Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

8 СӔРГОНД

Хуцау лӕгъуздзийнадӕн ӕма гъезӕмӕрттӕн кӕрон цӕмӕннӕ кӕнуй?

Хуцау лӕгъуздзийнадӕн ӕма гъезӕмӕрттӕн кӕрон цӕмӕннӕ кӕнуй?

1. Зӕнхӕбӕл лӕгъуздзийнадӕ кӕцӕй фӕззиндтӕй?

Хуцау зӕнхон хецӕуттӕн фагӕ рӕстӕг ке равардта, уой фӕрци исбӕрӕг ӕй, сӕ бон адӕми зиндзийнӕдтӕн кӕрон искӕнун ке нӕй, е

Лӕгъуздзийнадӕ зӕнхӕбӕл тӕккӕ фиццаг фӕззиндтӕй, Сайтан мӕнгӕттӕ ку радзурдта, уӕд. Сайтан адтӕй хуарз изӕд, фал «рӕстдзийнади надӕй рахаудтӕй» (Иоанни 8:44). Уотӕ ’й бафӕндадтӕй, цӕмӕй уомӕн дӕр, Хуцауӕн куд ковунцӕ, уотӕ кувдтайуонцӕ. Сайтан фиццаг силгоймаги, Еви, басайдта, цӕмӕй Хуцаумӕ нӕ, фал уомӕ байгъустайдӕ, ӕма имӕ Евӕ байгъуста. Уой фӕсте ба Адам дӕр ӕ уоси фарс ислӕудтӕй. Адам ци гъуддаг бакодта, еци гъуддаг ӕркодта гъезӕмӕрттӕмӕ ӕма мӕлӕтмӕ. Бакӕсӕ Райдайӕн 3:1–6, 19.

Сайтан Еви ку басайдта, уӕд Хуцауи хецаудзийнади нихмӕ рацудӕй. Адӕмӕн дӕр сӕ фулдӕр Сайтани фӕдбӕл рацудӕнцӕ, Хуцауӕй ба райеуварс ӕнцӕ. Уотемӕй Сайтан иссӕй «аци дуйней хецау». Бакӕсӕ Иоанни 14:30; 1 Иоанни 5:19.

2. Хуцау е сфӕлдистади ескӕми рӕдуд бауагъта?

Хуцау ци сфӕлдиста, уонӕй фау ӕрхӕссӕн нецӕмӕ ес. Е адӕми дӕр ӕма изӕдти дӕр уотӕ искодта, цӕмӕй алкӕддӕр ӕма алли гъуддаги дӕр сӕ бон адтайдӕ Хуцаумӕ игъосун (Дуккаг закъон 32:4, 5). Хуцау нин равардта сӕребарӕдзийнадӕ, ӕма ни алкедӕр ӕхуӕдӕг ӕвзаруй, игъосдзӕй имӕ ӕви нӕ, уой. Гъе уой фӕрци нӕ бон ӕй ӕвдесун, Хуцауи уарзгӕ ке кӕнӕн, уой туххӕй ин ке лӕггадӕ кӕнӕн. Бакӕсӕ Иакови 1:13–15; 1 Иоанни 5:3.

3. Хуцау гъезӕмӕрттӕн нури уӕнгӕ кӕрон цӕмӕннӕ кӕнуй?

Хуцау ӕ хецаудзийнади нихмӕ цӕун рӕстӕгмӕ бауагъта. Цӕмӕн? Цӕмӕй адӕм сӕхуӕдтӕ балӕдӕронцӕ, ӕнӕ Хуцауи разамундӕй амондгун ке некӕд уодзӕнцӕ (Екклесиаст 7:29; 8:9). Е хуарз рабӕрӕг ӕй, адӕм 6 000 анзей дӕргъи куд цардӕнцӕ, уомӕй. Еунӕг зӕнхон хецауӕн дӕр ӕ бон не ’ссӕй тугъдтитӕн, фудгъуддӕгтӕн, хӕрандзийнадӕн ӕма незтӕн кӕрон искӕнун. Бакӕсӕ Йереми 10:23; Ромӕгтӕмӕ 9:17.

Зӕнхон хецӕуттӕй уӕлдай, Хуцау нур дӕр берӕ хуарздзийнӕдтӕ кӕнуй, ка имӕ игъосуй, уонӕн (Исай 48:17, 18). Тагъд Йеговӕ адӕми хецаудзийнадӕн кӕрон искӕндзӕй. Зӕнхӕбӕл ӕностӕмӕ цӕргӕ байзайдзӕнцӕ, Хуцауи ӕ хецаубӕл ка нимайуй, ӕрмӕстдӕр етӕ (Исай 11:9). Бакӕсӕ Данел 2:44.

Бакӕсӕ видеороликмӕ «Хуцау гъезӕмӕрттӕн кӕрон цӕмӕннӕ кӕнуй?»

4. Хуцау уойбӕрцӕ рӕстӕг ке бухсуй, уой фӕрци нин цӕхуӕн фадуат ес?

Сайтан загъта, зӕгъгӕ, еунӕг адӕймаг дӕр Хуцауӕн кӕдзосзӕрдӕй нӕ лӕггадӕ кӕнуй, фал имӕ цӕмӕдӕр ке ӕнгъӕл кӕсуй, ӕрмӕстдӕр уой туххӕй. Еци дзубандитӕ мӕнгӕттӕ ке ’нцӕ, уой бавдесун дӕ фӕндуй? Уӕхӕн фадуат алкӕмӕн дӕр ес. Йеговӕ уойбӕрцӕ рӕстӕг ке бухсуй, уой фӕрци нӕ бон ӕй бавдесун, ке хецаудзийнади фарс лӕууӕн, уой – Хуцауи ӕви адӕми. Е ба бӕрӕг уодзӕй, нӕ цард куд аразӕн, уомӕй. Бакӕсӕ Иов 1:8–12; Ӕмбесӕндтӕ 27:11.

5. Хуцауи нӕ хецаубӕл ке нимайӕн, уой нӕ бон куд ӕй бавдесун?

Нӕ цард куд аразӕн, уомӕй бӕрӕг ӕй, Хуцауи нӕ хецаубӕл нимайӕн ӕви нӕ

Хуцауи фӕндон базонунбӕл ку архайӕн ӕма Библий куд амонуй, уотӕ ин ку ковӕн, уӕд уомӕй бӕрӕг уодзӕй, нӕ хецаубӕл ӕй ке нимайӕн, е (Иоанни 4:23). Мах дӕр Киристей ку фӕнзӕн, гъома политики, удта тугъдтити ку нӕ архайӕн, уӕд уомӕй бавдесдзинан, Сайтани хецаудзийнади фарс ке нӕ лӕууӕн, уой. Бакӕсӕ Иоанни 17:14.

Аци дуйне Сайтани къохи ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ адӕм бафтудӕнцӕ аллихузи ихӕлд миутӕбӕл. Ӕма адӕймаг уӕхӕн миутӕ ку ниууадзуй, уӕд ибӕл е ’мбӕлттӕ кенӕ ӕ хеуӕнттӕ ходун райдайунцӕ кенӕ ӕ нихмӕ рацӕунцӕ (1 Петури 4:3, 4). Ду ба уӕхӕн уавӕри куд бакӕндзӕнӕ: Хуцауи ка уарзуй, уони хӕццӕ лимӕн кӕндзӕнӕ? Удта нин нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕма нӕ зундгин Фидӕ ци закъӕнттӕ равардта, уонӕмӕ гӕсгӕ цӕрдзӕнӕ? Кӕд гъо, уӕд уотемӕй бавдесдзӕнӕ, Сайтан мӕнгӕттӕ ке дзурдта ӕма адӕймаги бон зин уавӕрти дӕр Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайун ке ӕй, уой. Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 6:9, 10; 15:33.

Хуцау адӕми ке уарзуй, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, лӕгъуздзийнадӕн ӕма гъезӕмӕрттӕн кӕрон ке искӕндзӕй. Хуцау нӕ ци надбӕл аразуй, еци над тӕккӕ растдӕр надбӕл ка нимайуй ӕма ибӕл ка цӕуй, етӕ зӕнхӕбӕл ӕностӕмӕ цӕрдзӕнцӕ. Бакӕсӕ Иоанни 3:16.