Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20 СӔР

Канӕйы сарӕзта дыккаг диссаг

Канӕйы сарӕзта дыккаг диссаг

МАРЧЫ 1:14, 15 ЛУКАЙЫ 4:14, 15 ИОАННЫ 4:43–54

  • ЙЕСО ХЪУСЫН КӔНЫ, «ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ӔРХӔСТӔГ», ЗӔГЪГӔ

  • ЛӔППУЙЫ СДЗӔБӔХ КОДТА, КӔД ДЗЫ ДАРД УЫДИ, УӔДДӔР

Хъусын кӕнгӕйӕ Йесо ӕнӕхъӕн Иудейӕйыл ӕрзылд. Стӕй дыууӕ боны бӕрц фӕци Самарийы ӕмӕ ныр хъуамӕ аздӕхтаид Галилейӕмӕ. Фӕлӕ, кӕм схъомыл, уырдӕм йӕ фӕллад уадзынмӕ нӕ цыди – уым хъуамӕ ноджы фылдӕр сарӕзтаид. Йесо ӕмбӕрста, уым ӕм хорз цӕстӕй кӕй нӕ ракӕсдзысты. Йӕхӕдӕг загъта, «пехуымпарӕн йӕ райгуырӕн бӕстӕйы кад нӕ вӕййы», зӕгъгӕ (Иоанны 4:44). Стӕй йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ныууагътой, ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕ бинонтӕм ӕмӕ сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты.

Цымӕ Йесо цавӕр хабар райдыдта хъусын кӕнын? Уый дзырдта: «Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг. Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ хорз хабарыл баууӕндут» (Марчы 1:15). Цы цӕстӕй йӕм ракастысты Галилейӕйы цӕрджытӕ? Бирӕтӕ йыл баууӕндыдысты ӕмӕ йын скад кодтой. Фӕлӕ йӕм ахӕм хорз цӕстӕй ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ ракастысты, ӕмӕ сын цы хабар хъусын кодта, уый сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди. Цалдӕр мӕйы размӕ галилейӕгтӕй бирӕтӕ уыдысты Иерусалимы Куадзӕны бӕрӕгбоны ӕмӕ, Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон сӕхи цӕстӕй федтой (Иоанны 2:23).

Йесо Галилейӕйы фыццаг кӕм райдыдта хъусын кӕнын? Ӕвӕццӕгӕн, Канӕйы, чындзӕхсӕвы рӕстӕг дон сӕн кӕм фестын кодта, уыцы горӕты. Йесо Канӕйы дыккаг хатт куы уыди, уӕд базыдта, иу лӕппу тынг рынчын кӕй уыд – мӕлӕты къахыл лӕууыд. Уый уыди Ирод Антипӕйӕн – фӕстӕдӕр Аргъауӕг Иоанны сӕр чи акъуырын кодта, уыцы паддзахӕн – йӕ лӕггадгӕнӕджы фырт. Гъемӕ лӕппуйы фыд, Йесо Иудейӕйӕ Канӕмӕ кӕй ӕрцыд, уый куы фехъуыста, уӕд сӕхицӕй, Капернаумӕй, Канӕмӕ йӕ агурӕг рараст. Куы йӕ ссардта, уӕд ын ныллӕгъстӕ кодта: «Хицау, мемӕ-ма рацу, цӕмӕй мӕ хъӕбул ма амӕла» (Иоанны 4:49).

Уыцы зӕрдӕрыст адӕймаджы дисы куыннӕ бафтыдтаид, Йесо йын цы загъта, уый: «Ацу, дӕ фырт адзӕбӕх» (Иоанны 4:50). Ироды лӕггадгӕнӕг Йесойыл баууӕндыд ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхт. Нырма фӕндагыл уыди, афтӕ йӕ цагъартӕ йӕ размӕ хӕрзӕггурӕггаг фесты, зӕгъгӕ, дӕ фырт сӕрӕгас у, адзӕбӕх! Фыды фӕндыд хабар бӕлвырддӕр базонын ӕмӕ сӕ афарста, «цафон фӕхуыздӕр», зӕгъгӕ.

Уыдон ын дзуапп радтой: «Знон ӕвдӕм сахатыл йӕ тӕвд ӕрхауд» (Иоанны 4:52).

Ӕмӕ фыд ӕрхъуыды кодта, Йесо йын растдӕр уыцы сахат кӕй загъта, «дӕ фырт адзӕбӕх», зӕгъгӕ. Ацы хабары фӕстӕ уыцы хъӕздыг лӕг йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ систы.

Куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесо Канӕйы сарӕзта дыууӕ диссаджы: дон сӕн фестын кодта ӕмӕ рынчын лӕппуйы сдзӕбӕх кодта, кӕд дзы иу-26 километры дарддӕр уыди, уӕддӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ма уым ӕндӕр диссӕгтӕ дӕр сарӕзта. Фӕлӕ уыцы лӕппуйы кӕй сдзӕбӕх кодта, уымӕн уыди стыр нысаниуӕг: Галилейӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд йӕ лӕггад уымӕй райдыдта. Йесо ӕцӕгдӕр уыди, Хуыцау райгонд кӕмӕй уыд, ахӕм пехуымпар. Фӕлӕ цымӕ уыцы «пехуымпарӕн йӕ райгуырӕн бӕстӕйы» скад кодтой?

Уый рабӕрӕг, Йесо, кӕм схъомыл, уыцы горӕт Назаретмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд. Цымӕ йӕм уым цы ’нхъӕлмӕ каст?