Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауӕн кувынмӕ иумӕ цӕмӕн ӕрӕмбырд вӕййӕм?

Хуыцауӕн кувынмӕ иумӕ цӕмӕн ӕрӕмбырд вӕййӕм?

«Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм... не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм» (ДЗУТ. 10:24, 25).

ЗАРДЖЫТӔ: 20, 119

1–3. а) Чырыстӕттӕ куыд ӕвдисынц, иумӕ ӕмбырд кӕнын сӕ тынг кӕй фӕнды, уый? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

КОРИННӔЙЫЛ 17 азы куы цыди, уӕд ын йӕ мады ӕрцахстой ӕмӕ йӕ арвыстой, адӕмӕн тыхкуыст кӕнын кӕм кодтой, ахӕм лагермӕ. Фӕстӕдӕр ын йӕхи дӕр арвыстой Сыбырмӕ, йӕ хӕдзарӕй мингай километртӕ дарддӕр. Уыцы ран Кориннӕ уӕззау куыст кодта ӕмӕ цагъарӕй уӕлдай нӕ уыд. Хатгай-иу ын хъызты дӕр ӕддейӕ кусын кодтой, хъарм дзаумӕттӕ йыл нӕ уыд, афтӕмӕй. Фӕлӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Кориннӕ ӕмӕ ма иу хо баныхас кодтой, цыфӕндыйӕ дӕр ӕмбырдмӕ кӕй ацӕудзысты.

2 Кориннӕ радзырдта: «Кӕм куыстам, уырдыгӕй изӕрӕй рацыдыстӕм ӕмӕ ӕфсӕнвӕндаджы станцӕмӕ 25 километры фистӕгӕй фӕцыдыстӕм. Уым ӕхсӕвы дыууӕ сахатыл поезды сбадтыстӕм ӕмӕ ӕхсӕз сахаты фӕцыдыстӕм. Поездӕй куы рахызтыстӕм, уӕд ма 10 километры фӕцыдыстӕм, ӕмбырд кӕм уыди, уырдӕм». Кориннӕ ӕппындӕр нӕ фӕфӕсмон кодта, уыцы дард фӕндагыл кӕй ацыд, ууыл. Уый загъта: «Ӕмбырды ахуыр кодтам „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ ӕмӕ зарыдыстӕм Паддзахады зарджытӕ. Уыцы фембӕлды нӕ ныфсыл ныфс бафтыд ӕмӕ нӕ уырнындзинад тынг бафидар». Уыцы дыууӕ хойы фӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты ӕртӕ боны фӕстӕ, фӕлӕ сӕ хицау, уым кӕй нӕ уыдысты, уый зонгӕ дӕр нӕ бакодта.

3 Йегъовӕйы адӕмӕн иумӕ ӕмбырд кӕнын алкӕддӕр стыр цины хос уыд. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ иумӕ ӕмбырд кодтой, цӕмӕй-иу Йегъовӕмӕ бакуывтаиккой ӕмӕ, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой (Хъуыд. 2:42). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕуӕн дӕр ӕмбырдтӕм цӕуын цины хос у. Фӕлӕ, чи зоны, дӕуӕн дӕр иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау ӕнцон нӕ вӕййы алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын. Чи зоны дӕ бирӕ кусын хъӕуы, бирӕ хъуыддӕгтӕ дын вӕййы йе та фӕллад вӕййыс. Цымӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уавӕрты дӕр ӕмбырдтӕм цӕуай? 1 Нӕ бон куыд у, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕмӕ иннӕтӕн бамбарын кӕнын, ӕмбырдтӕм цӕуын ахсджиаг кӕй у, уый? Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уый 1) махӕн цы пайда хӕссы, 2) иннӕтыл куыд фӕзыны ӕмӕ 3) Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ куыд рухс кӕны 2.

ӔМБЫРДТӔ НЫН ЦЫ ПАЙДА ХӔССЫНЦ?

4. Не ’мбырдтӕ нын Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

4 Ӕмбырдты ахуыр кӕнӕм. Алы ӕмбырды дӕр Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонӕм. Зӕгъӕм, цалдӕр азы размӕ ӕмбырды ахуыр кодтам чиныг «Хуыцау нын Йеремийы уылты цы дзуры». Уыцы чиныгӕй, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты дзуаппытӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай, уый фӕрцы Йегъовӕйы тынгдӕр уарзын нӕ райдыдтай? Ӕмбырдты ма фӕхъусӕм раныхӕстӕм, Библи куыд фӕкӕсынц, уымӕ, стӕй фӕкӕсӕм равдыстытӕм, ӕмӕ уый фӕрцы Библи хуыздӕр базонӕм (Неем. 8:8). Алы къуыри дӕр Библийӕ цы сӕртӕ фӕкӕсӕм, уыдон куы фӕцӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырды иннӕты дзуаппытӕм куы фӕхъусӕм, уӕд дӕр бирӕ ног хъуыдытӕ базонӕм.

5. Ӕмбырдтӕ дын куыд ӕххуыс кӕнынц, Библийӕ цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн ӕмӕ хуыздӕр хъусын кӕнынӕн?

5 Ахуыргӕнӕн брошюрӕты цы статьятӕ вӕййы, уыдон ӕмбырды кӕй фӕахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы хуыздӕр бамбарӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм, уый (1 Фес. 4:9, 10). Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ, ӕмбырды цы статья равзӕрстат, уый дӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнай, дӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнай йе та хойӕн кӕнӕ ӕфсымӕрӕн ныххатыр кӕнай? «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды та фӕахуыр кӕнӕм, хъусын кӕнын ӕмӕ Библийы ахуырӕдтӕ ӕмбарын кӕнын куыд хъӕуы, ууыл (Матф. 28:19, 20).

6. Ӕмбырды нын нӕ ныфсыл ныфс цы бафтауы?

6 Ӕмбырдтӕ нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц. Хӕйрӕджы дуне архайы, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа, нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ нӕхимӕ ныхъхъусӕм. Фӕлӕ нын не ’мбырдтӕ нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:30–32.) Ӕмбырды арӕх фӕныхас кӕнӕм, Библийы фыст пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, ууыл. Ӕмӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр феууӕндӕм, Йегъовӕ нын фидӕны тыххӕй цы зӕгъы, ууыл дӕр. Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нын нӕ хотӕ дӕр нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц, ӕмӕ ӕрмӕст, сценӕйӕ куы фӕдзурынц, уӕд нӕ, фӕлӕ, дзуаппытӕ куы фӕдӕттынц ӕмӕ Йегъовӕйы кадӕн зӕрдиагӕй куы фӕзарынц, уӕд дӕр (1 Кор. 14:26). Стӕй ма нын тынг ӕхсызгон вӕййы семӕ ӕмбырды размӕ ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ ныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ нын уыдон сты, ӕцӕгӕй ныл чи тыхсы, ахӕм ӕмбӕлттӕ (1 Кор. 16:17, 18).

7. Ӕмбырдтӕм цӕуын тынг ахсджиаг цӕмӕн у?

7 Ӕмбырдты нын Хуыцау хай кӕны йӕ сыгъдӕг тыхӕй. Йесо ӕмбырдтӕн разамынд дӕтты Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы, ӕмӕ нын зӕгъы, цӕмӕй, «Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмбырдтӕн цы дзуры, уымӕ» хъусӕм (Рарг. 2:7). Сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн дӕр. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм цӕуӕм ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын уӕм.

ӔМБЫРДТЫ ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ

8. Ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттӕм ӕмӕ кӕй фӕзарӕм, уымӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕнӕм? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ «Ӕмбырды фӕстӕ йӕхи хуыздӕр фӕхаты».)

8 Ӕмбырдты нӕ бон вӕййы нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн, кӕй сӕ уарзӕм, уый равдисын. Не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ стыр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц. Апостол Павел дӕр уымӕн ныффыста: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм». Ӕмӕ уый фӕстӕ бамбарын кодта, нӕ кӕрӕдзийыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн. Уый загъта, «не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм», зӕгъгӕ (Дзут. 10:24, 25). Ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбацӕуӕм, уымӕй равдисӕм, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн уӕм, семӕ ныхас кӕнӕм ӕмӕ, цӕуыл тыхсынц, уый зонӕм. Уымӕй уӕлдай ма, ӕмбырдты дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм ӕмӕ зӕрдӕбынӕй куы фӕзарӕм, уӕд дӕр сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм (Кол. 3:16).

9, 10. а) Ӕмбырдтӕм цӕуын ахсджиаг кӕй у, уый бамбарынӕн нын Иоанны 10:16 стихы фыст ныхӕстӕ куыд ӕххуыс кӕнынц? б) Ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр куы цӕуӕм, уӕд, ӕнӕуырнӕг бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн куыд баххуыс кӕндзыстӕм?

9 Ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уый фӕрцы не ’хсӕн ис иудзинад. (Бакӕс Иоанны 10:16.) Чырысти йӕхи абарста фыййауимӕ, йӕ фӕдылдзӕуджыты та – фысты дзугимӕ. Ахъуыды-ма кӕн: дыууӕ фысы къуылдымыл куы уой, дыууӕ фысы – дӕлвӕзы, иу та – ӕндӕр кӕмдӕр, уӕд сӕ дзуг схонӕн уыдзӕн? Фысты иу дзуг схонӕн ис, иумӕ куы уой ӕмӕ сӕ фыййауы фӕдыл куы цӕуой, уӕд. Раст афтӕ мах дӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй нӕхи дард куы ласӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн нӕ Фыййауы фӕдыл цӕуын. Цӕмӕй «иу дзуг» уӕм ӕмӕ нын «иу фыййау» уа, уый тыххӕй хъуамӕ не ’мчырыстӕттимӕ иумӕ ӕмбырд кӕнӕм.

10 Не ’мбырдты руаджы мах стӕм иу бинонтау ӕнгом (Пс. 133:1). Ӕмбырды иуӕй-иутыл сӕ ныййарджытӕ кӕнӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ сӕхи атигъ кодтой. Фӕлӕ Йесо ахӕм чырыстӕттӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын уыдзӕн, чи сӕ уарздзӕн ӕмӕ сын чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм бинонтӕ (Мар. 10:29, 30). Ӕмбырдтӕм ӕдзух куы цӕуай, уӕд, чи зоны, дӕхӕдӕг дӕр искӕмӕн фыд кӕнӕ мады хуызӕн, йе та хо кӕнӕ ӕфсымӕры хуызӕн суай. Уыцы хъуыддаг нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм цӕуын.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ЗӔРДӔ РУХС КӔНӔМ

11. Ӕмбырдтӕ нын Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

11 Ӕмбырдты Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм. Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ у кад ӕмӕ арфӕйы аккаг. (Бакӕс Раргомад 7:12.) Ӕмӕ ӕмбырдты Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, куы йын фӕзарӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ӕй афтӕмӕй фӕкадджын кӕнӕм. Цӕй стыр кад нын у, нӕ бон кӕй у алы къуыри дӕр иумӕ ӕмбырд кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кувӕм!

12. Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уымӕ?

12 Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ коммӕ дӕр кӕсӕм. Уый нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй иумӕ ӕмбырд кӕнӕм, уӕлдайдӕр та ацы фӕстаг бонты. Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕрухс кӕнӕм (1 Иоан. 3:22). Уый уыны, куыд тынг нӕ фӕнды, цӕмӕй-иу алы ӕмбырды дӕр уӕм. Ӕмӕ ууыл ӕппӕт хъарутӕй кӕй фӕархайӕм, уымӕн стыр аргъ кӕны (Дзут. 6:10).

13, 14. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ӕмбырдты фӕрцы Йегъовӕмӕ ӕмӕ Йесомӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм?

13 Ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уымӕй ӕвдисӕм, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм. Ӕмбырдты фӕахуыр кӕнӕм Библи, ӕмӕ нын афтӕмӕй Йегъовӕ фӕамоны, куыд хъуамӕ цӕрӕм, уый (Ис. 30:20, 21). Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕймаг ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуы, уӕд уый дӕр бамбары, разамынд нын Хуыцау кӕй дӕтты (1 Кор. 14:23–25). Йегъовӕ ӕмбырдтӕн разамынд дӕтты йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уым цы базонӕм, уый вӕййы Йегъовӕйӕ. Уӕдӕ ӕмбырдты мах фӕхъусӕм, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ ӕмӕ фенкъарӕм, куыд тынг нӕ уарзы, уый. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм.

14 Йесо, ӕмбырды Хистӕр, загъта: «Мӕ номыл дыууӕйӕ кӕнӕ ӕртӕйӕ кӕм ӕрӕмбырд уой, уым ӕз дӕр уыдзынӕн семӕ» (Матф. 18:20). Библийы ма фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо «авд сызгъӕрин цырагъдарӕны ’хсӕн... рацу-бацу кӕны», ома ӕмбырдтӕн разамынд дӕтты (Рарг. 1:20–2:1). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо не ’мбырдты вӕййынц ӕмӕ нӕ фидар кӕнынц. Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, йӕхимӕ ӕмӕ йын йӕ Фыртмӕ баввахс уай, ууыл ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайыс, уымӕ?

15. Ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уымӕй куыд ӕвдисӕм, Йегъовӕмӕ хъусын нӕ кӕй фӕнды?

15 Ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕмӕ хъусын нӕ кӕй фӕнды. Йегъовӕ нын тыхӕй ницы аразын кӕны (Ис. 43:23). Уӕдӕ йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ӕмбырдтӕм кӕй цӕуӕм, уымӕй ӕвдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ нӕ хицауыл кӕй нымайӕм (Ром. 6:17). Зӕгъӕм нын нӕ куысты хицау фылдӕр кусын кӕны, ӕмӕ йын куы сразы уӕм, уӕд нӕ бон ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр цӕуын нӕ уыдзӕн. Йе та, зӕгъӕм, нӕ бӕстӕйы хицауад загъта, Йегъовӕйӕн кувыны тыххӕй чи ӕмбырд кӕна, уыдоны кӕй штраф кӕндзысты кӕнӕ сӕ ахӕстоны кӕй бадын кӕндзысты йе та сӕ ноджы фыддӕр кӕй ӕфхӕрдзысты. Кӕнӕ та нӕ, чи зоны, ӕмбырдмӕ ацӕуыны бӕсты фӕнда нӕхи аирхӕфсын. Ахӕм уавӕрты нӕ фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын: кӕй фӕндон ӕххӕст кӕндзыстӕм? (Хъуыд. 5:29). Алы хатт дӕр Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Ӕмб. 27:11).

ДАРДДӔР ДӔР ИУМӔ ӔМБЫРД КӔНӔМ

16, 17. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн ӕмбырдтӕ тынг ахсджиаг кӕй уыдысты? б) Ӕфсымӕр Джордж Гангас ӕмбырдтӕм цы зӕрдӕ дардта?

16 Нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ чырыстӕттӕ райдыдтой ӕдзухдӕр иумӕ ӕмбырд кӕнын. Уыдон «кӕрӕдзийыл хъуыды кодтой... [се] ’мбырдтӕ нӕ уагътой» (Дзут. 10:24, 25). Ӕмӕ афтӕ кодтой, ромаг хицауад ӕмӕ дзуттаг дины разамонджытӕ сӕ фӕдыл куы зылдысты, суанг уӕд дӕр. Кӕд уый ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр, сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй дарддӕр дӕр иумӕ ӕмбырд кодтаиккой.

17 Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмбырдтӕн тынг аргъ кӕнынц. Разамонӕг советы 22 азӕй фылдӕр чи уыд, уыцы ӕфсымӕр Джордж Гангас загъта: «Царды мын ӕппӕты стырдӕр цин ӕмӕ ныфсы хос цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдонӕй иу у, ӕфсымӕртимӕ иумӕ кӕй ӕрӕмбырд вӕййӕм, уый. Ӕз уарзын ӕмбырдмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕппӕты фыццаг ӕрбацӕуын ӕмӕ ӕппӕты фӕстаг ацӕуын. Хуыцауы адӕмимӕ куы фӕныхас кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Се ’хсӕн куы вӕййын, уӕд мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма хӕдзары мӕ бинонтимӕ дӕн». Ӕфсымӕр Гангас ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз алы ӕмбырдмӕ дӕр зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсын».

18. Ӕмбырдтӕм цы зӕрдӕ дарыс ӕмӕ дӕ дарддӕр цы аразын фӕнды?

18 Ды дӕр ӕмбырдтӕм ахӕм зӕрдӕ дарыс? Кӕд о, уӕд дарддӕр дӕр, дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй ӕмбырдтӕм ӕдзухдӕр цӕуай, зын дын куы уа, уӕд дӕр. Афтӕмӕй ӕвдисдзынӕ, ды дӕр разы кӕй дӕ паддзах Давиды ныхӕстимӕ: «Йегъовӕ, ӕз бауарзтон дӕ хӕдзар, дӕ цӕрӕнбынат» (Пс. 26:8).

^ 1 3 абзац: иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмбырдтӕм нӕ фӕцӕуынц, сӕ бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм уавӕрты тыххӕй, зӕгъӕм, уӕззау рынчын кӕй сты, уый тыххӕй. Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕной, Йегъовӕ сын сӕ уавӕр кӕй ӕмбары ӕмӕ, йӕ номы тыххӕй цыдӕриддӕр аразынц, уымӕн стыр аргъ кӕй кӕны. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у бацархайын, цӕмӕй ахӕм чырыстӕттӕн сӕ бон уа ӕмбырды программӕмӕ телефонӕй хъусын кӕнӕ та йын стӕй йӕ записьмӕ байхъусын.

^ 2 3 абзац: кӕс рамкӕ «Ӕмбырдтӕм цӕмӕн хъуамӕ цӕуӕм».