Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сириаг «Пешиттӕ» – фылдӕр рухс бауагъта Библийы рагон тӕлмацтӕм

Сириаг «Пешиттӕ» – фылдӕр рухс бауагъта Библийы рагон тӕлмацтӕм

1892 азы дыууӕ фаззон хойы Агнес Смит Левис ӕмӕ Маргарет Данлоп Гибсон фараст боны теуатыл фӕцыдысты Синайы хохрӕбынмӕ Сыгъдӕг Екатеринӕйы моладзандонмӕ. Сӕ фӕндаг уыд ӕдзӕрӕг быдырыл. Уыцы рӕстӕг хотыл цыд фӕндзай азмӕ ’ввахс. Фӕлӕ цымӕ ахӕм дард балцы цӕмӕн ацыдысты, кӕд ӕмӕ уыцы заман Скӕсӕн бӕстӕтӕм цӕуын тынг тӕссаг уыди? Ацы фарстайӕн дзуапп куы базонай, уӕд, чи зоны, дӕ уырнындзинад бафидар уа, уымӕн ӕмӕ фендзынӕ, Библийыл ӕцӕгдӕр ӕууӕндӕн кӕй ис.

Агнес Смит Левис ӕмӕ Сыгъдӕг Екатеринӕйы моладзандон

УӔЛАРВМӔ ссӕуыны размӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын ӕвдисӕнтӕ уыдаиккой «Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 1:8). Ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕххӕст кодтой зынгзӕрдӕйӕ ӕмӕ хъӕбатырӕй. Фӕлӕ Иерусалимы хорз хабар бирӕ рӕстӕг нӕма хъусын кодтой, афтӕ сӕ тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ ма суанг Стефаны дӕр амардтой. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ фылдӕр сӕхи айстой Ромы паддзахады стырдӕр горӕттӕй иумӕ, Сирийы Антиохимӕ, Иерусалимӕй иу-550 километры дарддӕр цӕгатырдӕм (Хъуыддӕгтӕ 11:19).

Ахуыргӕнинӕгтӕ Антиохийы Йесо Чырыстийы тыххӕй «хорз хабар» дарддӕр хъусын кодтой, ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕй бирӕтӕ уырнджытӕ систы (Хъуыддӕгтӕ 11:20, 21). Антиохийы адӕмӕн сӕ фылдӕр дзырдтой грекъаг ӕвзагыл, фӕлӕ горӕты ӕдде ӕмӕ ӕввахс хъӕуты чи цард, уыдон дзырдтой сириаг ӕвзагыл.

ХОРЗ ХАБАР СИРИАГ ӔВЗАГЫЛ

Дыккаг ӕнусы сириаг ӕвзагыл дзурӕг чырыстӕттӕ куы сбирӕ сты, уӕд сын хъуыди хорз хабар се ’взагмӕ ратӕлмац кӕнын. Уӕдӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ фыццаг цы ӕвзагмӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты, уый уыд сириаг ӕвзаг, латинаг нӕ, фӕлӕ.

Нӕ эрӕйы иу-170 азы сириаг фыссӕг Татиан (н. э. 120–173 азтӕм ӕввахс) баиу кодта, Библийы каноны цы цыппар Евангелийы ис, уыдон ӕмӕ, грекъаг кӕнӕ сириаг ӕвзагыл рауагъта «Диатессарон». Ацы дзырдӕн  грекъагау йӕ нысаниуӕг у «цыппармӕ [Евангелитӕм] гӕсгӕ». Фӕстӕдӕр сириаг теолог Ефрем (н. э. 310–373 азтӕм ӕввахс) ныффыста фиппаинӕгтӕ «Диатессарон»-мӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Сирийы чырыстӕттӕ дзы кӕй пайда кодтой.

Абон нӕ «Диатессарон»-мӕ нӕ хъус ӕрдарын ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы. Цӕмӕн? 19 ӕнусы иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ дзырдтой, Евангелитӕ фыст кӕй ӕрцыдысты дыккаг ӕнусы, н. э. 130–170 азты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесойы царды хабӕрттыл ӕууӕндӕн нӕй. Фӕлӕ «Диатессарон»-ы рагон къухфыстытӕ куы ссардтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ дызӕрдыггаг нал у, Матфей, Марк, Лука ӕмӕ Иоанны Евангелитӕй дыккаг ӕнусы ӕмбисы бирӕтӕ кӕй пайда кодтой. Уымӕ гӕсгӕ Евангелитӕ хъуамӕ раздӕр фыст ӕрцыдаиккой. Уымӕй уӕлдай ма, Татиан «Диатессарон» куы арӕзта, уӕд сӕйраджыдӕр пайда кодта уыцы цыппар Евангелийӕ, ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы заман апокрифон евангелитӕ ӕууӕнчы аккагыл нӕ нымадтой.

Библийы фыццаг фондз чиныджы сириаг «Пешиттӕ»-йы, н. э. 464 аз, Библийы ӕппӕты рагондӕр къухфыстытӕй дыккаг

Фӕндзӕм ӕнусы райдианмӕ цӕгат Месопотамийы бирӕтӕ пайда кодтой Библийӕ сириаг ӕвзагыл. Тӕлмацгонд, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцыд н. э. 2 кӕнӕ 3 ӕнусы, ӕмӕ дзы уыдысты Библийы чингуытӕ иууылдӕр цалдӕрӕй фӕстӕмӕ. Уыдон уыдысты 2 Петры, 2 ӕмӕ 3 Иоанны ӕмӕ Иудӕйы фыстӕджытӕ, стӕй Раргомады чиныг. Уыцы тӕлмац хонынц «Пешиттӕ», ома «хуымӕтӕг» кӕнӕ «бӕлвырд». Библийы текст райдианы адӕммӕ куыд хӕццӕ кодта, уыдонӕй сӕ рагондӕр ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕй иу у «Пешиттӕ».

«Пешиттӕ»-йы къухфыстытӕй иуыл цы рӕстӕг фыст ис, уый нырыккон нымадмӕ гӕсгӕ у н. э. 459 кӕнӕ 460 аз. Афтӕмӕй, сӕ ныффыссыны рӕстӕг дызӕрдыггаг кӕмӕн нӕу, уыцы къухфыстытӕй ацы къухфыст у ӕппӕты рагондӕр. Н. э. 508 азмӕ ’ввахс «Пешиттӕ»-мӕ ногӕй куы ’ркастысты, уӕд ӕм бафтыдтой, раздӕр дзы цы фондз чиныджы нӕ фаг кодта, уыдон. Уыцы тӕлмац абон хонынц «Филоксенийаг тӕлмац».

ССАРДТОЙ МА ӔНДӔР СИРИАГ КЪУХФЫСТЫТӔ ДӔР

19 ӕнусы онг Чырыстон Грекъаг Фыстытӕн грекъаг ӕвзагыл цы къухфыстытӕ зыдтой, уыдон иууылдӕр фыст ӕрцыдысты фӕндзӕм ӕнусы кӕнӕ бирӕ фӕстӕдӕр. Уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕндты тынг бацымыдис кодтой Библийы рагон тӕлмацтӕ, зӕгъӕм, латинаг «Вульгатӕ» ӕмӕ сириаг «Пешиттӕ». Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «Пешиттӕ» скодтой ноджы рагондӕр сириаг тӕлмацмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ ахуыргӕндтӕм ахӕм тӕлмац нӕ уыд. Библи сириаг ӕвзагмӕ дыккаг ӕнусы кӕй ӕрцыд тӕлмацгонд, уымӕ гӕсгӕ ахӕм тӕлмац фылдӕр рухс бауагътаид, Библийы текст райдианы куыд уыд, уымӕ. Уый та библииртасджытӕн хӕзнайӕ уӕлдай нӕ уыдаид. Цымӕ рагон сириаг тӕлмац ӕцӕгдӕр уыд? Цымӕ йе ссарын сӕ къухы бафтыд?

Синайаг сириаг кӕй хонынц, уыцы палимпсест. Кӕрӕтты зыны, тексты бын Евангелитӕ фыст кӕй сты

Бӕгуыдӕр! Ссардтой дыууӕ хӕзнайы – дыууӕ къухфысты сириаг ӕвзагыл. Фыццаг къухфыст фыст ӕрцыд фӕндзӕм ӕнусы. Уый уыди, 1842 азы Бритайнаг музей Нитрианаг моладзандонӕй (ис Египеты ӕдзӕрӕг быдыры) цы бирӕ сириаг къухфыстытӕ раласта, уыдонимӕ. Схуыдтой йӕ Кьюртойнаг сириаг къухфыст, уымӕн ӕмӕ йӕ ссардта ӕмӕ йӕ ныммыхуыр кодта Уильям Кьюртон, музейы къухфыстытӕ кӕй бар уыдысты, уый хӕдивӕг. Уыцы зынаргъ документы уыдысты цыппар Евангелийы. Фыццаг дзы уыди Матфейы Евангели, стӕй Марчы, уый фӕстӕ Иоанны ӕмӕ фӕстагмӕ та Лукайы Евангели.

Дыккаг та у синайаг сириаг къухфыст. Куыд ӕй ссардтой, уыцы хабар баст у, ацы статьяйы райдианы кӕй кой ракодтам, уыцы дыууӕ хъӕбатыр хоимӕ. Кӕд Агнес университет каст нӕ фӕци, уӕддӕр сахуыр кодта аст фӕсарӕйнаг ӕвзаджы, уыдонӕй иу уыд сириаг. 1892 азы Агнес Сыгъдӕг Екатеринӕйы моладзандоны (Египет) ссардта стыр «хӕзна».

Уым иу гыццыл талынг уаты ссардта сириаг къухфыст. Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй «тынг чъизи кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕймаджы йӕ къухмӕ сисын дӕр нӕ фӕндыд  ӕмӕ йын [ӕнусты дӕргъы] йӕ сыфтӕ кӕй ничи фӕлдӕхта, уый тыххӕй кӕрӕдзийыл баныхӕстысты». Уый уыд палимпсест *, ома къухфысты фыццаг цы текст уыд, уый схафтой ӕмӕ йыл сириаг ӕвзагыл ныффыстой сылгоймаг-сыгъдӕджыты хабӕрттӕ. Фӕлӕ Агнес бафиппайдта, тексты бын ма цыдӕр фыстытӕ кӕй уыд, сыфтыл уӕлейӕ та фыст кӕй уыд «Матфейы», «Марчы» ӕмӕ «Лукайы». Йӕ къухы уыди, цыппар Евангелийы кӕм уыд, уыцы Сириаг кодекс, зӕгъӕн ис, ӕнӕхъӕнӕй! Абон ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, ацы кодекс фыст кӕй ӕрцыд цыппӕрӕм ӕнусы кӕрон.

Синайаг сириаг къухфыст нымайынц, Библийы къухфыстытӕй кӕй ссардтой, уыдонӕй ӕппӕты ахсджиагдӕртӕй иуыл ӕмӕ йӕ ӕвӕрынц Синайы кодексы ӕмӕ Ватиканы кодексы грекъаг къухфыстыты ӕмрӕнхъ. Абон бирӕты уырны, Кьюртойнаг ӕмӕ Синайаг къухфыстытӕ кӕй сты, 2 ӕнусы кӕрон кӕнӕ 3 ӕнусы райдианы фыст Сириаг Евангелитӕн нӕ рӕстӕгмӕ чи ӕрхӕццӕ, уыцы къопитӕ.

«НӔ ХУЫЦАУЫ НЫХАС... УЫДЗӔН ӔНУСТӔМ»

Абон Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн уыцы къухфыстытӕ исты пайда сты? Куыннӕ! Цӕвиттонӕн райсӕм, Марчы Евангелийы даргъ кӕронбӕттӕн кӕй хонынц, уый. Иуӕй-иу Библиты фыст ис Марчы 16:8 стихы фӕстӕ. Уыцы кӕронбӕттӕн ӕмбӕлы фӕндзӕм ӕнусы фыст Александриаг кодексы, латинаг «Вульгатӕ»-йы ӕмӕ ма ӕндӕр рӕтты дӕр. Фӕлӕ, цыппӕрӕм ӕнусы кӕй ныффыстой ӕмӕ ӕууӕндӕн кӕуыл ис, дыууӕ ахӕм грекъаг къухфысты, Синайы кодексы ӕмӕ Ватиканы кодексы Марчы Евангели фӕвӕййы 16 сӕрыл 8 стихыл. Синайаг сириаг къухфысты дӕр уыцы даргъ кӕронбӕттӕн нӕй. Уый ма у ноджыдӕр иу бӕлвырдгӕнӕн, даргъ кӕронбӕттӕн фӕстӕдӕр кӕй бафтыдтой ӕмӕ райдианы уыцы текст Марчы Евангелийы кӕй нӕ уыд, уымӕн.

Ӕркӕсӕм ма ӕндӕр цӕвиттонмӕ дӕр. 19-ӕм ӕнусы Библийы тӕлмацты бирӕ ӕвзӕгтыл 1 Иоанны 5:7, 8 стихты бафтыдтой ахӕм хъуыды, цыма Хуыцау Троицӕ у. Фӕлӕ уыцы хъуыды ӕппӕты рагондӕр грекъаг къухфыстыты не ’мбӕлы. Не ’мбӕлы «Пешиттӕ»-йы дӕр, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у, уыцы хъуыды Библийы текстмӕ ӕфтаугӕ кӕй бакодтой.

Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ йӕ Сыгъдӕг Ныхас кӕй бахъахъхъӕдта. Библийы фыст ис: «Цъӕх кӕрдӕг бахус, дидинӕг баруад, нӕ Хуыцауы ныхас та уыдзӕн ӕнустӕм» (Исай 40:8; 1 Петры 1:25). Кӕд «Пешиттӕ» иннӕ рагон къухфыстыты ’хсӕн стыр бынат нӕ ахсы, уӕддӕр тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Библийы хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр раст лӕвӕрд цӕуа.

^ 15 абз. Грекъаг дзырд палимпсе́стос нысан кӕны «ногӕй хафт».