Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 СӔР

«Хӕтындзинадӕй дард лидзут»

«Хӕтындзинадӕй дард лидзут»

«Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй зыд кӕнын, уымӕн ӕмӕ зыд кӕнын у мӕнгхуыцӕуттӕн кувын» (КОЛОССӔГТӔМ 3:5).

1, 2. Валаам Йегъовӕйы адӕмы бӕллӕхы куыд баппӕрста?

КӔСАГАХСӔГ ӕрбацыд, алы хатт дӕр кӕм вӕййы, уыцы бынатмӕ. Цавӕр кӕсаг ӕрцахсын ӕй фӕнды, уый дӕр зоны. Ӕнгуырыл кӕсагӕн сайӕн бакодта ӕмӕ йӕ доны баппӕрста. Иу гыццыл куы абадт, уӕд йе ’нгуыр базмӕлыд, стӕй ныкъкъӕдз, ӕмӕ кӕсагахсӕг кӕсаг сласта. Тынг ӕхсызгон ын у, цавӕр сайӕн хъуыд, ахӕм кӕй равзӕрста.

2 Иу-3 500 азы размӕ, н. э. размӕ 1473 азы, иу лӕг, Валаам, зӕгъгӕ, бирӕ фӕхъуыды кодта, Хуыцауы адӕмы фӕрӕдийын кӕнынӕн цавӕр сайӕн ӕрхъуыды кӕна, ууыл. Уый уыди, израилӕгтӕ Моавы быдырты, Зӕрдӕвӕрд зӕххы тӕккӕ къӕсӕрыл, куы ӕрбынат кодтой, уӕд. Валаам йӕхи хуыдта Йегъовӕйы пехуымпар, фӕлӕ ӕцӕгӕй уыди зыд ӕмӕ кӕрӕф адӕймаг. Валаамӕн зӕрдӕ бавӕрдтой, кӕй йын бафиддзысты, Израилы адӕмы куы ралгъита, уӕд. Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ ӕлгъитгӕ нӕ ракодта, фӕлӕ сын раарфӕ кодта. Валаам лӕвӕрттӕ райсынмӕ афтӕ тынг бӕллыд, ӕмӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, израилӕгты исты уӕззау тӕригъӕды бафтауын куы рауаид, уӕд Хуыцау йӕ адӕмы йӕхӕдӕг ралгъитдзӕн. Гъемӕ Валаам «йе ’нгуыр» баппӕрста – рӕсугъд моаваг сылгоймӕгты сӕм барвитын кодта (Нымӕцтӕ 22:1–7; 31:15, 16; Раргомад 2:14).

3. Валаамӕн йӕ хинвӕндӕй исты рауад?

3 Цымӕ Валаамӕн йӕ хинвӕндӕй исты рауад? Зӕгъӕн ис, рауад. Израилаг нӕлгоймӕгтӕй дӕсгай минтӕ сайын бакуымдтой, ӕмӕ райдыдтой «Моавы чызджытимӕ хӕтын». Суанг ма сын сӕ хуыцӕуттӕн дӕр кувын райдыдтой, уыимӕ се ’лгъаг хуыцау Фегоры Ваалӕн дӕр. Уыцы хуыцауӕн чи куывта, уыдонмӕ ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу кӕрӕдзиимӕ ӕмуат ӕрцыдысты. Уый сӕ ӕркодта стыр бӕллӕхмӕ – 24 000 израиладжы фӕмард Зӕрдӕвӕрд зӕххы тӕккӕ къӕсӕрыл! (Нымӕцтӕ 25:1–9).

4. Израилӕгтӕй бирӕтӕ хӕтын цӕмӕн райдыдтой?

4 Израилӕгтӕ ахӕм бӕллӕхы цӕмӕн бахаудысты? Бирӕтӕн сӕ зӕрдӕтӕ систы хӕлд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард сты. Афтӕмӕй та сӕ уый ракодта Египетӕй, ӕдзӕрӕг быдыры сӕ хӕринагцух нӕ уагъта ӕмӕ сӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы онг ӕнӕфыдбылызӕй фӕхӕццӕ кодта (Дзуттӕгтӕм 3:12). Уыцы хабӕртты кой кӕнгӕйӕ апостол Павел ныффыста: «Ма бафтӕм хӕтындзинадыл, уыдонӕй чидӕртӕ куыд хӕтыдысты, афтӕ – уый тыххӕй дзы иу боны мидӕг фӕмард дыууын ӕртӕ мины» (1 Коринфӕгтӕм 10:8) *.

5, 6. Израилӕгтӕ Моавы быдырты тӕригъӕды кӕй бафтыдысты, уыцы хабар нын абон зондзонӕн цӕмӕн у?

5 Нымӕцты чиныджы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон Хуыцауы адӕмӕн бирӕ хъуыддӕгты сты зондзонӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр, зӕгъӕн ис, лӕууынц ноджы диссагдӕр зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл (1 Коринфӕгтӕм 10:11). Рагон Моавы хӕтындзинад тынг парахат уыд, ӕмӕ уымӕй фыддӕр та абон у. Алы аз дӕр чырыстӕттӕй дӕсгай минтӕ израилӕгтау хӕтындзинады амӕттаг бавӕййынц (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Израилӕгты цатыртӕ кӕм лӕууыдысты, уырдӕм ма ӕдзӕсгом Зимри йӕ цатырмӕ мадиамаг сылгоймаджы дӕр бакодта. Ӕмӕ уыйау абон дӕр, ӕмбырдмӕ чи фӕцӕуы, уыдонӕй чидӕртӕ ӕмӕ, донаргъуыд чи у, суанг уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕ ӕмбырды кӕйдӕрты хӕлд зондыл фӕаразынц (Нымӕцтӕ 25:6, 14; Иудӕйы 4).

6 Ӕмбарыс, ды дӕр абон «Моавы быдырты» кӕй лӕууыс? Афтӕ тынг кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уыцы лӕвар – диссаджы ног дуне – кӕй разынд, уый уыныс? Кӕд о, уӕд дӕ тых, дӕ бонӕй архай, цӕмӕй хӕтындзинадӕй дард лидзай ӕмӕ дӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнай (1 Коринфӕгтӕм 6:18).

Моавы быдыртӕ

ЦЫ У ХӔТЫНДЗИНАД?

7, 8. Цы у «хӕтындзинад» ӕмӕ, чи хӕты, уыдон цытӕ бавзарынц?

7 Библийы дзырд «хӕтындзинад» (грекъагау порне́йа) амоны, Библимӕ гӕсгӕ адӕймагӕн йӕ цардӕмбалыл банымайӕн кӕй нӕй, уыимӕ ӕмуат куы ’рцӕуы, уымӕ. Хӕтындзинадмӕ хауы цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуын, проституци ӕмӕ, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуынц (оральный ӕмӕ анальный секс дӕр) ӕмӕ кӕрӕдзийы ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕм куы февналынц. Стӕй ма йӕм хауы, ахӕм митӕ нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ ӕмӕ сылгоймаг сылгоймагимӕ куы фӕкӕнынц, стӕй фосимӕ куы схуыссынц, уый дӕр *.

8 Библи бӕлвырдӕй ӕмбарын кӕны: хӕтгӕ чи кӕны, уыдонӕн чырыстон ӕмбырды бынат нӕй ӕмӕ сын ӕнусон цардӕй хай нӕ уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 6:9; Раргомад 22:15). Уымӕй уӕлдай ма ахӕм адӕм абон дӕр сӕхи масты хай бакӕнынц: ӕууӕнк сыл нал вӕййы, сӕхицӕн нал фӕаргъ кӕнынц, сӕ цардӕмбалимӕ кӕрӕдзи нал фембарынц, сӕхи фӕсмонӕй фӕхӕрынц, алыхуызон низтӕ сыл бахӕцы ӕмӕ ма суанг мӕлгӕ дӕр акӕнынц, сылгоймӕгтӕ та сывӕрджын дӕр бавӕййынц. (Бакӕс Галатӕгтӕм 6:7, 8.) Нӕ сӕр цӕхӕры цӕмӕн хъуамӕ тъыссӕм? Хъыгагӕн, бирӕтӕ уыцы фӕндагыл фыццаг къахдзӕф куы скӕнынц, уӕд нӕ ахъуыды кӕнынц, сӕхи цы фыдбылызы ӕппарынц, ууыл. Ӕмӕ уыцы фыццаг къахдзӕф арӕх вӕййы порнографи.

ПОРНОГРАФИ – ФЫЦЦАГ КЪАХДЗӔФ

9. Иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй порнографи ӕцӕгдӕр нӕу тӕссаг? Бамбарын ӕй кӕн.

9 Бирӕ бӕстӕты порнографи фенӕн ис киоскты, телевизоры, ис ма зарджыты, интернет та дзы йӕ тӕккӕ дзаг у *. Цымӕ иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй порнографи ӕцӕгдӕр нӕу тӕссаг? Ӕгӕр дӕр ма у. Порнографимӕ чи фӕкӕсы, уыдон арӕх мастурбаци кӕнын райдайынц ӕмӕ сӕхи бакӕнынц «ӕлгъаг монцты бар». Ӕмӕ стӕй уый аххосӕй сӕхиуыл хӕцын нал фӕфӕразынц ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ монцты уацары бахауынц. Ахӕм адӕмӕн арӕх сӕ бинонты цард фехӕлы ӕмӕ ма суанг сӕ цардӕмбалӕй дӕр ахицӕн вӕййынц * (Ромӕгтӕм 1:24–27; Ефесӕгтӕм 4:19). Адӕймаг ӕнӕгъдау митыл кӕй фӕцахуыр вӕййы, уый иу иртасӕг абарста, рак куыд апырх вӕййы, уыимӕ. Афтӕ зӕгъы: «Уыцы низ йӕхигъӕдӕй нӕ фӕцыдӕр вӕййы, фӕлӕ фӕкӕны тыхджындӕр. Ӕмӕ ахӕм адӕймаджы сдзӕбӕх кӕнын тынг зын вӕййы».

Зондыл дзурӕг уыдзӕн, компьютер хӕдзары ахӕм ран куы лӕууа, цӕмӕй, интернетӕй куыд пайда кӕнӕм, уый исчи уына

10. Иаковы 1:14, 15 стихты цы уагӕвӕрд ис, уымӕй нӕ бон цавӕр уавӕрты у спайда кӕнын? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Кӕм ссардтон хъарутӕ?».)

10 Ахъуыды-ма кӕн, Иаковы 1:14, 15 стихты цы фыст ис, ууыл: «Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый. Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ, ӕмӕ тӕригъӕд та, иугӕр ӕрцыд, уӕд ӕркӕны мӕлӕтмӕ». Уӕдӕ дӕм ӕнӕгъдау хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд сын уайтагъд сӕ хурхыл бахӕц! Зӕгъӕм, компьютеры ӕнӕнхъӕлӕджы исты хӕлд ныв куы ауынай, уӕд уайтагъд иннӕрдӕм азил кӕнӕ та компьютер ахуыссын кӕн. Телевизормӕ куы кӕсай, уӕд дӕр афтӕ бакӕн кӕнӕ та йӕ ӕндӕр каналмӕ акъӕпп кӕн. Ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй дӕ буары монцты фӕдыл ма ацӕуай ӕмӕ дыл ма фӕтых уой. (Бакӕс Матфейы 5:29, 30.)

11. Нӕ буары монцтимӕ тох кӕнгӕйӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

11 Хуыцау нӕ куыд хорз зоны, афтӕ нӕхӕдӕг дӕр нӕ зонӕм нӕхи. Уымӕ гӕсгӕ нын дзуры: «Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ: хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй зыд кӕнын, уымӕн ӕмӕ зыд кӕнын у мӕнгхуыцӕуттӕн кувын» (Колоссӕгтӕм 3:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнцон нӕу. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, уарзӕгой ӕмӕ фӕразон уӕларвон Фыд нын кӕй ис ӕмӕ дзы нӕ бон кӕй у ӕххуыс курын (Псалом 68:19). Уӕдӕ-иу дӕм куыддӕр ӕнӕгъдау хъуыдытӕ фӕзына, афтӕ-иу Йегъовӕмӕ скув. Кур дзы, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару» ӕмӕ-иу дӕ хъуыдытӕ ӕндӕр истӕмӕ сараз (2 Коринфӕгтӕм 4:7; 1 Коринфӕгтӕм 9:27; кӕс рамкӕ « Ме ’взӕр ахуыр куыд ныууадзон?»).

12. «Зӕрдӕ» цӕмӕ амоны ӕмӕ йӕ цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?

12 Зондджын паддзах Соломон загъта: «Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ уым гуырынц царды суадӕттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 4:23). Ам «зӕрдӕ» амоны, мидӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уымӕ – ома ӕцӕгӕй чи стӕм ӕмӕ Хуыцауы цӕсты цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм. Ӕнустӕм цӕрдзыстӕм ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у, Хуыцау нын нӕ «зӕрдӕйы» тыххӕй цы хъуыды кӕны, уымӕй, адӕм нӕ цы хъуыды кӕнынц, уымӕй нӕ, фӕлӕ. Фыццаг бакастӕй дзы зынӕй ницы ис. Фӕлӕ ацы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Зӕгъӕм, иузӕрдион Иов йӕ цӕстытимӕ бадзырд скодта, цӕмӕй-иу ӕм сылгоймагмӕ кӕсгӕйӕ ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ма фӕзындаид (Иов 31:1). Ацы хъуыддаджы нын Иов у фӕзминаг. Псаломзарӕггӕнӕг дӕр ахӕм зондыл хӕст уыди. Уый куывта: «Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ мацӕмӕ бауадз кӕсын» (Псалом 119:37).

ДИНӔ РАВЗӔРСТА ӔВЗӔР ӔМБӔЛТТӔ

13. Динӕ чи уыди ӕмӕ, йӕхицӕн ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ кӕй равзӕрста, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

13 3-аг сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй ныл не ’мбӕлтты зондахаст тынг фӕзыны йе хорзырдӕм, йе ӕвзӕрырдӕм (Ӕмбисӕндтӕ 13:20; бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:33). Ӕркӕсӕм-ма Иаковы чызг Динӕйы хабармӕ. Кӕд ӕй йӕ ныййарджытӕ хорз хъомыл кодтой, уӕддӕр Динӕ балымӕн ханаайнаг чызджытимӕ, уый та зондджын ми нӕ уыд. Уыдон дӕр моавӕгтау тынг хӕлд уыдысты (Левит 18:6–25). Зӕгъӕм, иннӕ ханаайнаг нӕлгоймӕгтау Сихем дӕр, йӕ фыды хӕдзары «нымаддӕр лӕг», афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ ханаайнаг чызджытау Динӕ дӕр разы уыдзӕн ӕнӕгъдау митӕ кӕныныл (Райдиан 34:18, 19).

14. Динӕ ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ кӕй балымӕн, уый цавӕр бӕллӕхтӕм ӕркодта?

14 Динӕ Сихемы куы федта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йемӕ ӕмуат ӕрцӕуыныл хъуыды дӕр нӕ акодта. Фӕлӕ Сихем бакодта, ахӕм уавӕры ханаайнӕгтӕн сӕ фылдӕр куыд бакодтаиккой, афтӕ: йӕ монцты фӕдыл ацыд, ома, дам, адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ, дам, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Кӕд ма йӕ Динӕ фӕстагмӕ бауромыныл архайдта, уӕддӕр ын ницыуал баххуыс кодта – Сихем ын «тыхми бакодта». Кӕд Сихем фӕстӕдӕр Динӕйы «тынг... бауарзта», уӕддӕр, цы сарӕзта, уый сарӕзта. (Бакӕс Райдиан 34:1–4.) Ӕмӕ масты хай ӕрмӕст Динӕ нӕ фӕци. Ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ кӕй балымӕн, уый ахӕм бӕллӕхтӕ расайдта, ӕмӕ ма йӕ бинонтӕ дӕр фӕхудинаг сты (Райдиан 34:7, 25–31; Галатӕгтӕм 6:7, 8).

15, 16. Хуыцау цы зонд дӕтты, уымӕй куыд схайджын уыдзыстӕм? (Ноджыдӕр кӕс рамкӕ « Ахъуыды кӕн ацы стихтыл».)

15 Кӕд уыцы хабар Динӕйӕн зонды хос фӕци, уӕддӕр уый тыххӕй стыр аргъ бафыста. Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон цӕмӕй истӕуыл сахуыр уой, уый тыххӕй сӕ нӕ фӕхъӕуы сӕхиуыл ахӕм цыдӕртӕ бавзарын. Хуыцаумӕ кӕй хъусынц, уымӕ гӕсгӕ «цӕуынц» зондджынтимӕ (Ӕмбисӕндтӕ 13:20а). Уый фӕрцы бамбарынц, «хорз цы у, уый ӕгасӕй дӕр» ӕмӕ сӕхи бахизынц ӕнӕхъуаджы зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕстытӕй (Ӕмбисӕндтӕ 2:6–9; Псалом 1:1–3).

16 Хуыцау йӕ зонд не ’вгъау кӕны, уыцы зонд кӕй хъӕуы ӕмӕ йӕм уый тыххӕй ӕппынӕдзух чи кувы, стӕй йын йӕ Ныхас ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уагъд литературӕ лӕмбынӕг чи иртасы, уыдонӕн (Матфейы 24:45; Иаковы 1:5). Стӕй ма хъуамӕ сӕрныллӕг дӕр уӕм, ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, Библийы уынаффӕтӕм зӕрдиагӕй куы хъусӕм, уымӕй (2 Паддзӕхты 22:18, 19). Зӕгъӕм, чырыстон ӕмбары, зӕрдӕ мӕнгард ӕмӕ фыдбылыз кӕй у (Йереми 17:9). Фӕлӕ гӕнӕн ис, цавӕрдӕр уавӕры ӕмбаргӕйӕ ма архайа. Ахӕм уавӕры йын иннӕтӕ баххуыс кӕныныл куы архайой ӕмӕ йын бӕлвырд уынаффӕ куы раттой, уӕд та сӕрныллӕг разындзӕн ӕмӕ уынаффӕмӕ байхъусдзӕн?

17. а) Иуӕй-иу хатт бинонты цавӕр фарстайыл фӕхъӕуы аныхас кӕнын? б) Фыдӕн йӕ бон куыд у йӕ чызгимӕ аныхас кӕнын?

17 Зӕгъӕм, ӕрыгон хо ӕмбӕлы ӕрыгон ӕфсымӕримӕ. Ӕмӕ сын чызджы фыд фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, куы ’мбӕлат, уӕд-иу уемӕ ӕнӕмӕнг искӕй акӕнут. Чызг йӕ фыдӕн зӕгъы: «Па, нӕ мыл ӕууӕндыс, ӕви? Ӕвзӕрӕй ницы сараздзыстӕм!» Ӕвӕццӕгӕн, чызг уарзы Йегъовӕйы ӕмӕ ӕцӕгдӕр йӕ зӕрды ницы ӕвзӕрдзинад саразын ис. Фӕлӕ цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы «зонды фӕндагыл цӕуы» ӕмӕ «хӕтындзинадӕй дард лидзы»? Ӕви йӕ ныфс «йӕ зӕрдӕйыл» дары ӕмӕ йын ӕмбаргӕдзинад нӕ фаг кӕны? (Ӕмбисӕндтӕ 28:26). Ӕвӕццӕгӕн ма ӕрхъуыды кӕндзынӕ, ахӕм уавӕры фыд ӕмӕ чызгӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ӕндӕр ахӕм уагӕвӕрдтӕ дӕр. (Кӕс Ӕмбисӕндтӕ 22:3; Матфейы 6:13; 26:41.)

ИОСИФ АЛЫГЪД ХӔТЫНДЗИНАДӔЙ

18, 19. Иосиф цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлд ӕмӕ куыд бакодта?

18 Фӕзминаг нын у Динӕйы ӕфсымӕр Иосиф. Ацы лӕппу Йегъовӕйы кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ хӕтындзинадӕй алыгъд (Райдиан 30:20–24). Гыццылӕй йӕхӕдӕг федта, йӕ хойы ӕнӕзонд ми цӕмӕ ӕркодта, уый. Иосиф уыдӕттӕ йӕ зӕрдыл дардта, стӕй йӕ нӕ фӕндыд йӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай фӕкӕнын. Ӕмӕ уый фӕрцы фӕстӕдӕр Египеты фидар фӕлӕууыд, йӕ хицауы ус ӕй «алы бон дӕр» куы рӕдийын кодта, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цагъар кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕ уыд йӕ куыст ныууадзын ӕмӕ ацӕуын. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайдтаид ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ ныфсджынӕй. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ кодта. Иосиф Потифары усӕн никуы сразы ӕмӕ дзы ӕппынфӕстаг алыгъд. (Бакӕс Райдиан 39:7–12.)

19 Ахъуыды-ма кӕн: Иосиф уыцы сылгоймагыл кӕнӕ ӕнӕгъдау хабӕрттыл куы хъуыды кодтаид, уӕд фидар фӕлӕууыдаид? Зынтӕй. Иосиф ӕвзӕр цӕуылдӕрты нӕ хъуыды кодта. Уый тынг аргъ кодта, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыд, уымӕн. Уый бӕрӕг у, Потифары усӕн цы загъта, уымӕй: «Мӕ бар цӕуы алцӕуыл дӕр, дӕуӕй фӕстӕмӕ, уымӕн ӕмӕ ды йӕ ус дӕ. Уӕд ӕз куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?» (Райдиан 39:8, 9).

20. Йегъовӕйы фӕрцы Иосифы хабар куыд рауад?

20 Кӕд ӕрыгон Иосиф йӕ бинонтӕй дард уыд, уӕддӕр алы бон дӕр иузӕрдионӕй баззайыныл кӕй архайдта, уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаид (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Фӕстӕдӕр Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй Иосифы ахӕстонӕй рауагътаиккой. Ӕмӕ ма уымӕй фылдӕр дӕр сарӕзта: Иосифы сӕвӕрдтой Египеты фараоны фӕстӕ дыккаг лӕгӕй ӕмӕ йын ӕппӕт хордӕттӕ дӕр йӕ бар бакодтой (Райдиан 41:39–49). Псаломы 97:10 стихы фыст ис: «Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон, ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут. Уый хъахъхъӕны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны удтӕ, фыдгӕнджыты къухӕй сӕ ирвӕзын кӕны». Куыд раст сты ацы ныхӕстӕ!

21. Африкӕйы иу ӕрыгон ӕфсымӕр йе ’фсарм куыд бахъахъхъӕдта?

21 Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты цардӕй бӕрӕг у, ӕвзӕрдзинадӕй се сӕфт кӕй уынынц, хорздзинад та кӕй уарзынц (Амос 5:15). Африкӕйы иу ӕрыгон ӕфсымӕрӕн йе ’мкъласаг чызг ӕргом загъта, зӕгъгӕ, дам, мын математикӕйӕ экзамен раттынӕн куы баххуыс кӕнай, уӕд, дам, демӕ ӕмуат ӕрцӕудзынӕн. Не ’фсымӕр дзуры: «Ӕз ын уайтагъд загътон, ныууадз мӕ, зӕгъгӕ. Уыцы хъуыддаг мӕ сӕрмӕ кӕй не ’рхастон, уый фӕрцы мӕ цӕсгом у сыгъдӕг. Уый та сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй дӕр зынаргъдӕр у». Адӕймаг тӕригъӕд куы сараза, уӕд ын уый, чи зоны, «рӕстӕгмӕ... ӕхсызгондзинад» ӕрхӕсса, фӕлӕ уый арӕхдӕр ӕрхӕссы стыр маст (Дзуттӕгтӕм 11:25). Стӕй уыцы ӕхсызгондзинад ницы у, Йегъовӕ йӕ коммӕгӕс лӕггадгӕнджытӕн цы ӕнӕкӕрон циндзинад балӕвар кӕндзӕн, уыимӕ абаргӕйӕ (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

ФӔЛМӔНЗӔРДӔ ХУЫЦАУ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН

22, 23. а) Адӕймаг уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ йын ницыуал ныфс ис? б) Тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн?

22 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕты дӕр хъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй-иу нӕ буары монцты фӕдыл ма ацӕуӕм ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразӕм (Ромӕгтӕм 7:21–25). Йегъовӕ уый хорз зоны ӕмӕ, «сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу» (Псалом 103:14). Фӕлӕ иуӕй-иу хатт чырыстон уӕззау тӕригъӕд дӕр саразы. Цымӕ йын уӕд ницыуал ныфс вӕййы? Куыннӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тӕригъӕд чи саразы, уый, гӕнӕн ис, паддзах Давидау бирӕ мӕстытӕ бавзара. Фӕлӕ йӕ тӕригъӕдты тыххӕй «ӕргом [чи] дзуры» ӕмӕ сыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн Хуыцау у «цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» (Псалом 86:5; Иаковы 5:16; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 28:13).

23 Уымӕй уӕлдай ма Хуыцау чырыстон ӕмбырдӕн радта «лӕвӕрттӕ» – фӕлтӕрдджын фыййӕуттӕ. Уыдон зонынц, куыд нын хъӕуы баххуыс кӕнын, ӕмӕ уымӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййынц (Ефесӕгтӕм 4:8, 12; Иаковы 5:14, 15). Сӕ нысан у, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй фӕстӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уа, стӕй цӕмӕй «зӕрдӕйӕ зондджын» суа ӕмӕ йыл ахӕм рӕдыд мауал ӕрцӕуа (Ӕмбисӕндтӕ 15:32).

ЗОНД АМАЛ КӔН

24, 25. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Ӕмбисӕндты 7:6–23 стихты цы ӕрыгон лӕппуйы кой цӕуы, уый «ӕнӕзонд» кӕй уыд? б) Нӕ бон куыд у «зонд... самал кӕнын»?

24 Библийы фыст ис «ӕнӕзонд» адӕмы тыххӕй дӕр ӕмӕ, «зӕрдӕйӕ зондджын» чи свӕййы, ахӕм адӕмы тыххӕй дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 7:7). «Ӕнӕзонд» чи у, уый уӕззау зондӕй нӕ фӕархайы ӕмӕ йын ӕмбаргӕдзинад нӕ фӕфаг кӕны, уымӕн ӕмӕ цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй нӕ фӕкӕсы ӕмӕ йӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы фаг фӕлтӕрддзинад нӕ вӕййы. Ӕмбисӕндты 7:6–23 стихты цы ӕрыгон лӕппуйы кой цӕуы, уыйау ахӕм чырыстон дӕр ӕнцонтӕй бафты уӕззау тӕригъӕды. Фӕлӕ «зонд чи самал кӕны», ахӕм адӕймаг йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсы – ӕдзухдӕр Библи фӕахуыр кӕны ӕмӕ Хуыцаумӕ фӕкувы, цӕмӕй йын йӕ Ныхас ӕмбарынӕн ӕххуыс кӕна. Стӕй ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон цас у, уыйас фӕархайы, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ, йӕ фӕндтӕ, йӕ бӕллицтӕ, йе ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ йӕ нысӕнттӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуой. Ахӕм адӕймаг «уарзы йӕ уд», ома йын хорз ӕмӕ пайда цы у, уый аразы, ӕмӕ ӕнӕмӕнг «ссардзӕн хорздзинад», ома уыдзӕн ӕнтыстджын (Ӕмбисӕндтӕ 19:8).

25 Ахъуыды кӕн: «Ӕцӕгдӕр мӕ уырны, Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон раст кӕй сты ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрон, амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзынӕн?» (Псалом 19:7–10; Исай 48:17, 18). Кӕд ууыл гыццыл дӕр дызӕрдыг кӕныс, уӕд бацархай, цӕмӕй дӕм ахӕм хъуыдытӕ мауал уа. Ахъуыды кӕн, Хуыцауы закъӕттӕ куы ницӕмӕ дарай, уӕд дӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Уымӕй уӕлдай, «бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый». Куыдӕй? Цӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ ӕмӕ хъуыды кӕн, пайда дын цы у, уыдӕттыл – ӕцӕг, раст, сыгъдӕг, уарзинаг ӕмӕ хӕрзӕгъдау цыдӕриддӕр у, ууыл (Псалом 34:8; Филиппӕгтӕм 4:8, 9). Афтӕ куы кӕнай, уӕд Хуыцауы ӕмӕ, цы уарзы, уый ноджы тынгдӕр уарздзынӕ, стӕй уый йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй де сӕфт тынгдӕр уындзынӕ. Иосиф дӕр уыди ӕнӕххӕст адӕймаг. Фӕлӕ йӕ бон сси «хӕтындзинадӕй дард» лидзын, уымӕн ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй дзы «хорз мигӕнӕн» арӕзтаид ӕмӕ йӕ фӕндыдаид Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Уӕдӕ ды дӕр афтӕ архай (Исай 64:8).

26. Иннӕ дыууӕ сӕры цавӕр ахсджиаг фарстайыл ныхас кӕндзыстӕм?

26 Хуыцау нын нӕ буары ӕфсӕрмыйаг уӕнгтӕ хъазынӕн ӕмӕ дзы нӕхи ирхӕфсынӕн не сфӕлдыста, фӕлӕ цот уадзынӕн, стӕй цӕмӕй лӕг ӕмӕ усӕн сӕ сусӕг ахастдзинӕдтӕ ӕхсызгондзинад хӕссой (Ӕмбисӕндтӕ 5:18). Иннӕ дыууӕ сӕры ныхас кӕндзыстӕм, Хуыцау бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл.

^ 4 абз. Нымӕцты чиныджы цы 24 000 адӕймаджы тыххӕй ис фыст, уыдонмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хаудысты, тӕрхонгӕнджытӕ кӕй амардтой, уыцы «адӕмы хистӕртӕ» – уыдысты иу мины бӕрц, стӕй, Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй ныццагъта, уыцы адӕм (Нымӕцтӕ 25:4, 5).

^ 7 абз. Чъизи ӕмӕ хӕлд митӕм цы хауы, уый тыххӕй бакӕсӕн ис 2006 азы 15 июлы «Сторожевая башня»-йы, «Вопросы читателей».

^ 9 абз. Ам цы порнографийы кой ис, уымӕ хауынц хӕлд нывтӕ, стӕй адӕймаджы монцтӕ цырен кӕнынӕн цытӕ фӕфыссынц ӕмӕ телефонӕй цытӕ фӕдзурынц, ӕппӕт уыдӕттӕ. Порнографимӕ хауы, иу адӕймаг кӕм вӕййы, ахӕм хӕлд нывтӕ дӕр ӕмӕ, дыууӕ кӕнӕ цалдӕр адӕймаджы амӕй-ай ӕнӕгъдаудӕр ӕмӕ ӕлгъагдӕр митӕ кӕм фӕкӕнынц, ахӕм нывтӕ дӕр.

^ 9 абз. Мастурбацийы тыххӕй фыст ис Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Куыд ис мастурбаци ныууадзӕн?».