Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 ХАЙ

Цавӕр цард уыди Дзӕнӕты?

Цавӕр цард уыди Дзӕнӕты?

Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кодта (Райдиан 1:28).

Йегъовӕ сфӕлдыста фыццаг сылгоймаг Евӕйы, ӕмӕ йӕ радта Адамӕн, ӕмӕ сси йӕ бинойнаг (Райдиан 2:21, 22).

Йегъовӕ сӕ куы сфӕлдыста, уӕд уыдысты алцӕмӕйдӕр ӕххӕст – зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр.

Уыдон цардысты Дзӕнӕты, Едемы цӕхӕрадоны. Уый уыд тынг рӕсугъд бынат, уыди дзы цӕугӕдон, дыргъбӕлӕстӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ.

Йегъовӕ семӕ ныхас кодта ӕмӕ сӕ ахуыр кодта. Куы йӕм хъуыстаиккой, уӕд ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цардаиккой.

Хуыцау сӕ ӕрмӕстдӕр иу бӕласмӕ нӕ уагъта ӕвналын (Райдиан 2:16, 17).

Зӕдтӕй иу Хуыцауы ныхмӕ рацыд. Уыцы ӕвзӕр зӕд у Сайтан Хӕйрӕг.

Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн Дзӕнӕты равдыста иу дыргъбӕлас ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ дзы куы бахӕрат, уӕд амӕлдзыстут.

Хӕйрӕджы нӕ фӕндыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕмӕ хъуыстаиккой. Уый тыххӕй калмӕй спайда кодта, ӕмӕ Евӕйӕн загъта, зӕгъгӕ, уыцы бӕласы дыргъӕй куы бахӕрай, уӕд нӕ амӕлдзынӕ, фӕлӕ суыдзынӕ Хуыцауы хуызӕн. Хӕйрӕг сӕ сайгӕ кодта (Райдиан 3:1–5).