Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи. Уыйбӕрц тӕлмацтӕ йын цӕмӕн ис?

Библи. Уыйбӕрц тӕлмацтӕ йын цӕмӕн ис?

Абон Библийы тӕлмацтӕ афтӕ бирӕ цӕмӕн сты? Цымӕ, цы ног тӕлмацтӕ фӕзыны, уыдон Библи ӕмбарынӕн ӕххуыс кӕнынц ӕви къуылымпыйы хос йеддӕмӕ ницы сты? Уыцы фарстатӕн дзуапп базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, уыцы тӕлмацтӕ куыд фӕзындысты, уымӕ.

Фыццаг уал базонӕм, Библи чи ӕмӕ кӕд ныффыста, уый.

ФЫЦЦАГ БИБЛИ

Библи конд у дыууӕ хайӕ. Фыццаг хайы ис 39 чиныджы, ӕмӕ дзы фыст сты «Хуыцауы... ныхӕстӕ» (Ромӕгтӕм 3:2). Уыцы чингуытӕ Хуыцау ныффыссын кодта йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты. Фыстой сӕ 1 100 азы бӕрц, нӕ эрӕйы размӕ 1513 азӕй нӕ эрӕйы размӕ иу-443 азмӕ. Сӕ фылдӕр фыст ӕрцыдысты дзуттаг ӕвзагыл, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ мах хонӕм Дзуттаг Фыстытӕ. Бирӕтӕ ма сӕ хонынц «Рагон Фӕдзӕхст» дӕр.

Иннӕ хайы та ис 27 чиныджы, ӕмӕ уыдон дӕр нымад сты «Хуыцауы ныхасыл» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Хуыцау сӕ ныффыссын кодта Йесо Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕн. Сӕ фыссынӕн бахъуыд дзӕвгар къаддӕр рӕстӕг. Фыстой сӕ 60 азы бӕрц, нӕ эрӕйы иу-41 азӕй нӕ эрӕйы 98 азы онг. Сӕ фылдӕр фыст ӕрцыдысты грекъаг ӕвзагыл, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ мах хонӕм Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Бирӕтӕ ма сӕ хонынц «Ног Фӕдзӕхст» дӕр.

Ацы 66 чиныджы иумӕ сты ӕнӕхъӕн Библи. Фыст дзы ис, Хуыцау ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы зӕгъинаг у, уый. Фӕлӕ-иу цымӕ Библи ногӕй ӕмӕ ногӕй цӕмӕн ратӕлмац кодтой? Сӕйраджыдӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй.

  • Цӕмӕй-иу адӕмӕн сӕ бон уыдаид Библи сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕсын.

  • Цӕмӕй-иу, Библийӕ къопитӕ чи кодта, уыдоны рӕдыдтытӕ сраст кодтаиккой.

  • Цӕмӕй-иу, адӕм кӕмӕй нал пайда кодтой, уыцы ныхӕстӕ баивтаиккой.

Цӕй ӕмӕ базонӕм рагондӕр тӕлмацтӕй дыууӕйы тыххӕй.

ГРЕКЪАГ СЕПТУАГИНТӔ

Йесо Чырыстийы замантӕй иу-300 азы раздӕр дзуттаг ахуыргӕндтӕ райдыдтой Дзуттаг Фыстытӕ грекъаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын. Уыцы тӕлмац схуыдтой грекъаг Септуагинтӕ. Цымӕ уый цӕмӕн бахъуыд? Уымӕн ӕмӕ дзуттӕгтӕй бирӕтӕ се ’взаг нал зыдтой ӕмӕ дзырдтой грекъагау. Ӕмӕ уыцы тӕлмацы фӕрцы та сӕ бон уыд «сыгъдӕг Фыстытӕ» кӕсын ӕмӕ сӕ ӕмбарын (2 Тимофеймӕ 3:15).

Септуагинтӕ ма баххуыс кодта, грекъагау чи дзырдта, фӕлӕ дзуттаг чи нӕ уыд, милуангай ахӕм адӕймӕгтӕн, цӕмӕй уыдон дӕр, Библийы цы фыст ис, уый базыдтаиккой. Цымӕ куыд? Профессор У. Ф. Ховард куыд дзуры, афтӕмӕй «фыццаг ӕнусы ӕмбисӕй райдайгӕйӕ [Септуагинтӕ] сси чырыстон аргъуанты Библи». Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ «чырыстон миссионертӕ дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнтыл зылдысты, цӕмӕй уыцы Библийӕ адӕмӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ хастаиккой, Чырысти Мессийӕ кӕй уыд, уый фӕдыл» (Хъуыддӕгтӕ 17:3, 4; 20:20). Ӕмӕ библииртасӕг Ф. Ф. Брюс куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй уый уыд, тагъд рӕстӕджы дзуттӕгтӕй бирӕтӕ «Септуагинтӕмӕ уазал цӕстӕй кӕсын» кӕй тыххӕй райдыдтой, уыцы аххосӕгтӕй сӕ иу.

Фӕстӕдӕр иу иннӕйы фӕдыл фӕзындысты Чырыстон Грекъаг Фыстыты чингуытӕ, ӕмӕ-иу Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ уыдонӕй дӕр пайда кодтой. Афтӕмӕй Септуагинтӕйӕ ӕмӕ уыцы чингуытӕй рауад, абон нӕм цы Библи ис, уый.

ЛАТИНАГ ВУЛЬГАТӔ

Библи кӕронмӕ фыст куы ӕрцыд, уымӕй иу-300 азы фӕстӕдӕр диниртасӕг Иероним Библи ратӕлмац кодта латинаг ӕвзагмӕ, ӕмӕ йӕ фӕстӕдӕр хонын райдыдтой латинаг Вульгатӕ. Фӕлӕ Библийы ног тӕлмац цӕмӕн бахъуыди, кӕд ӕмӕ уӕдмӕ дӕр латинаг ӕвзагыл алыхуызон тӕлмацтӕ уыд? Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Иеронимы фӕндыд, уыцы тӕлмацты раст тӕлмацгонд цы нӕ уыд ӕмӕ дзы цы рӕдыдтытӕ уыд, уыдон сраст кӕнын, стӕй дзы цы бафтыдтой, уыдӕттӕ айсын ӕмӕ дзы цы нӕ ныффыстой, уыдӕттӕ ныффыссын (The International Standard Bible Encyclopedia).

Иероним уыцы рӕдыдтытӕй бирӕтӕ сраст кодта. Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд аргъуаны хистӕртӕ сарӕзтой иу стыр рӕдыд. Загътой, зӕгъгӕ, нырӕй фӕстӕмӕ пайда кӕнӕн уыдзӕн ӕрмӕстдӕр латинаг Вульгатӕйӕ. Ӕмӕ афтӕ ахаста бирӕ ӕнусты дӕргъы. Ныр Библи уыд ӕрмӕстдӕр латинаг ӕвзагыл, ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм та уыцы ӕвзаг нал зыдтой, ӕмӕ сӕ бон нӕ уыди Библи кӕсын.

НОГ ТӔЛМАЦТӔ ФЫЛДӔРӔЙ-ФЫЛДӔР КОДТОЙ

Уыцы рӕстӕг чидӕртӕ архайдтой, цӕмӕй Библийӕн ӕндӕр тӕлмацтӕ фӕзындаид. Уыцы тӕлмацтӕй иу уыд сириаг Пешиттӕ, фӕзынд нӕ эрӕйы 5-ӕм ӕнусмӕ ӕввахс. Фӕлӕ суанг 14-ӕм ӕнусы онг, хуымӕтӕг адӕм кӕуыл дзырдтой, уыцы ӕвзӕгтӕм Библи ничиуал тӕлмац кодта.

14-ӕм ӕнусы кӕрон Английы Джон Уиклиф райдыдта Библи англисаг ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнын, цӕмӕй йӕ хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр сӕ бон кӕсын уыдаид. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Иоганн Гутенберг ӕрхъуыды кодта мыхуыргӕнӕн станок ӕмӕ уый фӕрцы Библи тӕлмацгӕнджытӕн сӕ бон уыд, Европӕйы цӕрӕг адӕм уыцы рӕстӕг цы ӕвзӕгтыл дзырдтой, уыцы ӕвзӕгтыл Библи мыхуыр кӕнын ӕмӕ йӕ парахат кӕнын.

Англисаг ӕвзагыл Библийы тӕлмацтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Ахуыргӕндтӕй чидӕртӕ дзырдтой, ӕнӕмӕнг кӕй нӕу, цӕмӕй иу ӕвзагыл Библийы алыхуызон тӕлмацтӕ уа. Фӕлӕ 18-ӕм ӕнусы иу англисаг сауджын, Джон Льюис, ныффыста: «Ӕвзаг дӕр зӕронд кӕнын зоны, ӕмӕ йӕ адӕм нал фембарынц. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы зӕронд тӕлмацтыл ногӕй бакусын, цӕмӕй, адӕм кӕуыл дзурынц, ахӕм ӕвзагыл фыст уой».

Уыцы замантимӕ абаргӕйӕ, нӕ рӕстӕджы Библийы зӕронд тӕлмацтыл ногӕй чи бакусы, уыдонӕн сӕ уавӕр бирӕ хуыздӕр у. Уыдон хуыздӕр ӕмбарынц, Библи кӕуыл фыстой, уыцы рагон ӕвзӕгтӕ, стӕй сӕм ис, ӕрӕджыты кӕй ссардтой, ахӕм рагон къухфыстытӕ. Уыдӕтты фӕрцы бирӕ ӕнцондӕр у, фыццаг Библийы цы фыст уыд, уый сбӕрӕг кӕнын.

Уӕдӕ Библийӕн алыхуызон тӕлмацтӕ кӕй ис, уый хорз у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библийы тӕлмац ӕвзаргӕйӕ адӕймаг хъуамӕ лӕмбынӕг уа, уымӕн ӕмӕ алы тӕлмацӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ раст у *. Фӕлӕ, Библийы тӕлмацыл ногӕй чи бакусы, уыдон Хуыцауы сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы уарзой, уӕд сӕ куыст адӕмӕн стыр пайда хӕсдзӕн.

^ 24 абз. Кӕс 2008 азы 1 майы «Сторожевая башня», статья «Как выбрать хороший перевод Библии?».