Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Ӕгас дунейы инфляцийы аххосӕй ӕхцайы кад сӕфы. Библийы цы фыст ис?

Ӕгас дунейы инфляцийы аххосӕй ӕхцайы кад сӕфы. Библийы цы фыст ис?

 2022 азы июны Ӕппӕтдунеон банчы президент загъта: «Дунейы экономикӕ та ногӕй тынг ӕвзӕр уавӕры ис. Ӕргътӕ тынг схызтысты, адӕммӕ та ӕхца нӕй, цӕмӕй цыдӕртӕ ’лхӕной».

 Ӕхсӕнадӕмон ӕхцайы фонд фехъусын кодта: «Артаг ӕмӕ хӕринаг ӕвиппайды фӕзынаргъ сты, ӕмӕ уый мӕгуыр бӕстӕты цӕрӕг адӕмыл тынг фӕзынд».

 Библи нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, экономикӕ ахӕм уавӕры цӕмӕн ис ӕмӕ нӕ бон цы у аразын. Стӕй ма Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау цы сараздзӕн, цӕмӕй адӕмӕн цардамӕлттӕ кӕнын зын макуыуал уа.

«Фӕстаг бонты» алцыдӕр зынаргъдӕр кӕны

  •   Цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый Библи хоны «фӕстаг бонтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1).

  •   Йесо Чырысти загъта, «фӕстаг бонты» кӕй цӕудзӕн «ӕвирхъау хабӕрттӕ» кӕнӕ тасӕфтауӕг хабӕрттӕ (Лукайы 21:11). Адӕмы тас бацӕуы, алцыдӕр зынаргъдӕр куы фӕкӕны, уӕд. Фӕмӕт кӕнынц, фидӕны цы уыдзӕн ӕмӕ сӕ бинонты цӕмӕй дардзысты, ууыл.

  •   «Фӕстаг бонты» хӕринаг зынаргъдӕр кӕй кӕндзӕн, уый тыххӕй фыст ис Раргомады чиныджы: «Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс... чидӕр радзырдта: „Мӕнӕуы къус динарыл [ома кусӕгӕн йӕ боны мызд]. Хъӕбӕрхоры ӕртӕ къусы динарыл“» (Раргомад 6:6).

 «Фӕстаг бонты» тыххӕй ӕмӕ Раргомады чиныджы цы пехуымпарад ис, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис видеороликӕй «1914 азӕй дуне фӕивта» ӕмӕ статьяйӕ «Цыппар барӕджы чи сты?».

Экономикӕйы уавӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн

  •   «Адӕм хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ дзы цӕрдзысты, садздзысты сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрдзысты. Афтӕ нӕ уыдзӕн, цӕмӕй хӕдзар саразой, ӕмӕ дзы ӕндӕр исчи цӕра, сӕнӕфсирдон скӕной, ӕмӕ йын йӕ дыргъ ӕндӕр исчи хӕра» (Исай 65:21, 22).

  •   «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн» (Псалом 72:16).

  •   «Ӕфхӕрд адӕмы кӕй стигъынц ӕмӕ мӕгуыртӕ кӕй хъӕрзынц, уый тыххӕй ӕз ныр сыстдзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ» (Псалом 12:5) a.

 Тагъд Хуыцау мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн ӕрмӕст иу бӕстӕйы нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Уый куыд сараздзӕн, уый тыххӕй фыст ис статьяйы «Цымӕ экономикӕйы уавӕр искуы фӕхуыздӕр уыдзӕн?».

 Фӕлӕ дын Библи абон дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнай, ӕргътӕ хӕрдмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй. Библийы ис хорз уынаффӕтӕ, ӕхцайӕ раст пайда кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл (Ӕмбисӕндтӕ 23:4, 5; Екклесиаст 7:12). Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьятӕй «Берегите источник дохода» ӕмӕ «Как обходиться меньшими средствами?»

a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном (Псалом 83:18).