Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

88 ЗАРӔГ

Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ

Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ

(Псалом 25:4)

  1. 1. Йегъовӕ Хуыцау, мах дӕ адӕм ыстӕм –

    Фӕлмӕнӕй нӕ ’рхуыдтай дӕхимӕ.

    Нӕ фӕндагӕн ныр цырагъ у дӕ Ныхас,

    Йӕ фӕрцы цӕуӕм демӕ иумӕ.

    БАЗАРД

    Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндӕгтыл цӕуын,

    Дӕ амындтӕ зӕрдӕйӕ ’ххӕст кӕнын.

    Алкӕддӕр мӕн дӕ раст фӕндагыл кӕн,

    Дӕ закъон циндзинад хӕссӕд мӕнӕн.

  2. 2. Дӕ зонд у ӕгӕрон, Йегъовӕ Хуыцау,

    Дӕ раст тӕрхон стыр ныфс у махӕн.

    Дӕ Сыгъдӕг Фыстад ӕдзух дисы ’фтауы –

    Дӕ ныхас ӕххӕст кӕндзӕн алкӕд.

    БАЗАРД

    Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндӕгтыл цӕуын,

    Дӕ амындтӕ зӕрдӕйӕ ’ххӕст кӕнын.

    Алкӕддӕр мӕн дӕ раст фӕндагыл кӕн,

    Дӕ закъон циндзинад хӕссӕд мӕнӕн.