Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй

Ацы чиныгӕй базонӕн ис, фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд куыд фӕзынд ӕмӕ уый абон махмӕ куы хауы.

Картӕтӕ

Картӕйыл ӕвдыст сты Израил ӕмӕ Палестинӕ, стӕй апостол Павелы уацамындон балцытӕ.

Разамонӕг советы писмо

Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, дарддӕр дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бӕстон куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын Хуыцау кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уый?

1 СӔР

«Ацӕут ӕмӕ... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»

Йесо загъта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕ дӕр кӕй фехъусдзысты. Абон йӕ ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц?

2 СӔР

Сымах мын «уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ»

Йесо апостолты куыд бацӕттӕ кодта, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы разамынд сӕхимӕ райстаиккой?

3 СӔР

«Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты»

Хуыцауы сыгъдӕг тых цы ӕххуыс фӕци, цӕмӕй фыццаг чырыстон ӕмбырд фӕзындаид?

4 СӔР

Уыдонмӕ «ахуырдзинад нӕй» ӕмӕ сты «хуымӕтӕг адӕм»

Апостолтӕ ныфсджынӕй хъусын кодтой, ӕмӕ сын Йегъовӕ арфӕ кодта.

5 СӔР

«Хуыцау у нӕ Хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм»

Апостолтӕ равдыстой, ӕцӕг чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр цы хъӕуы аразын, сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд.

6 СӔР

«Стефан хайджын уыд Хуыцауы хорзӕхӕй ӕмӕ хъаруйӕ»

Стефан дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондоны раз ныфсджынӕй ӕвдисӕн куыд лӕууыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

7 СӔР

«Йесойы тыххӕй хорз хабар» хъусын кӕнӕм

Филипп фӕзминаг у, хорз хабар куыд хъусын кодта, уымӕй.

8 СӔР

«Ӕмбырдӕн скодта сабыр рӕстӕг»

Чырыстӕтты карзӕй чи ӕфхӕрдта, уыцы Савл сси зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнӕг.

9 СӔР

«Хуыцау... никӕй хъулон кӕны»

Хорз хабар фӕхӕццӕ, сунӕтгонд чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕм.

10 СӔР

Йегъовӕйы ныхас «тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта»

Хуыцау Петры фервӕзын кодта ӕмӕ чырыстӕттӕ хорз хабар дарддӕр хъусын кодтой, кӕд сӕ ӕфхӕрдтой, уӕддӕр.

11 СӔР

«Сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй»

Павел нын фӕзминаг у, йӕ ныхмӕ куы цыдысты ӕмӕ йӕм куы нӕ хъуыстой, уӕд цы арӕзта, уымӕй.

12 СӔР

«Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзырдтой»

Павел ӕмӕ Варнавӕ уыдысты сӕрныллӕг ӕмӕ хъӕбатыр, стӕй сӕ къухтӕ никуы ӕруагътой.

13 СӔР

«Семӕ не сразы сты»

Разамонӕг совет скъуыддзаг кӕны сунӕт кӕныны фарста.

14 СӔР

«Ӕмвӕндӕй бауынаффӕ кодтам»

Базон, Разамонӕг совет сунӕт кӕныны фӕдыл уынаффӕ куыд рахаста ӕмӕ уый ӕмбырдты иудзинадӕн куыд фӕпайда.

15 СӔР

Ӕмбырдтӕ «фидар кодта»

Районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдтӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй уырнындзинады фидар уой.

16 СӔР

«Македонимӕ-ма ӕрцу»

Чырыстӕттӕ сӕ хӕстӕ ӕнӕзивӕгӕй куы феххӕст кӕнынц ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр куы фӕцин кӕнынц, уӕд сын Йегъовӕ раарфӕ кӕны.

17 СӔР

«Адӕмимӕ ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ»

Павел бӕстон хъусын кодта Фессалоникӕйы ӕмӕ Верийы цӕрӕг дзуттӕгтӕн.

18 СӔР

«Цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой»

Павел адӕмимӕ ныхас кодта, цӕуыл сразы уыдаиккой, ууыл. Уый фӕрцы-иу ын хъусын кӕнынӕн фадат куыд фӕзынд?

19 СӔР

«Дзур, ӕнцад ма лӕуу»

Павел Коринфы куыд лӕггад кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бӕстон хъусын кӕнӕм?

20 СӔР

«Парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», кӕд знӕгтӕ архайдтой, уӕддӕр

Базон, Аполлос ӕмӕ Павел цы арӕзтой, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд цыдаид.

21 СӔР

«Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн»

Павел зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уынаффӕ радта.

22 СӔР

«Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ уӕд»

Павел ацыд Иерусалиммӕ, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кодтаид.

23 СӔР

«Байхъусут-ма, цы мыл ӕрцыд, уый уын бамбарын кӕнон»

Павел рӕстдзинады сӕрыл дзырдта, чи сызнӕт, уыцы адӕмы раз ӕмӕ Синедрионы раз.

24 СӔР

«Фидар лӕуу!»

Дзуттӕгтӕ Павелы марынвӕнд скодтой, фӕлӕ сӕ къухӕй аирвӕзт ӕмӕ йӕхи сӕрыл дзуры бӕстӕйы хицау Феликсы раз.

25 СӔР

«Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон!»

Павел хорз хабары сӕрыл куыд тох кодта, уымӕй нын у фӕзминаг.

26 СӔР

«Сымахӕй иу адӕймаг дӕр нӕ фесӕфдзӕн»

Павел цы науыл цыд, уый ныппырх; уыцы рӕстӕг равдыста стыр уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад.

27 СӔР

Павел «бӕстон... хъусын кодта»

Павел Ромы уыди ахст, фӕлӕ уӕддӕр хъусын кодта.

28 СӔР

«Суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр»

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дарддӕр кӕнынц, нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ цы куыст райдыдтой, уый.

Нывтӕ ӕмӕ къамтӕ амонӕн

Ацы чиныджы нывтӕ ӕмӕ къамтӕ амонӕн.