Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Раздӕрау фыдзӕрдӕ нал дӕн»

«Раздӕрау фыдзӕрдӕ нал дӕн»
  • Райгуырд: 1973 аз

  • Бӕстӕ: Угандӕ

  • Раздӕр: фыднозт ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кодта, йӕ усы надта

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 Ӕз райгуырдтӕн Угандӕйы, округ Гомбӕйы. Кӕм цардыстӕм, уым адӕмӕн сӕ фылдӕр уыдысты тынг мӕгуыр. Нӕ горӕты рухс нӕ уыд, гъемӕ-иу ӕхсӕвыгӕтты сыгътам фӕтӕген цырагъ.

 Мӕ ныййарджытӕ Угандӕмӕ ӕрцыдысты Руандӕйӕ. Уыдон кодтой зӕххы куыст – сагътой къофи ӕмӕ банантӕ. Банантӕй кодтой ликер, вараги, зӕгъгӕ. Кӕм цардыстӕм, уым уыцы нозт тынг кадджын уыди. Мӕ ныййарджытӕ фос дӕр дардтой. Уыди нӕм кӕрчытӕ, сӕгътӕ, хуытӕ ӕмӕ стуртӕ. Не ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ, сылгоймаг хъуамӕ алкӕддӕр йӕ сӕрыхицауы коммӕ кастаид ӕмӕ йын йӕ хъуыды зӕгъыны бар дӕр нӕ уыд. Ӕмӕ ӕз дӕр афтӕ хъуыды кодтон.

 23 азы мыл куы цыди, уӕд цӕрынмӕ ацыдтӕн Руандӕмӕ. Уым-иу ме ’мгӕрттимӕ цыдтӕн, кафгӕ кӕм кодтой, ахӕм клубтӕм. Иу клубмӕ афтӕ арӕх цыдтӕн, ӕмӕ ма мын картӕ дӕр радтой, цӕмӕй-иу лӕвар бацыдаин. Уарзтон, хылтӕ ӕмӕ бирӕ тугкалд кӕм уыд, ахӕм кинотӕ. Уыцы кинотӕ, стӕй, мӕ рӕстӕг кӕимӕ ’рвыстон, уыдон мыл афтӕ бандӕвтой, ӕмӕ нозтыл ӕмӕ хӕлд митыл бафтыдтӕн. Стӕй тынг фыдзӕрдӕ сдӕн.

 2000 азы иу ӕрыгон сылгоймагимӕ цӕрын райдыдтон, йӕ ном уыди Сколастик Кабагвира. Райгуырд нын ӕртӕ сывӕллоны. Гыццылӕй мӕ афтӕ ахуыр кодтой, ӕмӕ, дам, сылгоймаг йӕ сӕрыхицауӕн салам куы дӕтта кӕнӕ, дам, дзы исты куы кура, уӕд, дам, хъуамӕ йӕ зонгуытыл ӕрлӕууа. Гъемӕ ӕз дӕр мӕ бинойнагӕй уый домдтон. Стӕй-иу ын дзырдтон, хӕдзар дӕр ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр мӕн кӕй сты ӕмӕ мӕ цы фӕнды, уый сын кӕй кӕндзынӕн. Арӕх-иу хӕдзарӕй ӕхсӕвыгон ацыдтӕн ӕмӕ-иу райсомы ӕртӕ сахатмӕ ’ввахс ӕрбацыдтӕн, фылдӕр хатт нозтджынӕй. Сколастик-иу мын дуар ӕрӕгмӕ куы гом кодта, уӕд-иу ӕй фӕнадтон.

 Уыцы рӕстӕг иу компанийы куыстон хъахъхъӕнджыты хицауӕй. Ӕмӕ мын хорз мызд уыд. Сколастик цыд пятидесятникты аргъуанмӕ. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй ӕз дӕр сӕ аргъуанмӕ бацыдаин. Афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ мӕ уым сраст кӕндзысты. Фӕлӕ сӕм бацыдаин, ууыл хъуыды дӕр никуы акодтон. Уыцы рӕстӕг ма мӕ бинойнагӕй уӕлдай ӕндӕр сылгоймагимӕ дӕр цардтӕн. Мӕ бинойнагыл гадзрахатӕй кӕй цыдтӕн ӕмӕ фыдзӕрдӕ кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мӕ ныууагъта ӕмӕ не ’ртӕ сывӕллонимӕ йӕ ныййарджытӕм цӕрынмӕ ацыд.

 Уыди нын, нӕхицӕй хистӕр чи уыд, иу ахӕм ӕмбал. Ӕмӕ мын иухатт афтӕ, фӕстӕмӕ, дам, Сколастикимӕ бацӕр, де ’ртӕ сывӕллоны, дам, ӕнӕ фыдӕй тӕригъӕд сты. Гъемӕ 2005 азы мӕ нозт дӕр ныууагътон ӕмӕ, цы сылгоймагимӕ цардтӕн, уый дӕр ӕмӕ та Сколастикимӕ бацардтӕн. 2006 азы нӕ цард баиу кодтам, фӕлӕ йӕм уӕддӕр мӕ къух истон.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 2008 азы нын иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Жоэль, нӕ дуар ӕрбахоста, ӕмӕ мын цы дзырдта, уымӕ байхъуыстон. Уый фӕстӕ мӕм Жоэль ӕмӕ ма ноджыдӕр иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Бонавантюр, цалдӕр мӕйы фӕцыдысты. Библийыл-иу куы ныхас кодтам, уӕд-иу нӕ рӕстӕг дӕр ферох. Бирӕ фарстатӕ сӕм лӕвӕрдтон, уӕлдайдӕр та Раргомады чиныджы тыххӕй. Фӕндыд мӕ, цӕмӕй сын бамбарын кодтаин, раст кӕй не сты. Зӕгъӕм, фарстон сӕ, афтӕ цӕмӕн зӕгъынц, зӕгъгӕ, Раргомады 7:9 стихы цы «тынг бирӕ адӕмы» кой ис, уыдон зӕххыл цӕрдзысты, кӕд ӕмӕ уыцы стихы афтӕ фыст ис: «Лӕууыдысты [Хуыцауы] паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы [ома Йесо Чырыстийы] раз». Жоэль-иу мын мӕ алы фарстамӕ дӕр лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ-иу мын стӕй дзуапп радта. Зӕгъӕм, равдыста мын Исайы 66:1 стих. Уым фыст ис, зӕхх кӕй у Хуыцауы «къӕхтӕвӕрӕн». Уӕдӕ, уыцы стихмӕ гӕсгӕ, тынг бирӕ адӕм лӕууынц зӕххыл Хуыцауы паддзахбадӕны раз. Стӕй ма бакастӕн Псалом 37:29 стих. Фыст дзы ис, рӕстгӕнджытӕ ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты зӕххыл.

 Ӕппынфӕстаг Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн. Гъемӕ Бонавантюр мемӕ ӕмӕ Сколастикимӕ ахуыр кӕнын райдыдта. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд мӕ бафӕндыд мӕ цард аивын. Мӕ цардӕмбалӕн аргъ кӕнын райдыдтон. Нал мӕ фӕндыд, цӕмӕй-иу мын салам дӕтгӕйӕ кӕнӕ-иу мӕ исты куы куырдта, уӕд йӕ уӕрджытыл ӕрлӕууыдаид. Ӕмӕ йын афтӕ дӕр нал дзырдтон, зӕгъгӕ, нӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр мӕн сты. Тыхми кӕм ис, ахӕм кинотӕм дӕр нал кастӕн. Мӕ цард ивын мын ӕнцон нӕ уыд. Стӕй уымӕн хъуыди стыр хиуылхӕцындзинад ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад.

Библийы фӕрцы хорз сӕрыхицау сдӕн

 Уымӕй цалдӕр азы размӕ нӕ хистӕр фырт Кристианы нӕ хиуӕттӕм Угандӕмӕ цӕрынмӕ арвыстам. Фӕлӕ Дыккаг закъон 6:4–7 куы бакастӕн, уӕд ӕй бамбӕрстон, ныййарджыты хӕс кӕй у сывӕллӕтты хъомыл кӕнын. Уымӕ хауы сывӕллӕттӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ амонын дӕр. Нӕ фырты фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы ’ркодтам, уӕд не ’ппӕт дӕр тынг цин кодтам.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Базыдтон ӕй, Йегъовӕ кӕй у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, мӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ мын кӕй ныххатыр кодта. Тынг ӕхсызгон мын у, Сколастик дӕр Библи ахуыр кӕныныл кӕй сразы, уый. Нӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтам ӕмӕ 2010 азы 4 декабры дыууӕйӕ дӕр донаргъуыд райстам. Ныр кӕрӕдзийыл ӕууӕндӕм ӕмӕ нӕ бинонты цард Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразӕм. Мӕ бинойнаг тынг цин кӕны, куысты фӕстӕ хӕдзармӕ кӕй ӕрбацӕуын, ууыл. Стӕй йын ӕхсызгон у, кӕй йын аргъ кӕнын, фыднозт кӕй нал кӕнын ӕмӕ раздӕрау фыдзӕрдӕ кӕй нал дӕн, уый. 2015 азӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Нӕ фондз сывӕллонӕй ӕртӕйӕ сты донаргъуыд.

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд-иу мын цы амыдтой, ууыл-иу уайтагъд не сразы дӕн – хъуыди-иу мӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Фӕлӕ мӕм тынг диссаг каст, мӕ алы фарстайӕн дӕр мын дзуапп Библийӕ кӕй лӕвӕрдтой. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Сколастикимӕ бамбӕрстам: Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдон ын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕххӕст кӕной, сӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕ мӕ йӕхимӕ кӕй ӕрбакодта ӕмӕ йӕ бинонтӕй кӕй дӕн, уый тыххӕй дзы тынг бузныг дӕн. Мӕ цардыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы алы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй у афтӕ аивын, цӕмӕй дзы Хуыцау райгонд уа.