Псалом 84:1—12
Амонӕгӕн. Гиттит*+. Корейы фыртты псалом. Зарӕг.
84 Куыд тынг дын уарзын дӕ кадджын цатыр+,О Йегъовӕ, ӕфсӕдты хицау!+
2 Мӕ уд бӕллы Йегъовӕйы кӕртытӕм, батад уыдон мысгӕйӕ+.Мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ буар фырцинӕй зарынц удӕгас Хуыцауӕн+.
3 Суанг цъиу дӕр ссары хӕдзарӔмӕ зӕрватыкк скӕны ахстон йӕхицӕнӔмӕ йӕ лӕппынтӕнДӕ кадджын нывондхӕссӕны раз, о Йегъовӕ, ӕфсӕдты хицау, мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау!
4 Амондджын сты, дӕ хӕдзары чи цӕры, уыдон!+Уыдон дӕ ӕдзухдӕр кадджын кӕнынц+. (Села́)
5 Амондджын сты, сӕ хъару ды кӕмӕн дӕ+Ӕмӕ сӕ зӕрдӕ дӕ хӕдзармӕ кӕнӕг фӕндӕгтыл кӕмӕн ис, уыдон+.
6 Бакайы*+ къутӕртӕ кӕм зайы, уыцы ӕнӕдон дӕлвӕзы куы фӕцӕйцӕуынц,Уӕд ӕй суадон фестын кӕнынц.Ӕмӕ зондамонӕгӕн+ фӕарфӕ кӕнынц.
7 Фӕндагыл цӕугӕйӕ сӕ хъарутыл хъарутӕ ӕфтдзӕн+.Алчидӕр сӕ ӕрлӕууы Хуыцауы раз, Сионы хохыл+.
8 О Йегъовӕ, ӕфсӕдты Хуыцау, мӕ куывд мын фехъус+.Дӕ хъус мӕм ӕрдар, о Иаковы Хуыцау+. (Села́)
9 О Хуыцау, нӕ уарт, де ’ргом раздах+,Ӕркӕс дӕ сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ+.
10 Иу бон дӕ кӕртыты – уый хуыздӕр у мин бонӕй ӕндӕр искуы+.Фыддзинады цатырты цӕрыны бӕсты+Фӕлтау лӕудзынӕн мӕ Хуыцауы хӕдзары къӕсӕрыл+,
11 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау у нӕ хур+ ӕмӕ нӕ уарт+,Уый дӕтты хорзӕх ӕмӕ кад+.Ӕнаипп чи у, уыдонӕн Йегъовӕ нӕ бавгъау кӕндзӕн хорздзинӕдтӕ+.
12 О Йегъовӕ, ӕфсӕдты хицау, амондджын у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ дӕуыл чи дары+.