Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 СӔР

Библи – чиныг Хуыцауӕй

Библи – чиныг Хуыцауӕй

1, 2. Библи зынаргъ лӕвар цӕмӕн у?

ДЕ ’МБӔЛТТӔЙ дын исчи исты куы балӕвар кӕны, уӕд, хӕрзаг, тынг фӕцин кӕныс. Ӕмӕ дӕ фӕфӕнды, цы дын балӕвар кодта, уый тагъддӕр фенын. Де ’мбал дыл кӕй ахъуыды кодта, уый дын ӕхсызгон вӕййы. Ӕмӕ дзы вӕййыс тынг бузныг.

2 Библи дӕр у лӕвар. Уыцы лӕвар у Хуыцауӕй. Библийӕ нӕ бон базонын цы у, уый ӕндӕр никӕцӕй ис базонӕн. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, Хуыцау кӕй сфӕлдыста арв, зӕхх, стӕй фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. Ис дзы, зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Библийӕ нӕ бон у базонын, Хуыцауы кӕй фӕнды зӕххӕй адӕмӕн диссаджы цӕрӕнбынат скӕнын ӕмӕ уыцы фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Уӕдӕ Библи зынаргъ лӕвар куыннӕ у!

3. Библи ахуыргӕнгӕйӕ цы базондзынӕ?

3 Библи ахуыргӕнгӕйӕ базондзынӕ, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уай. Ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй цас фылдӕр зонай, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзынӕ.

4. Библийы тыххӕй цы базыдтай, уыдӕттӕй дӕм диссаг цы фӕкаст?

4 Библи тӕлмац ӕрцыд 3 000 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ, ӕмӕ дзы мыхуыргонд ӕрцыд миллиардгай экземпляртӕ. Зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ 90 процентӕй фылдӕрӕн сӕ бон у Хуыцауы Ныхас сӕхи ӕвзагыл кӕсын. Ӕмӕ алы къуыри дӕр Библи фӕзыны милуан адӕймагӕй фылдӕрмӕ! Ӕцӕгдӕр, Библийы хуызӕн чиныг нӕй.

5. Библи «Хуыцауы комытӕфӕй фыст» кӕй у, уый куыд ӕмбаргӕ у?

5 Библи у «Хуыцауы комытӕфӕй фыст». (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16.) Уый куыд ӕмбаргӕ у? Ӕмӕ кӕд Библи адӕм фыстой, уӕд цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Хуыцауӕй у? Ацы фарстатӕн Библи дӕтты ахӕм дзуапп: «Адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 Петры 1:21). Уый абарӕн ис, хицау йӕ секретарӕн писмо куыд фӕфыссын кӕны, уыимӕ. Писмойы вӕййы хицауы хъуыдытӕ ӕмӕ амындтӕ. Уымӕ гӕсгӕ писмо секретары нӕ вӕййы, фӕлӕ хицауы. Раст афтӕ Хуыцау Библийы ныффыссын кодта йӕхи хъуыдытӕ ӕмӕ йӕхи амындтӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библи, чи йӕ ныффыста, уыцы адӕмы ныхас нӕу, фӕлӕ у «Хуыцауы ныхас» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13; кӕс 2-аг уӕлӕмхасӕн).

«Библи – Ног дунейы тӕлмац» ис бирӕ ӕвзӕгтыл

БИБЛИЙЫ АЛЦЫДӔР У РАСТ

6, 7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Библийы иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ нӕу?

6 Библи ныффыссынӕн бахъуыд 1 600 азӕй фылдӕр. Чи йӕ фыста, уыдон иу рӕстӕджы нӕ цардысты. Кӕмӕдӕрты дзы уыди ахуырад, кӕмӕдӕрты та – нӕ. Зӕгъӕм, сӕ иу уыд дохтыр. Чидӕртӕ дзы кодтой зӕххы ӕмӕ фосы куыст, уыди дзы кӕсагахсджытӕ, фыййӕуттӕ, пехуымпартӕ, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ. Кӕд Библи алыхуызон адӕм фыстой, уӕддӕр йӕ хӕйттӕ иууылдӕр сты кӕрӕдзиимӕ баст. Кӕрӕдзийы ныхмӕ чи уа, ахӕм хъуыдытӕ дзы нӕй *.

7 Библийы фыццаг сӕртӕ ӕмбарын кӕнынц, зӕххыл зындзинӕдтӕ куыд райдыдтой, уый. Фӕстаг сӕртӕй та базонӕн ис, Хуыцау зӕххӕй дзӕнӕт кӕй сараздзӕн ӕмӕ афтӕмӕй уыцы зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй. Библийы дзырд цӕуы, цалдӕр мин азы дӕргъы чи цыд, уыцы хабӕрттыл. Стӕй дзы фенӕн ис, Хуыцауы фӕнд алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййы.

8. Библи наукӕмӕ гӕсгӕ раст кӕй у, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.

8 Библи уый тыххӕй фыст не ’рцыд, цӕмӕй адӕмӕн наукӕйы хабӕрттӕ амона. Фӕлӕ дзы наукӕимӕ баст хабӕртты тыххӕй цы фыст ис, уыдон иууылдӕр раст сты. Ӕмӕ Хуыцауӕй чи у, уыцы чиныг хъуамӕ ахӕм уа. Зӕгъӕм, Левиты чиныджы ис амындтӕ, израилӕгтӕй-иу исчи хӕцгӕ низӕй куы фӕрынчын, уӕд-иу сӕ цы хъуыди аразын, уый фӕдыл. Ӕмӕ уый уыд, адӕм бактеритӕ ӕмӕ вирусты тыххӕй куы базыдтой, уымӕй бирӕ раздӕр. Библийы ма фыст ис, зӕгъгӕ, зӕхх ауыгъд у ницӕуыл (Иов 26:7). Ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ куы хъуыды кодтой, ӕмӕ зӕхх тъӕпӕн у, уыцы рӕстӕг Библийӕ та базонӕн уыд, зӕхх тымбыл кӕй у (Исай 40:22).

9. Библийы фысджытӕ-иу, хабӕрттӕ ӕцӕгӕй куыд уыдысты, уый кӕй ныффыстой, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

9 Библи историйы хабӕртты кой кӕм кӕны, уым дӕр алцыдӕр раст у. Бирӕ историйы чингуытӕй та уый зӕгъӕн нӕй. Чи сӕ ныффыста, уыдон дзы кӕцыдӕр хабӕрттӕ, ӕцӕгӕй куыд уыдысты, афтӕ нӕ ныффыстой. Зӕгъӕм, сӕ адӕмыл-иу знӕгтӕ кӕй фӕуӕлахиз сты, уый-иу хатт басусӕг кодтой. Библийы фысджытӕ та-иу ныффыстой, израилӕгтыл-иу се знӕгтӕ кӕй фӕуӕлахиз сты, уый тыххӕй. Стӕй-иу сӕхи рӕдыдтытӕ дӕр нӕ басусӕг кодтой. Зӕгъӕм, 51-ӕм псаломы Давид ӕргом дзуры, стыр тӕригъӕдтӕ кӕй сарӕзта. Библийы фысджытӕ-иу хабӕрттӕ ныффыстой, ӕцӕгӕй куыд уыдысты, афтӕ. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Библи Хуыцауӕй кӕй у ӕмӕ йыл ӕууӕндӕн кӕй ис.

ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР УЫНАФФӔТЫ ЧИНЫГ

10. Библийы уынаффӕтӕ нын абон дӕр стыр ӕххуыс цӕмӕн сты?

10 Библи у «Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16). Библийы уынаффӕтӕ нын абон дӕр стыр ӕххуыс сты. Йегъовӕ зоны, куыд конд стӕм, уый, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ ӕмбары нӕ цин дӕр ӕмӕ нӕ хъыг дӕр, стӕй, куыд хъуыды кӕнӕм, уый дӕр. Уый нӕ нӕхицӕй дӕр хуыздӕр зоны ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. Хуыцау зоны, пайда нын цы у ӕмӕ нын зиан цы ’рхӕсдзӕн, уый.

11, 12. Библийы цавӕр хорз уынаффӕтӕ ис?

11 Йесо алыхуызон хъуыддӕгты фӕдыл радта диссаджы хорз уынаффӕтӕ, зӕгъӕм, амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, кувын куыд хъӕуы ӕмӕ ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы. Уыцы уынаффӕтӕ фыст сты Матфейы 5-ӕм сӕрӕй 7-ӕм сӕрмӕ. Ӕмӕ сӕ кӕд Йесо 2 000 азы размӕ радта, уӕддӕр сӕ абон дӕр стыр тых ис ӕмӕ абон дӕр стыр ӕххуыс сты.

12 Библийы ма Йегъовӕ ныффыссын кодта уагӕвӕрдтӕ дӕр. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй нӕ бинонтӕ ӕнгомдӕр кӕной, хорз кусджытӕ уӕм ӕмӕ иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм. Библийы уагӕвӕрдтӕ нын алкӕддӕр пайда сты, чифӕнды ма уӕм, кӕмфӕнды ма цӕрӕм ӕмӕ цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕлӕм, уӕддӕр. (Бакӕс Исайы 48:17; кӕс 3-аг уӕлӕмхасӕн.)

ДӔ БОН У БИБЛИЙЫ ПЕХУЫМПАРӔДТЫЛ ФИДАРӔЙ ӔУУӔНДЫН

Пехуымпар Исай загъта, Вавилон кӕй ныппырх кӕндзысты

13. Горӕт Вавилоныл цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй Исай цы загъта?

13 Библийы пехуымпарӕдтӕй абоны онг дӕр бирӕтӕ сӕххӕст сты. Зӕгъӕм, пехуымпар Исай загъта, Вавилон кӕй ныппырх кӕндзысты (Исай 13:19). Ӕмӕ лыстӕг хабӕртты онг ныффыста, горӕт куыд басӕтдзысты, уый тыххӕй. Горӕтӕн уыд стыр кулдуар, стӕй йӕм цӕугӕдоны тыххӕй дӕр ӕнцон бабырсӕн нӕ уыд. Фӕлӕ Исай загъта, цӕугӕдон кӕй бахус уыдзӕн, кулдуар та гомӕй кӕй ныууадздзысты. Горӕт бацахсыны тыххӕй се знӕгты хӕцын дӕр нӕ бахъӕудзӕн. Исай ма загъта, Вавилон чи бацахсдзӕн, уымӕн йӕ ном дӕр – Кир. (Бакӕс Исайы 44:27–45:2; кӕс 4-ӕм уӕлӕмхасӕн.)

14, 15. Исайы пехуымпарад куыд сӕххӕст?

14 Уыцы пехуымпарад фыст куы ’рцыд, уымӕй дыууӕсӕдӕ азы фӕстӕ Вавилоны раз ӕфсад ӕрлӕууыд. Йӕ разамонӕг та чи уыд? Пехуымпарады кӕй кой уыд, уый – Персы паддзах Кир. Фӕлӕ цымӕ, Исай куыд загъта, афтӕ Киры ӕфсадӕн йӕ бон сси Вавилон бацахсын?

15 Горӕтмӕ цы ’хсӕв бабырстой, уыцы ’хсӕв вавилойнӕгтӕн уыд куывд. Уыдон ӕнӕмӕтӕй цӕл-минас кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕ ныфс дардтой горӕты фидар къултыл ӕмӕ цӕугӕдоныл. Горӕты ӕдде та Кир йе ’фсадимӕ цӕугӕдонӕй къанау акъахта, цӕмӕй дон фӕкъаддӕр уыдаид. Дон афтӕ ныггыццыл, ӕмӕ Персы ӕфсӕддонтӕ цӕугӕдоныл фистӕгӕй ахызтысты. Фӕлӕ ма дзы къултӕ дӕр уыди. Пехуымпарады куыд фыст уыд, афтӕ вавилойнӕгтӕ горӕты кулдуар гомӕй ныууагътой, ӕмӕ Киры ӕфсӕддонтӕ горӕт бацахстой, хӕцын дӕр сӕ нӕ бахъуыд, афтӕмӕй.

16. а) Исай ма Вавилоны тыххӕй ноджыдӕр цы загъта? б) Исайы пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уый кӕцӕй зонӕм?

16 Исай загъта, ӕппынфӕстаг Вавилоны цӕрӕг кӕй нал уыдзӕн ӕмӕ дзы ногӕй кӕй ничиуал ӕрцӕрдзӕн. Уый ныффыста: «Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн» (Исай 13:20). Цымӕ ацы пехуымпарад сӕххӕст? Вавилон кӕм уыд, уым ныр хӕлддзӕгтӕ йеддӕмӕ ницы ис. Уыцы бынат ис Иракы, горӕт Багдадӕй хуссарырдӕм иу-80 километры дарддӕр. Ӕмӕ дзы абон дӕр цӕрӕг нӕй. Йегъовӕ Вавилон амарзта «бындзагъдгӕнӕн уисойӕ» (Исай 14:22, 23).

Вавилоны хӕлддзӕгтӕ

17. Хуыцау нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ӕппӕт уыдӕттыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у?

17 Кӕд абоны онг Библийӕ уыйбӕрц пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст, уӕд нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Библи фидӕны тыххӕй цы дзуры, уыдӕттыл дӕр. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт кӕй сараздзӕн, ууыл. (Бакӕс Нымӕцтӕ 23:19.) Мах ныфс ис ӕнусон цардӕй, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау раджы зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта», уымӕй (Титмӕ 1:2) *.

БИБЛИЙӔН ЙӔ БОН У, ӔМӔ ДЫН ДӔ ЦАРД АИВА

18. Павел «Хуыцауы ныхасы» тыххӕй цы загъта?

18 Куыд федтам, афтӕмӕй Библийы хуызӕн чиныг нӕй. Иу хъуыды дӕр дзы иннӕйы ныхмӕ нӕу, ӕмӕ дзы наукӕимӕ ӕмӕ историимӕ баст хабӕртты тыххӕй цы фыст ис, уыдон иууылдӕр раст сты. Библи ма нын дӕтты хорз уынаффӕтӕ ӕмӕ дзы ис, абоны онг дӕр чи сӕххӕст, бирӕ ахӕм пехуымпарӕдтӕ. Фӕлӕ Библи ӕрмӕст уымӕй нӕу диссаг. Апостол Павел ныффыста: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых». Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 4:12.)

19, 20. а) Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарай, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг дӕ, уый? б) Библийы тыххӕй Хуыцауӕй бузныг кӕй дӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

19 Библийӕн йӕ бон у, ӕмӕ дын дӕ цард аива. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бамбарай, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг дӕ, уый. Бамбардзынӕ, дӕ зӕрдӕйы цы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ ис, уыдон. Зӕгъӕм, чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцауы уарзӕм. Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, ӕцӕг уарзондзинад хъуыддӕгтӕй дӕр кӕй вӕййы бӕрӕг. Ӕмӕ кӕд Хуыцауы уарзӕм, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ цард Библимӕ гӕсгӕ кӕй араздзыстӕм, уымӕй.

20 Библи ӕцӕгдӕр у чиныг Хуыцауӕй, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй Библи уарзай, кӕсай йӕ ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнай. Уыцы зынаргъ лӕвары тыххӕй дзы бузныг у ӕмӕ йӕ дарддӕр дӕр ахуыр кӕн. Библийӕ ма базондзынӕ, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цавӕр фӕнд ис, уый. Ӕмӕ уый тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.

^ 6 абз. Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, Библийы, дам, ис, кӕрӕдзийы ныхмӕ чи сты, ахӕм хъуыдытӕ. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Кӕс 2012 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 7 фарс.

^ 17 абз. Вавилоны тыххӕй пехуымпарад у, Библийы пехуымпарӕдтӕй чи сӕххӕст, уыдонӕй ӕрмӕст сӕ иу. Йесо Чырыстийы тыххӕй Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны тыххӕй базонӕн ис 5-ӕм уӕлӕмхасӕнӕй.