйы бакастыстӕм, Йесо цы цӕвиттон ӕрхаста, уый: «Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый та уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у, ӕмӕ уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц» (Матфейы 7:13, 14). Цӕмӕй уыцы фӕндагыл цӕугӕйӕ нӕ фӕнд нӕ къухы бафта, ома ӕнусон цардӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕуӕм, фӕндаг хорз чи зоны, ахӕм адӕймагимӕ. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Хуыцаумӕ ӕппынӕдзух ӕввахс кӕнӕм (Псалом 16:8). Фӕлӕ уый куыд аразӕн ис?

Алы бон дӕр нӕ фӕхъӕуы бирӕ хъуыддӕгтӕ саразын, фӕлӕ ма нӕ фӕфӕнды, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕй дӕр исты саразын. Уыцы хъуыддӕгтыл афтӕ свӕййӕм, ӕмӕ нын рӕстӕг гыццыл, йе та ӕппындӕр нал вӕййы, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕм, Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Библи дӕр нын уымӕ гӕсгӕ зӕгъы: «Куыд цӕрут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ, ӕмӕ уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр рӕстӕджы цӕрӕм» (Ефесӕгтӕм 5:15, 16). Царды нын уымӕй ахсджиагдӕр куы ницы уа, цӕмӕй Хуыцау не ’ввахс ӕмбал уа, уӕд дзы никуы адард уыдзыстӕм (Матфейы 6:33).

ЦЫ РАВЗАРДЗЫНӔ?

Кӕд, раздӕр цы уыд, уый дӕ бон аивын нӕу, уӕддӕр дӕ бон у цыдӕр саразын, цӕмӕй дӕхицӕн дӕр ӕмӕ, бирӕ кӕй уарзыс, уыдонӕн дӕр хорз фидӕн уа. Библийы фыст ис, нӕ уӕларвон Фыд, Йегъовӕ Хуыцау нӕ бирӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын кӕй дзуры, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Дӕ хъус-ма ӕрдар, пехуымпар Михей цы загъта, уымӕ:

«О адӕймаджы фырт, загъта дын, хорз цы у, уый. Рӕстӕй архай, хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цу – ӕндӕр дӕ Йегъовӕ исты домы?» (Михей 6:8).

Йегъовӕимӕ чи цӕуы, уыдоны ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн. Фӕнды дӕ йемӕ цӕуын? Уый дӕхи бон у равзарын.