Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ лӕггад ӕртӕхы хуызӕн у?

Дӕ лӕггад ӕртӕхы хуызӕн у?

НӔ ЛӔГГАД тынг ахсджиаг у ӕмӕ йын стыр аргъ ис. Фӕлӕ кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыдонӕй алчи уый нӕ фембары. Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый базонын кӕй фӕфӕнды, суанг уыдонӕй дӕр чидӕртӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй мах семӕ Библи ахуыр кӕнӕм.

Ӕркӕсӕм-ма Гевины цӕвиттонмӕ. Уый ӕмбырдтӕм цыди, фӕлӕ йӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ фӕндыд. Гевин загъта, Библи тынг ӕвзӕр кӕй зыдта ӕмӕ йӕ кӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй уый тыххӕй исчи базыдтаид. Стӕй тарсти, зӕгъгӕ мӕ куы фӕсайой кӕнӕ мын ацы дин куы исын кӕной. Куыд хъуыды кӕныс, Гевин Библи ахуыр кӕныныл никуы сразы уыдаид? Ахъуыды-ма кӕн, адӕймагыл, Библийы цы фыст ис, уый куыд фӕзыны, ууыл. Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта: «Мӕ ныхӕстӕ кӕлдзысты ӕртӕхау. Уыдзысты, кӕрдӕгыл фӕлмӕн къӕвдатӕ куыд рацӕуа... афтӕ» (Дык. з. 31:19, 30; 32:2). Лӕмбынӕгдӕр-ма ахъуыды кӕнӕм, ӕртӕх цавӕр у ӕмӕ цӕмӕн хъӕуы, ууыл ӕмӕ йӕ нӕ лӕггадимӕ абарӕм, цӕмӕй «алыхуызон адӕмӕн» ӕххуыс кӕнгӕйӕ ӕнтыстджын уӕм (1 Тим. 2:3, 4).

НӔ ЛӔГГАД ӔРТӔХЫ ХУЫЗӔН КӔД УЫДЗӔН?

Ӕртӕх вӕййы фӕлмӕн. Уӕлдӕфы цы дон байсысы, уый сабыргай зӕххыл фӕлмӕн ӕртӕхы хуызы ӕрбады. Йегъовӕйы ныхӕстӕ ӕртӕхау кӕй калдысты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ адӕмимӕ ныхас кодта хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ фӕлмӕнӕй. Мах дӕр ӕй фӕзмдзыстӕм, иннӕты хъуыдыйӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд. Мах хъуамӕ адӕмы разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй-иу сӕхӕдӕг ахъуыды кӕной ӕмӕ-иу сӕхӕдӕг хатдзӕгтӕ скӕной. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу нӕм хуыздӕр байхъусдзысты, ӕмӕ нӕ лӕггады ӕнтыстджындӕр уыдзыстӕм.

Ӕртӕх вӕййы ӕхсызгон. Нӕ лӕггад иннӕтӕн ӕхсызгон уыдзӕн, куы-иу ахъуыды кӕнӕм, рӕстдзинад базонынӕн сын хуыздӕр куыд баххуыс кӕнӕн ис, ууыл. Гевинӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй фыццаг чи загъта, уыцы ӕфсымӕр Крис ууыл нӕ архайдта, цӕмӕй йӕ цыфӕндыйӕ дӕр сразы кодтаид. Фӕлӕ архайдта, цӕмӕй Гевинӕн йемӕ Библийыл ныхас кӕнын ӕхсызгон уыдаид. Крис ын загъта, Библийы сӕрӕй-кӕронмӕ иу ахсджиаг хабары кой кӕй ис ӕмӕ уыцы хабары тыххӕй фылдӕр куы базона, уӕд хуыздӕр кӕй ӕмбардзӕн, ӕмбырдты цы хъуса, уый. Стӕй йын загъта, зӕгъгӕ, мӕнӕн Библийыл баууӕндынӕн баххуыс кодтой, цы пехуымпарӕдтӕ дзы ис, уыдон. Уый фӕстӕ цалдӕр хатты фембӕлдысты ӕмӕ аныхас кодтой, Библийӕ цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты, уыдоныл. Гевинӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди, цы базыдта, уый, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг Библи ахуыр кӕнын бафӕндыд.

Ӕртӕх цардӕн ахсджиаг у. Израилы тӕвд ӕмӕ хус рӕстӕг куы вӕййы, уӕд дзы къӕвда цалдӕргай мӕйтӕ дӕр не ’руары, ӕмӕ-иу дзы ӕртӕх куы нӕ уаид, уӕд-иу зайӕгойтӕ бахус уаиккой. Йегъовӕ фӕстаг бонтӕ абарста хус рӕстӕгимӕ ӕмӕ загъта, адӕмӕн дойны кӕй уыдзӕн, «Йегъовӕйы ныхӕстӕ кӕй нал хъуысдзысты», уый тыххӕй (Амос 8:11). Ӕмӕ зӕрдӕ бавӕрдта, сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕндзысты ӕмӕ уый фӕрцы кӕй уыдзысты, «Йегъовӕйӕ цы ӕртӕх ӕрцӕуы, уый хуызӕн», стӕй сын «ӕндӕр фыстӕ» кӕй ӕххуыс кӕндзысты (Мих. 5:7; Иоан. 10:16). Цы хабар хъусын кӕнӕм, уый хауы, Йегъовӕ адӕмы цӕй фӕрцы ирвӕзын кӕны, уымӕ. Цымӕ мах уыцы хабарӕн аргъ кӕнӕм?

Ӕртӕх у Йегъовӕйы арфӕдзинад (Дык. з. 33:13). Чи нӕм байхъусы, уыдонӕн нӕ лӕггад бирӕ арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы. Гевин Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдта, уый йын стыр арфӕдзинад ӕрхаста, уымӕн ӕмӕ йӕ фарстатӕн се ’ппӕтӕн дӕр дзуапп ссардта. Бирӕ рӕстӕг нӕ рацыд, афтӕ рӕстдзинад йӕ зӕрдӕйы ӕрфидар, донаргъуыд райста, ӕмӕ ныр йӕ бинойнаг Джойсимӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕны.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕхх дӕр хорз хабары «донӕй» ӕфсадынц

ДӔ ЛӔГГАДӔН АРГЪ КӔН

Хъусын кӕныны хъуыддаг ӕртӕхимӕ куы абарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, нӕ фыдӕбонӕн стыр аргъ кӕй ис, уый. Куыд? Иу ӕртах стыр пайда не ’рхӕсдзӕн, фӕлӕ милуангай ӕртӕхтӕ зӕхх донӕй бафсаддзысты. Раст афтӕ, мах нӕхӕдӕг уацамынды цы аразӕм, уый нӕм, чи зоны, тынг гыццыл кӕса. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фыдӕбон иумӕ куы райсай, уӕд нын бирӕ ӕнтысы – «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» хъусын кӕнӕм (Матф. 24:14). Уӕдӕ нӕ лӕггады фӕрцы адӕм Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, нӕ ныхӕстӕ ӕртӕхау фӕлмӕн ӕмӕ ӕхсызгон куы уой, стӕй адӕймагӕн тыхтӕ куы дӕттой, уӕд.