Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмо

Нӕ зынаргъ ӕфсымӕр, нӕ зынаргъ хо!

Куыд ӕй зоныс, афтӕмӕй Библийы фыст ис алыхуызон адӕймӕгты тыххӕй. Бирӕтӕ дзы уыдысты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ, абон мах кӕуыл ӕмбӕлӕм, раст ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Уыдон дӕр «мах хуызӕн» адӕймӕгтӕ уыдысты (Иаковы 5:17). Кӕмӕндӕрты-иу дзы мӕт ӕмӕ сагъӕстӕ ӕнцой нал лӕвӕрдтой. Кӕмӕндӕрты та дзы сӕ бинонтӕй кӕнӕ се ’мкувӕг адӕмӕй чидӕр сӕ зӕрдӕ афтӕ скъахта, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Чидӕртӕ та дзы сӕ рӕдыдтыты тыххӕй сӕхи хордтой.

Фӕлӕ цымӕ сӕ зындзинӕдты тыххӕй Йегъовӕйы ферох кодтой? Нӕ, нӕ ферох кодтой. Бирӕтӕ дзы сӕхи хатыдысты псаломзарӕггӕнӕгау. Уый куывта: «Ӕз сӕфт фысау фӕдзӕгъӕл дӕн. Курын дӕ, бацагур дӕ лӕггадгӕнӕджы, уымӕн ӕмӕ дын ӕз дӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ ферох кодтон» (Псалом 119:176). Мыййаг, дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны?

Йегъовӕ никуы ферох кӕны, йӕ дзугӕй чи адзӕгъӕл вӕййы, уыдоны. Рох нӕ, фӕлӕ ма сӕ агургӕ дӕр фӕкӕны, ӕмӕ арӕхдӕр уый фӕаразы се ’муырнджыты уылты. Ӕрхъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Иовӕн куыд баххуыс кодта. Иовӕн йӕ сӕр бирӕ бӕллӕхтӕ баййӕфта: йӕ мулкӕй ӕнӕхай фӕци, йӕ хъӕбултӕ фӕмард сты ӕмӕ ма уӕззау низӕй дӕр фӕрынчын. Ныфсы хос ын чи хъуамӕ уыдаид, уыдон та йын се ’нӕрхъуыды ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ скъахтой. Уыцы бӕллӕхтӕ йыл цӕмӕн цӕуынц, уый иу афон кӕд раст не ’мбӕрста, уӕддӕр Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта (Иов 1:22; 2:10). Цымӕ йын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕй кӕсынӕн?

Йегъовӕ Иовӕн баххуыс кодта йе ’мкувӕг адӕймаг Елиуйы уылты. Иов йӕ сагъӕстӕ куы кодта, уӕд ӕм Елиуй лӕмбынӕг хъуыста ӕмӕ уый фӕстӕ дзурын райдыдта. Фӕлӕ цымӕ цы дзырдта? Мыййаг, Иовы уайдзӕфты бын фӕкодта? Кӕнӕ йемӕ афтӕ ныхас кодта, цӕмӕй йӕм худинаг ӕркастаид? Науӕд, мыййаг, йӕхи Иовӕй уӕлдӕр ӕвӕрдта? Ӕппындӕр нӕ! Елиуй Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын, ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы цӕсты ды цы дӕ, ӕз дӕр йӕ цӕсты уый дӕн. Ӕз дӕр ӕлыгӕй конд дӕн». Ӕмӕ дзы стӕй ныфс бауагъта: «Ницӕмӕй дӕ бауадздзынӕн тас ӕмӕ дыл уӕззау уаргъ нӕ сӕвӕрдзынӕн» (Иов 33:6, 7). Елиуй Иовӕн йӕ уаргъ нӕ фӕуӕззаудӕр кодта, фӕлӕ йын фӕлмӕнӕй уынаффӕ радта ӕмӕ йӕ бафидар кодта.

Ацы брошюрӕ куы цӕттӕ кодтам, уӕд махӕн дӕр нӕ нысан уый уыд. Фыццаджыдӕр уал аныхас кодтам, Йегъовӕйӕ чи адард, уыдонимӕ, лӕмбынӕг сӕм байхъуыстам ӕмӕ нӕхи сӕ бынаты сӕвӕрдтам (Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Стӕй Йегъовӕмӕ куывтам ӕмӕ хъуыды кодтам, раджы заманты-иу ахӕм уавӕрты Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, уый фӕдыл Библийы цы фыст ис, ууыл. Ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, уыцы хабӕрттӕ ӕмӕ абоны лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕ баиу кодтам, ӕмӕ сӕ ацы брошюрӕйы ныффыстам. Курӕг дӕ стӕм, ацы брошюрӕ лӕмбынӕг бакӕс. Бирӕ дӕ уарзӕм.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет