Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ГУЫРДЗЫСТОН

Афтӕ мӕм каст, цыма мын царды алцыдӕр бантыст

Мадонӕ Канкиа

Афтӕ мӕм каст, цыма мын царды алцыдӕр бантыст
  • РАЙГУЫРД: 1962 аз.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1990 аз.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: раздӕр уыди Гуырдзыстоны коммунистон партийы. Бирӕтӕн баххуыс кодта рӕстдзинад базонынӕн. 2015 азы фӕци Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола Тбилисийы.

1989 азы фыццаг хатт рӕстдзинад куы фехъуыстон, уӕд мӕ райгуырӕн горӕт Сенакийы уыдтӕн коммунистон партийы зындгонд уӕнгтӕй иу ӕмӕ-иу ӕдзухдӕр уыдтӕн Сӕйраг Советы, уый абарӕн ис абоны парламентимӕ. Стӕй ма иу лӕппуимӕ фидыд уыдтӕн ӕмӕ мӕм афтӕ каст, цыма мын царды алцыдӕр бантыст.

Мӕ мад ӕмӕ мын мӕ фыд Хуыцауы бауарзын кодтой. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд коммунист уыдтӕн, уӕддӕр Хуыцауыл ӕууӕндыдтӕн. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд ме ’ппӕт фарстатӕн дӕр дзуапп базыдтон ӕмӕ сфӕнд кодтон мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Фӕлӕ мӕ фӕнд мӕ бинонты, ме ’мбӕлтты, ме ’мкусджыты ӕмӕ мӕ мойаджы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд.

Мӕ ног дины тыххӕй мыл мӕ хиуӕттӕ сӕхи атигъ кодтой, стӕй мын ме ’фсарм дӕр уый бар нал лӕвӕрдта, цӕмӕй политикӕйы хъуыддӕгты архайдтаин. Гъемӕ мын хӕдзарӕй ацӕуыны йеддӕмӕ ӕндӕр гӕнӕн нал уыд. Ныууагътон мӕ уарзон лӕппуйы, мӕ куыст, стӕй коммунистон парти ӕмӕ Сӕйраг Совет дӕр. Донаргъуыд куы райстон, уӕд ме ’мбӕлттӕ ӕмӕ мӕ хиуӕттӕ мӕ ныхмӕ ноджы тынгдӕр дзырдтой. Нӕ горӕты мӕ иууылдӕр зыдтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Кутаисимӕ ацыдтӕн. Уырдӕм куыддӕр ӕрцыдтӕн, афтӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон.

Исчи мӕ куы бафӕрсы, дӕ дин уый аргъ у, цӕмӕй ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕ бавзӕрстаис, зӕгъгӕ, уӕд сын фӕзӕгъын, ӕппындӕр кӕй ницӕуыл фӕсмон кӕнын. Кӕд мӕ мӕ ныййарджытӕ не ’мбарынц, уӕддӕр сӕ бузныг дӕн, Хуыцауы ӕмӕ мӕ адӕмы уарзын кӕй сахуыр кодтой, уый тыххӕй. Уый мын царды стыр ӕххуыс у.