Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

7 ЗАРӔГ

Йегъовӕ у нӕ хъару

Йегъовӕ у нӕ хъару

(Исай 12:2)

  1. 1. Кадджын Йегъовӕ, нӕ хъару, нӕ ныфс,

    Ды дӕ нӕ Хъахъхъӕнӕг, цард нын дӕттыс.

    Стӕм дын Ӕвдисӕнтӕ, хорз уац хӕссӕм.

    Хъусой, нӕ хъусой,– уӕддӕр мах цӕуӕм.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ Хуыцау, дӕ кадджын рухс ном

    Хъусын кӕндзыстӕм ’хсӕв ӕмӕ бон.

    Кадджын Йегъовӕ, дӕ хъомыс у стыр!

    Ды дӕ нӕ хъару, нӕ ныфсы мӕсыг.

  2. 2. Цин кӕнӕм не ’ппӕт, дӕ рухсы цӕуӕм.

    Раст ӕмӕ ’цӕг цы у, уый ныр уынӕм.

    Ахуыр кӕнӕм мах дӕ сыгъдӕг Ныхас,

    Фидар лӕудзыстӕм дӕ Паддзахы фарс.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ Хуыцау, дӕ кадджын рухс ном

    Хъусын кӕндзыстӕм ’хсӕв ӕмӕ бон.

    Кадджын Йегъовӕ, дӕ хъомыс у стыр!

    Ды дӕ нӕ хъару, нӕ ныфсы мӕсыг.

  3. 3. Махӕн нӕ лӕггад ыстыр цин хӕссы,

    Демӕ нӕ знагӕй нӕ хъӕуы тӕрсын.

    Хӕйрӕг ӕртхъирӕн кӕны, байсы цард,

    Фӕлӕ стӕм фидар, дӕуӕн хӕссӕм кад.

    БАЗАРД

    Йегъовӕ Хуыцау, дӕ кадджын рухс ном

    Хъусын кӕндзыстӕм ’хсӕв ӕмӕ бон.

    Кадджын Йегъовӕ, дӕ хъомыс у стыр!

    Ды дӕ нӕ хъару, нӕ ныфсы мӕсыг.

(Ноджыдӕр кӕс 2 Сам. 22:3; Пс. 18:2; Ис. 43:12.)