Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?

Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис?

Дзуапп Библийӕ

 О, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр ис. Уый у «ацы дунейы хицау», ӕнӕуынгӕ тых. Хӕйрӕг сси фыдзонд, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыд (Иоанны 14:30; Ефесӕгтӕм 6:11, 12). Хӕйрӕг чи у, уый нын Библи ӕргом кӕны ацы нӕмтты руаджы:

Ӕнӕуи фыддзинад нӕу

 Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Сайтан Хӕйрӕг у, адӕймаджы мидӕг цы фыддзинад вӕййы, уый. Фӕлӕ Библийы дзырд цӕуы, Хуыцау Хӕйрӕгимӕ кӕй ныхас кодта, уый тыххӕй. Хуыцау у ӕххӕст, ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй йӕ мидӕг фыддзинад уыдаид ӕмӕ уыцы фыддзинадимӕ ныхас кодтаид (Дыккаг закъон 32:4; Иов 2:1–6). Стӕй ма Хӕйрӕг фӕлвӕрдта Чырыстийы, ӕнӕтӕригъӕд чи у, уый (Матфейы 4:8–10; 1 Иоанны 3:5). Уӕдӕ Библийӕ бӕрӕг у, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр кӕй ис ӕмӕ ӕнӕуи цыдӕр фыддзинад кӕй нӕу.

 Цымӕ, бирӕты Хӕйрӕг кӕй нӕ уырны, уый нӕм хъуамӕ диссаг кӕса? Нӕ, уымӕн ӕмӕ нын Библи дзуры, Хӕйрӕг хинӕй кӕй архайы, цӕмӕй йӕ фыдвӕндтӕ йӕ къухы бафтой (2 Фессалоникӕгтӕм 2:9, 10). Зӕгъӕм, Хӕйрӕг адӕмы бакуырм кодта, цӕмӕй сӕ ма уырна, ӕцӕгдӕр кӕй ис (2 Коринфӕгтӕм 4:4).

Хӕйрӕджы тыххӕй ӕрымысгӕ ныхӕстӕ

  Мӕнг ныхас. Хӕйрӕджы нӕмттӕй иу у «Люцифер».

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Библийы иуӕй-иу тӕлмацты «Люцифер»-ӕй чи ӕрцыд тӕлмац, уыцы дзуттаг дзырд нысан кӕны «ӕрттиваг» кӕнӕ «ӕрттиваг стъалы» (Исай 14:12). Иннӕ стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыцы дзырд амоны Вавилоны паддзӕхты хӕдзарвӕндагмӕ – Хуыцау сӕ ӕрныллӕг кодта, кӕй схъал сты, уый тыххӕй (Исай 14:4, 13–20). Ацы ран Библи дзырдбаст «ӕрттиваг стъалы»-йӕ пайда кӕны хынджылӕджы хуызы, Вавилоны паддзӕхты хӕдзарвӕндагӕн йӕ кӕрон куыд ӕгад уыд, уый кой кӕнгӕйӕ.

  Мӕнг ныхас. Хӕйрӕг Хуыцауӕн ӕххуыс кӕны адӕмӕн тӕрхон кӕнынӕн.

 Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хӕйрӕг Хуыцауӕн у йе знаг, йӕ лӕггадгӕнӕг нӕ, фӕлӕ. Сайтан Хӕйрӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ ныхмӕ цӕуы ӕмӕ сыл фаутӕ ӕвӕры (1 Петры 5:8; Раргомад 12:10).