Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

«Мӕ бон цы у, уый аразын»

«Мӕ бон цы у, уый аразын»

 Ирмӕ цӕры Германийы, цӕуы йыл 90 азы бӕрц. Дыууӕ хатты ахауд ӕмӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ асаста, стӕй йын цалдӕр операцийы скодтой. Ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон нал у раздӕрау хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Ныр Ирмӕ йӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ йӕ зонгӕтӕн хорз хабар писмоты фӕрцы фӕхъусын кӕны. Ирмӕйы писмотӕ сты удӕнцойы хос, кӕмӕ фӕфыссы, уыдонӕн. Йӕ писмотӕ сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцӕуынц, ӕмӕ йӕм арӕх телефонӕй ӕрбадзурынц, ногӕй та нӕм кӕд ныффысдзынӕ, зӕгъгӕ. Стӕй ма райсы тынг бирӕ писмотӕ. Уыцы писмоты йын адӕм бузныг фӕдзурынц ӕмӕ йын фӕзӕгъынц, цӕмӕй та сӕм ногӕй ныффысса. Ирмӕ зӕгъы: «Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы мӕ бон у Хуыцауы хъуыддаджы цингӕнгӕйӕ архайын».

 Ирмӕ ма писмотӕ фӕфыссы, зӕрӕдты хӕдзары чи цӕры, уыдонмӕ дӕр. Уый дзуры: «Иу ацӕргӕ сылгоймаг мӕм ӕрбадзырдта ӕмӕ мын загъта, йӕ лӕг куы амард, уӕд ӕй мӕ писмо тынг кӕй бафидар кодта. Уыцы писмо йӕ Библийы дары ӕмӕ йӕ изӕрыгӕтты арӕх фӕкӕсы. Йӕ цардӕмбал ӕрӕджы кӕмӕн амард, ӕндӕр ахӕм сылгоймаг та мын загъта, мӕ писмо йын сауджыны раныхасӕй тынгдӕр кӕй баххуыс кодта. Бирӕ фарстатӕ йӕм уыд, ӕмӕ мӕ бафарста, мӕ бон, дам, дӕм у ӕрбацӕуын».

 Ирмӕйы зонгӕ, Ӕвдисӕн чи нӕу, ахӕм сылгоймаг, дард ранмӕ цӕрынмӕ цыд ӕмӕ Ирмӕйӕн загъта, цӕмӕй йӕм писмотӕ фыстаид. Ирмӕ зӕгъы: «Уыцы сылгоймаг мын мӕ писмотӕй иу дӕр нӕ аппӕрста. Куы амард, уӕд мӕм йӕ чызг ӕрбадзырдта ӕмӕ мын загъта, йӕ мадмӕ йын кӕй ныффыстон, уыцы писмотӕ иууылдӕр кӕй бакаст. Стӕй ма мын загъта, зӕгъгӕ, дам, кӕд дӕ бон у, уӕд ма, дам, мӕнмӕ дӕр фысс».

 Ирмӕ йӕ лӕггадӕй райгонд у. Уый дзуры: «Йегъовӕйӕн фӕлӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй мын дарддӕр хъарутӕ дӕтта ӕмӕ йын мӕ бон уа лӕггад кӕнын. Ӕмӕ кӕд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын мӕ бон нал у, уӕддӕр, мӕ бон цы у, уый аразын».